Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

УӔЛӔМХАСӔН

Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уд

Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уд

АФТӔ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ Хуыцау Троицӕ у, уыдон зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, Хуыцауӕн ис ӕртӕ цӕсгомы – Фыд, Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уд. Ӕртӕйӕ дӕр, дам, сын ис ӕмхуызон бартӕ ӕмӕ, дам, сты ӕппӕтхъомысджын. Стӕй, дам, сӕ иуӕн дӕр райдиан нӕй. Ацы ахуырадмӕ гӕсгӕ афтӕ уайы, ӕмӕ Фыд дӕр у Хуыцау, Фырт дӕр у Хуыцау ӕмӕ Сыгъдӕг Уд дӕр у Хуыцау, фӕлӕ уӕддӕр ис ӕрмӕстдӕр иу Хуыцау.

Хуыцауы Троицӕйыл чи нымайы, уыдонӕн арӕх ацы ахуырад сӕ бон бамбарын кӕнын нӕ вӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр фӕзӕгъынц, Библийы, дам, афтӕ фыст ис. Ӕцӕгӕй та зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ дзырд «Троицӕ» Библийы никуы ӕмбӕлы. Фӕлӕ, Хуыцау Троицӕ кӕй у, уыцы хъуыды дӕр дзы нӕй? Ӕркӕсӕм, уый сбӕлвырд кӕнынӕн арӕхдӕр цы стих ӕрхӕссынц, уымӕ.

«ДЗЫРД УЫДИ ХУЫЦАУ»

Иоанны 1:1 стихы фыст ис: «Райдианы уыди Дзырд, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцауимӕ, ӕмӕ Дзырд уыди хуыцау». Апостол Иоанн ацы сӕры фӕстӕдӕр комкоммӕ загъта, «Дзырд» Йесо кӕй у (Иоанны 1:14). Фӕлӕ ацы стихы афтӕ кӕй ис фыст, зӕгъгӕ, «Дзырд уыди хуыцау», уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, Фырт дӕр ӕмӕ, дам, Фыд дӕр сты уыцы иу Хуыцау.

Зӕрдыл дарын хъӕуы уый, ӕмӕ Библийы ацы хай фыст ӕрцыд грекъаг ӕвзагыл. Фӕстӕдӕр ӕй ратӕлмац кодтой ӕндӕр ӕвзӕгтӕм. Фӕлӕ, Библи чи тӕлмац кодта, уыдонӕй бирӕтӕ ацы стихы нӕ ныффыстой, зӕгъгӕ, «Дзырд уыди Хуыцау», ома дзырд «хуыцау» стырӕй фыст нӕу. Цӕуылнӕ? Уыдон хорз зыдтой рагон грекъаг ӕвзаджы фӕзилӕнтӕ ӕмӕ бамбӕрстой, ацы ныхӕстӕ ӕндӕрхуызон кӕй хъуыди ратӕлмац кӕнын. Зӕгъӕм: «Логос [ома Дзырд] уыд хуыцауысконд» (A New Translation of the Bible). «Дзырд уыд хуыцау» (The New Testament in an Improved Version). «Дзырд уыд Хуыцауимӕ, ӕмӕ удыхъӕдӕй уыд йӕ хуызӕн» (The Translator’s New Testament). Ацы тӕлмацтӕй бӕрӕг у, «Дзырд» Хуыцау кӕй нӕу *. Фӕлӕ «хуыцау» уымӕн хуыйны, ӕмӕ, Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй Дзырдӕй уӕлдӕр ничи ис. Ам дзырд «хуыцау» нысан кӕны «стыр хъомыс кӕмӕ ис, уый».

НОДЖЫ ФЫЛДӔР БӔЛВЫРДГӔНӔНТӔ

Абон адӕмӕн сӕ фылдӕр рагон грекъаг ӕвзаг нӕ зонынц. Ӕмӕ уӕд, апостол Иоанны ныхӕстӕ ӕцӕгӕй цы нысан кӕнынц, уый куыд ис базонӕн? Ӕрхӕссӕм цӕвиттон: ахуыргӕнӕг ӕмбарын кӕны ӕрмӕг. Йӕ ныхӕстӕ йын ахуыргӕнинӕгтӕй иутӕ иухуызон бамбӕрстой, иннӕтӕ – ӕндӕрхуызон. Куыд кӕнгӕ сын у? Хорз уаид, ахуыргӕнӕгӕн куы зӕгъиккой, цӕмӕй сын ӕй бӕстондӕр бамбарын кӕна. Фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ сын куы ’рхӕсса, уӕд ӕрмӕг хуыздӕр бамбардзысты. Уӕдӕ цӕмӕй ды дӕр Иоанны 1:1 стихы хъуыды раст бамбарай, уый тыххӕй дӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсын хъӕуы, Йесо чи у, уый тыххӕй Иоанны Евангелийы цы фыст ис, уымӕ. Фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы ссарай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн раст хъуыдымӕ ӕрцӕуын.

Ӕркӕс-ма, Иоанн йӕ Евангелийы 1-аг сӕры 18-ӕм стихы цы фыссы: «Адӕмӕй [Ӕппӕтхъомысджын] Хуыцауы никуы ничи федта». Йесойы та, ома Фырты, адӕм федтой, уымӕн ӕмӕ Иоанн афтӕ дзуры: «Дзырд [ома Йесо] сси зӕххон адӕймаг ӕмӕ цард не ’хсӕн, ӕмӕ йын мах федтам йӕ кад» (Иоанны 1:14). Ӕмӕ уӕд Фырт Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау куыд у? Иоанн ма афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ, «Дзырд уыди Хуыцауимӕ». Фӕлӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ Дзырд Хуыцауимӕ дӕр уа ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг Хуыцау дӕр уа? (Иоанны 1:34). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Иоанны 17:3 стихы Йесо йӕхӕдӕг цы загъта, уымӕ дӕр. Ацы стихӕй бӕрӕг у, Йесо иу чидӕр кӕй у, йӕ уӕларвон Фыд та – ӕндӕр чидӕр. Йесо йӕ Фыды хоны «иунӕг ӕцӕг Хуыцау». Иоанн йӕ Евангелийы кӕрон та ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Адӕттӕ фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй сымах уырна, Йесо кӕй у Чырысти, Хуыцауы Фырт» (Иоанны 20:31). Куыд уынӕм, афтӕмӕй ацы стихы Йесо Хуыцау нӕ хуыйны, фӕлӕ Хуыцауы Фырт. Иоанны Евангелийӕ ацы бӕлвырдгӕнӕнтӕ хорз ӕвдисынц, Иоанны 1:1 стих куыд ӕмбарын хъӕуы, уый. «Дзырд», ома Йесо, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау нӕу, фӕлӕ «хуыцау» уыцы хуызы у, ӕмӕ йӕм ис стыр бартӕ.

ЦЫ БАЗЫДТАЙ, УЫЙ НОДЖЫДӔР СБӔЛВЫРД КӔН

Нӕ цӕвиттоныл та ногӕй ахъуыды кӕнӕм. Зӕгъӕм, ахуыргӕнӕг ахуыргӕнинӕгтӕн ноджы фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхаста, фӕлӕ ма дзы уӕддӕр чидӕртӕ цӕуылдӕр дызӕрдыг кӕнынц. Цы ма ис бакӕнӕн? Ис ма ӕндӕр ахуыргӕнӕджы дӕр бафӕрсӕн. Уыцы ахуыргӕнӕг дӕр сын, сӕхи ахуыргӕнӕг цы загъта, уый куы зӕгъа, уӕд сӕ фылдӕрмӕ дызӕрдыг хъуыдытӕ нал уыдзӕн. Уӕдӕ ды дӕр афтӕ бакӕн. Кӕд, Йесо ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы тыххӕй Иоанн цы ныффыста, уый уӕддӕр кӕронмӕ не ’мбарыс, уӕд «бафӕрс», Библи чи фыста, уыдонӕй ноджыдӕр искӕй. Зӕгъӕм, ӕркӕс, Матфей цы ныффыста, уымӕ. Ацы дунейы кӕроны кой кӕнгӕйӕ, Матфей ӕрхаста Йесойы ныхӕстӕ: «Уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд» (Матфейы 24:36). Ацы ныхӕстӕ куыд ӕвдисынц, Йесо Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау кӕй нӕу, уый?

Йесо йӕхӕдӕг загъта, Фыд цас зоны, Фырт уыйбӕрц кӕй нӕ зоны. Ӕмӕ Йесо дӕр йӕ Фыдау Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау куы уыдаид, уӕд та хъуамӕ уый дӕр йӕ Фыдӕй къаддӕр ма зыдтаид. Уӕдӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Фыртмӕ дӕр, Фыдмӕ цы бартӕ ис, ахӕм бартӕ уа. Фӕлӕ, чи зоны, исчи зӕгъа: «Чырысти Хуыцау дӕр уыд ӕмӕ адӕймаг дӕр. Ӕмӕ ам дзуры адӕймаджы хуызы». Афтӕ дӕр фӕуӕд. Фӕлӕ уӕд сыгъдӕг удӕй та цы зӕгъӕн ис? Кӕд уый дӕр Хуыцауӕн, ома Фыдӕн, йӕ хай у, уӕд Йесо афтӕ цӕуылнӕ загъта, зӕгъгӕ, Фыд цы зоны, уый сыгъдӕг уд дӕр зоны?

Библи дарддӕр куы ахуыр кӕнай, уӕд ноджы фылдӕр базондзынӕ Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уды тыххӕй (Псалом 90:2; Хъуыддӕгтӕ 7:55; Колоссӕгтӕм 1:15).

^ 3 абз. Иоанны 1:1 стих бӕстондӕр ӕвзӕрст цӕуы «Библи – Ног дунейы тӕлмац»-ы Уӕлӕмхасӕны, статьяйы «Йесо - Хуыцауы хуызӕн, Хуыцауӕй». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.