Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ЦЫППӔРДӔСӔМ СӔР

Дӕ бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?

Дӕ бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?
  • Кӕй ис хорз лӕг схонӕн?

  • Сылгоймаг хорз бинойнаг цӕй фӕрцы вӕййы?

  • Хорз ныййарӕг цавӕр вӕййы?

  • Сывӕллӕттӕ бинонтӕн цины хос кӕд вӕййынц?

1. Бинонтӕ амондджын кӕд уыдзысты?

ЙЕГЪОВӔ ХУЫЦАУЫ фӕнды, цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой. Уымӕ гӕсгӕ нын йӕ Ныхас Библийы ӕмбарын кӕны, бинонтӕй алкӕуыл дӕр цы хӕстӕ ис ӕмӕ дзы алкӕй дӕр цы аразын хъӕуы, уый. Ӕмӕ бинонтӕй алчидӕр Хуыцауы зондмӕ куы хъуса, уӕд уыдзысты амондджын. Чырысти афтӕ загъта: «Амондджын уыдон сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны!» (Лукайы 11:28).

2. Цӕмӕй нӕ бинонтӕ амондджын уой, уый тыххӕй цы хъуамӕ ӕмбарӕм?

2 Цӕмӕй нӕ бинонтӕ амондджын уой, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбарӕм, бинонты царды бындурӕвӕрӕг Йегъовӕ кӕй у. Йесо йӕ схуыдта «нӕ уӕларвон Фыд» (Матфейы 6:9). Зӕххыл ӕппӕт бинонтӕ дӕр нӕ уӕларвон Фыды фӕрцы сты. Ӕмӕ бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, уый дӕр уымӕй хуыздӕр ничи зоны (Ефесӕгтӕм 3:14, 15). Уӕдӕ, Библимӕ гӕсгӕ, бинонтӕй алкӕуыл дӕр цавӕр хӕстӕ ис?

ХУЫЦАУ – БИНОНТЫ ЦАРДЫ БЫНДУРӔВӔРӔГ

3. Зӕххыл бинонтӕ куыд фӕзындысты, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис ӕмӕ, уыцы хабар ӕцӕг кӕй у, уый кӕцӕй зонӕм?

3 Йегъовӕ зӕххыл фыццаг дыууӕ адӕймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы, куы сфӕлдыста, уӕд сын сӕ цард баиу кодта. Ӕрцӕрын сӕ кодта Дзӕнӕты, Едемы цӕхӕрадоны, ӕмӕ сын загъта: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут» (Райдиан 1:26–28; 2:18, 21–24). Ацы хабар цыдӕр рӕсугъд аргъау нӕу. Зӕххыл бинонтӕ куыд фӕзындысты, уый тыххӕй Райдианы чиныджы ӕцӕг хабӕрттӕ кӕй ис фыст, уый бӕрӕг у Чырыстийы ныхӕстӕй (Матфейы 19:4, 5). Ӕмӕ кӕд абон бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм ӕмӕ цард, Хуыцауы райдианы куыд фӕндыд, ахӕм нӕу, уӕддӕр бинонтӕн сӕ бон у, ӕмӕ амондджын уой. Ӕркӕсӕм, цы сын баххуыс кӕндзӕн, уымӕ.

4. а) Бинонтӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕ хӕдзары фарн уа? ӕ) Цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой, уый тыххӕй Йесойы царды хабӕрттӕ базонын цӕмӕн хъӕуы?

4 Бинонтӕй алчидӕр, Хуыцау куыд уарзы, афтӕ куы уарза, уӕд сӕ хӕдзары уыдзӕн фарн (Ефесӕгтӕм 5:1, 2). Фӕлӕ Хуыцауы уынгӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд ӕй нӕ бон куыд у бафӕзмын? Йегъовӕ зӕхмӕ ӕрӕрвыста йӕ иунӕг Фырты, Йесо Чырыстийы (Иоанны 1:14, 18). Йесо алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ уӕларвон Фыды. Ӕмӕ йӕ адӕм куы уыдтой ӕмӕ йӕм куы хъуыстой, уӕд цыма Йегъовӕ йӕхӕдӕг уыд сӕ разы ӕмӕ цыма уымӕ хъуыстой, афтӕ уыди (Иоанны 14:9). Уӕдӕ, Йесо адӕмы куыд уарзта, уый тыххӕй фылдӕр базоныныл куы архайӕм ӕмӕ мах дӕр кӕрӕдзи афтӕ куы уарзӕм, уӕд нӕ бинонтӕ уыдзысты бирӕ амондджындӕр.

ЙЕСО ФӔЗМИНАГ У ЛӔГТӔН

5, 6. а) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд у, уымӕй лӕгтӕн фӕзминаг цӕмӕн у? ӕ) Хуыцау адӕймагӕн кӕд хатыр кӕндзӕн?

5 Библи нын дзуры, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд уыд, лӕг дӕр йӕ усӕн афтӕ кӕй хъуамӕ уа. Фыст дзы ис: «Лӕгтӕ, уӕ устыты алкӕддӕр уарзут, Чырысти дӕр ӕмбырд куыд бауарзта ӕмӕ йӕхи йӕ сӕрвӕлтау куыд радта, афтӕ... Раст афтӕ лӕгтӕ дӕр, сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты. Йӕ усы чи уарзы, уый уарзы йӕхи дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ буарӕй йе сӕфт никуы ничи уыдта, фӕлӕ йӕм алчидӕр зилы ӕмӕ йӕ буц дары, Чырысти ӕмбырдмӕ куыд зилы ӕмӕ йӕ буц куыд дары, афтӕ» (Ефесӕгтӕм 5:23, 25–29).

6 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд уарзы, уымӕй фӕзминаг у лӕгтӕн. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ «сӕ уарзта суанг кӕронмӕ». Кӕд ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр йӕ цард уыдоны тыххӕй радта (Иоанны 13:1; 15:13). Ӕмӕ Библи лӕгтӕн дӕр фӕдзӕхсы: «Уарзут уӕ устыты ӕмӕ сӕм тызмӕг ма ут» (Колоссӕгтӕм 3:19). Цы баххуыс кӕндзӕн лӕгӕн, цӕмӕй йӕ усы уарза алкӕддӕр, уӕлдайдӕр та исты ӕнӕрхъуыды ми куы сараза, уӕд? Хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, йӕхӕдӕг дӕр арӕх кӕй рӕдийы. Уӕдӕ йын цӕмӕй Хуыцау йӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕна, уый тыххӕй йӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ хатыр кӕна иннӕтӕн, уыимӕ йӕ усӕн дӕр. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ус дӕр хъуамӕ йӕ лӕгӕн хатыр кӕна (Матфейы 6:12, 14, 15). Дзӕгъӕлы нӕ фӕзӕгъынц, бинонтӕ, дам, амондджын уӕд вӕййынц, ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнын куы фӕзонынц.

7. Йесо цы ӕмбӕрста ӕмӕ уымӕй лӕгтӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

7 Йесо ма лӕгтӕн фӕзминаг у, алкӕддӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтыл кӕй хъуыды кодта, уымӕй дӕр. Цы хъуаг уыдысты, сӕ бон цы уыд ӕмӕ цы нӕ уыди, уый ӕмбӕрста. Зӕгъӕм, иухатт фӕллад куы уыдысты, уӕд сын загъта: «Ацӕуӕм хибар ранмӕ, цӕмӕй уым иу гыццыл уӕ фӕллад суадзат» (Марчы 6:30–32). Лӕг дӕр хъуамӕ ӕдзух йӕ бинойнагыл хъуыды кӕна. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй сылгоймаг «лӕмӕгъдӕр» у, ӕмӕ Хуыцау лӕгтӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ устытӕн «кад кӕной». Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр райсдзысты «Хуыцауы стыр хорзӕх – цард» (1 Петры 3:7). Лӕг хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, Хуыцауӕн сӕйраг кӕй нӕу, адӕймаг нӕлгоймаг у ӕви сылгоймаг. Хуыцауы цӕсты адӕймаг рӕсугъд у йӕ иузӕрдиондзинадӕй (Псалом 101:6).

8. а) Библийы афтӕ фыст цӕмӕн ис, зӕгъгӕ, «йӕ усы чи уарзы, уый уарзы йӕхи дӕр»? ӕ) Лӕг ӕмӕ ус «иу буар» кӕй сты, уый сӕ дыууӕйӕн дӕр цӕуыл дзурӕг у?

8 Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «йӕ усы чи уарзы, уый уарзы йӕхи дӕр». Уый афтӕ уымӕн у, ӕмӕ, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй лӕг ӕмӕ ус «дыууӕ нал сты, фӕлӕ – иу буар» (Матфейы 19:6). Уӕдӕ лӕг ӕмӕ ус се ’ргом хъуамӕ ӕндӕр макӕмӕ здахой (Ӕмбисӕндтӕ 5:15–21; Дзуттӕгтӕм 13:4). Ӕмӕ сын уый та зын нӕ уыдзӕн, алчидӕр дзы йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕйыл куы хъуыды кӕна, уӕд (1 Коринфӕгтӕм 7:3–5). Ахъуыды-ма кӕн ацы ныхӕстыл дӕр, зӕгъгӕ, «йӕ буарӕй йе сӕфт никуы ничи уыдта, фӕлӕ йӕм алчидӕр зилы ӕмӕ йӕ буц дары». Лӕг йӕ усы хъуамӕ уарза, йӕхи куыд уарзы, афтӕ. Ӕмӕ дзы хъуамӕ рох макуы уа, йӕхицӕн дӕр Йесо Чырысти йӕ «хицау» кӕй у ӕмӕ йӕ разы дзуапп кӕй дӕтты (Ефесӕгтӕм 5:29; 1 Коринфӕгтӕм 11:3).

9. Филиппӕгтӕм 1:8 стихмӕ гӕсгӕ Йесо адӕмы цавӕр уарзтӕй уарзта ӕмӕ лӕг дӕр йӕ бинойнаджы афтӕ цӕмӕн хъуамӕ уарза?

9 Апостол Павел дзырдта, Йесо Чырысти иннӕты «фӕлмӕн уарзтӕй» кӕй уарзта, уый тыххӕй (Филиппӕгтӕм 1:8). Йесо йӕ фӕлмӕн уарзтӕй тавта адӕмы зӕрдӕтӕ. Уыцы миниуӕгӕн тынг аргъ кодтой, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ чи систы, уыцы сылгоймӕгтӕ дӕр (Иоанны 20:1, 11–13, 16). Ӕмӕ алы бинойнаджы дӕр уый фӕнды, цӕмӕй йӕ йӕ цардӕмбал фӕлмӕн уарзтӕй уарза.

ЙЕСО ФӔЗМИНАГ У УСТЫТӔН

10. Йесо устытӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

10 Цӕмӕй бинонты ’хсӕн алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уа, уый тыххӕй дзы чидӕр хъуамӕ разамынд йӕхимӕ иса. Йесо дӕр, йӕхицӕй уӕлдӕр Чи у, уый коммӕ кӕсы. Усӕн йӕ лӕг куыд у йӕ сӕрыхицау, афтӕ «Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау» (1 Коринфӕгтӕм 11:3). Йесо алцӕмӕй дӕр Хуыцауы коммӕ кӕй кӕсы, уымӕй фӕзминаг у не ’ппӕтӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ нӕ алкӕй дӕр хъӕуы, кӕй дӕлбар ис, уый коммӕ кӕсын.

11. а) Ус йӕ лӕгмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕса? ӕ) Сылгоймагӕн йӕ уаг ӕмӕ йе ’гъдауы фӕрцы цы бантысдзӕн?

11 Зӕххыл ӕххӕст, ӕнӕрӕдийгӕ ничи у, ӕмӕ лӕгӕн дӕр алы хатт алцы, куыд ӕй фӕфӕнды, афтӕ нӕ рауайы. Ахӕм уавӕры сылгоймагӕн цы кӕнгӕ у? Йӕ лӕджы кад хъуамӕ дӕлӕмӕ ма кӕна кӕнӕ разамынд йӕхимӕ ма иса. Ус хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, Хуыцау сылгоймагӕн йӕ сабыр ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕды тыххӕй кӕй аргъ кӕны (1 Петры 3:4). Сылгоймаг ахӕм куы уа, уӕд ын цыфӕнды уавӕры дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн йӕ лӕджы коммӕ кӕсын. Уымӕй уӕлдай ма Библи зӕгъы: «Ус... хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа» (Ефесӕгтӕм 5:33). Фӕлӕ лӕг Чырыстийы йӕ Хицауыл куы нӕ нымайа, уӕд та? Библи устытӕн фӕдзӕхсы: «Уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, цӕмӕй, Хуыцауы ныхасӕн сӕ коммӕгӕс чи нӕу, уыдон ӕнӕ ныхӕстӕй уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауы фӕрцы суой коммӕгӕс, хӕдӕфсарм кӕй стут ӕмӕ сӕ кӕй нымайут, уый уынгӕйӕ» (1 Петры 3:1, 2).

12. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ ус йӕ хъуыды сабырӕй куы зӕгъа, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис?

12 Лӕг уырнӕг уа ӕви ма уа,– ус цыдӕр хъуыддаджы йемӕ разы куы нӕ уа ӕмӕ йын йӕ хъуыды сабырӕй куы зӕгъа, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ лӕджы нӕ нымайы. Чи зоны, ус раст хъуыды кӕны, ӕмӕ йӕм лӕг куы байхъуса, уӕд уый стыр пайда фӕуыдзӕн ӕнӕхъӕн бинонтӕн дӕр. Иухатт Авраамӕн йӕ бинонты ’хсӕн цыдӕр быцӕу куы рауад, уӕд ын йӕ ус Саррӕ загъта, афтӕ ӕмӕ афтӕ бакӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ кӕд уый Авраамы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, уӕддӕр ын Хуыцау загъта: «Байхъус ӕм» (Райдиан 21:9–12). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, лӕг цы уынаффӕ рахӕсса, уый Хуыцауы закъоны ныхмӕ куы нӕ уа, уӕд ын ус йӕ ныхасыл дыууӕ нал зӕгъдзӕн (Хъуыддӕгтӕ 5:29; Ефесӕгтӕм 5:24).

Саррӕ сылгоймӕгтӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

13. а) Титмӕ 2:4, 5 стихтӕ чындзыцыд сылгоймӕгты цӕмӕ разӕнгард кӕнынц? ӕ) Хицӕнтӕй цӕрын ӕмӕ хицӕн кӕныны тыххӕй Библийы цы фыст ис?

13 Сылгоймагӕй бирӕ аразгӕ у, цӕмӕй бинонты ’хсӕн фарн ӕмӕ амонд уа. Зӕгъӕм, Библи чындзыцыд сылгоймӕгты разӕнгард кӕны, цӕмӕй «сӕ лӕгты, стӕй сӕ сывӕллӕтты уарзой, уой ӕмбаргӕ, хӕдӕфсарм, хӕдзары куыстытӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕной, уой хӕларзӕрдӕ, сӕ лӕгты коммӕ кӕсой» (Титмӕ 2:4, 5). Сылгоймаг афтӕ куы кӕна, уӕд ӕй йӕ лӕг ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ бирӕ уарздзысты ӕмӕ йын аргъ дӕр кӕндзысты (Ӕмбисӕндтӕ 31:10, 28). Фӕлӕ лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр ӕнӕххӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу хатт бинонтӕ ахӕм уавӕрмӕ ӕрцӕуынц, ӕмӕ сфӕнд кӕнынц хицӕнтӕй цӕрын кӕнӕ та бынтондӕр ахицӕн вӕййынц. Библимӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ усӕн бӕлвырд уавӕрты ис хицӕнтӕй цӕрыны бар. Фӕлӕ уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы афтӕ фыст ис: «Ус йӕ лӕгӕй ма ацӕуӕд... ӕмӕ лӕг дӕр йӕ усы ма ныууадзӕд» (1 Коринфӕгтӕм 7:10, 11). Библимӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ усӕн хицӕн кӕнӕн ис, сӕ дыууӕйӕ искӕмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн куы уа, ома ӕндӕр искӕимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, ӕрмӕстдӕр уӕд (Матфейы 19:9).

ЙЕСО ФӔЗМИНАГ У НЫЙЙАРДЖЫТӔН

14. Йесо сывӕллӕттимӕ куыд уыд ӕмӕ сывӕллоны ӕппӕты тынгдӕр цы хъӕуы?

14 Йесо ныййарджытӕн фӕзминаг у, сывӕллӕттӕн куыд уыди, уымӕй. Иухатт ӕм адӕм сывӕллӕтты куы нӕ уагътой, уӕд сын загъта: «Ӕрбауадзут мӕм сывӕллӕтты. Ма сӕ хъыгдарут». Уый фӕстӕ Йесо «сывӕллӕтты йӕ хъӕбысы ӕрбакодта, йӕ къухтӕ сыл ӕрӕвӕрдта ӕмӕ сын раарфӕ кодта» (Марчы 10:13–16). Уӕдӕ-иу кӕд Йесо сывӕллӕттӕн рӕстӕг ссардта, уӕд-иу ды дӕр дӕ хъӕбултӕн хъуамӕ рӕстӕг ма ссарай? Сывӕллӕттӕн дыууӕ минуты фаг нӕу. Семӕ бирӕ рӕстӕг хъӕуы ӕрвитын. Рӕстӕг уӕ хъӕуы, цӕмӕй сӕ ахуыр кӕнат ӕмӕ сӕ раст зондыл аразат, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ ныййарджытӕн афтӕ фӕдзӕхсы (Дыккаг закъон 6:4–9).

15. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты хъахъхъӕнын?

15 Ацы дуне бонӕй-бонмӕ кӕны фыддӕрӕй-фыддӕр. Ӕмӕ ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты хъахъхъӕной, тӕссаг сын кӕмӕй у, сывӕллӕттимӕ хӕлд митӕ чи фӕкӕны, ахӕм адӕймӕгтӕй. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты афтӕ тынг уарзта, ӕмӕ сӕм-иу дзырдта, «мӕ хъӕбултӕ», зӕгъгӕ. Ӕмӕ-ма ӕркӕс, куыд сӕ хъахъхъӕдта, уымӕ. Куы йӕ ӕрцахстой ӕмӕ йӕ куы хъуамӕ амардтаиккой, уӕд афтӕ сарӕзта, цӕмӕй уыдоны ауагътаиккой (Иоанны 13:33; 18:7–9). Уӕдӕ ды дӕр дӕ хъӕбулты Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй хъахъхъӕн. Ӕмбарын сын кӕн, тӕссаг сын цӕмӕй у, уый (1 Петры 5:8) *. Сӕ цардӕн дӕр ӕмӕ сӕ уырнындзинадӕн дӕр, стӕй се ’гъдау ӕмӕ се ’фсармӕн дӕр ныры хуызӕн тӕссаг никуыма уыди.

Йесо сывӕллӕттӕн куыд уыд, уымӕй ныййарджытӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

16. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ рӕдыд куыд бамбарын кодта, уымӕй ныййарджытӕн сӕ бон цы у зондӕн райсын?

16 Йесойы куы амардтой, уый размӕ изӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ быцӕу кодтой, уӕлдӕр сӕ чи уыд, ууыл. Йесо сӕм не смӕсты, фӕлӕ та сын фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, кӕрӕдзимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кастаиккой, уый. Ӕмӕ сын стӕй уый хъуыддагӕй дӕр равдыста (Лукайы 22:24–27; Иоанны 13:3–8). Дӕ сывӕллон куы фӕрӕдийа, уӕд куыд у дӕ бон Йесойы бафӕзмын? Сывӕллӕтты бафхӕрын дӕр фӕхъӕуы, фӕлӕ, «куыд хъӕуы, афтӕ», ома сӕ ӕгӕр карзӕй ма ӕфхӕрут. Стӕй афтӕ дӕр нӕ, ӕмӕ сыл дӕ маст ныккалай. Ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ сывӕллоны зӕрдӕйӕн уыдзысты «карды цӕфау» (Йереми 30:11; Ӕмбисӕндтӕ 12:18). Сывӕллонӕн зонд амонын афтӕ хъӕуы, цӕмӕй фӕстӕдӕр йӕ бон фенын уа, уыцы зондамынд ын цы пайда ӕрхаста, уый (Ефесӕгтӕм 6:4; Дзуттӕгтӕм 12:9–11).

ЙЕСО ФӔЗМИНАГ У СЫВӔЛЛӔТТӔН

17. Йесо сывӕллӕттӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

17 Цымӕ сывӕллӕттӕн дӕр истӕмӕй сӕ бон у Йесойы бафӕзмын? Бӕгуыдӕр! Йесо сын фӕзминаг у, ныййарджытӕм хъусын куыд хъӕуы, уымӕй. Йесо йӕхӕдӕг загъта, зӕгъгӕ, ӕз дзурын, мӕ Фыд мӕ куыд сахуыр кодта, афтӕ. Ӕмӕ стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕз алкӕддӕр аразын, уымӕн ӕхсызгон цы у, уый» (Иоанны 8:28, 29). Йесо хъуыста йӕ уӕларвон Фыдмӕ, ӕмӕ Библи сывӕллӕттӕн дӕр фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ ныййарджытӕм хъусой (Ефесӕгтӕм 6:1–3). Кӕд Йесо ӕххӕст сывӕллон уыди, йӕ ныййарджытӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ та – ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ, уӕддӕр сӕм хъуыста. Ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бинонтӕ уыдысты ноджы амондджындӕр! (Лукайы 2:4, 5, 51, 52).

18. а) Йесо йӕ уӕларвон Фыдмӕ алкӕддӕр цӕмӕн хъуыста? ӕ) Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕм куы хъусой, уӕд циндзинад кӕмӕн хӕсдзысты?

18 Сывӕллӕттӕн сӕ бон куыд у Йесойы бафӕзмын ӕмӕ сӕ ныййарджыты зӕрдӕйӕн циндзинад хӕссын? Раст у, кӕстӕртӕн сӕ ныййарджытӕм хъусын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, фӕлӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй сывӕллӕттӕ афтӕ кӕной (Ӕмбисӕндтӕ 1:8; 6:20). Йесо цыфӕнды зын уавӕры дӕр хъуыста йӕ уӕларвон Фыдмӕ. Иухатт ын Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕнын тынг зын уыди, ӕмӕ йӕ Фыдӕн лӕгъстӕ кодта: «Кӕд дӕ фӕндон у, уӕд мын ацы къус [ома, цы йын бахӕс кодта, уый] ма бануазын кӕн». Фӕлӕ йӕ уӕддӕр сӕххӕст кодта, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, куыд хъуамӕ бакодтаид, уый йӕ Фыд хуыздӕр кӕй зыдта (Лукайы 22:42). Сывӕллӕттӕ коммӕгӕс куы уой, уӕд циндзинад хӕсдзысты сӕ ныййарджытӕн дӕр ӕмӕ сӕ уӕларвон Фыдӕн дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 23:22–25) *.

Кӕстӕртӕ, исчи уӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд уӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарат?

19. а) Хӕйрӕг сывӕллӕтты ӕвзӕрдзинадыл куыд ардауы? ӕ) Сывӕллон исты ӕвзӕр ми куы бакӕна, уӕд уый йӕ ныййарджытыл куыд фӕзындзӕн?

19 Хӕйрӕг Йесойы рӕдийын кодта. Ӕмӕ йӕ зонӕм, абон дӕр ууыл кӕй архайы, цӕмӕй кӕстӕрты ӕвзӕрдзинадыл ардауа (Матфейы 4:1–10). Сывӕллӕттӕн тынг зын вӕййы се ’мбӕлтты ныхмӕ фӕлӕууын, ӕмӕ Хӕйрӕг дӕр уымӕй пайда кӕны. Уӕдӕ сывӕллӕттӕ хъуамӕ ма лымӕн кӕной, алы ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыдонимӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Библийы фыст ис Иаковы чызг Динӕйы хабар. Динӕ балымӕн, Йегъовӕйӕн чи нӕ куывта, уыдонимӕ, ӕмӕ йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр фыдбылызы баппӕрста (Райдиан 34:1, 2). Ахъуыды-ма кӕн, бинонтӕй исчи ӕнӕгъдау ми куы сараза, уӕд уый се ’ппӕтӕн дӕр цас маст ӕрхӕсдзӕн! (Ӕмбисӕндтӕ 17:21, 25).

БИНОНТЫ АМОНД ЦӔМӔЙ КӔНГӔ У

20. Цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой, уый тыххӕй дзы алкӕй дӕр цы аразын хъӕуы?

20 Бинонтӕ сӕ цард Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы аразой, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн зындзинӕдтимӕ тох кӕнын. Бинонты амонд уымӕй кӕнгӕ у. Уымӕ гӕсгӕ, лӕгтӕ, уарзут уӕ устыты ӕмӕ, Йесо ӕмбырдӕн куыд у, сымах дӕр сын афтӕ ут. Устытӕ, уӕ сӕрыхицӕутты коммӕ кӕсут, ӕмӕ ут, Ӕмбисӕндты 31:10–31 стихты цы хорз ӕфсины кой цӕуы, уый хуызӕн. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут ӕмӕ сӕ раст зондыл аразут (Ӕмбисӕндтӕ 22:6). Фыдӕлтӕ, алчидӕр уӕ йӕ бинонтӕн «хорз уынаффӕгӕнӕг» уӕд (1 Тимофеймӕ 3:4, 5; 5:8). Кӕстӕртӕ, хъусут уӕ ныййарджытӕм (Колоссӕгтӕм 3:20). Бинонтӕй ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕрӕдийгӕ ничи у. Уӕдӕ ут сӕрныллӕг ӕмӕ кӕрӕдзийӕ хатыр курын зонут.

21. а) Фидӕны нӕм цавӕр диссаджы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы? ӕ) Абон дӕр нӕ бинонтимӕ амондджынӕй цӕй фӕрцы цӕрдзыстӕм?

21 Куыд федтам, афтӕмӕй Библийы бирӕ хорз уынаффӕтӕ ис, бинонты цард куыд аразын хъӕуы, уый фӕдыл. Фӕлӕ ма Библийы ноджыдӕр фыст ис, Хуыцау кӕй скӕндзӕн ног дуне. Уӕд зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр суыдзӕн дзӕнӕт ӕмӕ йыл Йегъовӕйӕн кувӕг адӕм фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрдзысты (Раргомад 21:3, 4). Цӕй диссаджы цард нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Фӕлӕ ныр дӕр, Хуыцау нын йӕ Ныхасы куыд дзуры, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ бинонтимӕ амондджынӕй цӕрдзыстӕм.

^ 15 абз. Сывӕллӕтты бахъахъхъӕнӕн куыд ис, уый фӕдыл хорз уынаффӕтӕ ис чиныджы «Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 18 абз. Сывӕллонӕн йӕ ныййарӕджы ныхасы сӕрты ахизыны бар ӕрмӕстдӕр уӕд ис, ӕмӕ йын Хуыцауы закъон куы халын кӕна (Хъуыддӕгтӕ 5:29).