Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

УӔЛӔМХАСӔН

Хуыцауы ном дзурын цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ цы нысан кӕны

Хуыцауы ном дзурын цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ цы нысан кӕны

ДӔ БИБЛИЙЫ Псалом 83:18 стих куыд тӕлмац у? «Библи – Ног дунейы тӕлмац»-ы у афтӕ: «Цӕмӕй йӕ адӕм зоной, ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды кӕй дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн». Афтӕ тӕлмац ма у ноджыдӕр иуӕй-иу Библиты. Фӕлӕ бирӕ тӕлмацты ацы стихӕй Йегъовӕйы ном айстой ӕмӕ йӕ баивтой титултӕй «Хицау» ӕмӕ «Дунедарӕг». Ӕмӕ уӕдӕ ацы стихӕн йӕ хабар бӕлвырдӕй куыд у? Хуыцауӕн дзы йӕ ном хъуамӕ уа ӕви йӕ титултӕй искӕцы?

Хуыцауы ном дзуттаг дамгъӕтӕй фыст

Псаломы 83:18 стихы дзырд цӕуы Хуыцауӕн йӕ номы тыххӕй. Библийӕн йӕ фылдӕр хай фыст ӕрцыд рагон дзуттаг ӕвзагыл, ӕмӕ уым ацы стихы ис сӕрмагонд ном. Дзуттаг ӕвзагыл уыцы ном у יהוה (ЙХВХ). Иронау та у «Йегъовӕ». Фӕлӕ цымӕ уыцы ном Библийы ӕрмӕстдӕр ацы стихы ӕмбӕлы? Нӕ, Дзуттаг Фыстыты оригиналы ӕмбӕлы 7 000 хатты бӕрц.

Хуыцауы ном зонын ӕмӕ дзурын ӕнӕмӕнг хъӕуы? Ӕркӕсӕм-ма, Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты кувын куыд ахуыр кодта, уымӕ. Уыцы куывд ахӕм ныхӕстӕй райдайы: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном» (Матфейы 6:9). Фӕстӕдӕр Йесо йӕхӕдӕг афтӕ куывта: «Мӕ Фыд, скадджын кӕн дӕ ном». Ӕмӕ уӕд Хуыцау уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта: «Скадджын ӕй кодтон, ӕмӕ йӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн» (Иоанны 12:28). Куыд уынӕм, афтӕмӕй Хуыцауы ном зонын ӕмӕ дзурын тынг ахсджиаг у. Ӕмӕ йӕ уӕд бирӕ тӕлмацгӕнджытӕ Библийӕ цӕмӕн айстой ӕмӕ йӕ титултӕй цӕмӕн баивтой?

Уымӕн сӕйраджыдӕр ис дыууӕ аххосаджы. Фыццаг: бирӕтӕ зӕгъынц, уыцы ном, дам, дзурӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ, дам, ӕй фыццаг куыд дзырдтой, уый ничи зоны. Рагон дзуттаг ӕвзаджы дзырдтӕ фыстой ӕнӕ хъӕлӕсонтӕй. Ӕмӕ абон иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон бӕлвырдӕй зӕгъын нӕу, уӕды заман ЙХВХ куыд дзырдтой, уый. Фӕлӕ цымӕ уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы ном ма дзурӕм? Зӕгъӕм, Йесойы ном куыд дзырдтой, уый дӕр абон бӕлвырдӕй ничи зоны. Кӕнӕ йӕ Йешуа дзырдтаиккой, кӕнӕ та – Йегъошуа. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр адӕм дзурынц, алкӕмӕн дӕр йе ’взаджы куыд ныффидар, афтӕ. Ничи фӕзӕгъы, фыццаг ӕнусы йӕ куыд дзырдтой, уый нӕ зонын ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ дзурдзынӕн, зӕгъгӕ. Стӕй дӕхӕдӕг дӕр ӕндӕр бӕстӕмӕ куы ацӕуай, уӕд ӕй фендзынӕ, дӕ ном дын уым ӕндӕрхуызон кӕй дзурдзысты. Уӕдӕ кӕд, Хуыцауы ном раздӕр куыд дзырдтой, уый нӕ зонӕм, уӕддӕр уый ӕфсон нӕу, ӕмӕ йӕ ма дзурӕм.

Хуыцауы ном Библийӕ кӕй айсынц, уымӕн йӕ дыккаг аххосаг та баст у, дзуттӕгты ’хсӕн рагӕй цы ӕгъдау ныффидар, уыимӕ. Дзуттӕгтӕй бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцауы ном ӕппындӕр дзурӕн нӕй. Уыдон раст не ’мбарынц, Библийы цы фӕдзӕхст фыст ис, уый: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы ном хынджылӕггаг ма кӕн, уымӕн ӕмӕ йын йӕ ном хынджылӕггаг чи кӕна, уый Йегъовӕ ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзӕн» (Рацыд 20:7).

Ацы закъон уый бар нӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй Хуыцауы ном хъӕуа-нӕхъӕуа дзырдтаиккой. Фӕлӕ йӕ цымӕ, кӕм ӕмбӕлы, уым дӕр нӕ уыди дзурӕн? Уый афтӕ нӕу. Дзуттаг Фыстытӕ (кӕнӕ «Рагон Фӕдзӕхст») чи фыста, уыдон се ’ппӕт дӕр уыдысты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ цардысты, израилӕгтӕн цы Закъон уыд лӕвӕрд, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уыдон сӕрибарӕй дзырдтой Хуыцауы ном. Зӕгъӕм, ныффыстой йӕ, Хуыцауӕн кувӕг адӕм хъӕрӕй кӕй зарыдысты, уыцы зарджыты – псаломты. Стӕй Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн йӕхӕдӕг ныффӕдзӕхста, цӕмӕй йӕм йӕ номӕй кувой. Ӕмӕ йыл иузӕрдион чи уыд, уыдон кӕнгӕ дӕр афтӕ кодтой (Иоил 2:32; Хъуыддӕгтӕ 2:21). Абон чырыстӕттӕ дӕр Йесойау Хуыцауы ном дзурын не ’фсӕрмы кӕнынц (Иоанны 17:26).

Библийы тӕлмацгӕнджытӕ Хуыцауы ном ӕндӕр дзырдтӕй кӕй баивынц, уымӕй тынг рӕдийынц. Уыдоны аххосӕй адӕммӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ Хуыцау у дард кӕмдӕр цыдӕр. Афтӕмӕй нӕ Библи та уымӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ» суӕм (Псалом 25:14). Ахъуыды-ма кӕн дӕ хорз ӕмбалыл. Йӕ ном ын куы нӕ базыдтаис, уӕд афтӕ балымӕн уыдаиккат? Уӕдӕ адӕм дӕр Хуыцауы ном куы нӕ зоной, уӕд ӕм никуы баввахс уыдзысты. Стӕй, уыцы диссаджы ном цы нысан кӕны, уый дӕр нӕ базондзысты. Ӕмӕ, уӕвгӕ, цы нысан кӕны?

Хуыцауӕн йӕ ном цы нысан кӕны, уый йӕхӕдӕг бамбарын кодта йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Моисейӕн. Моисей Йегъовӕйы йӕ номӕй куы бафарста, уӕд ын уый загъта: «Ӕз суыдзынӕн, чи мӕ бафӕнда, уый» (Рацыд 3:14). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Йегъовӕ свӕййы, йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕнынӕн ӕй цӕйфӕнды сӕр ма бахъӕуа, уый.

Зӕгъӕм, дӕ бон у, цыдӕриддӕр дӕ бафӕнда, уый фестын ӕмӕ дӕ цыдӕриддӕр бафӕнда, уый саразын. Цы саразис де ’мбӕлттӕн? Исчи сӕ куы фӕрынчын уа, уӕд дохтыр нӕ фестис ӕмӕ йӕ нӕ адзӕбӕх кӕнис? Кӕнӕ ӕхцайӕ тынг куы фӕтыхса, уӕд хъӕздыг адӕймаг нӕ фестис ӕмӕ йын йӕ къух нӕ саразис? Фӕлӕ адӕймагӕн йӕ бон алцы нӕу. Йегъовӕ та свӕййы, йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕнынӕн ӕй цӕйфӕнды сӕр ма бахъӕуа, уый. Ӕмӕ Библи дарддӕр куы ахуыр кӕнай, уӕд уый дӕхӕдӕг уындзынӕ. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон у, чи йӕ уарзы, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдисын ӕмӕ сын баххуыс кӕнын (2 Азфыстыты 16:9). Йегъовӕ ахӕм диссаджы Хуыцау кӕй у, уый никуы бамбардзысты, йӕ ном ын чи нӕ зоны, уыдон.

Уӕдӕ Хуыцауы ном, Йегъовӕ, ӕнӕмӕнгӕй хъуамӕ уа Библийы. Хуыцауы ном цы нысан кӕны, уый куы зонӕм ӕмӕ йӕ сӕрибарӕй куы дзурӕм, уӕд нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм *.

^ 3 абз. Хуыцауы ном цы нысан кӕны ӕмӕ йӕ дзурын цӕмӕн хъӕуы, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис брошюрӕйӕ «Хуыцауы ном уыдзӕн ӕнустӕм». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.