Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9 СӔР

Израилӕгтӕ сӕхицӕн паддзах ӕрдомдтой

Израилӕгтӕ сӕхицӕн паддзах ӕрдомдтой

Израилы фыццаг паддзах Саул хивӕнд разынд. Йӕ фӕстӕ паддзах сси Давид. Хуыцау йемӕ бадзырд скодта, ӕнустӕм чи уыдзӕн, уыцы паддзахады тыххӕй

САМСОНЫ фӕстӕ израилӕгтӕн сӕ пехуымпар ӕмӕ сӕ тӕрхонгӕнӕг уыди Самуил. Адӕм ын загътой, цӕмӕй сын иннӕ адӕмтау паддзах сӕвӕра. Ахӕм фӕнд сӕм кӕй фӕзынд, уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, фӕлӕ уӕддӕр Самуилӕн загъта, цӕмӕй сӕм байхъуса. Хуыцау паддзахӕй равзӕрста сӕрныллӕг адӕймаг Саулы. Фӕлӕ Саул сси сӕрбӕрзонд ӕмӕ хивӕнд. Хуыцау Самуилӕн загъта, цӕмӕй ӕндӕр паддзах сӕвӕрдтаид. Уый уыди ӕрыгон лӕппу Давид. Фӕлӕ цалынмӕ Давид паддзахбадӕныл ӕрбадт, уӕдмӕ рацыд бирӕ азтӕ.

Давид нырма хӕрзӕрыгон уыд, афтӕмӕй ацыд, Саулы ӕфсад кӕм лӕууыд, уырдӕм йе ’фсымӕрты бабӕрӕг кӕнынмӕ. Ӕфсӕддонты тас бацыд, уымӕн ӕмӕ сын се знӕгтӕй иу, уӕйыгарӕзт лӕг Голиаф, сӕхицӕй дӕр ӕмӕ сӕ Хуыцауӕй дӕр хынджылӕг кодта. Давид уыдӕттӕ куы федта, уӕд йӕ маст рафыхт ӕмӕ паддзахӕн загъта, ӕз йемӕ схӕцдзынӕн, зӕгъгӕ. Йӕ къухы дурӕхсӕн ӕмӕ цалдӕр дуры йеддӕмӕ ницы уыд, афтӕмӕй рацыд ӕртӕ метры дӕргъӕн лӕджы ныхмӕ. Голиаф дзы хынджылӕг кӕнын куы райдыдта, уӕд ын Давид загъта: «Ды мӕ ныхмӕ хӕцӕнгарзимӕ рацыдтӕ, ӕз та дӕ ныхмӕ цӕуын мӕ Хуыцау Йегъовӕйы номимӕ!» Давид Голиафы иу гыццыл дурӕй амардта, стӕй йын йӕхи хъамайӕ йӕ сӕр ахауын кодта. Ӕмӕ уӕд филистимӕгты ӕфсад лидзӕг фӕци.

Саулы дисы бафтыдта Давиды хъӕбатырдзинад ӕмӕ йӕ йе ’фсады сӕргъы сӕвӕрдта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Саул Давидмӕ хӕлӕг кӕнын райдыдта. Давиды бирӕ азты дӕргъы бахъуыд рамбӕхс-бамбӕхс кӕнын, цӕмӕй йӕ цард бахъахъхъӕдтаид. Кӕд ӕй Саул марынмӕ хъавыд, уӕддӕр Давид йӕ ныхмӕ никуы рацыд, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, Йегъовӕ йӕ кӕй сӕвӕрдта паддзахӕй. Фӕстагмӕ Саул тохы быдыры фӕмард. Уый фӕстӕ Давид сси паддзах, Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ.

«Ӕз ын йӕ паддзахбадӕн сфидар кӕндзынӕн ӕнустӕм» (2 Самуилы 7:13)

Давиды тынг фӕндыд Йегъовӕйы номыл кувӕндон саразын. Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта, кувӕндон йӕ байзӕддаг кӕй сараздзӕн. Уый разынд йӕ фырт Соломон. Фӕлӕ Хуыцау Давидӕн уӕддӕр раарфӕ кодта – йемӕ сарӕзта диссаджы бадзырд. Зӕрдӕ йын бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгтӕ ӕнустӕм кӕй уыдзысты паддзӕхтӕ. Ӕппынфӕстаг йӕ хӕдзарвӕндагӕй фӕзынд, Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны зӕрдӕ цы Ирвӕзынгӕнӕгӕй, кӕнӕ Байзӕддагӕй, бавӕрдта, уый. Уый уыд Чырысти, Хуыцауы ’взӕрст лӕггадгӕнӕг. Йегъовӕ загъта, Чырыстийы кӕй сӕвӕрдзӕн, ӕнустӕм чи уыдзӕн, уыцы Паддзахады сӕргъы.

Давид тынг бузныг уыд Хуыцауӕй, уымӕ гӕсгӕ кувӕндон аразынӕн ӕрцӕттӕ кодта бирӕ ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин, стӕй цыдӕриддӕр хъуыди, уый. Давид ма Хуыцауы фӕндӕй ныффыста бирӕ кады зарджытӕ. Йӕ царды кӕрон загъта: «Йегъовӕйы тых дзырдта мӕн уылты, ӕмӕ йӕ ныхас уыди ме ’взагыл» (2 Самуилы 23:2).

1 Самуилы чиныг; 2 Самуилы чиныг; 1 Азфыст; Исайы 9:7; Матфейы 21:9; Лукайы 1:32; Иоанны 7:42.