Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

УӔЛӔМХАСӔН

1914 аз ӕмӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ

1914 аз ӕмӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ

БИБЛИИРТАСДЖЫТӔ 1914 азӕй бирӕ раздӕр дзырдтой, уыцы аз ахсджиаг хабӕрттӕ кӕй ӕрцӕудзӕн. Цавӕр хабӕрттӕ уыдысты ӕмӕ, 1914 аз тынг ахсджиаг аз кӕй у, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис?

Лукайы 21:24 стихы кӕсӕм Чырыстийы ныхӕстӕ: «Иерусалим адӕмтӕ сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ адӕмтӕн сӕ рӕстӕг нӕ фӕуа, уӕдмӕ». Иерусалим уыди дзуттӕгты сӕйраг горӕт. Уым бадтысты, паддзах Давиды хӕдзарвӕндагӕй цы паддзӕхтӕ рацыд, уыдон (Псалом 48:1, 2). Фӕлӕ уыцы паддзӕхтӕ иннӕ адӕмты паддзӕхты хуызӕн нӕ уыдысты. Уыдон бадтысты «Йегъовӕйы паддзахбадӕныл», ома зӕххыл уыдысты йӕ минӕвӕрттӕ (1 Азфыстыты 29:23). Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Иерусалимӕй Йегъовӕ йӕхӕдӕг лӕвӕрдта разамынд.

Фӕлӕ Хуыцауы паддзахбадӕн «адӕмтӕ сӕ къӕхты бын ссӕндын» куыд ӕмӕ кӕд райдыдтой? Н. э. размӕ 607 азы, вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы басастой, уӕд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ «Йегъовӕйы паддзахбадӕныл» ничиуал бадт, ома зӕххыл Давиды хӕдзарвӕндагӕй паддзах нал уыд (2 Паддзӕхты 25:1–26). Цымӕ Хуыцауы паддзахбадӕн адӕмтӕ сӕ къӕхты бын хъуамӕ ӕнустӕм ссӕстаиккой? Пехуымпар Йезекил Иерусалимы фӕстаг паддзах Седекийы тыххӕй загъта: «Ралас дӕ сарыхъ, сис дӕ кадыхуд. [...] Уый никӕйуал бауыдзӕн, цалынмӕ, бар кӕмӕн ис, уый не ’рцӕуа, уӕдмӕ. Ӕмӕ йӕ уымӕн ратдзынӕн» (Йезекил 21:26, 27). Фӕлӕ уый «бар кӕмӕн ис», цӕмӕй Давиды кадыхуд йӕ сӕрыл ӕркӕна? Йесо Чырыстийӕн (Лукайы 1:32, 33). Уӕдӕ Чырысти Паддзах куы сси, уӕд хъуамӕ адӕмтӕ Иерусалим сӕ къӕхты бын мауал ссӕстаиккой.

Уыцы ахсджиаг хабар кӕд хъуамӕ ӕрцыдаид? Йесо куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй бартӕ адӕмты къухы хъуамӕ уыдаиккой бӕлвырд рӕстӕг. Уыцы рӕстӕг цас хъуамӕ ахастаид, уый базонӕн ис Данелы чиныджы 4-ӕм сӕрӕй. Уым дзырд цӕуы, Вавилоны паддзах Навуходоносор цы фын федта, уый тыххӕй. Навуходоносор фыны федта тынг стыр бӕлас. Уыцы бӕлас акалдтой, йӕ бындзӕфхадыл та йын ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕрхуы тӕлытӕ бакодтой, ӕмӕ тау нал уагъта. Зӕд уыцы бӕласы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ йыл «авд рӕстӕджы рацӕуӕд» (Данел 4:10–16).

Библийы иуӕй-иу рӕтты бӕлӕстӕ ӕвдисынц кӕйдӕр хицаудзинад (Йезекил 17:22–24; 31:2–5). Уӕдӕ уыцы бӕлас кӕй акалдтой, уый ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ Иерусалимы, Хуыцауы номӕй разамынд чи лӕвӕрдта, ахӕм паддзӕхтӕ кӕй нал уыдзӕн. Фӕлӕ ма, Навуходоносор цы фын федта, уымӕй базонӕн уыди, Иерусалим адӕмтӕ сӕ къӕхты бын ӕнустӕм кӕй не ссӕнддзысты, фӕлӕ «авд рӕстӕджы». Цас у уый?

Раргомады 12:6, 14 стихты куыд фыст ис, афтӕмӕй ӕртӕ рӕстӕджы ӕмӕ ӕрдӕг сты «иу мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны». Ӕмӕ уӕд «авд рӕстӕджы» та хъуамӕ уой уымӕй дыууӕ хатты фылдӕр, ома 2 520 боны. Фӕлӕ Иерусалим куы ныппырх, уымӕй 2 520 боны куы рацыд, уӕд ницы фӕивта. Адӕмтӕ дарддӕр дӕр Хуыцауы паддзахбадӕн «сӕ къӕхты бын ссӕстой». Уӕдӕ ацы пехуымпарады фылдӕр рӕстӕджы кой цӕуы. Нымӕцты 14:34 стихы ӕмӕ Йезекилы 4:6 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, «иу бонӕн аз», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ «авд рӕстӕджы» сты 2 520 азы.

2 520 азы райдыдтой н. э. размӕ 607 азы октябры. Уӕд вавилойнӕгтӕ Иерусалим басастой, ӕмӕ Давиды хӕдзарвӕндагӕй цы паддзах уыди, уый йӕ паддзахбадӕнӕй ӕппӕрст ӕрцыд. Уыцы 2 520 азы фесты 1914 азы октябры. Уыцы мӕй «адӕмтӕн сӕ рӕстӕг» фӕци, ӕмӕ Йесо Чырысти Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Паддзах сси * (Псалом 2:1–6; Данел 7:13, 14).

Чырысти куыддӕриддӕр загъта, афтӕ, куы «ӕрцыд», ома уӕларвон Паддзах куы сси, уӕдӕй фӕстӕмӕ зӕххыл цӕуы алыхуызон фыдбылызтӕ: хӕстытӕ, ӕххормагдзинад, зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ хӕцгӕ низтӕ (Матфейы 24:3–8; Лукайы 21:11). Ацы хабӕрттӕ хорз ӕвдисынц, 1914 азы уӕлӕрвты Хуыцауы Паддзахад фидаргонд кӕй ӕрцыд ӕмӕ ацы фыддунейӕн йӕ «фӕстаг бонтӕ» кӕй райдыдтой (2 Тимофеймӕ 3:1–5).

^ 4 абз. Н. э. размӕ 607 азы октябрӕй н. э. размӕ 1 азы октябрмӕ ис 606 азы. Н. э. размӕ 1 азы октябрӕй н. э. 1914 азы октябрмӕ та ис 1 914 азы. Ӕмӕ ныр 606 азмӕ 1 914 азы куы бафтауӕм, уӕд рауайдзӕн 2 520 азы.