Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔРТЫНДӔСӔМ СӔР

Цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕс

Цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕс
  • Хуыцау цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

  • Хуыцау абортмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

  • Цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

1. Зӕххыл цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонӕн цард чи радта?

ПЕХУЫМПАР Йереми ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Йегъовӕ... ӕцӕгӕй у Хуыцау. Уый у удӕгас Хуыцау» (Йереми 10:10). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ цард радта, зӕххыл цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонӕн. Уӕларвон зӕдтӕ йын загътой: «Ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд» (Раргомад 4:11). Паддзах Давид та Хуыцауы зарӕджы кадджын кодта ӕмӕ загъта: «Дӕумӕ ис царды суадон» (Псалом 36:9). Цард ӕцӕгӕй дӕр у Хуыцауы лӕвар.

2. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ цӕрынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый нын Хуыцау дӕтты?

2 Йегъовӕ нын ӕрмӕст цард нӕ радта, фӕлӕ ма нын дӕтты, цӕрынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый дӕр (Хъуыддӕгтӕ 17:28). Дӕтты нын хӕринаг ӕмӕ дон. Уый нын радта, цы зӕххыл цӕрӕм ӕмӕ цы уӕлдӕф улӕфӕм, уый дӕр (Хъуыддӕгтӕ 14:15–17). Йегъовӕ ӕппӕт дӕр афтӕ скодта, ӕмӕ цард адӕймагӕн хӕссы циндзинад. Фӕлӕ цӕмӕй нӕ зӕрдӕты ӕцӕг циндзинад уа, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы закъӕттӕ базонӕм ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнӕм (Исай 48:17, 18).

ЦАРДӔН АРГЪ КӔН

3. Каин Авелы кӕй амардта, уымӕ Хуыцау цы цӕстӕй ракаст?

3 Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нӕхи цардӕн дӕр ӕмӕ иннӕты цардӕн дӕр аргъ кӕнӕм. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм Адам ӕмӕ Евӕйы рӕстӕг. Сӕ фырт Каин йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Авелмӕ тынг смӕсты, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ бафӕдзӕхста, ма кӕн, дӕ маст дӕ фыдбылызмӕ ӕркӕндзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын Каин йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардта. Ӕмӕ иу бон «йе ’фсымӕр Авелыл йӕхи ныццавта ӕмӕ йӕ амардта» (Райдиан 4:3–8). Каин йе ’фсымӕры кӕй амардта, уый тыххӕй йӕ Йегъовӕйы фыдӕх баййӕфта (Райдиан 4:9–11).

4. Цардӕн кӕй хъуамӕ аргъ кӕнӕм, уый Хуыцау Моисейы закъоны куыд равдыста?

4 Уымӕй миназтӕ фӕстӕдӕр Йегъовӕ израилӕгтӕн радта закъӕттӕ ӕмӕ сын бацамыдта, куыд ын хъуамӕ лӕггад кодтаиккой, уый. Уыцы закъӕттӕ сын пехуымпар Моисейы уылты кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ сӕ иуӕй-иу хатт фӕхонынц Моисейы закъон. Уым фыст ис: «Ма амар» (Дыккаг закъон 5:17). Ацы ныхӕстӕй израилӕгтӕ ӕмбӕрстой, Хуыцауы цӕсты адӕймаджы цард зынаргъ кӕй у ӕмӕ адӕймаг дӕр иннӕты цардӕн кӕй хъуамӕ аргъ кӕна.

5. Абортмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

5 Цы зӕгъӕн ис, чи нӕма райгуырд, ахӕм сывӕллонӕй та? Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ, исчи сывӕрджын сылгоймаджы куы ныццавтаид ӕмӕ йӕ сывӕллон йӕ гуыбыны куы амардаид, уӕд уый нымад уыд фыдракӕндыл. Йегъовӕйы цӕсты ахӕм сывӕллоны цард дӕр зынаргъ у (Рацыд 21:22, 23; Псалом 127:3). Уӕдӕ аборт чи скӕны, уый стыр тӕригъӕд саразы.

6. Фыдӕх ӕмӕ хӕрамӕн нӕ зӕрдӕйы бынат цӕуылнӕ хъуамӕ уа?

6 Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ цардӕн чи аргъ кӕны, уый иннӕтӕм ӕвзӕр цӕстӕй никуы кӕсдзӕн. Библийы фыст ис: «Йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый у лӕгмар. Сымах та йӕ зонут: лӕгмарӕн ӕнусон цардӕй хай нӕй» (1 Иоанны 3:15). Кӕд нӕ ӕнустӕм цӕрын фӕнды, уӕд, нӕ зӕрдӕйы фыдӕх ӕмӕ хӕрамӕй цыдӕриддӕр ис, уый хъуамӕ ӕдуидаг стонӕм, уымӕн ӕмӕ адӕймаг искӕмӕй йе сӕфт куы фӕуыны, уӕд ӕй уый арӕх ӕркӕны фыдракӕндмӕ (1 Иоанны 3:11, 12). Мах хъуамӕ сахуыр уӕм алкӕй дӕр уарзын.

7. Адӕймаг цардӕн кӕй нӕ аргъ кӕны, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй бӕрӕг вӕййы?

7 Нӕхи цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый та цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? Кӕйфӕнды ма бафӕрсай – мӕлын никӕй фӕнды. Фӕлӕ бирӕтӕ сӕхи мӕлӕты дзыхмӕ ӕппарынц, цӕмӕй цыдӕр ӕхцондзинад райсой. Зӕгъӕм, бирӕтӕ дымынц тамако ӕмӕ хъылма кӕнӕ наркотиктыл бафтыдысты. Уыдӕттӕй адӕймаг йӕхи сафы, арӕх дзы мӕлгӕ дӕр акӕнынц. Уӕдӕ тамако чи дымы ӕмӕ наркотиктӕ чи кӕны, уый цардӕн нӕ аргъ кӕны. Ахӕм митӕ чи кӕны, уый Хуыцауы цӕсты йӕхи чъизи кӕны (Ромӕгтӕм 6:19; 12:1; 2 Коринфӕгтӕм 7:1). Цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕныны аккаг уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ахӕм митӕ ныууадзӕм. Адӕймаг ахӕм цӕуылдӕрты куы сахуыр вӕййы, уӕд ын сӕ ныууадзын тынг зын вӕййы. Фӕлӕ Йегъовӕ куы уына, ӕмӕ цард ӕцӕгдӕр зынаргъ лӕварыл нымайӕм ӕмӕ сӕ ныууадзыныл ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, уӕд нын ӕххуыс кӕндзӕн.

8. Нӕхи дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр фыдбылызӕй цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

8 Кӕд цардӕн аргъ кӕнӕм, уӕд нӕхи дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр фыдбылызӕй хиздзыстӕм. Нӕхи аирхӕфсыны тыххӕй ӕнӕрхъуыды митӕ нӕ кӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, машинӕ нозтджынӕй кӕнӕ ӕгӕр тагъд не скъӕрдзыстӕм ӕмӕ машинӕ скъӕргӕйӕ телефонӕй дӕр нӕ ныхас кӕндзыстӕм, стӕй сӕ тыхтӕ кӕм ӕвзарынц ӕмӕ адӕймаджы цардӕн тӕссаг кӕм у, ахӕм ерысты ӕмӕ хъӕзтыты нӕ архайдзыстӕм (Псалом 11:5). Раджы заманты Хуыцау израилӕгтӕн цы Закъон радта, уым фыст уыд: «Ног [тъӕпӕнсӕр] хӕдзар куы саразай, уӕд-иу дӕ хӕдзары сӕрӕн йӕ кӕрӕтты ныллӕг къул самай, цӕмӕй хӕдзары сӕрӕй мачи рахауа ӕмӕ дӕ хӕдзар тугныккалды ма фӕаххосджын уа» (Дыккаг закъон 22:8). Ацы ныхӕстӕ махӕн та цӕуыл дзурӕг сты? Нӕ хӕдзары асинтӕ хъуамӕ афтӕ арӕзт уой, цӕмӕй дзы мачи рахауа ӕмӕ йӕхи ма ныппырх кӕна. Кӕд нӕм машинӕ ис, уӕд та йӕм хъуамӕ дзӕбӕх зилӕм, цӕмӕй йыл цӕуын тӕссаг ма уа. Уӕдӕ алкӕддӕр архай, цӕмӕй дӕ хӕдзар кӕнӕ дӕ машинӕ дӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр фыдбылызы хос ма уа.

9. Цардӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд цӕрӕгойтӕм цы цӕстӕй кӕсдзыстӕм?

9 Цы зӕгъӕн ис цӕрӕгойтӕй та? Сфӕлдисӕджы цӕсты уыдоны цард дӕр зынаргъ у. Хуыцау нын бар дӕтты, цӕмӕй нӕ хӕринаг, уӕлӕдарӕс куы хъӕуа, уӕд сӕ марӕм. Амарӕн сӕ ис, адӕмӕн тӕссаг куы уой, уӕд дӕр (Райдиан 3:21; 9:3; Рацыд 21:28). Фӕлӕ адӕймаг цӕрӕгойтӕн фыдмитӕ куы кӕна кӕнӕ сӕ йӕхи аирхӕфсыны тыххӕй куы мара, уӕд тӕригъӕд аразы. Афтӕмӕй ӕвдисы, цардӕн кӕй нӕ аргъ кӕны (Ӕмбисӕндтӕ 12:10).

ТУГӔН АРГЪ КӔН

10. Цард туджы кӕй ис, уый Хуыцау куыд равдыста?

10 Каин йе ’фсымӕр Авелы куы амардта, уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Де ’фсымӕры туг мӕм зӕххӕй дзыназы» (Райдиан 4:10). Ам туг амоны Авелӕн йӕ цардмӕ. Каин байста Авелы цард, ӕмӕ йын ӕнӕбафхӕргӕ нӕ уыд. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Авелы туг, ома йӕ цард, Йегъовӕмӕ «дзынӕзта», цӕмӕй, рӕстдзинад куыд домы, афтӕ бакодтаид. Цард туджы мидӕг кӕй ис, уый Хуыцау равдыста Нойы рӕстӕджы дӕр, Доны хъаймӕты фӕстӕ. Уымӕй размӕ адӕм дыргътӕ, халсартӕ, хор ӕмӕ ӕнгузтӕ йеддӕмӕ ницы хордтой. Фӕлӕ Доны хъаймӕты фӕстӕ Йегъовӕ Нойӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта: «Зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдон уын уыдзысты хӕрынӕн. Зайӕгойтӕ уын куыд радтон, афтӕ уын уыдон дӕр иууылдӕр дӕттын хӕрынӕн». Ӕцӕг сӕ иу цӕмӕйдӕр бафӕдзӕхста: «Ӕрмӕст ма хӕрут, йӕ уд [кӕнӕ йӕ цард], ома йӕ туг, йӕ мидӕг кӕмӕн ис, ахӕм дзидза» (Райдиан 1:29; 9:3, 4). Уӕдӕ Йегъовӕ бӕлвырдӕй равдыста, цӕрӕг удтӕн сӕ цард сӕ туджы кӕй ис.

11. Нойы замантӕй фӕстӕмӕ туджы тыххӕй цавӕр фӕдзӕхст ис йӕ тыхы?

11 Тугӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йӕ куы нӕ хӕрӕм. Йегъовӕ израилӕгтӕн цы Закъон радта, уым уыд ахӕм фӕдзӕхст: «Исчи цуаны, хӕрӕн кӕй ис, ахӕм сырд кӕнӕ маргъ куы ’рцахса, уӕд ын хъуамӕ йӕ туг рауадза ӕмӕ туг сыджыты бын фӕкӕна. [...] Израилы фырттӕн афтӕ дӕр уымӕн загътон: „Зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕй макӕцыйы туг хӕрут“» (Левит 17:13, 14). Цӕрӕгойты туг хӕрӕн кӕй нӕй, уый Хуыцау фыццаг хатт Нойӕн ныффӕдзӕхста, ӕмӕ кӕд уымӕй 800 азы рацыд, уӕддӕр уыцы фӕдзӕхст уыд йӕ тыхы. Уӕдӕ Йегъовӕ йӕ хъуыды бӕлвырд бамбарын кодта: йӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон уыди цӕрӕгойты дзидза хӕрын, фӕлӕ сын сӕ туг хӕрыны бар та нӕ уыд. Туг-иу хъуамӕ зӕхмӕ акалдтаиккой. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ-иу афтӕмӕй равдыстой, цӕрӕг удтӕн сӕ цард фӕстӕмӕ Хуыцауы къухмӕ кӕй радтой.

12. Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн, ӕмӕ абон махӕн дӕр, туджы тыххӕй цы бафӕдзӕхста?

12 Ахӕм фӕдзӕхст Хуыцау радта чырыстӕттӕн дӕр. Фыццаг ӕнусы апостолтӕ ӕмӕ, Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн ноджыдӕр разамынд йӕхимӕ чи иста, уыдон ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй аскъуыддзаг кодтаиккой, чырыстон ӕмбырды алкӕй дӕр цавӕр фӕдзӕхстытӕ хъӕуы ӕххӕст кӕнын, уый. Ӕмӕ ахӕм хатдзӕг скодтой: «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуысӕй мах ахӕм уынаффӕ рахастам, цӕмӕй уыл мӕнӕ ацы ӕнӕмӕнг хъуыддӕгтӕй уӕлдай ӕндӕр уаргъ мауал ӕвӕрӕм. Уынаффӕ рахастам, цӕмӕй уӕхи хизат, мӕнгхуыцӕуттӕн цы снывонд кӕнынц, уыдӕттӕй, тугӕй, хӕдмӕл [ома, йӕ туг кӕмӕн нӕ рауагътой, ахӕм] фосы дзидзайӕ ӕмӕ хӕтындзинадӕй» (Хъуыддӕгтӕ 15:28, 29; 21:25). Уӕдӕ хъуамӕ тугӕй «нӕхи хизӕм». Хуыцауы цӕсты мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй ӕмӕ хӕтындзинадӕй хи хизын куыд ахсджиаг у, афтӕ ахсджиаг у нӕхи тугӕй хизын дӕр.

Дохтыр дын куы зӕгъид, зӕгъгӕ, нозтӕй дӕхи хиз, уӕд ӕй дӕ тугдадзинты бауадзис?

13. Туг буары дӕр кӕй нӕй уадзӕн, уый цавӕр цӕвиттонӕй ис бамбарын кӕнӕн?

13 Тугӕй хи хизын, мыййаг, уымӕ дӕр хауы, ӕмӕ йӕ нӕ буары ма бауадзӕм? О. Афтӕ цӕмӕн у, уый бамбарынӕн ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Дохтыр дын куы зӕгъа, зӕгъгӕ, нозтӕй дӕхи хиз, уӕд ын йӕ ныхӕстӕ афтӕ бамбардзынӕ, ӕмӕ дын нозт дӕ дзыхмӕ хӕссӕн нӕй, фӕлӕ йӕ дӕ тугдадзинты та дӕ бон у бауадзын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, афтӕ нӕ ахъуыды кӕндзынӕ. Уӕдӕ тугӕй нӕхи кӕй хъуамӕ хизӕм, уый дӕр афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ дзы хъуамӕ мацы хуызы фӕхъӕстӕ уӕм. Уыцы фӕдзӕхст ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уый бар хъуамӕ макӕмӕн раттӕм, цӕмӕй нын нӕ тугдадзинты туг бауадза.

14, 15. Дохтыртӕ Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕн йӕ буары туг куы уадзын кӕной, уӕд куыд бакӕндзӕн ӕмӕ цӕмӕн?

14 Фӕлӕ Хуыцауы лӕггадгӕнӕг тыхст уавӕры куы уа кӕнӕ йын уӕззау операци скӕнын куы хъӕуа, уӕд та? Зӕгъӕм, дохтыртӕ йын дзурынц, туг дын куы нӕ бауадзӕм, уӕд амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мӕлын ӕй нӕ фӕнды. Уый ӕмбары, цард Хуыцауы зынаргъ лӕвар кӕй у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ разы уыдзӕн, ӕнӕ тугӕй хос кӕнынӕн цы мадзӕлттӕ ис, уыдоныл. Уӕдӕ Хуыцауы лӕггадгӕнӕг агурдзӕн, туг уадзыны бӕсты цы мадзӕлттӕ ис, уыдон.

15 Цымӕ Хуыцауы лӕггадгӕнӕг, цӕмӕй ацы дунейы гыццыл фылдӕр фӕцӕра, уый тыххӕй Хуыцауы закъоны сӕрты ахиздзӕн? Йесо афтӕ загъта: «Йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн, йӕ цард мӕн тыххӕй чи ратта, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн» (Матфейы 16:25). Мах мӕлын нӕ фӕнды. Фӕлӕ абон нӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй Хуыцауы закъоны сӕрты куы ахизӕм, уӕд нӕхи ӕнӕхай фӕкӕндзыстӕм ӕнусон цардӕй. Уӕдӕ, Хуыцауы закъон раст кӕй у, ууыл макуы фӕдызӕрдыг уӕм. Фидарӕй ӕууӕндӕм, куы амӕлӕм, уӕддӕр нӕ нӕ Царддӕттӕг кӕй нӕ ферох кӕндзӕн. Фидӕны нӕ райгас кӕндзӕн ӕмӕ та нын ногӕй ратдзӕн уыцы зынаргъ лӕвар – цард (Иоанны 5:28, 29; Дзуттӕгтӕм 11:6).

16. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ фидар цавӕр фӕдзӕхстыл хӕцынц?

16 Хуыцауӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ фидар хӕцынц, туджы тыххӕй сын цы фӕдзӕхст радта, ууыл. Туг кӕм ис, ахӕм хӕринӕгтӕ никуы бахӕрдзысты. Стӕй сӕ туг хосӕн куы хъӕуа, уӕд дӕр ӕй сӕ буары нӕ бауадздзысты. Уыдоны фидарӕй уырны, туг чи скодта, уыцы Хуыцау хорз кӕй зоны, хуыздӕр сын цы у, уый. Ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс?

ТУГӔЙ РАСТ ПАЙДА КӔНЫН

17. Йегъовӕ израилӕгтӕн куыд бафӕдзӕхста, уымӕ гӕсгӕ тугӕй ӕрмӕстдӕр цавӕр хъуыддаджы уыди пайда кӕнӕн?

17 Моисейы закъоны арӕх дзырд цыди, тугӕй пайда кӕнӕн кӕй уыди ӕрмӕстдӕр иу хъуыддаджы. Йегъовӕ израилӕгтӕн ӕмбарын кодта, куыд ын хъуамӕ куывтаиккой, уый ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Уд [кӕнӕ цард] ис туджы, ӕмӕ йӕ ӕз рахицӕн кодтон нывондхӕссӕнӕн, цӕмӕй дзы уӕ удтӕ тӕригъӕдтӕй сыгъдӕг кӕнат, уымӕн ӕмӕ туг сыгъдӕг кӕны тӕригъӕдтӕй» (Левит 17:11). Израилӕгтӕй-иу исчи тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд-иу хъуамӕ нывондӕн ӕрхастаид фосӕй исты, ӕмӕ-иу сауджын уыцы нывонды тугӕй хъуамӕ бапырх кодтаид, цатыры, ӕмӕ фӕстӕдӕр та кувӕндоны, цы нывондхӕссӕн уыд, ууыл. Куыд уынӕм, афтӕмӕй тугӕй пайда кӕнӕн уыд ӕрмӕстдӕр нывӕндтӕ хӕсгӕйӕ.

18. Йесо йӕ туг кӕй ныккалдта, уый нын цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?

18 Абон ӕцӕг чырыстӕтты Моисейы закъон нӕ хъӕуы ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фосы нывӕндтӕ нӕ хӕссынц ӕмӕ сын сӕ туг нывондхӕссӕныл дӕр нӕ бапырх кӕнынц (Дзуттӕгтӕм 10:1). Фӕлӕ кӕддӕр израилӕгтӕ туг нывондхӕссӕныл кӕй калдтой, уый амыдта, адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй ӕцӕгдӕр чи хъуамӕ ссыгъдӕг кодтаид, уыцы зынаргъ нывондмӕ, ома Хуыцауы Фырт Йесо Чырыстийы нывондмӕ. Ацы чиныджы 5-ӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй, Йесо йӕ туг ныккалдта ӕмӕ афтӕмӕй йӕ зӕххон цард адӕмы тыххӕй нывондӕн ӕрхаста. Уый фӕстӕ Йесо уӕлӕрвтӕм аздӕхт ӕмӕ йӕ туджы аргъ ӕрмӕстдӕр иу хатт Хуыцауы размӕ бахаста (Дзуттӕгтӕм 9:11, 12). Уый фӕрцы нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуынц ӕмӕ нын фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны фадат (Матфейы 20:28; Иоанны 3:16). Ахъуыды-ма кӕн, Чырысти йӕ туг кӕй ныккалдта, уый цы стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста! (1 Петры 1:18, 19). Йесо йӕ туг мах тыххӕй кӕй ныккалдта, ууыл куы ӕууӕндӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд фервӕздзыстӕм.

Цардӕн ӕмӕ тугӕн кӕй аргъ кӕныс, уый дӕ бон куыд у равдисын?

19. Цӕмӕй ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

19 Йегъовӕ Хуыцау нын цард кӕй балӕвар кодта, уый тыххӕй дзы бузныг куыннӕ стӕм! Ӕмӕ нӕ уый хъуамӕ разӕнгард кӕна, цӕмӕй иннӕтӕн дӕр дзурӕм, Чырыстийы нывонды фӕрцы нын ӕнустӕм цӕрыны фадат кӕй ис, уый тыххӕй. Хуыцау адӕмы цардӕн куыд аргъ кӕны, мах дӕр ын афтӕ куы аргъ кӕнӕм, уӕд ирвӕзындзинады хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы нӕ удӕй арт цӕгъддзыстӕм (Йезекил 3:17–21). Ӕмӕ уӕд махӕн дӕр апостол Павелау нӕ бон уыдзӕн зӕгъын: «Ӕз ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг... дӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз хъусӕй нӕ лӕууыдтӕн – хъусын уын кодтон, Хуыцауы фӕндмӕ цыдӕриддӕр хауы, уый» (Хъуыддӕгтӕ 20:26, 27). Адӕмӕн Хуыцау ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй куы дзурӕм, уӕд уымӕй равдисдзыстӕм, цардӕн ӕмӕ тугӕн ӕцӕгдӕр кӕй аргъ кӕнӕм.