Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи зонын цӕмӕн хъӕуы?

Библи зонын цӕмӕн хъӕуы?

Библийы цы фыст ис, уый зоныс? Библи куыд парахат у, афтӕ иу чиныг дӕр парахат никуы уыд. Ацы чиныг кӕсгӕйӕ алыхуызон адӕм ссарынц удӕнцой, ныфс сӕ бацӕуы ӕмӕ дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон сын царды ӕххуыс кӕнынц. Фӕлӕ абон бирӕтӕ нӕ зонынц, Библийы цы фыст ис, уый. Хуыцауыл ӕууӕндыс ӕви нӕ, уӕддӕр дӕ, ӕвӕццӕгӕн, базонын фӕнды, ацы чиныджы цӕй кой цӕуы, уый. Ацы брошюрӕйы фӕрцы фылдӕр базондзынӕ Библийы тыххӕй.

ЦАЛЫНМӔ Библи кӕсын нӕ райдайай, уӕдмӕ уал хорз уаид ацы чиныджы тыххӕй цалдӕр хъуыддаджы куы базонис. Зӕгъӕм, Библи ма хонынц Сыгъдӕг Фыстад дӕр. Ис дзы 66 чиныджы, фыццаг хуыйны Райдиан, фӕстаг та – Раргомад, кӕнӕ Апокалипсис.

Чи у Библийы автор? Уый хорз фарста у. Библи фыстой 40 адӕймаджы бӕрц 1 600 азӕй фылдӕр. Фӕлӕ уыцы адӕмӕй йӕхи Библийы авторыл ничи нымадта. Йӕ фысджытӕй иу загъта: «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй» (2 Тимофеймӕ 3:16). Иннӕ та ныффыста: «Йегъовӕйы тых дзырдта мӕн уылты, ӕмӕ йӕ ныхас уыди ме ’взагыл» (2 Самуилы 23:2). Уӕдӕ бӕрӕг у, Библи чи фыста, уыдон йӕ авторыл Дунесфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕйы кӕй нымадтой. Фыстад куыд дзуры, афтӕмӕй Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм хуыздӕр зоной.

Цы ма хъӕуы Библийы тыххӕй зонын? Райдианӕй кӕронмӕ дзы ис иу ахсджиаг хъуыды: Хуыцау йӕ уӕларвон Паддзахады фӕрцы сбӕлвырд кӕндзӕн, Дун-дунейы Хицау уа, уый бар ын кӕй ис, уый. Ацы брошюрӕ кӕсгӕйӕ фендзынӕ, уыцы ахсджиаг хабар ӕнӕхъӕн Библийы дӕр куыд ирдӕй зыны, уый.

Уӕдӕ ӕркӕсӕм, дунейы ӕппӕты зындгонддӕр чиныг Библийы цавӕр ахсджиаг хабар ис, уымӕ.

^ 9 абз. «Н. э.» нысан кӕны «нӕ эрӕ», «н. э. размӕ» та – «нӕ эрӕйы размӕ».