Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ИУӔНДӔСӔМ СӔР

Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?

Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?
  • Адӕмӕн хъизӕмӕрттӕ Хуыцау ӕвзарын кӕны?

  • Едемы цӕхӕрадоны цавӕр дзырддаг фарста фӕзынд?

  • Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон куыд скӕндзӕн?

1, 2. Абон адӕмыл цавӕр бӕллӕхтӕ цӕуы ӕмӕ сӕм цавӕр фарстатӕ фӕзыны?

ХӔСТЫ рӕстӕг иу бӕстӕйы дуне ӕнаххос сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты ныццагътой. Се ’ппӕты дӕр иу ингӕны бавӕрдтой ӕмӕ йын йӕ алыварс цыртытӕ ныссагътой. Алы цыртыл дӕр фыст уыд ӕрмӕстдӕр иу ныхас: «Цӕй тыххӕй?» Адӕм ацы фарста фӕдӕттынц сӕ фыртыхстӕй, хӕстыты ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхты кӕнӕ низты аххосӕй йе та фыдгӕнджыты къухӕй сӕ хиуӕттӕ куы амӕлынц, ӕнӕ хӕдзарӕй куы баззайынц кӕнӕ сыл ӕндӕр исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд. Фӕфӕнды сӕ, ахӕм бӕллӕхтӕ сыл цӕмӕн цӕуы, уый базонын.

2 Йегъовӕ Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны? Кӕд йӕ бон алцыдӕр у, кӕд уарзӕгой, зондджын ӕмӕ рӕстаг Хуыцау у, уӕд зӕххыл уыйбӕрц ӕвзӕрдзинӕдтӕ ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ цӕмӕн ис? Ацы фарстатыл искуы хъуыды кодтай?

3, 4. а) Адӕймагмӕ ахӕм фарста кӕй фӕзыны, Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны, зӕгъгӕ, уым ӕвзӕрӕй исты ис? ӕ) Йегъовӕйӕн фыдхъуыддӕгтӕм ӕмӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсын ӕнцон у?

3 Цымӕ адӕймагмӕ ахӕм фарста кӕй фӕзыны, Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны, зӕгъгӕ, уым ӕвзӕрӕй исты ис? Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕймагмӕ ахӕм фарста кӕй фӕзыны, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауыл не ’ууӕнды кӕнӕ йӕ нӕ нымайы. Фӕлӕ Библи кӕсгӕйӕ ды фендзынӕ, Хуыцауӕн кувӕг, рӕстзӕрдӕ адӕймӕгтӕм дӕр-иу кӕй фӕзынд ахӕм фарстатӕ. Зӕгъӕм, Хуыцауы иузӕрдион пехуымпар Аввакум Йегъовӕйы бафарста: «Цӕмӕн мын уынын кӕныс фыддзинад ӕмӕ фыдбылыз? Мӕ цӕстыты раз стигъынц ӕмӕ тыхми кӕнынц, алы ран загъд кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзи хӕрынц» (Аввакум 1:3).

Йегъовӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕндзӕн

4 Цымӕ Йегъовӕ Аввакумы уайдзӕфты бын фӕкодта? Кӕцӕй. Йегъовӕ афтӕ сарӕзта, ӕмӕ Аввакум сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдон Библийы фыст ӕрцыдысты. Уымӕй уӕлдай ма йын бамбарын кодта, цы фарста йӕ тыхсын кодта, уый ӕмӕ йын йӕ уырнындзинад бафидар кодта. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй дӕуӕн дӕр баххуыс кӕна. Библийы Хуыцауы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7). Зӕххыл цы фыдхъуыддӕгтӕ цӕуы ӕмӕ адӕм цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц, уый Хуыцауӕн куыд зын у, афтӕ зын иу адӕймагӕн дӕр нӕу (Исай 55:8, 9). Уӕдӕ уӕд зӕххыл уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис?

ЗӔХХЫЛ УЫЙБӔРЦ ХЪИЗӔМӔРТТӔ ЦӔМӔН ИС?

5. Адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, уый бирӕтӕ куыд ӕмбарын кӕнынц ӕмӕ уый фӕдыл Библийы та цы фыст ис?

5 Зӕххыл уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис, уый тыххӕй адӕм фӕфӕрсынц сӕ дины разамонджыты. Ӕмӕ сын арӕх ахӕм дзуапп раттынц, Хуыцауы, дам, афтӕ фӕнды ӕмӕ, дам, хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы ӕрцӕудзӕн, уый, дам, раджы аскъуыддзаг кодта. Бирӕтӕ та фӕзӕгъынц, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ, дам, никӕй бон у бамбарын. Стӕй, дам, адӕм, ӕмӕ суанг сывӕллӕттӕ дӕр, уымӕн мӕлынц, ӕмӕ, дам, Хуыцауы хъӕуынц, уӕлӕрвтӕм, дам, сӕ йӕхимӕ акӕны. Фӕлӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй бӕллӕхтӕ Хуыцауӕй нӕ цӕуынц. Библийы фыст ис: «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау фыдхъуыддаг сараза, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау хӕрам хъуыддаг бакӕна!» (Иов 34:10).

6. Зӕххыл ӕппӕт хъизӕмӕрттӕ дӕр Хуыцауы аххос цӕмӕн кӕнынц?

6 Зоныс, зӕххыл ӕппӕт хъизӕмӕрттӕ дӕр адӕм Хуыцауы аххос цӕмӕн кӕнынц? Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ ацы дунейы хицау Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау у. Уыдон нӕ зонынц, Библийы комкоммӕ кӕй тыххӕй фыст ис, иу ахӕм хуымӕтӕг, фӕлӕ ахсджиаг хъуыддаг: ацы дунейы хицау Хӕйрӕг кӕй у, уый.

7, 8. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ ацы дуне алцӕмӕй дӕр у йӕ хицауы хуызӕн? ӕ) Адӕм ма ноджыдӕр цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц?

7 Библи нын комкоммӕ дзуры: «Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоанны 5:19). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ нӕу? Ацы дуне алцӕмӕй дӕр у йӕ ӕнӕуынгӕ хицау Хӕйрӕджы хуызӕн – «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр чи сайы», уый хуызӕн (Раргомад 12:9). Хӕйрӕг у фыдзӕрдӕ, мӕнгард ӕмӕ ӕгъатыр. Ӕмӕ йӕ къухы чи ис, уыцы дунейы дӕр адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт уынынц, сты мӕнгард ӕмӕ ӕгъатыр. Уӕдӕ уый у йӕ фыццаг аххосаг, зӕххыл уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис, уымӕн.

8 Дыккаг аххосаг та уый у, ӕмӕ Едемы цӕхӕрадоны фыццаг дыууӕ адӕймаджы Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕм иууылдӕр сты ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын. Уый тыххӕй бӕстон дзырд цӕуы 3-аг сӕры. Тӕригъӕдджын адӕм рагӕй фӕстӕмӕ дӕр тох кӕнынц, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн хицӕуттӕ уой. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕрцӕуы хӕстытӕ, уый тыххӕй хуымӕтӕг адӕм ӕфхӕрд ӕййафынц ӕмӕ хъизӕмар кӕнынц (Екклесиаст 4:1; 8:9). Адӕм кӕй хъизӕмар кӕнынц, уымӕн йе ’ртыккаг аххосаг та уый у, ӕмӕ, «кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Екклесиаст 9:11). Ацы дуне Йегъовӕ нӕ хъахъхъӕны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ адӕм бӕллӕхты бахауынц ӕмӕ сыл алыхуызон ӕнамонд хабӕрттӕ ӕрцӕуы.

9. Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ, Йегъовӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕн ныронг кӕрон кӕй не скодта, уымӕн ис бӕлвырд аххосаг?

9 Уый куы базонӕм, ӕмӕ нын хъизӕмӕрттӕ Хуыцау не ’взарын кӕны, уӕд нын бирӕ фенцондӕр вӕййы. Хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ, ӕфхӕрд, ӕмӕ ма суанг ӕрдзон бӕллӕхтӕ дӕр Хуыцауӕй не сты. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр базонын фӕнды: Йегъовӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны? Кӕд Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау у, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ бон у, ӕмӕ сын кӕрон скӕна. Уӕдӕ уӕд цӕуылнӕ исты саразы? Цы уарзӕгой Хуыцауы базыдтам, уый адӕмы хъизӕмӕрттӕн ныронг кӕрон кӕй не скодта, уымӕн ис бӕлвырд аххосаг (1 Иоанны 4:8).

ФӔЗЫНД ДЗЫРДДАГ ФАРСТА

10. Хӕйрӕг цавӕр хъуыддаг сдзырддаг кодта ӕмӕ куыд?

10 Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны, уый бамбарынӕн нӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын хъӕуы, зӕххыл бӕллӕхтӕ кӕд райдыдтой, уый. Хӕйрӕг Адам ӕмӕ Евӕйы Йегъовӕйы ныхасы сӕрты куы ахизын кодта, уӕд фӕзынд ахсджиаг фарста. Хӕйрӕг Йегъовӕйӕн йӕ тыхы кой нӕ кодта. Уый йӕ тынг хорз зоны, Йегъовӕйӕн йӕ тых ӕгӕрон кӕй у. Дзырд ууыл цыд, ӕмӕ Йегъовӕ хицау уа, уый бар ын ис ӕви нӕ. Хӕйрӕг Хуыцауӕй афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, йӕ дӕлбар чи ис, уыдонӕй цыдӕр хорздзинад ӕмбӕхсы ӕмӕ сӕ афтӕмӕй сайы, уӕд ӕй уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Йегъовӕ хицауӕн нӕ бӕззы (Райдиан 3:2–5). Адӕмӕн, дам, ӕнӕ Хуыцауӕй хуыздӕр уыдзӕн. Уӕдӕ Хӕйрӕгӕн йӕ фарста ахӕм уыд, ӕмӕ, дам, Йегъовӕйӕн уый бар ис, цӕмӕй Дун-дунейы хицау уа?

11. Йегъовӕ уайтагъд цӕуылнӕ фесӕфта, Едемы цӕхӕрадоны йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдоны?

11 Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты. Мӕнӕ цыма афтӕ загътой: «Йегъовӕ нын хицау уа, уый нӕ ницӕмӕн хъӕуы. Хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый нӕхицӕн дӕр нӕ бон у равзарын». Уыцы уавӕры Йегъовӕ куыд хъуамӕ бакодтаид? Зӕдтӕн ӕмӕ адӕмӕн куыд равдыстаид, уыцы змӕнтджытӕ раст кӕй не сты ӕмӕ йӕ зондмӕ хъусын кӕй у ӕппӕты хуыздӕр? Чи зоны, исчи зӕгъа, зӕгъгӕ, Хуыцауы хъуыди уыцы змӕнтджыты фесафын ӕмӕ ног адӕм сфӕлдисын. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн йӕ фӕндон уыд, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕ зӕхх байдзаг кодтаиккой ӕмӕ дзӕнӕты цардаиккой (Райдиан 1:28). Ӕмӕ йӕ фӕндтӕ та алкӕддӕр сӕххӕст кӕны (Исай 55:10, 11). Стӕй змӕнтджыты уайтагъд куы фесӕфтаид, уӕд, хицау уа, уый бар ын ис ӕви нӕ, уыцы фарстайӕн дзуапп лӕвӕрд не ’рцыдаид.

12, 13. Йегъовӕ ацы дуне Хӕйрӕджы къухмӕ цӕмӕн радта ӕмӕ адӕмы сӕхи бар цӕмӕн ауагъта, уый цавӕр цӕвиттоны фӕрцы ис бамбарын кӕнӕн?

12 Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Ахуыргӕнӕг сывӕллӕттӕн зын фарста ӕмбарын кӕны. Ахуыргӕнинӕгтӕй сӕ иу у тынг зондджын, фӕлӕ фыдзонд. Ӕмӕ ахуыргӕнӕгӕн загъта, раст ӕй не ’мбарын кӕныс, зӕгъгӕ. Афтӕмӕй уыцы ахуыргӕнинаг ахуыргӕнӕджы ахӕм бынаты сӕвӕрдта, цыма ницы ӕмбары ӕмӕ йӕхӕдӕг та уымӕй зондджындӕр у. Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дӕр кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсы, ӕмӕ уыцы ахуыргӕнинаг раст у. Гъемӕ уыдон дӕр ахуыргӕнӕджы ныхмӕ дзурын райдыдтой. Цымӕ ахӕм уавӕры ахуыргӕнӕгӕн цы кӕнгӕ у? Змӕнтджыты къласӕй куы расура, уӕд иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цы зӕгъдзысты? Афтӕ нӕ ахъуыды кӕндзысты, ӕмӕ ӕцӕгдӕр уыдон раст сты? Сӕ цӕсты ахуыргӕнӕджы кад не ’рхаудзӕн, раст кӕй нӕу, уый куы рабӕрӕг уа, уымӕй фӕтарст, зӕгъгӕ? Фӕлӕ ахуыргӕнӕг афтӕ нӕ бакодта. Уый змӕнтӕгӕн бар радта, цӕмӕй уыцы зын фарста къласӕн йӕхӕдӕг бамбарын кӕна.

Фылдӕр чи зоны: ахуыргӕнинаг ӕви ахуыргӕнӕг?

13 Йегъовӕ дӕр раст афтӕ бакодта. Едемы цӕхӕрадоны йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдонӕй уӕлдай ма Дун-дунейы уыди ӕндӕр чидӕртӕ дӕр. Уыцы хабӕрттӕм кастысты милуангай зӕдтӕ (Иов 38:7; Данел 7:10). Ӕппӕт уыцы зӕдтӕ ӕмӕ фӕстӕдӕр та адӕм дӕр цы цӕстӕй ракастаиккой, Йегъовӕ уыцы хъуыддаг куыд аскъуыддзаг кодтаид, уымӕ? Уӕдӕ куыд бакодта? Хӕйрӕгӕн бар радта, цӕмӕй равдыстаид, адӕмӕн цавӕр хицау уыдзӕн, уый. Стӕй адӕмы дӕр сӕхи бар ауагъта, цӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхицӕн хицӕуттӕ уыдаиккой ӕмӕ Хӕйрӕджы зондӕй цардаиккой.

14. Йегъовӕ адӕмы сӕхи бар кӕй ауагъта, уый стыр пайда кӕмӕн ӕрхӕсдзӕн?

14 Цӕвиттоны цы ахуыргӕнӕджы кой ракодтам, уый зоны, змӕнтӕг ӕмӕ, йӕ фарс чи рахӕцыд, уыдон раст кӕй не сты. Фӕлӕ ма ноджыдӕр зоны, цы зӕгъынц, уый сбӕлвырд кӕныны фадат сын куы радта, уӕд уый ӕнӕхъӕн къласӕн дӕр пайда кӕй ӕрхӕсдзӕн. Змӕнтджытӕ раст куы нӕ разыной, уӕд, ахуыргӕнинӕгтӕй сыгъдӕгзӕрдӕ чи у, уыдон бамбардзысты, ӕрмӕстдӕр сӕ ахуыргӕнӕгмӕ кӕй хъӕуы хъусын. Ӕмӕ ма уый фӕстӕ ахуыргӕнӕджы ныхмӕ исчи куы сдзура, уӕд ӕй ӕмбардзысты, къласӕй йӕ цӕмӕн расырдта, уый. Раст афтӕ Йегъовӕ дӕр зоны, Хӕйрӕг ӕмӕ иннӕ змӕнтджытӕн кӕй ницы рауад ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон кӕй нӕу сӕхицӕн разамынд дӕттын, уый сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм ӕмӕ зӕдтӕ куы феной, уӕд сын уый стыр пайда кӕй ӕрхӕсдзӕн. Бамбардзысты, кӕддӕр пехуымпар Йереми раст кӕй загъта: «О Йегъовӕ, ӕз ӕй зонын: зӕххон адӕймагӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ нӕу. Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы» (Йереми 10:23).

ХУЫЦАУ АДӔМЫ ХЪИЗӔМӔРТТӔМ УЫЙБӔРЦ РӔСТӔГ ЦӔМӔН КӔСЫ?

15, 16. а) Йегъовӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕм уыйбӕрц рӕстӕг цӕмӕн кӕсы? ӕ) Йегъовӕ афтӕ цӕуылнӕ саразы, цӕмӕй ӕвирхъау хабӕрттӕ ма цӕуа?

15 Фӕлӕ Йегъовӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕм уыйбӕрц рӕстӕг цӕмӕн кӕсы? Стӕй афтӕ цӕуылнӕ саразы, ӕмӕ ӕвзӕр хабӕрттӕ ма цӕуа? Цы цӕвиттонмӕ ӕркастыстӕм, уым ахуыргӕнӕг дыууӕ хъуыддаджы нӕ сарӕзта. Фыццаг: йӕ ныхмӕ чи дзырдта, уыцы ахуыргӕнинаджы нӕ бахъыгдардта йӕ хъуыды зӕгъын. Дыккаг: нӕ йын баххуыс кодта, цы загъта, уый сбӕлвырд кӕнынӕн. Афтӕ Йегъовӕ дӕр дыууӕ хъуыддаджы нӕ аразы. Фыццаг уый, ӕмӕ Хӕйрӕг ӕмӕ иннӕ змӕнтджыты нӕ бахъыгдардта, раст сты ӕви нӕ, уый сбӕлвырд кӕнын. Ӕмӕ уымӕн та хъуыди рӕстӕг. Миназты дӕргъы адӕм алцыдӕр бафӕлвӕрдтой, сӕ сӕргъы цынӕхуызон хицауад уыди, ахӕм нал баззад. Раст зӕгъгӕйӕ сын наукӕ, медицинӕ ӕмӕ техникӕйы бирӕ цыдӕртӕ бантыст. Фӕлӕ фыдхъуыддӕгтӕ, мӕгуырдзинад, фыдракӕндтӕ ӕмӕ хӕстытӕ та къаддӕр нӕ, фӕлӕ ноджы фылдӕр фесты. Ӕмӕ афтӕмӕй рабӕрӕг, адӕм хицӕуттӕн кӕй нӕ бӕззынц.

16 Дыккаг та уый, ӕмӕ Йегъовӕ Хӕйрӕгӕн не ’ххуыс кӕны ацы дунейӕн разамынд дӕттынӕн. Зӕгъӕм, Хуыцау-иу фыдгӕнджыты куы бакъуылымпы кӕнид, ӕмӕ ӕвирхъау хабӕрттӕ куы нӕ цӕуид, уӕд афтӕ нӕ рауаид, ӕмӕ змӕнтджытӕн йӕхӕдӕг сӕ къух аразы? Адӕм афтӕ нӕ хъуыды кӕниккой, ӕмӕ сӕхицӕн сӕ бон у зӕххыл хорз цард саразын? Йегъовӕ афтӕ куы кӕнид, уӕд уый дӕр Хӕйрӕджы хуызӕн сайӕгой уаид. Фӕлӕ «Хуыцауӕн йӕ бон... нӕу фӕсайын» (Дзуттӕгтӕм 6:18).

17, 18. Адӕмӕн зӕххон хицӕуттӕ ӕмӕ Хӕйрӕг цы зиан ӕрхастой, уымӕн Йегъовӕ цы сараздзӕн?

17 Ӕмӕ миназты дӕргъы Хуыцауы ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый адӕмӕн цы зиан ӕрхаста, уый та? Хъуамӕ нӕ рох ма уа, Йегъовӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау кӕй у. Йегъовӕйӕн йӕ бон у афтӕ саразын, ӕмӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕй фӕд дӕр мауал баззайа ӕмӕ, ӕнӕхай цӕмӕй фесты, уый сын фӕстӕмӕ раздаха. Ӕмӕ уый аразгӕ дӕр скӕндзӕн. Куыд ӕй базыдтам, афтӕмӕй кӕд адӕм зӕхх фесӕфтой, уӕддӕр фидӕны ӕгас зӕххыл дӕр скӕндзӕн Дзӕнӕт. Адӕм систы тӕригъӕды цагъартӕ, фӕлӕ, Чырыстийы нывондыл чи ӕууӕнды, уыдон ссӕрибар уыдзысты. Чи амард, уыдоны дӕр Хуыцау райгас кӕндзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕтыл фӕуӕлахиз уыдзӕн. Уӕдӕ Хуыцау Йесойы фӕрцы «Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехалдзӕн» (1 Иоанны 3:8). Ӕппӕт ацы хъуыддӕгтӕ Йегъовӕ сараздзӕн, цы рӕстӕг снысан кодта, растдӕр уыцы рӕстӕг. Куыд бузныг дзы хъуамӕ уӕм, абоны онг кӕй быхсы, уый тыххӕй! Уый фӕрцы нын фадат фӕзынд, цӕмӕй рӕстдзинад базонӕм ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм (2 Петры 3:9, 10). Абон Хуыцау агуры, йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгты ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны ацы фыдбылыз дунейы цыфӕнды хъизӕмӕрттӕ сфӕразынӕн дӕр (Иоанны 4:23; 1 Коринфӕгтӕм 10:13).

18 Фӕлӕ, чи зоны, исчи зӕгъа, зӕгъгӕ, Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы афтӕ куы сфӕлдыстаид, цӕмӕй йӕ ныхмӕ рацӕуын сӕ бон ма уыдаид, уӕд абон ӕппӕт ацы хъизӕмӕрттӕ не ’взариккам. Цӕмӕй ацы хабар бамбарӕм, уый тыххӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Йегъовӕ нын цы зынаргъ лӕвар скодта, уый.

ХУЫЦАУЫ ЛӔВАРӔЙ КУЫД СПАЙДА КӔНДЗЫНӔ?

Хуыцау дын баххуыс кӕндзӕн цыфӕнды хъизӕмӕрттӕ сфӕразынӕн дӕр

19. Йегъовӕ нын цавӕр лӕвар скодта ӕмӕ уыцы лӕварӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм?

19 Фӕндзӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй, Хуыцау адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд сӕ схайджын кодта сӕрибардзинадӕй, ома сын уый бар радта, цӕмӕй сӕхӕдӕг хӕссой уынаффӕтӕ. Ӕмбарыс ӕй, уый куыд зынаргъ лӕвар у? Хуыцау сфӕлдыста цӕрӕгойтӕ дӕр, фӕлӕ уыдонӕн сӕхи хъуыды нӕй – цӕрӕгойтӕ аразынц, сӕ ӕрдзыхъӕд сын цы амоны, ӕрмӕстдӕр уый (Ӕмбисӕндтӕ 30:24). Адӕймаг робот скӕны, ӕмӕ йӕ цыдӕриддӕр бафӕнды, уый фӕаразы. Хуыцау мах дӕр роботты хуызӕн куы скодтаид, уӕд амондджын уыдаиккам? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ уыдаиккам. Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕхи бар у, цавӕр адӕймаг суыдзӕн, царды цавӕр фӕндагыл ацӕудзӕн, йӕхицӕн ӕмбӕлттӕн кӕй равзардзӕн ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Никӕй бафӕнддзӕн, цӕмӕй уыцы хъуыддӕгтӕ йӕ бӕсты исчи скъуыддзаг кӕна. Адӕймагӕн цы сӕрибардзинад ис, уый йын тынг зынаргъ у. Ӕмӕ Хуыцауы дӕр уый фӕнды, цӕмӕй сӕрибар уӕм.

20, 21. Нӕ сӕрибардзинадӕй ӕппӕты хуыздӕр нӕ бон куыд у спайда кӕнын ӕмӕ уый афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у?

20 Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй йын ӕвӕндонӕй лӕггад кӕнӕм (2 Коринфӕгтӕм 9:7). Цӕвиттонӕн райсӕм ныййарӕджы. Цы йын ӕхсызгондӕр уыдзӕн, йӕ сывӕллон ын йӕхи зондӕй куы зӕгъа «ӕз дӕ бирӕ уарзын» ӕви йын исчи куы бацамона, афтӕ зӕгъ, зӕгъгӕ? Уӕдӕ дзырд ууыл цӕуы, ӕмӕ ды куыд спайда кӕндзынӕ, Йегъовӕ дӕ цы сӕрибардзинадӕй схайджын кодта, уымӕй? Хӕйрӕг, стӕй Адам ӕмӕ Евӕ дӕр сӕ сӕрибардзинадӕй раст не спайда кодтой. Уыдон Йегъовӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты. Ды та куыд бакӕндзынӕ?

21 Уый фадат дын ис, цӕмӕй дӕ сӕрибардзинадӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ спайда кӕнай. Абоны онг Йегъовӕйы фарс чи слӕууыд, уыдон сты милуантӕ, ӕмӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон у уыцы адӕмимӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Уыдон сӕ цардӕй ӕвдисынц, Хӕйрӕг сайӕгой кӕй у ӕмӕ хицауӕн кӕй нӕ бӕззы, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнынц (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Уӕдӕ царды раст фӕндаг куы равзарай, уӕд ын ды дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзынӕ. Ууыл бӕстондӕр дзырд цӕудзӕн иннӕ сӕры.