Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

УӔЛӔМХАСӔН

Куыд ис мастурбаци ныууадзӕн?

Куыд ис мастурбаци ныууадзӕн?

Мастурбаци Хуыцауы цӕсты ӕвзӕр хъуыддаг у *. Чи йыл фӕцахуыр вӕййы, уымӕн ӕнӕгъдау хъуыдытӕ ӕнцой нал фӕдӕттынц, стӕй райдайы фылдӕр йӕхиуыл хъуыды кӕнын. Гӕнӕн ис, ахӕм адӕймаг иннӕтӕм дӕр ахӕм цӕстӕй кӕсын райдайа, цыма ӕрмӕстдӕр йӕ буары монцтӕ ӕфсадынӕн сты. Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый йын уарзондзинадимӕ баст нал вӕййы, фӕлӕ йын свӕййы, йӕ монцтӕ кӕй фӕрцы бафсады, ахӕм мадзал. Фӕлӕ йын уый ӕхсызгондзинад ӕрмӕст рӕстӕгмӕ ӕрхӕссы. Мастурбаци адӕймагӕн не ’ххуыс кӕны, цӕмӕй амара «йӕ зӕххон буары фӕндтӕ: хӕтындзинад, чъизи митӕ, монцӕй судзын», фӕлӕ йын сӕ цырен кӕны (Колоссӕгтӕм 3:5).

Апостол Павел ныффыста: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ... нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, нӕ буар ӕмӕ нын нӕ зонд цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уыдӕттӕй, ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сыгъдӕгӕй-сыгъдӕгдӕр кӕнӕм» (2 Коринфӕгтӕм 7:1). Кӕд дын тынг зын у ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын, уӕддӕр дӕ ныфс ма асӕттӕд. Йегъовӕ кӕддӕриддӕр «цӕттӕ [у] хатыр кӕнынмӕ» ӕмӕ баххуыс кӕнынмӕ (Псалом 86:5; Лукайы 11:9–13). Дӕ зӕрдӕ дӕхиуыл кӕй худы ӕмӕ ацы ӕвзӕр ахуыр ныууадзыныл кӕй архайыс – кӕд дын алы хатт дӕхиуыл фӕхӕцын нӕ рауайы, уӕддӕр,– уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ раст зондыл хӕст дӕ. Стӕй дӕ рох ма уӕд: «Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕй стырдӕр у ӕмӕ алцыдӕр зоны» (1 Иоанны 3:20). Хуыцау нын ӕрмӕст нӕ тӕригъӕдтӕ нӕ уыны – уый мах тыххӕй алцыдӕр зоны. Уымӕ гӕсгӕ нӕм у фӕлмӕнзӕрдӕ, ӕмӕ йын куы фӕлӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна, уӕд нын нӕ куывдтытӕ фехъусы. Уӕдӕ алкӕддӕр сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй Хуыцауӕй ӕххуыс кур, гыццыл сывӕллон истӕмӕй куы фӕтыхсы, уӕд ӕххуысы тыххӕй йӕ фыдмӕ куыд фӕцӕйзгъоры, афтӕ. Ӕмӕ дӕ Йегъовӕ дӕ тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн, ӕмӕ дӕ цӕсгом йӕ разы уыдзӕн сыгъдӕг (Псалом 51:1–12, 17; Исай 1:18). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ дӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайай. Зӕгъӕм, дӕхи хъуамӕ хизай, порнографимӕ цыдӕриддӕр хауы, уыдӕттӕй ӕмӕ ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй *.

Кӕд дын уӕддӕр нӕ уайы мастурбаци ныууадзын, уӕд, дӕ хорзӕхӕй, аныхас кӕн дӕ чырыстон ныййарджытимӕ кӕнӕ дын хорз, фӕлтӕрдджын ӕмбал чи у, уыимӕ * (Ӕмбисӕндтӕ 1:8, 9; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:14; Титмӕ 2:3–5).

^ 1 абз. Мастурбаци у, адӕймаг йӕ монцтӕ сцырен кӕнынӕн йе ’фсӕрмыйаг уӕнгтӕм куы ’внала, уый.

^ 1 абз. Бирӕ бинонтӕ сӕ компьютер сӕвӕрынц зынгӕ ран, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр уыной, цӕмӕ дзы кӕсынц, уый. Уымӕй уӕлдай, иуӕй-иутӕ сӕ компьютерты сӕвӕрынц, зианхӕссӕг ӕрмӕг ӕвдисын чи нӕ уадзы, ахӕм программӕтӕ. Фӕлӕ нӕ алцӕмӕй дӕр чи бахиза, ахӕм программӕ нӕй.

^ 2 абз. Мастурбаци ныууадзӕн куыд ис, уый тыххӕй хорз уынаффӕтӕ ис 2006 азы ноябры «Пробудитесь!»-ы, рубрикӕйы «Вопросы молодежи», статьяйы «Как побороть эту привычку?».