Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 СӔР

Сфӕлдисӕг адӕймаджы ӕрцӕрын кодта Дзӕнӕнты

Сфӕлдисӕг адӕймаджы ӕрцӕрын кодта Дзӕнӕнты

Хуыцау сфӕлдыста дун-дуне. Зӕххыл сфӕлдыста алцӕмӕй ӕххӕст нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы, ӕрцӕрын сӕ кодта рӕсугъд цӕхӕрадоны ӕмӕ сын радта фӕдзӕхстытӕ

«РАЙДИАНЫ Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх» (Райдиан 1:1). Адӕм цы чингуытӕ ныффыстой, уыдонӕй иуы дӕр ахӕм хуымӕтӕг, фӕлӕ диссаджы ныхӕстӕ не ’мбӕлынц. Ацы ныхӕстӕй нӕ Библи зонгӕ кӕны, Сыгъдӕг Фыстады сӕйраджыдӕр кӕй тыххӕй фыст ис, уыимӕ – Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕимӕ. Библийы фыццаг стих нын дзуры, Хуыцау кӕй сфӕлдыста дун-дуне ӕмӕ, мах цы зӕххыл цӕрӕм, уый дӕр. Стӕй нын ӕмбарын кӕны, цалдӕр «боны», ома бирӕ рӕстӕг, зӕхх кӕй цӕттӕ кодта цӕрынӕн ӕмӕ йыл диссаджы ӕрдз кӕй сфӕлдыста.

Хуыцау зӕххыл цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй ӕппӕты диссагдӕр у адӕймаг. Йегъовӕ Хуыцау ӕй сфӕлдыста йӕхимӕ гӕсгӕ, ома йӕхимӕ цы миниуджытӕ ис, уыдонӕй йӕ схайджын кодта, зӕгъӕм, уарзондзинад ӕмӕ зондӕй. Хуыцау адӕймаджы скодта сыджытӕй, радта йын ном Адам ӕмӕ йӕ ӕрцӕрын кодта дзӕнӕты – Едемы цӕхӕрадоны. Уыцы диссаджы рӕсугъд цӕхӕрадоны Хуыцау ӕрзайын кодта, дыргъ чи хӕссы, ахӕм бӕлӕстӕ.

Хуыцау ӕмбӕрста, Адамы ӕмбал кӕй хъӕуы. Йӕ фӕрсчытӕй йын иу систа ӕмӕ дзы сылгоймаджы скодта. Стӕй йӕм ӕй ӕрбакодта ӕмӕ сын сӕ цард баиу кодта. Уый фӕстӕ йыл Адам сӕвӕрдта ном Евӕ. Адам ныццин кодта ӕмӕ загъта: «Ай у стӕг ме стӕгӕй, ӕмӕ буар мӕ буарӕй». Хуыцау загъта: «Уый тыххӕй адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар» (Райдиан 2:22–24; 3:20).

Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн радта дыууӕ фӕдзӕхсты. Фыццаг: хъуамӕ зӕхмӕ зылдаиккой, сӕ хъус ӕм дардтаиккой, цот уагътаиккой ӕмӕ зӕххыл сбирӕ уыдаиккой. Дыккаг: хъуамӕ ӕнӕхъӕн цӕхӕрадоны ӕрмӕстдӕр иу бӕласы дыргъӕй ма бахордтаиккой, «хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй» (Райдиан 2:17). Куы нӕ йӕм байхъуыстаиккой, уӕд амардаиккой. Уыцы фӕдзӕхстытӕ сын Хуыцау уый тыххӕй радта, цӕмӕй сӕ бон уыдаид равдисын, сӕ Хицауыл ӕй кӕй нымайынц. Сӕ коммӕгӕсдзинадӕй ма бӕрӕг уыдаид, кӕй йӕ уарзынц ӕмӕ дзы бузныг кӕй сты. Бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй хъуамӕ кастаиккой йӕ коммӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй хорздзинад йеддӕмӕ ницы зыдтой. Фыццаг дыууӕ адӕймаджы алцӕмӕй дӕр ӕххӕст уыдысты, иу хъӕндзинад дӕр сӕм нӕ уыд. Библийы кӕсӕм: «Хуыцау йӕ цӕст ахаста, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ууыл, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уыд тынг хорз» (Райдиан 1:31).

Райдианы чиныг, 1 ӕмӕ 2 сӕртӕ.