Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

17 СӔР

«Уӕ удыхъӕд аразут уӕ сыгъдӕг уырнындзинадыл»

«Уӕ удыхъӕд аразут уӕ сыгъдӕг уырнындзинадыл»

«Уӕ удыхъӕд аразут уӕ сыгъдӕг уырнындзинадыл... Хуыцауы уарзтӕй уӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнут» (ИУДӔЙЫ 20, 21).

1, 2. Цы аразыс ӕмӕ йӕ куыд аразыс, уый ахсджиаг цӕмӕн у?

ДЫ АРАЗЫС «хӕдзар». Ныр ыл цасдӕр рӕстӕг фыдӕбон кӕныс ӕмӕ дын арӕзт нырма тагъд нӕ фӕуыдзӕн. Кӕд уыцы хъуыддаг ӕнцон нӕу, уӕддӕр ӕй ӕхсызгонӕй аразыс. Цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр дӕ куыст нӕ ныууадздзынӕ кӕнӕ йӕм зивӕг кӕнын нӕ райдайдзынӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ куыд аразыс, уымӕй кӕнгӕ у дӕ цард, суанг дӕ фидӕн дӕр. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыцы «хӕдзар» ды дӕ!

2 Ахуыргӕнинаг Иудӕ бамбарын кодта, тынг ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Уый ныффыста: «Уӕ удыхъӕд аразут уӕ сыгъдӕг уырнындзинадыл» (Иудӕйы 20, 21). Чырыстӕттӕ афтӕ куы кӕной, уӕд Хуыцауы уарзтӕй сӕхи ӕнӕхай никуы фӕкӕндзысты. Дӕ бон куыд у дӕ уырнындзинад фидар кӕнын? Аныхас кӕнӕм, уымӕн дын чи баххуыс кӕндзӕн, ӕртӕ ахӕм хъуыддагыл.

ЙЕГЪОВӔЙЫ ЗАКЪӔТТӔ РАСТ КӔЙ СТЫ, УУЫЛ МА ДЫЗӔРДЫГ КӔН

3–5. а) Йегъовӕйы закъӕтты тыххӕй дын Хӕйрӕг цавӕр хъуыдытӕ хъары? б) Хуыцауы закъӕттӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ ныл уый куыд хъуамӕ фӕзына? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

3 Фыццаджыдӕр, хъуамӕ нӕ алкӕддӕр фидарӕй уырна, Хуыцауы закъӕттӕ раст кӕй сты, уый. Ацы чиныг ахуыр кӕнгӕйӕ лӕмбынӕг ӕркастӕ, Йегъовӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй иуӕй-иутӕм. Уыцы закъӕтты тыххӕй цы хъуыды кӕныс? Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй хъуыды кӕнай, ӕмӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ, йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ адӕймагӕн йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ бӕттынц ӕмӕ ӕгӕр карз сты. Едемы фыццаг дыууӕ адӕймаджы куы асайдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы мадзалӕй ӕнтыстджынӕй пайда кӕны (Райдиан 3:1–6). Дӕу фӕсайын ын бантысдзӕн? Уый дӕ зондахастӕй кӕнгӕ у.

4 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: рӕсугъд парчы фӕцӕуыс ӕмӕ уыныс бӕрзонд ӕмӕ фидар забор. Иннӕрдыгӕй дӕр тынг рӕсугъд у ӕмӕ дӕ фӕнды уырдӕм бацӕуын. Ӕвӕццӕгӕн, фыццаг ахъуыды кӕндзынӕ, зӕгъгӕ, гъеныр ацы забор ам цӕмӕн хъуыди, хъыгдарыны хос йеддӕмӕ ницы у. Фӕлӕ мидӕмӕ куы бакастӕ, уӕд уыныс, стыр домбай йӕ амӕттагыл йӕхи ныццӕвынмӕ куыд хъавы! Ныр дӕм бахъардта, уыцы забор дӕ хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕны. Мыййаг, дӕуыл дӕр ахӕм сырд йӕхи ныццӕвынмӕ нӕ хъавы? Хуыцауы Ныхас нӕ фӕдзӕхсы: «Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ уе знаг, Хӕйрӕг, богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый» (1 Петры 5:8).

5 Хӕйрӕг у тугдзых сырд. Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ амӕттаг бауӕм, ӕмӕ нын уый тыххӕй радта, йӕ бирӕ «хинмитӕй» нӕ чи хъахъхъӕны, ахӕм закъӕттӕ (Ефесӕгтӕм 6:11). Уӕдӕ Хуыцауы закъӕттыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ бацархайӕм, уыцы закъӕтты нӕ уӕларвон Фыды уарзондзинад куыд зыны, уый бамбарыныл. Ахӕм цӕстӕй сӕм куы кӕсӕм, уӕд нӕ хъахъхъӕндзысты ӕмӕ нын уыдзысты цины хос. Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Сӕрибардӕттӕг ӕнаипп закъон лӕмбынӕг чи иртасы ӕмӕ йыл фидар чи хӕцы, уый... афтӕ кӕй кӕны, уый фӕрцы уыдзӕн амондджын» (Иаковы 1:25).

6. Ӕппӕты тынгдӕр нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй макуы дызӕрдыг кӕнӕм, Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ раст кӕй сты, ууыл? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

6 Ӕппӕты тынгдӕр нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ Закъонӕвӕрӕгыл тынгӕй-тынгдӕр ӕууӕндӕм ӕмӕ, йӕ закъӕттӕ нӕ пайдайӕн кӕй сты, ууыл макуы дызӕрдыг кӕнӕм? Уый тыххӕй хъуамӕ йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрӕм. Зӕгъӕм, «Чырыстийы закъонмӕ» хауы, «цы бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕ» адӕмӕн амонын (Галатӕгтӕм 6:2; Матфейы 28:19, 20). Чырыстӕттӕ ма ӕмбарынц, ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕной ӕндӕр фӕдзӕхст дӕр – иумӕ кӕй хъуамӕ ӕмбырд кӕной, цӕмӕй Хуыцауӕн кувой ӕмӕ кӕрӕдзи фидар кӕной (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Уыцы фӕдзӕхстытӕм ма хауы, Йегъовӕмӕ ӕппынӕдзух ӕмӕ зӕрдиагӕй кӕй хъуамӕ кувӕм, уый дӕр (Матфейы 6:5–8; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:17). Ацы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд ӕй ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм, Хуыцау нӕ ӕцӕгдӕр кӕй уарзы. Куы сӕ ӕххӕст кӕнӕм, уӕд хайджын уыдзыстӕм, ацы фыддунейы кӕй не ссардтаиккам, ахӕм циндзинад ӕмӕ удӕнцойӕ. Хуыцауы закъӕттӕ дын цы пайда хӕссынц, ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕ тынгдӕр нӕ бауырны, раст кӕй сты, уый?

7, 8. Цӕрӕнбонты рӕстӕй цӕрын йӕ бон кӕй не суыдзӕн, уымӕй чи тӕрсы, уыдоны Библи ныфс куыд уадзы?

7 Иуӕй-иутӕ хатт фӕтӕрсынц, Йегъовӕйы закъӕттӕ цӕрӕнбонты ӕххӕст кӕнын сӕ бон кӕй не суыдзӕн ӕмӕ истӕмӕй кӕй фӕрӕдидзысты, уымӕй. Кӕд дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны, уӕд-иу мӕнӕ ацы ныхӕстыл ахъуыды кӕн: «Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны. Тӕхуды, ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕм куы хъусис! Уӕд дӕ фарн суаид цӕугӕдоны хуызӕн, дӕ рӕстдзинад – денджызы уылӕнты хуызӕн» (Исай 48:17, 18). Ацы ныхӕстӕ адӕймаджы цы стыр ныфс уадзынц, ууыл никуы ахъуыды кодтай?

8 Ацы стихты нын Йегъовӕ нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, йӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд уый нӕхи пайдайӕн кӕй уыдзӕн. Зӕрдӕ нын ӕвӕры, уӕд хайджын кӕй уыдзыстӕм дыууӕ арфӕдзинадӕй. Фыццаг: нӕ фарн уыдзӕн цӕугӕдонау сабыр, стыр ӕмӕ ӕнӕкӕрон. Дыккаг: нӕ рӕстдзинад уыдзӕн денджызы уылӕнты хуызӕн. Денджызы был куы фӕлӕууыс ӕмӕ, уылӕнтӕ былмӕ куыд фезгъорынц, уымӕ куы фӕкӕсыс, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, нӕ фӕдызӕрдыг кӕныс, уыцы уылӕнтӕ бонӕй-бонмӕ, азӕй-азмӕ ӕмӕ суанг ӕнустӕм дӕр былыл сӕхи кӕй хойдзысты. Йегъовӕ загъта, дӕ рӕстдзинад дӕр, ома рӕстӕй цӕрыныл кӕй архайыс, уый дӕр, афтӕ кӕй уыдзӕн. Цалынмӕ йыл иузӕрдион уай, уӕдмӕ дӕ фӕцудын нӕ бауадздзӕн! (Бакӕс Псалом 55:22.) Ахӕм зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ дын не ’ххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндай ӕмӕ, йӕ закъӕттӕ нӕ пайдайӕн кӕй сты, ууыл ма дызӕрдыг кӕнай?

«ӔППӔТ ХЪАРУТӔЙ ТЫРНӔМ ФӔЛТӔРДДЗИНАДМӔ»

9, 10. а) Чырыстӕттӕ фӕлтӕрддзинадмӕ цӕмӕн хъуамӕ тырной? б) Алцӕмӕ дӕр Хуыцауы цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд амондджындӕр цӕмӕн уыдзыстӕм?

9 Дӕ «хӕдзар» аразынӕн ма дӕ ноджыдӕр цы хъӕуы, уый базонӕн ис ацы ныхӕстӕй: «Ӕппӕт хъарутӕй тырнӕм фӕлтӕрддзинадмӕ» (Дзуттӕгтӕм 6:1). Алы чырыстон дӕр хъуамӕ тырна фӕлтӕрддзинадмӕ. Уый диссаджы нысан у. Нырма уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй адӕм ӕххӕст суой. Фӕлӕ, фӕлтӕрдджын суой, уымӕн та ис гӕнӕн. Стӕй чырыстон цас фӕлтӕрдджындӕр фӕкӕны, уыйас ын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын стырдӕр циндзинад фӕхӕссы. Цӕмӕн?

10 Фӕлтӕрдджын чырыстон алцӕмӕ дӕр кӕсы Йегъовӕйы цӕстӕй (Иоанны 4:23). Павел ныффыста: «Йӕ тӕригъӕдджын буары коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн сӕ хъуыдытӕ сты, буары цы фӕнды, ууыл. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн та сӕ хъуыдытӕ сты, сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл» (Ромӕгтӕм 8:5). Буары фӕндтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдон арӕх, ӕцӕг циндзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ фӕкӕнынц, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр сӕхи мӕт фӕкӕнынц, цардмӕ иу боны цӕстӕй фӕкӕсынц ӕмӕ сын сӕйрагдӕр вӕййы ӕхца ӕмӕ мулк. Алцӕмӕ дӕр Хуыцауы цӕстӕй чи кӕсы, уыдон та сты цинӕфсӕст, уымӕн ӕмӕ сын сӕйрагдӕр у Йегъовӕйӕн, «амондджын Хуыцауӕн», лӕггад кӕнын (1 Тимофеймӕ 1:11). Фӕлтӕрдджын адӕймаджы фӕфӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ суанг фӕлварӕнты дӕр фӕцин кӕны. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йын уӕд фадат фӕзыны, цӕмӕй равдиса, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй у, стӕй Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны, уый. Нӕ уӕларвон Фыдӕн уый тынг ӕхсызгон вӕййы (Ӕмбисӕндтӕ 27:11; бакӕс Иаковы 1:2, 3).

11, 12. а) Павел «зонды» тыххӕй цы загъта? «Сахуыр кӕнын»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырд цы нысан кӕны? б) Цӕмӕй буары уӕнгтӕ сфидар уой, уый тыххӕй цы хъӕуы аразын?

11 Цӕмӕй адӕймаг цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕса ӕмӕ фӕлтӕрдджын суа, уый тыххӕй хъуамӕ йӕхиуыл куса ӕмӕ йӕхи ахуыр кӕна. Ахъуыды-ма кӕнӕм ацы стихыл: «Хъӕбӕр хӕринаг... у фӕлтӕрд адӕймӕгтӕн, йӕ зондӕй чи архайы ӕмӕ афтӕмӕй йӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын чи сахуыр кодта, уыдонӕн» (Дзуттӕгтӕм 5:14). Павел куы загъта, фӕлтӕрд адӕймаг йӕ зонд «сахуыр кодта», зӕгъгӕ, уӕд спайда кодта, 1 ӕнусы Грецийы спортзалты арӕх кӕй уыдаид фехъусӕн, ахӕм грекъаг дзырдӕй ӕмӕ ма йӕ ратӕлмац кӕнӕн ис, «гимнастау буары уӕнгтӕ фидар кӕнын» кӕнӕ «гимнастау ахуыр кӕнын», зӕгъгӕ. Ныр та ахъуыды кӕнӕм, уымӕ цы хауы, ууыл.

Гимнастӕн йӕ буары уӕнгтӕ сфидар вӕййынц тренировкӕты фӕрцы

12 Сывӕллон куы райгуыры, уӕд йӕ буар нырма лӕмӕгъ вӕййы ӕмӕ йӕ коммӕ нӕма фӕкӕсы. Зӕгъӕм, ноггуырд сывӕллон нӕ фембары, йӕ гыццыл къухтӕ ӕмӕ къӕхтӕ куыд змӕлынц, куыд кусынц, уый. Ӕмӕ йӕ къухтӕ куы фӕтилы, уӕд хатт йӕхи дӕр ныццӕвы ӕмӕ йӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕны, уый цы уыди. Фӕлӕ рӕстӕг куыд фӕцӕуы, афтӕ йе уӕнгтӕ фидарӕй-фидардӕр фӕкӕнынц. Фыццаг райдайы бырын, стӕй къахӕй ауайы, уый фӕстӕ та згъоргӕ дӕр фӕкӕны *. Гимнастӕй та цы зӕгъӕн ис? Хӕрдмӕ куыд сгӕпп кӕны ӕмӕ уӕлдӕфы куыд рӕсугъд ӕрзилы, уымӕ кӕсгӕйӕ фембарыс, уыдӕттыл тынг бирӕ рӕстӕг кӕй ахуыр кодта. Гимнастӕй гуыргӕ нӕ ракодта. Ӕмӕ Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй буары уӕнгтӕ фидар кӕнынӕй дӕр цыдӕр пайда ис. Фӕлӕ цас ахсджиагдӕр у нӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын ахуыр кӕнын! (1 Тимофеймӕ 4:8).

13. Нӕ бон куыд у нӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын ахуыр кӕнын?

13 Ацы чиныджы бирӕ цӕуылдӕрты аныхас кодтам, ӕмӕ дын уыцы хъуыдытӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕ зонд ахуыр кӕнай, фӕлтӕрд адӕймаг суай ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уай. Исты саразыны размӕ-иу Хуыцауы уагӕвӕрдтыл ӕмӕ закъӕттыл ахъуыды кӕн ӕмӕ-иу Хуыцаумӕ скув, куыд бакӕнай, уый тыххӕй. Цыфӕнды уынаффӕ хӕссын дӕ ма хъӕуа, ахъуыды-иу кӕн ахӕм фарстатыл: «Библийы уагӕвӕрдтӕ кӕнӕ закъӕттӕй ацы фарстамӕ кӕцытӕ хауынц? Куыд сӕ спайда кӕнон? Куыд бакӕнон, цӕмӕй мӕ мӕ уӕларвон Фыд райгонд уа?» (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6; Иаковы 1:5.) Уынаффӕтӕ афтӕ куы хӕссай, уӕд дарддӕр дӕр дӕ зонд ахуыр кӕндзынӕ, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлтӕрд адӕймаг суай ӕмӕ алкӕддӕр алцӕмӕ дӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсай.

14. Цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ зӕрдӕ цы хъуамӕ агура, фӕлӕ нӕ цы хъӕуы нӕ зӕрдыл дарын?

14 Йӕ разы ахӕм нысан кӕмӕн ис, ӕмӕ фӕлтӕрд суа, уымӕн уый иу бон йӕ къухы бафтдзӕн. Фӕлӕ йӕ йӕ уырнындзинад фидар кӕнын ӕмӕ Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнын та ӕдзухдӕр хъӕуы. Адӕймаг фидардӕр фӕкӕны ӕмӕ фӕрӕзы хӕринаджы фӕрцы. Павел дӕр уый тыххӕй загъта афтӕ: «Хъӕбӕр хӕринаг... у фӕлтӕрд адӕймӕгтӕн». Цӕмӕй дӕ уырнындзинад «аразай», ома йӕ фидар кӕнай, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр «хъӕбӕр» хӕринаг хӕрай. Цы базоныс, уымӕй раст куы пайда кӕнай, уӕд уый зондыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ Библийы та фыст ис: «Зонд у ӕппӕты сӕйрагдӕр». Уӕдӕ хъуамӕ нӕ зӕрдӕ агура, нӕ уӕларвон Фыд нын цы диссаджы зонындзинӕдтӕ дӕтты, уыдон (Ӕмбисӕндтӕ 4:5–7; 1 Петры 2:2). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕ зонындзинӕдтӕ нӕм кӕй ис ӕмӕ Хуыцауы зондӕй хайджын кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕхицӕй хъуамӕ ма ныббуц уӕм. Хъуамӕ-иу нӕ зӕрдӕмӕ арӕх ныккӕсӕм, цӕмӕй дзы сӕрбӕрзонддзинад кӕнӕ ӕндӕр лӕмӕгъдзинад уидӕгтӕ ма ауадза ӕмӕ ма сырӕза. Павел ныффыста: «Уӕ зӕрдӕтӕм-иу ныккӕсут, уырнындзинады фидар стут ӕви нӕ. Цавӕр адӕймӕгтӕ стут, уый-иу сбӕлвырд кӕнут» (2 Коринфӕгтӕм 13:5).

15. Цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна, уый тыххӕй уарзондзинад ахсджиаг цӕмӕн у?

15 Хӕдзар арӕзт куы фӕвӕййы, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ дзы ницыуал фӕхъӕуы аразын. Уый фӕстӕ дӕр ӕм фӕхъӕуы зилын ӕмӕ йӕ цалцӕг кӕнын. Цасдӕры фӕстӕ та ма йӕ, чи зоны, бахъӕуа фестырдӕр кӕнын дӕр. Цӕмӕй фӕлтӕрдджын уӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй та цы хъӕуы? Сӕйраджыдӕр уарзондзинад. Хъуамӕ бонӕй-бонмӕ Йегъовӕйы ӕмӕ не ’мчырыстӕтты тынгӕй-тынгдӕр уарзӕм. Уарзондзинад нӕм куы нӕ уа, уӕд нӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ ницы уыдзысты – афтид дзыгъал-мыгъулӕй уӕлдай нӕ уыдзысты (1 Коринфӕгтӕм 13:1–3). Уарзондзинады фӕрцы та суыдзыстӕм фӕлтӕрд чырыстӕттӕ ӕмӕ нӕ уырнындзинад дӕр фидардӕр кӕндзӕн.

ДӔ ЗӔРДЫЛ ДАР, ЙЕГЪОВӔ НЫФС ЦӔМӔЙ ӔВӔРЫ, УЫЙ

16. Хӕйрӕг адӕмы цавӕр хъуыдытыл ӕфтауы ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ зондахаст бахъахъхъӕнынӕн цы радта?

16 Дӕ «хӕдзар» аразынӕн ма дӕ ноджыдӕр иу цыдӕр хъӕуы, ӕмӕ ныр та ууыл аныхас кӕнӕм. Цӕмӕй Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуӕг уай, уый тыххӕй хъуамӕ дӕ зондахаст хъахъхъӕнай. Ацы дунейы хицау Хӕйрӕг адӕмы ныфс сӕттынмӕ тынг дӕсны у: ӕвзӕр хъуыдытыл сӕ бафтауы, ӕмӕ сӕхимӕ ныхъхъусынц, никӕуылуал феууӕндынц ӕмӕ сӕ зӕрдӕмӕ рухс нал фӕкӕлы (Ефесӕгтӕм 2:2). Хъӕдын хӕдзарӕн бамбийынӕй тӕссаг куыд у, чырыстӕттӕн дӕр ахӕм хъуыдытӕ афтӕ тӕссаг сты. Фӕлӕ нын Йегъовӕ радта, цы нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ахӕм цыдӕр – ныфс.

17. Ныфс куыд ахсджиаг у, уый Хуыцауы Ныхас куыд ӕмбарын кӕны?

17 Библийы дзырд цӕуы, Хӕйрӕгимӕ ӕмӕ нӕ ацы дунеимӕ тох кӕнынӕн чи хъӕуы, уыцы хӕстон дзауматыл. Иу дзы у «згъӕрхуд» – «ирвӕзындзинады ныфс» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:8). Раджы заманты-иу ӕфсӕддон зыдта, хӕсты быдыры ӕнӕ згъӕрхудӕй кӕй нӕ аирвӕздзӕн. Згъӕрхудтӕ арӕхдӕр конд уыдысты ӕфсӕйнагӕй кӕнӕ ӕрхуыйӕ, фӕлӕ-иу ӕфсӕддон йӕ сӕрыл фыццаг ныккодта нымӕтхуд кӕнӕ сӕракхуд. Ӕмӕ-иу йӕ сӕрыл цӕф куы суад, уӕд-иу ӕй згъӕрхуд бахъахъхъӕдта ӕмӕ-иу ын стыр зиан не ’рхаста. Згъӕрхуд ӕфсӕддонӕн йӕ сӕр куыд фӕхъахъхъӕны, афтӕ дын ныфс хъахъхъӕндзӕн дӕ зонд ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ.

18, 19. Йесо куыд равдыста, ныфс хъахъхъӕнӕн куыд ис, уый ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

18 Йесо Чырыстийы хабарӕй ӕппӕты хуыздӕр ис фенӕн, ныфс хъахъхъӕнӕн куыд ис, уый. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Йесо зӕххыл фӕстаг ӕхсӕв куы уыд, уӕд цытӕ бавзӕрста, уый. Йе ’ввахс ӕмбал ӕй ӕхцайы тыххӕй ауӕй кодта. Иннӕ ӕмбал дзы загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ. Йӕ иннӕ ӕмбӕлттӕ дӕр ӕй ныууагътой ӕмӕ алыгъдысты. Йӕхи адӕм йӕ ныхмӕ фесты ӕмӕ домдтой, цӕмӕй йӕ ромаг ӕфсӕддонтӕ хъӕдыл ӕрцауыгътаиккой. Ӕвӕццӕгӕн, нӕ фӕрӕдидзыстӕм, афтӕ куы зӕгъӕм, ӕмӕ, Йесо цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлд, ахӕм зындзинӕдтӕ мах никуы бавзардзыстӕм. Цы йын баххуыс кодта? Дзуттӕгтӕм 12:2 стихы ис дзуапп: «Цы циндзинад ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй худинаг ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл мӕлӕт бавзӕрста, ӕмӕ уый фӕстӕ ӕрбадт Хуыцауы паддзахбадӕны рахиз фарс». Йесо никуы рох кодта, «цы циндзинад ӕм ӕнхъӕлмӕ каст», уый.

19 Йесомӕ цы циндзинад ӕнхъӕлмӕ каст? Уый зыдта, зындзинӕдты фидар куы фӕлӕууа, уӕд Йегъовӕйы сыгъдӕг ном кӕй срухс кӕндзӕн ӕмӕ кӕй равдисдзӕн, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны, уый. Йесойӕн уыцы ныфсӕй стырдӕр циндзинад ницы ӕрхастаид! Стӕй ма зыдта, йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй йӕ Йегъовӕ стыр хорзӕхӕй кӕй схайджын кӕндзӕн – хъуамӕ та тагъд йӕ Фыдимӕ баиу уыдаид. Ӕппӕты уӕззаудӕр рӕстӕг Йесо уыцы диссаджы ныфс ӕдзух йӕ зӕрдыл дардта. Афтӕ кӕнын хъӕуы мах дӕр. Махмӕ дӕр стыр циндзинад ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Йегъовӕ не ’ппӕты дӕр уый аккаг скодта, цӕмӕй йын йӕ ном рухс кӕнӕм. Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны, уый равдисдзыстӕм, Йегъовӕйы нӕ Хицауыл куы нымайӕм ӕмӕ цыфӕнды фӕлварӕнты ӕмӕ зындзинӕдты дӕр куы архайӕм, цӕмӕй йӕ уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕуӕм.

20. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ зӕрдыл дарай, фидӕнӕй дӕ цы ныфс ис, уый?

20 Йегъовӕйы тынг фӕнды йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын кӕнын (Исай 30:18; бакӕс Малахийы 3:10). Тынг ӕхсызгон ын у, сӕ зӕрдӕйы раст фӕндтӕ сын кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый (Псалом 37:4). Уӕдӕ дӕ фидӕнӕй цы ныфс ис, уый алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар. Хӕйрӕджы зӕронд дуне цы сӕфт ӕмӕ зыгъуыммӕ зондыл хӕст у, ууыл макуы ацу ӕмӕ дӕ ныфс макуы асӕттӕд. Куыддӕр ӕй бамбарай, ӕмӕ ацы дунейы зондахаст дӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ дӕ зондмӕ хъарын райдыдта, афтӕ Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй кув ӕмӕ дзы кур, «зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн». Ӕмӕ дын уыцы фарн хъахъхъӕндзӕн дӕ зӕрдӕ ӕмӕ дӕ зонд (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

21, 22. а) «Тынг бирӕ адӕмӕн» цавӕр диссаджы ныфс ис? б) Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕй тынгдӕр кӕцымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс ӕмӕ дӕм дарддӕр цы фӕнд ис?

21 Цӕй диссаджы ныфс нын ис! Кӕд, «стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахиздзӕн», уыцы «тынг бирӕ адӕмӕй» дӕ, уӕд-иу хъуыды кӕн, тагъд рӕстӕджы цы цардӕй схайджын уыдзынӕ, ууыл (Раргомад 7:9, 14). Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уӕд куыд ӕхсызгонӕй сулӕфдзынӕ, уый ныр дӕ зонд ахсгӕ дӕр нӕ кӕны. Хӕйрӕджы хӕлд зондахаст кӕуыл не ’ндавы, ахӕм нӕ цымӕ исчи ис? Ӕмӕ куыд цин кӕндзыстӕм, Хӕйрӕг куы нал уа ӕмӕ Йесо Чырыстийы ӕмӕ, йемӕ уӕлӕрвты чи уыдзӕн, уыцы 144 000 паддзахы разамындӕй зӕххӕй дзӕнӕт куы аразӕм, уӕд! Адӕймаг куы ахъуыды кӕны, низтӕ куы фесӕфой, чи нын фӕзиан, уыдон куы райгас уой ӕмӕ, Хуыцауы рагӕй фӕстӕмӕ дӕр куыд фӕндыд, ахӕм цардӕй куы цӕрӕм, уӕд куыд уыдзӕн, ууыл, уӕд йӕ зӕрдӕ фырцинӕй скафы! Ӕххӕст адӕймӕгтӕ куы суӕм, уӕд та схайджын уыдзыстӕм ноджы стырдӕр хорзӕхӕй. Уый тыххӕй фыст ис Ромӕгтӕм 8:21 стихы, зӕгъгӕ нын уыдзӕн, «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад».

22 Йегъовӕ дын зӕрдӕ ахӕм сӕрибардзинадӕй ӕвӕры, ӕмӕ йӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕныс, уый цавӕр сӕрибардзинад у. Фӕлӕ дзы цӕмӕй хайджын уай, уый тыххӕй хъуамӕ уай коммӕгӕс. Ӕмӕ уӕд, ныртӕккӕ алы бон дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсыныл архайай, уый йӕ фыдӕбоны аргъ нӕу? Уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй архай дӕ удыхъӕд дӕ сыгъдӕг уырнындзинадыл аразыныл, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай макуы фӕкӕнай ӕмӕ ӕнустӕм дӕр йӕ уарзтӕй хайджын уай!

^ 12 абз. Ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй адӕймагӕн ахӕм ӕнкъарӕн ис, проприоцепци, зӕгъгӕ, ӕмӕ фембары, йӕ буары уӕнгтӕй чи кӕцы ран ис ӕмӕ куыд кусынц, уый. Зӕгъӕм, уый фӕрцы нӕ бон у цъындцӕстӕй ӕмдзӕгъд кӕнын. Иу сылгоймагӕн уыцы ӕнкъарӕн нал куыста, ӕмӕ йӕ бон нал уыд лӕууын, цӕуын ӕмӕ суанг бадын дӕр.