Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 СӔР

Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

«Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты» (1 ИОАННЫ 5:3).

1, 2. Йегъовӕйы цӕй тыххӕй уарзыс?

ХУЫЦАУЫ уарзыс? Кӕд дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтай, уӕд фидарӕй зӕгъдзынӕ, о, зӕгъгӕ. Йегъовӕ нӕ йӕхӕдӕг дӕр бирӕ уарзы, ӕмӕ йӕ мах дӕр куыннӕ хъуамӕ уарзӕм. Библийы уый тыххӕй афтӕ фыст ис: «Мах... уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фыццаг Хуыцау бауарзта» (1 Иоанны 4:19).

2 Фыццаг Йегъовӕ равдыста, кӕй нӕ уарзы, уый. Хуыцау нын скодта диссаджы рӕсугъд цӕрӕнбынат – зӕхх. Стӕй нӕ цӕрынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый нын дӕтты (Матфейы 5:45). Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй цух нӕ уадзы ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм. Йегъовӕ нын радта йӕ Ныхас – Библи. Уымӕй уӕлдай ма нын дзуры, цӕмӕй йӕм кувӕм, ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, нӕ куывдтытӕ нын кӕй хъусдзӕн ӕмӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Псалом 65:2; Лукайы 11:13). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ йӕ уарзон Фырты зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй йӕхи нывондӕн ӕрхастаид ӕмӕ уый фӕрцы адӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзтаиккой. Йегъовӕ нӕ ӕцӕгдӕр тынг уарзы! (Бакӕс Иоанны 3:16; Ромӕгтӕм 5:8.)

3. а) Цӕмӕй нӕхи Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын? б) Цавӕр ахсджиаг фарстайыл хъӕуы ахъуыды кӕнын ӕмӕ йын дзуапп кӕм ис ссарӕн?

3 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ уарзтӕй ӕнустӕм хайджын уӕм. Фӕлӕ афтӕ уыдзӕн ӕви нӕ, уый нӕхицӕй кӕнгӕ у. Хуыцауы Ныхас нӕ фӕдзӕхсы: «Ӕнусон цардмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, Хуыцауы уарзтӕй уӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнут» (Иудӕйы 21). Ацы ныхӕстӕ, «уӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнут», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕуӕм, уый тыххӕй нӕхи дӕр цыдӕр аразын хъӕуы. Хуыцауы уарзондзинадӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый хъуамӕ ӕвдисӕм бӕлвырд хъуыддӕгтӕй. Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы иу ахсджиаг фарстайыл ахъуыды кӕнын: «Хуыцауы кӕй уарзын, уый мӕ бон куыд у равдисын?» Дзуапп ын ссарӕн ис апостол Иоанны ныхӕсты: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ та зынӕххӕстгӕнӕн не сты» (1 Иоанны 5:3). Цӕй ӕмӕ ацы стихыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, Хуыцауы куыд тынг уарзӕм, уый хъуыддагӕй ӕвдисынӕн.

ХУЫЦАУЫ КӔЙ УАРЗӔМ, УЫЙ ЦӔМӔЙ УЫДЗӔН БӔРӔГ?

4, 5. Радзур, Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый фыццаг хатт куыд бамбӕрстай.

4 Ацы ныхӕстӕй, «Хуыцауы... уарзӕм», зӕгъгӕ, апостол Иоанны цы зӕгъын фӕндыд? Иоанн дзырдта, алчидӕр нӕ Хуыцауы куыд тынг уарзы, уый тыххӕй. Хъуыды ма йӕ кӕныс, Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый фыццаг хатт куыд бамбӕрстай?

Адӕймаг йӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕны ӕмӕ донаргъуыд куы райсы, уӕд ын ӕппӕты сӕйрагдӕр свӕййы Йегъовӕйы коммӕ кӕсын

5 Ӕрхъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй куы фехъуыстай ӕмӕ йыл куы баууӕндыдтӕ, уыцы рӕстӕг. Ды базыдтай, Адамы тыххӕй тӕригъӕдджынӕй кӕй райгуырдтӕ ӕмӕ Хуыцауӕй дард кӕй уыдтӕ. Фӕлӕ дын Йегъовӕ Чырыстийы фӕрцы уый фадат радта, цӕмӕй схайджын уай, Адам ӕнӕхай цӕмӕй фӕци, уымӕй, ома ӕххӕст суай ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай (Матфейы 20:28; Ромӕгтӕм 5:12, 18). Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ ӕмбарын райдыдтай, Йегъовӕ цы стыр нывонд ӕрхаста, уый – ӕппӕты зынаргъдӕр ын чи у, уыцы Фырты зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй йӕ цард дӕу тыххӕй радтаид. Ды ӕппӕт уыдӕттӕ дӕ зӕрдӕмӕ арф айстай, ӕмӕ дӕ ахӕм стыр уарзтӕй чи уарзы, уыцы Хуыцауы бауарзтай. (Бакӕс 1 Иоанны 4:9, 10.)

6. а) Ӕцӕг уарзондзинад цӕмӕй вӕййы бӕрӕг? б) Хуыцауы кӕй бауарзтай, уымӕ гӕсгӕ дӕ цы саразын бафӕндыд?

6 Фӕлӕ уарзондзинад ӕрмӕст зӕрдӕйы ӕнкъарӕн нӕу, стӕй ӕрмӕст ныхӕстӕй дӕр нӕ вӕййы бӕрӕг. Хуыцауы уарзын уый нӕу, ӕмӕ ӕрмӕст дзурай, «ӕз Йегъовӕйы уарзын», зӕгъгӕ. Уырнындзинад хъуыддӕгтӕй куыд вӕййы бӕрӕг, афтӕ уарзондзинад дӕр (Иаковы 2:26). Зӕгъӕм, искӕй куы фӕуарзӕм, уӕд фӕаразӕм, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый. Афтӕ ды дӕр дӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы бауарзтай, уӕд дӕ йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын бафӕндыд. Кӕд донаргъуыд райстай, уӕд сарӕзтай дӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр къахдзӕф. Ӕмӕ дӕ уый саразын бафӕндыд, Йегъовӕйы тынг кӕй бауарзтай ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй дӕ, уый тыххӕй. Ды дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодтай, ома йын дзырд радтай, дӕ фӕндон дын ӕххӕст кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ стӕй уый номыл донаргъуыд райстай. (Бакӕс Ромӕгтӕм 14:7, 8.) Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, уый ӕххӕст кӕнынмӕ ма хауы, апостол Иоанн дарддӕр цӕй кой кодта, уый дӕр.

ЙӔ ФӔДЗӔХСТЫТӔ ЙЫН ӔХХӔСТ КӔНӔМ

7. Хуыцауы фӕдзӕхстытӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты ӕмӕ уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынмӕ цы хауы?

7 Иоанн бамбарын кодта, Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн: «Йӕ фӕдзӕхстытӕ... [йын] ӕххӕст кӕнӕм». Уыцы фӕдзӕхстытӕм цы хауы? Йегъовӕ нӕ йӕ Ныхасы, Библийы, комкоммӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕй фӕдзӕхсы, зӕгъӕм, цӕмӕй фыднозт ма кӕнӕм, хӕтындзинадӕй нӕхи хизӕм, мӕнгхуыцӕуттӕн ма кувӕм, ма давӕм ӕмӕ ма сайӕм (1 Коринфӕгтӕм 5:11; 6:18; 10:14; Ефесӕгтӕм 4:28; Колоссӕгтӕм 3:9). Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынмӕ хауы, Библийы уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын дӕр.

8, 9. Цавӕрдӕр уавӕры фӕдыл Библийы бӕлвырд закъон куы нӕ уа, уӕд куыд ис базонӕн, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы фӕцӕудзӕн, уый? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

8 Фӕлӕ цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм, уый тыххӕй йын хъуамӕ ӕрмӕст йӕ закъӕттӕ ма ӕххӕст кӕнӕм, фӕлӕ ма зонӕм, куыд хъуыды кӕны, уый дӕр. Йегъовӕ нын нӕ къӕхтӕ ӕмӕ нӕ къухтӕ нӕ бӕтты, ома нын царды алы хъуыддаджы фӕдыл закъӕттӕ нӕ дӕтты. Алы бон дӕр ис бахауӕн, Библийы бӕлвырд фӕдзӕхстытӕ кӕй фӕдыл нӕй, бирӕ ахӕм уавӕрты. Цымӕ уӕд куыд уыдзӕн базонӕн, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы фӕцӕудзӕн, уый? Библи нын ӕмбарын кӕны, Хуыцау алцӕмӕ дӕр цы цӕстӕй кӕсы. Библи ахуыр кӕнгӕйӕ мах базонӕм, Йегъовӕ цы уарзы ӕмӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уый. (Бакӕс Псалом 97:10; Ӕмбисӕндтӕ 6:16–19.) Уый фӕрцы бамбарӕм, йӕ зӕрдӕмӕ цавӕр зондахаст ӕмӕ цавӕр хъуыддӕгтӕ цӕуынц. Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у ӕмӕ куыд архайы, уый цас хуыздӕр зонӕм, уыйас нын хуыздӕр уайдзӕн зондджын уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ, йӕ цӕсты раст цы у, уый аразын. Афтӕмӕй, цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл Библийы бӕлвырд закъон куы нӕ уа, уӕд дӕр нын зын бамбарӕн нӕ уыдзӕн, «Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый» (Ефесӕгтӕм 5:17).

9 Зӕгъӕм, Библи комкоммӕ нӕ дзуры, ӕгъатыр ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кӕм ӕвдисынц, ахӕм кинотӕ ӕмӕ телепередачӕтӕм ма кӕсут, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нӕ цымӕ уый тыххӕй бӕлвырд закъон уӕвгӕ хъӕуы? Мах зонӕм, Йегъовӕ ахӕм хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы. Йӕ Ныхасы фыст ис: «Фыддзинад чи уарзы, уымӕй... [Йегъовӕ] йе сӕфт уыны» (Псалом 11:5). Стӕй ма дзы афтӕ дӕр ис фыст: «Хӕтгӕ чи кӕны... уыдонӕн Хуыцау кӕндзӕн тӕрхон» (Дзуттӕгтӕм 13:4). Ацы ныхӕстыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд бамбардзыстӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый. Уымӕ гӕсгӕ мах нӕ кӕсӕм, Хуыцау йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм митӕ кӕм февдисынц, уыцы передачӕтӕм. Хӕлд ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ ацы дуне афтӕ ӕвдисы, цыма, ӕвзӕрӕй кӕм ницы ис, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ сты. Фӕлӕ мах зонӕм, нӕхи сӕ куы хизӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕндзыстӕм *.

10, 11. Йегъовӕйы коммӕ цӕмӕн кӕсӕм ӕмӕ йӕ коммӕ куыд кӕсӕм, уый тыххӕй цы зӕгъӕн ис?

10 Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ сӕйраджыдӕр цӕмӕн ӕххӕст кӕнӕм? Цӕмӕн нӕ фӕнды алы бон дӕр, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразын? Хуыцау нӕ кӕй бафхӕрдзӕн, уымӕй кӕй тӕрсӕм кӕнӕ йын йӕ закъӕттӕ чи ницӕмӕ дары, уыдон цы бӕллӕхты бахауынц, уыдонӕй нӕ нӕхи бахизын кӕй фӕнды, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ (Галатӕгтӕм 6:7). Йегъовӕйы коммӕ фыццаджыдӕр уымӕн кӕсӕм, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ бон у равдисын, кӕй йӕ уарзӕм, уый. Сывӕллоны йӕ фыды зӕрдӕ барухс кӕнын куыд фӕфӕнды, афтӕ мах дӕр фӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын (Псалом 5:12). Йегъовӕ у нӕ Фыд, ӕмӕ йӕ тынг уарзӕм. Ӕмӕ нын уымӕй ӕхсызгондӕр ницы вӕййы, куы фӕзонӕм, цы аразӕм, уымӕй райгонд кӕй у ӕмӕ йын йӕ хорзӕх кӕй ссардтам (Ӕмбисӕндтӕ 12:2).

11 Хуыцауы коммӕ кӕй кӕсӕм, уый у нӕхи фӕнд, тыххӕй нӕ йӕ коммӕ ничи кӕсын кӕны. Стӕй йӕм ӕрмӕст цавӕрдӕр уавӕрты кӕнӕ, нӕхи куы фӕфӕнды науӕд нын ӕнцон куы вӕййы, ӕрмӕст уӕд нӕ фӕхъусӕм *. Мах стӕм «зӕрдӕйӕ коммӕгӕс» (Ромӕгтӕм 6:17). Ӕмӕ разы стӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстимӕ: «Ӕз дын уарздзынӕн дӕ фӕдзӕхстытӕ, тынг зынаргъ мын сты» (Псалом 119:47). Ӕцӕгдӕр, махӕн ӕхсызгон у Йегъовӕйы коммӕ кӕсын. Хуыцау уый аккаг у – стӕй нӕ хӕс дӕр у – цӕмӕй йӕм алкӕддӕр ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр хъусӕм (Дыккаг закъон 12:32). Фӕнды нӕ, цӕмӕй Йегъовӕ махӕй дӕр зӕгъа, бирӕ азты дӕргъы йӕ коммӕ чи каст, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Нойӕ куыд загъта, афтӕ: «Ной алцыдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодта» (Райдиан 6:22).

12. Нӕ коммӕгӕсдзинадӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕд рухс кӕндзыстӕм?

12 Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, йӕ коммӕ зӕрдиагӕй кӕй фӕкӕсӕм, уымӕ? Библийы фыст ис, уӕд нӕ йӕ зӕрдӕ кӕй фӕрухс кӕны (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Цымӕ Дунедарӕг Стыр Хуыцауӕн ӕцӕгдӕр у ӕхсызгон, йӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уый? Бӕгуыдӕр! Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ, кӕм куыд бакӕнӕм, уый нӕхӕдӕг ӕвзарӕм. Уымӕ гӕсгӕ, йӕ коммӕ кӕсдзыстӕм ӕви нӕ, уый нӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕнӕм (Дыккаг закъон 30:15, 16, 19, 20). Уӕдӕ нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы коммӕ зӕрдиагӕй куы кӕсӕм ӕмӕ нӕ уымӕ уарзондзинад куы разӕнгард кӕна, уӕд ын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (Ӕмбисӕндтӕ 11:20). Уымӕй уӕлдай ма уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ равзӕрстам царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг.

«ЙӔ ФӔДЗӔХСТЫТӔ... ЗЫНӔХХӔСТГӔНӔН НЕ СТЫ»

13, 14. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауы «фӕдзӕхстытӕ... зынӕххӕстгӕнӕн не сты» ӕмӕ уымӕн цавӕр цӕвиттон ис ӕрхӕссӕн?

13 Йегъовӕйы фӕдзӕхстыты тыххӕй апостол Иоанн загъта, адӕймаджы ныфс чи уадзы, ахӕм ныхӕстӕ: «Йӕ фӕдзӕхстытӕ... зынӕххӕстгӕнӕн не сты». 1 Иоанны 5:3 стихы дзырд «зынӕххӕстгӕнӕн»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый комкоммӕ нысан кӕны «уӕззау» *. Библийы ӕндӕр тӕлмацы ацы ныхӕстӕ афтӕ ратӕлмац кодтой: «Йӕ фӕдзӕхстытӕ уӕззау не сты» («Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994 аз). Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ уӕззау уаргъ схонӕн нӕй. Йӕ закъӕттӕ ахӕмтӕ не сты, цӕмӕй сӕ ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон ӕххӕст кӕнын ма уа.

14 Зӕгъӕм, дӕ хорз ӕмбал цӕрынмӕ ӕндӕр ранмӕ лидзы, ӕмӕ дын загъта, цӕмӕй йӕм фӕкӕсай. Бирӕ къоппытӕ йын ис хӕссинаг. Иутӕ дзы сты рог, ӕмӕ сӕ иунӕгӕй дӕр ис ахӕссӕн, иннӕтӕ та уӕззау сты, ӕмӕ сӕ хъӕуы дыууӕйӕ хӕссын. Де ’мбал ӕвзары, кӕцытӕ ахӕссай, уыдон. Цымӕ, кӕй не сфӕраздзынӕ, ахӕм уӕззау къоппытӕ дын хӕссын кӕндзӕн? Нӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй уӕззӕуттӕ иунӕгӕй хӕссай, ӕмӕ дӕ исты фӕрисса. Нӕ уарзӕгой ӕмӕ нын нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау дӕр зынӕххӕстгӕнӕн фӕдзӕхстытӕ нӕ радта (Дыккаг закъон 30:11–14). Уый ныл ахӕм уӕззау уаргъ никуы сӕвӕрдзӕн. Йегъовӕ «хорз зоны, цӕмӕй конд стӕм, уый, сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу» (Псалом 103:14).

15. Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ нын Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ стыр пайда хӕссынц?

15 Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ зынӕххӕстгӕнӕн кӕй не сты, уый иу хъуыддаг у. Фӕлӕ ма нын уымӕй уӕлдай стыр пайда дӕр хӕссынц. (Бакӕс Исайы 48:17.) Моисей рагон Израилы адӕмӕн загъта: «Йегъовӕ [нын] бафӕдзӕхста ӕппӕт ацы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын, цӕмӕй нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсӕм ӕмӕ нын алкӕддӕр уа хорз ӕмӕ удӕгас уӕм, абон куыддӕриддӕр у, афтӕ» (Дыккаг закъон 6:24). Мах дӕр фидарӕй зонӕм: Йегъовӕ нын йӕ закъӕттӕ уый тыххӕй радта, ӕмӕ нын йӕ зӕрдӕ хорздзинад зӕгъы – фӕнды йӕ, цӕмӕй нын ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр хорз уа. Ӕмӕ ма ӕндӕр куыд хъуамӕ уа! Йегъовӕ у ӕгӕрон зонды хицау (Ромӕгтӕм 11:33). Уымӕ гӕсгӕ зоны, ӕппӕты хуыздӕр нын цы у, уый. Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕйы сӕйраг миниуӕг у уарзондзинад (1 Иоанны 4:8). Цыдӕриддӕр дзуры ӕмӕ аразы, уый дзуры ӕмӕ аразы, кӕй нӕ уарзы, уый тыххӕй. Йӕ лӕггадгӕнджытӕн цы закъӕттӕ радта, уыдон дӕр иууылдӕр йӕ уарзондзинадыл дзурӕг сты.

16. Кӕд нӕ ацы хӕлд дуне ӕмӕ нӕ тӕригъӕдджын буар рӕдийын кӕнынц, уӕддӕр нӕ бон цӕй фӕрцы у Хуыцауы коммӕ кӕсын?

16 Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцауы коммӕ кӕсын ӕнцон у. Мах хъӕуы ӕдзух тох кӕнын, цӕмӕй нӕ, «Фыдбылызы къухы» чи ис, уыцы хӕлд дуне ма фӕрӕдийын кӕна (1 Иоанны 5:19). Стӕй ма хъуамӕ тох кӕнӕм нӕ тӕригъӕдджын буаримӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ нын Хуыцауы закъӕттӕ халын кӕны (Ромӕгтӕм 7:21–25). Фӕлӕ Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый фӕрцы нӕ бон у, ӕмӕ уыцы тохы фӕуӕлахиз уӕм. Йегъовӕ арфӕ кӕны, чи йӕ уарзы ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн. «Хицауыл ӕй чи нымайы ӕмӕ йӕм чи хъусы, уыдонӕн» дӕтты йӕ сыгъдӕг тых (Хъуыддӕгтӕ 5:32). Ӕмӕ нӕм уыцы тыхы фӕрцы фӕзыны, Йегъовӕйы коммӕ кӕсын нын ӕнцондӕр кӕй фӕрцы у, ахӕм хъӕугӕ миниуджытӕ (Галатӕгтӕм 5:22, 23).

17, 18. а) Ацы чиныджы дзырд цӕуыл цӕуы ӕмӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтыл ныхас кӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм? б) Иннӕ сӕры дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

17 Ацы чиныджы дзырд цӕуы, Йегъовӕ нын уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдоныл ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, ууыл. Уӕдӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтыл ныхас кӕнгӕйӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм цалдӕр ахсджиаг хъуыддаджы. Йегъовӕ йӕ закъӕттӕм ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ тыххӕй никӕй цӕрын кӕны. Уый фӕнды, цӕмӕй йын зӕрдӕйӕ коммӕгӕс уӕм. Фӕнды ма йӕ, цӕмӕй афтӕ цӕрӕм, ӕмӕ абон дӕр хайджын уӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй, фидӕны та – ӕнусон цардӕй. Стӕй ма нӕ зӕрдыл дарӕм: Йегъовӕйы коммӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы кӕсӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, тынг ӕй кӕй уарзӕм, уый.

18 Раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарынӕн нын Йегъовӕ радта ӕфсарм, кӕнӕ цӕсгом. Фӕлӕ нын цӕмӕй не ’фсарм, раст цы у, уый амона, уый тыххӕй йӕ хъӕуы Библимӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнын. Ацы фарстайыл дзырд цӕудзӕн иннӕ сӕры.

^ 11 абз. Ӕвӕндонӕй коммӕ фӕкӕсынц суанг дӕлимонтӕ дӕр. Йесойӕн дӕлимонтыл йӕ бар цыди, ӕмӕ-иу сын куы загъта, цӕмӕй адӕймаджы ныууадзой, уӕд-иу йӕ коммӕ бакастысты, кӕд-иу сӕ нӕ фӕндыд, уӕддӕр (Марчы 1:27; 5:7–13).

^ 13 абз. Ацы дзырд ма ӕмбӕлы Матфейы 23:4 стихы, Йесо «стыр уӕргъты» кой кӕм кодта, уым. Ӕндӕр тӕлмацы та у «уӕззау, зынхӕссӕн уӕргътӕ» («Ног Фӕдзӕхст», 2004 аз). Уыцы уӕргътӕ уыдысты, фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ хуымӕтӕг адӕмӕн кӕй ӕххӕст кӕнын кодтой, уыцы бирӕ ӕрымысгӕ закъӕттӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ.