Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

7 СӔР

Хуыцау израилӕгты Египетӕй ссӕрибар кодта

Хуыцау израилӕгты Египетӕй ссӕрибар кодта

Йегъовӕ Египетыл алыхуызон бӕллӕхтӕ ӕруагъта ӕмӕ Моисей израилӕгты уырдыгӕй ракодта. Хуыцау Моисейы уылты Израилы адӕмӕн радта закъӕттӕ

БИРӔ азты дӕргъы израилӕгтӕ Египеты ӕнӕмӕтӕй цардысты ӕмӕ сбирӕ сты. Фӕлӕ дзы фӕзынд ног фараон ӕмӕ уый Иосифы нӕ зыдта. Уыцы ӕгъатыр фараон тынг тарсти, израилӕгтӕ бынтон куы сбирӕ уой, уымӕй ӕмӕ сӕ йӕхицӕн цагъартӕ сарӕзта. Стӕй бардзырд радта, цӕмӕй сын сӕ ноггуырд лӕппуты Нилы цӕугӕдоны ӕппӕрстаиккой. Фӕлӕ дзуттӕгтӕй иу хъӕбатыр сылгоймаг йӕ лӕппуйы мӕлӕтӕй бахызта. Чыргъӕды йӕ нывӕрдта ӕмӕ йӕ цӕугӕдоны был кӕрдӕджыты ’хсӕн сӕвӕрдта. Сывӕллоны ссардта фараоны чызг ӕмӕ йӕ йӕхицӕн ныууагъта. Сӕвӕрдта йыл ном Моисей. Лӕппу схъомыл фараоны хӕдзары.

Моисейыл 40 азы куы цыди, уӕд фыдбылызы бахауд: иу египетаг цӕстдарӕг израилаг цагъары куыд ӕфхӕры, уый куы федта, уӕд йӕ сӕрыл рахӕцыд. Уый фӕстӕ Моисейы бахъуыд дард бӕстӕм алидзын. 80 азы йыл куы цыд, уӕд ӕй Йегъовӕ Египеты фараонмӕ арвыста, цӕмӕй йын йӕ адӕмы ссӕрибар кодтаид.

Фараон не сразы. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Египетыл дӕс бӕллӕхы ӕруагъта. Алы бӕллӕхы размӕ дӕр-иу Моисей фараоны рагацау бафӕдзӕхста, цӕмӕй Египет фыдбылызӕй бахызтаид. Фӕлӕ та-иу фараон йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ-иу нӕ байхъуыста Моисеймӕ ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцаумӕ. Фӕстаг бӕллӕхы египетӕгты фыццаггуырд сывӕллӕттӕ амардысты. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ чи байхъуыста ӕмӕ нывондӕн уӕрыкк чи ’рхаста ӕмӕ йын йӕ тугӕй хӕдзары дуарыл чи бапырх кодта, уыдоныл ницы ’рцыд. Хуыцауы зӕд уыцы хӕдзӕртты рӕзты ацыд ӕмӕ сын сӕ фыццаггуырдты нӕ амардта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ дзуттӕгтӕ алы аз дӕр бӕрӕг кодтой, диссаджы хуызы цы бон аирвӕзтысты, уый. Уыцы бӕрӕгбон схуыдтой Куадзӕн.

Фараонӕн дӕр йӕ хистӕр лӕппу амард, ӕмӕ Моисейӕн ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй Египетӕй ацыдаиккой. Уыдон дӕр уайтагъд сӕхи ацӕттӕ кодтой ӕмӕ рацыдысты. Фӕлӕ фараон фӕфӕсмон кодта, кӕй сӕ ауагъта, ууыл. Сӕ фӕстӕ сын арвыста стыр ӕфсад ӕмӕ бӕхуӕрдӕттӕ. Израилӕгтӕ Сырх денджызмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сӕм афтӕ фӕкаст, цыма къӕппӕджы бахаудысты. Йегъовӕ Сырх денджызы дӕттӕ фӕдих кодта ӕмӕ йӕ адӕм, къултау цы дӕттӕ слӕууыдысты, уыдоны ’хсӕн иннӕ фарсмӕ ахызтысты! Египетӕгтӕ сӕ фӕстейӕ куы асырдтой, уӕд Хуыцау дӕттӕ фӕстӕмӕ ӕркалдта, ӕмӕ фараон йе ’фсадимӕ фӕдӕлдон.

Фӕстӕдӕр израилӕгтӕ Синайы хохрӕбын куы ӕрбынат кодтой, уӕд Йегъовӕ семӕ бадзырд сарӕзта. Йегъовӕ сын Моисейы уылты радта закъӕттӕ, цӕмӕй сӕ цард уыдонмӕ гӕсгӕ арӕзтаиккой ӕмӕ сӕхи алыхуызон бӕллӕхтӕй бахызтаиккой. Израилӕгтӕ Йегъовӕмӕ куы хъуыстаиккой, уӕд сын ӕххуыс кодтаид ӕмӕ уыдоны уылты иннӕ адӕмтӕн дӕр раарфӕ кодтаид.

Фӕлӕ дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр Хуыцауыл иузӕрдион нӕ уыдысты ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ риссын кодтой. Уӕд Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдыры 40 азы рахау-бахау кодтаиккой. Уый фӕстӕ Моисей йӕхи бӕсты разамонӕгӕй сӕвӕрдта Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг Йесо Навины. Ӕппынфӕстаг израилӕгтӕ бахӕццӕ сты, Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕхмӕ.

Рацыд; Левит; Нымӕцтӕ; Дыккаг закъон; Псалом 136:10–15; Хъуыддӕгтӕ 7:17–36.