Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

8 СӔР

Хуыцау уарзы сыгъдӕг адӕмы

Хуыцау уарзы сыгъдӕг адӕмы

«Сыгъдӕг адӕймаг фендзӕн, сыгъдӕг кӕй дӕ, уый» (ПСАЛОМ 18:26).

1–3. а) Мады цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй йӕ сывӕллон сыгъдӕг уа? б) Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ сыгъдӕг уой, ӕмӕ мах дӕр уый цӕмӕн фӕнды?

МАД йӕ гыццыл лӕппуимӕ хъуамӕ тезгъо кӕнынмӕ ацӕуа ӕмӕ йӕ рӕвдзытӕ кӕны. Хъуамӕ фена, йӕхи ныхсадта ӕмӕ йӕ дзаумӕттӕ сыгъдӕг сты ӕви нӕ. Зоны йӕ, сыгъдӕгдзинад ӕнӕниздзинадӕн стыр ахъаз кӕй у. Стӕй ма ӕмбары: сывӕллонӕн йе ’ддаг бакаст йӕ ныййарджыты кӕнӕ кадджын кӕндзӕн, кӕнӕ ӕгад.

2 Нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ уой сыгъдӕг. Йӕ Ныхасы фыст ис: «Сыгъдӕг адӕймаг фендзӕн, сыгъдӕг кӕй дӕ, уый» (Псалом 18:26) *. Йегъовӕ нӕ бирӕ уарзы ӕмӕ зоны, сыгъдӕгдзинад нӕхи пайдайӕн кӕй у. Стӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй йын йе ’вдисӕнтӕ хорз ном кӕной. Ӕцӕгӕйдӕр, не ’ддаг бакаст аив куы уа ӕмӕ нӕхи, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы дарӕм, уӕд Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ сыгъдӕг ном кадджын кӕндзыстӕм, худинаг нӕ, фӕлӕ (Йезекил 36:22; бакӕс 1 Петры 2:12).

3 Хуыцау сыгъдӕг адӕмы кӕй уарзы, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уӕм сыгъдӕг. Кӕй йӕ уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, куыд цӕрӕм, уымӕй йӕ кадджын кӕнӕм. Стӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ уарзтӕй алкӕддӕр хайджын уӕм. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, сыгъдӕгдзинадмӕ цы хауы, цӕмӕн хъуамӕ уӕм сыгъдӕг ӕмӕ уый тыххӕй цы хъӕуы аразын. Ацы фарстатыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд бамбардзыстӕм, фӕхуыздӕр кӕнын нӕ цы хъӕуы, уый.

СЫГЪДӔГ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ УӔМ?

4, 5. а) Сыгъдӕг сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ уӕм? б) Йегъовӕ сыгъдӕгдзинад кӕй уарзы, уый, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй куыд зыны?

4 Сыгъдӕгдзинады хъуыддаджы нын Йегъовӕ йӕхӕдӕг у фӕзминаг. Йӕ Ныхас нын дзуры: «Хуыцауы фӕзмут» (Ефесӕгтӕм 5:1). Ацы ныхӕстӕ нын ӕмбарын кӕнынц, сӕйраджыдӕр сыгъдӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм: нӕ Хуыцау Йегъовӕ алы хъуыддаджы дӕр у сыгъдӕг. (Бакӕс Левит 11:44, 45.)

5 Йегъовӕйӕн йӕ сыгъдӕгдзинад дӕр йӕ иннӕ миниуджытау бӕрӕг у, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй (Ромӕгтӕм 1:20). Зӕгъӕм, зӕхх афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй йыл адӕм цардаиккой ӕмӕ алкӕддӕр сыгъдӕг уыдаид. Йегъовӕ ӕрдз афтӕ скодта, цӕмӕй-иу уӕлдӕф ӕмӕ дон сӕхӕдӕг асыгъдӕг уой. Иуӕй-иу бактеритӕ хӕрынц алыхуызон чъизитӕ ӕмӕ афтӕмӕй ӕрдз сыгъдӕг кӕнынц. Ахуыргӕндтӕ фӕпайда кӕнынц уыцы ӕнӕфсис микробтӕй, цӕмӕй сыгъдӕг кӕной, адӕймаджы кӕрӕфдзинады аххосӕй зӕхх цӕмӕй счъизи вӕййы, уыдӕттӕ. Зӕгъӕм, спайда сӕ кӕнынц, денджызы нефт куы акӕлы, уӕд. Бӕрӕг у, зӕхх чи сфӕлдыста, уый сыгъдӕгдзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы (Йереми 10:12). Уӕдӕ йӕм мах дӕр хъуамӕ уый цӕстӕй кӕсӕм.

6, 7. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сыгъдӕг кӕй хъуамӕ уыдаиккой, уый Моисейы закъонӕй куыд зыны?

6 Уымӕй уӕлдай ма сыгъдӕг уый тыххӕй хъуамӕ уӕм, ӕмӕ уый йӕ лӕггадгӕнджытӕй домы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ. Израилӕгтӕн цы Закъон радта, уымӕй бӕрӕг у, сыгъдӕгдзинад сӕ лӕггадимӕ ӕнгом баст кӕй уыд. Сыгъдӕггӕнӕн боны-иу хистӕр сауджын хъуамӕ йӕхи иу хатт нӕ, фӕлӕ дыууӕ хатты ныннадтаид (Левит 16:4, 23, 24). Сауджынтӕ дӕр-иу Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссыны размӕ хъуамӕ сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ныхсадтаиккой (Рацыд 30:17–21; 2 Азфыстыты 4:6). Закъонмӕ гӕсгӕ-иу адӕймаг чъизийыл нымад ӕрцыд иу-70 хъуыддаджы тыххӕй. Цалынмӕ израилаг чъизийыл нымад уыди, уӕдмӕ йӕ бон нӕ уыд динимӕ баст хъуыддӕгты архайын. Уыцы закъоны сӕрты куы ахызтаид, уӕд гӕнӕн уыд, ӕмӕ йын мӕлӕты тӕрхон дӕр рахастаиккой (Левит 15:31). Адӕймаг сыгъдӕг кӕныны ӕгъдау куы ницӕмӕ ӕрдардтаид – уымӕ хауд, йӕхи-иу кӕй хъуамӕ ныннадтаид ӕмӕ-иу йӕ уӕлӕдарӕс кӕй хъуамӕ ныхсадтаид, уый дӕр,– уӕд ӕй хъуыди ӕмбырды ’хсӕнӕй фесафын, ома йӕ хъуыди амарын (Нымӕцтӕ 19:17–20).

7 Кӕд мах Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы, уӕддӕр уый фӕрцы нӕ бон у бамбарын, Хуыцау цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый. Закъонӕй бӕрӕг уыд, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сыгъдӕг кӕй хъуамӕ уыдаиккой. Ӕмӕ Йегъовӕ уӕдӕй нырмӕ нӕ аивта (Малахи 3:6). Нӕ лӕггад «сыгъдӕг, ӕнӕфау» куы нӕ уа, уӕд дзы райгонд нӕ уыдзӕн (Иаковы 1:27). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ зонӕм, уыцы хъуыддаджы нӕ цы домы, уый.

ХУЫЦАУЫ ЦӔСТЫ СЫГЪДӔГ УӔМ, УЫЙ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ?

8. Цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ уӕм сыгъдӕг?

8 Адӕймаг хъуамӕ Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уа алы хъуыддаджы дӕр. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй сӕйраджыдӕр сыгъдӕг уой нӕ дин, нӕ хъуыдытӕ, уӕм хӕрзӕгъдау, стӕй ӕнӕуи дӕр уӕм сыгъдӕг. Цӕй уӕдӕ ацы хъуыддӕгтӕй алкӕцыйыл дӕр хицӕнӕй аныхас кӕнӕм.

9, 10. Сыгъдӕг дин цы у ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕхи цӕмӕй хизынц?

9 Сыгъдӕг дин. Цыбыртӕй куы зӕгъӕм, уӕд сыгъдӕг дин у, мӕнг динтӕй ӕппындӕр кӕмӕ ницы хӕццӕ кӕны, уыцы дин. Израилӕгтӕ Вавилонӕй Иерусалиммӕ куы здӕхтысты, уӕд хъуамӕ байхъуыстаиккой Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ: «Рацӕут уырдыгӕй! Чъизи цы у, ахӕмӕй мацӕмӕ бавналут... уӕхи ма фӕчъизи кӕнут» (Исай 52:11). Израилӕгтӕ сӕ бӕстӕмӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй ӕрыздӕхтысты, цӕмӕй раст дин йӕ къахыл слӕууын кодтаиккой. Уыцы дин хъуамӕ уыдаид сыгъдӕг – хъуамӕ йӕм Вавилоны дины ахуырӕдтӕй ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй, ома Хуыцауы цы ӕгад кодта, уыдӕттӕй, ӕппындӕр мацы хӕццӕ кодтаид.

10 Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ хъус лӕмбынӕг дарӕм, цӕмӕй нӕхи мӕнг динӕй ма фӕчъизи кӕнӕм. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:21.) Хъуамӕ тынг къӕрцхъус уӕм, уымӕн ӕмӕ мӕнг дин нӕ алыварс алкӕуыл дӕр ӕмӕ алцӕуыл дӕр ӕндавы. Бирӕ бӕстӕты цы алыхуызон ӕгъдӕуттӕ ис, уыдон баст сты мӕнг дины ахуырӕдтимӕ. Зӕгъӕм, бирӕты уырны, адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ уд цӕргӕйӕ кӕй баззайы. Ӕмӕ уый тыххӕй марды раз ӕхсӕвбадӕнтӕ фӕкӕнынц, хӕринаг ӕмӕ йын нозт ныххӕлар кӕнынц ӕмӕ марды кӕндтӕ фӕкӕнынц (Екклесиаст 9:5, 6, 10). Ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕхи хизынц мӕнг динты ахуырӕдтимӕ баст ӕгъдӕуттӕй *. Мах хъуамӕ макӕй зондыл цӕуӕм ӕмӕ нӕ дин мацӕмӕй фӕчъизи кӕнӕм (Хъуыддӕгтӕ 5:29).

11. Цӕмӕй хӕрзӕгъдау уӕм, уый тыххӕй нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?

11 Хӕрзӕгъдаудзинад. Цӕмӕй хӕрзӕгъдау уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм ӕппӕт ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй дӕр. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:5.) Уый тынг ахсджиаг у. Иннӕ сӕры куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй цӕмӕй нӕхи Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «хӕтындзинадӕй дард лидзӕм». Ӕнӕгъдау цард чи кӕна ӕмӕ чи не ’рфӕсмон кӕна, уыдон «Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты» (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10, 18). Хуыцауы цӕсты ахӕм адӕм кӕнынц «цъаммар митӕ», ома чъизи, ӕлгъаг митӕ. Ӕмӕ сӕ чъизи хъуыддӕгтӕ куы нӕ ныууадзой, уӕд сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы «дыккаг мӕлӕт» (Раргомад 21:8).

12, 13. Нӕ хъуыдытӕ нӕ хъуыддӕгтимӕ куыд баст сты ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ сыгъдӕг уой?

12 Сыгъдӕг хъуыдытӕ. Хъуыдытӕ ӕркӕнынц хъуыддӕгтӕм. Ӕвзӕр хъуыдытӕн нӕ зонды ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы бынат куы скӕнӕм, уӕд нӕ, абон уа ӕви райсом, ӕркӕндзысты чъизи хъуыддӕгтӕм (Матфейы 5:28; 15:18–20). Фӕлӕ ӕдзух, сыгъдӕг цы у, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн хӕдӕфсарм цард кӕнын. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:8.) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ сыгъдӕг уой? Иу уый, ӕмӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм, нӕ зондахаст нын чи фӕчъизи кӕндзӕн, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй *. Уымӕй уӕлдай, Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ зонд сыгъдӕг хъуыдытӕй дзаг кӕндзыстӕм (Псалом 19:8, 9).

13 Уӕдӕ цӕмӕй нӕхи Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ дин ӕмӕ нӕ хъуыдытӕ сыгъдӕг уой, стӕй хъуамӕ уӕм хӕрзӕгъдау. Ныр та аныхас кӕнӕм цыппӕрӕм хъуыддагыл – ӕнӕуи сыгъдӕгдзинадыл.

ӔНӔУИ СЫГЪДӔГДЗИНАД

14. Афтӕ зӕгъӕн цӕуылнӕ ис, ӕмӕ сыгъдӕгдзинад ӕрмӕст нӕхи хъуыддаг у?

14 Ӕнӕуи сыгъдӕгдзинадмӕ хауы нӕхи сыгъдӕг дарын, стӕй нӕ хӕдзар ӕмӕ ма нӕм исбонӕй цы ис, уыдӕттӕ дӕр. Цымӕ раст уаид афтӕ хъуыды кӕнын, уый ӕрмӕст мӕхи хъуыддаг у, зӕгъгӕ? Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц. Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй сыгъдӕгдзинад Йегъовӕйӕн ӕрмӕст уый тыххӕй нӕу ахсджиаг, ӕмӕ нӕхи пайдайӕн у, фӕлӕ йӕ уымӕй кадджын кӕй кӕнӕм, уый тыххӕй дӕр. Райдианы цы цӕвиттон ӕрхастам, ууыл-ма иу хатт ахъуыды кӕнӕм. Ӕдзух чъизи ӕмӕ куыдфӕнды кӕндтытӕ чи у, ахӕм сывӕллоны уынгӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кӕндзынӕ, ацы сывӕллонӕн йӕ ныййарджыты фен, уыдон та цымӕ цыхуызӕн сты, зӕгъгӕ. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй не ’ддаг бакастӕй ӕмӕ, нӕхи куыд дарӕм, уымӕй нӕ уӕларвон Фыды худинаг кӕнӕм, стӕй цӕмӕй адӕмы уый хъыгдара, цы хорз хабар дзурӕм, уымӕ хъусын. Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Мах къуылымпыйы хос никӕмӕн ницӕмӕй стӕм, цӕмӕй нӕ лӕггадмӕ фау ӕрхӕссӕн ма уа. Фӕлӕ алы ӕгъдауӕй дӕр ӕвдисӕм, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый» (2 Коринфӕгтӕм 6:3, 4). Уӕдӕ цӕмӕй нӕхи сыгъдӕг дарӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы аразын?

15, 16. Нӕхи сыгъдӕг дарынмӕ цы хауы ӕмӕ нӕ уӕлӕдарӕсмӕ куыд хъуамӕ зилӕм?

15 Нӕхи сыгъдӕг дарӕм ӕмӕ нӕхимӕ зилӕм. Кӕд ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ царды уавӕртӕ бӕстӕйӕ бӕстӕмӕ хицӕн кӕнынц, уӕддӕр алы ран дӕр ссарӕн ис сапон ӕмӕ дон, цӕмӕй нӕхи дӕр ӕмӕ нӕ сывӕллӕтты дӕр арӕх найӕм ӕмӕ сыгъдӕг уӕм. Зӕгъӕм, хъуамӕ нӕ къухтӕ сапонӕй ӕхсӕм хӕрды ӕмӕ хӕринаг кӕныны размӕ, стӕй, уазӕгдонӕй куы рацӕуӕм ӕмӕ сывӕллоны бын куы раивӕм, уый фӕстӕ. Адӕймаг йӕ къухтӕ сапонӕй куы ’хса, уӕд кӕцыдӕр низтӕй йӕхи бахиздзӕн ӕмӕ ма йын уый йӕ цард дӕр хъахъхъӕндзӕн. Йӕ къухтӕ дзӕбӕх куы не ’хса, уӕд ыл, гӕнӕн ис, гуыбынниз дӕр бахӕца. Ис ахӕм рӕттӕ, ӕмӕ дзы канализаци нӕй, ӕмӕ, адӕймаг ӕддӕмӕ цы ацӕуы, уый вӕййы баныгӕнӕн, рагон Израилы-иу куыд кодтой, афтӕ (Дыккаг закъон 23:12, 13).

16 Мах фӕнды, цӕмӕй нӕ уӕлӕдарӕс дӕр сыгъдӕг уа ӕмӕ аив конд уӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ нӕ дзаумӕттӕ ӕхсӕм. Ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй чырыстӕттӕн сӕ уӕлӕдарӕс уа зынаргъ кӕнӕ фӕстаг модӕмӕ гӕсгӕ, фӕлӕ хъуамӕ уа сыгъдӕг ӕмӕ ӕфсармыл дзурӕг. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 2:9, 10.) Кӕмфӕнды ма уӕм, мах фӕнды, цӕмӕй не ’ддаг бакастӕй «нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы ахуырад рӕсугъд кӕнӕм» (Титмӕ 2:10).

17. Нӕ хӕдзар, нӕ кӕрт ӕмӕ ма нӕм исбонӕй цы ис, уыдӕттӕ сыгъдӕг ӕмӕ ӕфснайд цӕмӕн хъуамӕ уой?

17 Нӕ хӕдзар, нӕ кӕрт ӕмӕ ма нӕм исбонӕй цы ис, уыдӕттӕ. Чи зоны, хъӕздыг хӕдзары нӕ цӕрӕм, фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ нӕ хӕдзар уа сыгъдӕг ӕмӕ хӕрзӕфснайд, нӕ уавӕртӕ куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ. Кӕд ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ машинӕйыл фӕцӕуӕм, уӕд хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нын мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр уа сыгъдӕг. Макуы рох кӕнӕм, сыгъдӕг хӕдзар ӕмӕ сыгъдӕг кӕрт, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, ууыл дзурӕг кӕй сты. Мах адӕмӕн дзурӕм, Йегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, «зӕхх чи сафы, уыдоны... [кӕй] фесафдзӕн» ӕмӕ тагъд йӕ Паддзахад зӕххӕй дзӕнӕт кӕй сараздзӕн (Раргомад 11:18; Лукайы 23:43). Ӕмӕ нӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕнды, цӕмӕй нӕ хӕдзарӕй ӕмӕ нӕм цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕй бӕрӕг уа, абон дӕр сыгъдӕгдзинадыл кӕй ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нӕхи ног дунейы цӕрынмӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм.

Сыгъдӕгдзинадмӕ хауы нӕхи сыгъдӕг дарын, стӕй нӕ хӕдзар ӕмӕ ма нӕм исбонӕй цы ис, уыдӕттӕ дӕр

18. Нӕ Паддзахады залӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

18 Нӕ кувӕн бынат. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ тынг аргъ кӕнӕм нӕ Паддзахады залӕн – ӕцӕг Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынатӕн. Ӕмбырдмӕ ног адӕм куы ’рбацӕуы, уӕд нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй нӕ Паддзахады зал сӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуа. Ӕмӕ цӕмӕй алкӕддӕр сыгъдӕг ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ уа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы ӕфснайын ӕмӕ афоныл цалцӕг кӕнын. Нӕ Паддзахады залмӕ кӕй зилӕм, уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕй йын аргъ кӕнӕм, уый. Нӕ кувӕн бынат ӕфснайыны ӕмӕ йӕ цалцӕг кӕныны фадат нын кӕй ис, уый нын стыр кад у (2 Азфыстыты 34:10). Цӕуыл аныхас кодтам, уый хауы Конгрессты залмӕ ӕмӕ, конгресстӕ кӕм фӕцӕуынц, ӕндӕр ахӕм бынӕттӕм дӕр.

НӔХИ ХИЗӔМ ЧЪИЗИ ХЪУЫДДӔГТӔЙ

19. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ нын Библи куыд ӕххуыс кӕны?

19 Цӕмӕй сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм чъизи хъуыддӕгтӕй, зӕгъӕм, тамако дымынӕй, фыднозтӕй, наркотиктӕй ӕмӕ, адӕймаг йӕхи кӕмӕй нал фембары, ахӕм хостӕй, кӕд нын сӕ дохтыртӕ нӕ рафыстой, уӕд. Абон цы чъизи ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ сты парахат, уыдонӕй бӕлвырдӕй алкӕцыйы кой Библийы нӕй. Фӕлӕ дзы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ нӕ бон у бамбарын, ахӕм хъуыддӕгтӕм Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Йӕ хъуыды йын кӕй зонӕм ӕмӕ йӕ кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йын нӕ хъуыддӕгтӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Уӕдӕ ӕркӕсӕм фондз уагӕвӕрдмӕ.

20, 21. Нӕхи цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?

20 «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, иугӕр нын Хуыцау ахӕм хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уӕд нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, нӕ буар ӕмӕ нын нӕ зонд цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уыдӕттӕй, ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сыгъдӕгӕй-сыгъдӕгдӕр кӕнӕм» (2 Коринфӕгтӕм 7:1). Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй, нӕ буар ӕмӕ нын нӕ зонд чи чъизи кӕны, уыцы хъуыддӕгты цагъартӕ суӕм. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм, не ’нӕниздзинадыл ӕмӕ нын нӕ зондахастыл ӕвзӕрырдӕм чи фӕзындзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕй.

21 Библийы ис иу ахсджиаг хъуыды, «цыдӕриддӕр [нӕ] чъизи кӕны, уыдӕттӕй» нӕхи цӕмӕн хъуамӕ ссыгъдӕг кӕнӕм, уый фӕдыл. Дӕ хъус-ма ӕрдар, 2 Коринфӕгтӕм 7:1 стих цы ныхӕстӕй райдайы, уымӕ: «Иугӕр нын Хуыцау ахӕм хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ бавӕрдта». Цавӕр хорздзинӕдтӕй? Ацы стихы размӕ стихты куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры: «„Ӕз [уӕ] ме уазӕг бакӕндзынӕн“. „Ӕмӕ ӕз уыдзынӕн уӕ фыд“» (2 Коринфӕгтӕм 6:17, 18). Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ дын дзуры, кӕй дӕ хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ дӕ кӕй уарздзӕн, фыд йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы куыд уарзы, афтӕ. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ ныхас сӕххӕст кӕндзӕн, «нӕ буар ӕмӕ нын нӕ зонд» цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уыдӕттӕй нӕхи куы хизӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уымӕ гӕсгӕ куыд ӕнӕзонд ми уаид, исты чъизи хъуыддаджы тыххӕй нӕ зынаргъ Хӕлар Йегъовӕйӕ куы адард уаиккам!

22–25. Цавӕр уагӕвӕрдтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕхи чъизи хъуыддӕгтӕй хизӕм?

22 «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» (Матфейы 22:37). Йесо бамбарын кодта, ацы фӕдзӕхстӕй ахсджиагдӕр кӕй нӕй (Матфейы 22:38). Йегъовӕ уый аккаг у, цӕмӕй йӕ афтӕ уарзӕм. Цардӕн тӕссаг чи у ӕмӕ зонд чи къуырма кӕны, ахӕм хъуыддӕгтӕй нӕхи куы хизӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ йӕ ӕппӕт зондӕй кӕй уарзӕм.

23 Йегъовӕ «алкӕмӕн дӕр йӕхӕдӕг дӕтты цард дӕр, улӕфт дӕр ӕмӕ алцыдӕр» (Хъуыддӕгтӕ 17:24, 25). Цард у Хуыцауы лӕвар. Ӕмӕ нӕ Царддӕттӕджы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды уыцы лӕварӕн аргъ кӕнын. Мах дард лӕууӕм, не ’нӕниздзинадӕн нын зиан чи хӕссы, уыцы хъуыддӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕ куы кӕнӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ цардӕн ӕппындӕр нӕ аргъ кӕнӕм (Псалом 36:9).

24 «Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Матфейы 22:39). Адӕймагӕн йӕ чъизи хъуыддӕгтӕ ӕрмӕст йӕхиуыл нӕ бандавынц, фӕлӕ иннӕтыл дӕр. Зӕгъӕм, тамако чи дымы, уый зиан хӕссы, йӕ разы чи вӕййы, фӕлӕ йӕхӕдӕг тамако чи нӕ дымы, уыдонӕн дӕр. Ахӕм адӕймаг не ’ххӕст кӕны Хуыцауы фӕдзӕхст, иннӕты уарз, зӕгъгӕ. Стӕй цасфӕнды ма дзура, Хуыцауы уарзын, зӕгъгӕ, уӕддӕр йӕ хъуыддӕгтӕй афтӕ уайдзӕн, ӕмӕ сайгӕ кӕны (1 Иоанны 4:20, 21).

25 «Амӕй фӕстӕмӕ дӕр сын сӕ зӕрдыл лӕууын кӕн, цӕмӕй хицауӕдтӕм ӕмӕ, бартӕ кӕй къухы сты, уыдонмӕ хъусой ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсой» (Титмӕ 3:1). Бирӕ бӕстӕты адӕймагӕн закъонмӕ гӕсгӕ бар нӕй, цӕмӕй кӕцыдӕр наркотиктӕ хӕдзары дара кӕнӕ сӕ кӕна. Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ уыцы закъон нӕ халӕм (Ромӕгтӕм 13:1).

26. а) Цы хъӕуы, цӕмӕй нӕхи Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм? б) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уӕм, уымӕй хуыздӕр ницы ис?

26 Цӕмӕй нӕхи Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ сыгъдӕг ӕрмӕст иуӕй-иу хъуыддӕгты ма уӕм, фӕлӕ алы хъуыддаджы дӕр. Чъизи хъуыддӕгтӕ ныууадзӕм ӕмӕ сӕ нӕхи хизӕм, уый ӕнцон нӕу, фӕлӕ уӕддӕр уый нӕ бон у *. Сыгъдӕг цард кӕнӕм, уымӕй хуыздӕр ницы ис, уымӕн ӕмӕ нӕ Йегъовӕ алкӕддӕр фӕахуыр кӕны, пайда нын цы у, ууыл. (Бакӕс Исайы 48:17.) Ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ, алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг куы уӕм, уӕд уымӕй нӕ Хуыцауы кадджын кӕндзыстӕм, ӕмӕ нын уый стыр цины хос уыдзӕн.

^ 2 абз. «Сыгъдӕг»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый иуӕй-иу хатт фӕамоны ӕнӕуи сыгъдӕгдзинадмӕ, фӕлӕ арӕхдӕр фӕамоны, нӕ дин сыгъдӕг кӕй хъуамӕ уа ӕмӕ хӕрзӕгъдау кӕй хъуамӕ уӕм, уымӕ.

^ 67 абз. Ном ивд у.