Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

13 СӔР

Хорз ӕмӕ ӕвзӕр паддзӕхтӕ

Хорз ӕмӕ ӕвзӕр паддзӕхтӕ

Израилы паддзахад ныддихтӕ. Израилӕгтӕн бирӕ паддзӕхтӕ уыд, фӕлӕ сӕ фылдӕр Хуыцауыл иузӕрдион нӕ уыдысты. Вавилойнӕгтӕ Иерусалим ныппырх кодтой

ЙЕГЪОВӔ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ рауад: Соломон ын иузӕрдионӕй кӕй нал лӕггад кодта, уый тыххӕй Израил ныддихтӕ. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ровоам. Ӕгъатыр адӕймаг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ дзы Израилы дӕс мыггаджы фӕхицӕн сты ӕмӕ скодтой цӕгат паддзахад Израил. Иннӕ дыууӕ мыггаджы та иузӕрдион уыдысты, Давиды бинонтӕй Иерусалимы цы паддзах уыд, ууыл. Уыдон та скодтой хуссар паддзахад Иудӕ.

Ацы дыууӕ паддзахады ӕдзух змӕстытӕ уыди, сӕйраджыдӕр, сӕ паддзӕхтӕ хивӕнд кӕй уыдысты ӕмӕ Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ кастысты, уый тыххӕй. Цӕгат паддзахад Израилы уавӕр фыддӕр уыд, уымӕн ӕмӕ сӕ паддзахад куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ паддзӕхтӕ адӕмы мӕнгхуыцӕуттӕн кувын кодтой. Кӕд пехуымпартӕ Илиа ӕмӕ Елисей бирӕ диссӕгтӕ арӕзтой, суанг ма мӕрдты дӕр ӕгас кодтой, уӕддӕр Израилы адӕм сӕ фыдхъуыддӕгтӕ нӕ уагътой. Ӕппынфӕстаг сӕ Хуыцау сӕхи бар ныууагъта, ӕмӕ Ассири цӕгат паддзахад ныппырх кодта.

Иудӕйы паддзахад ма уый фӕстӕ иу ӕнусӕй гыццыл фылдӕр ахаста, фӕлӕ уый дӕр Хуыцауы фыдӕх баййӕфта. Ӕрмӕстдӕр цалдӕр паддзахы байхъуыстой Хуыцауы пехуымпарты фӕдзӕхстытӕм ӕмӕ бацархайдтой, цӕмӕй та адӕм Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккой. Зӕгъӕм, паддзах Иоси бацархайдта, цӕмӕй Иудӕйы адӕм мӕнгхуыцӕуттӕн мауал куывтаиккой ӕмӕ Йегъовӕйы кувӕндон бацалцӕг кодта. Хуыцау Моисейы уылты цы Закъон радта, уый куы ссардтой ӕмӕ йӕ Иосийӕн куы бакастысты, уӕд ӕм йӕ ныхӕстӕ афтӕ тынг бахъардтой, ӕмӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй райдыдта мӕнг дины ныхмӕ тох кӕнын.

Фӕлӕ Иосийы фӕстӕ цы паддзӕхтӕ уыд, уыдон ӕндӕр зондыл хӕст уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй Вавилон Иудӕйы паддзахадмӕ бабырстаид ӕмӕ Иерусалим ӕмӕ кувӕндон ныппырх кодтаид. Удӕгасӕй ма чи баззад, уыдоны та Вавилонмӕ уацары акодтой. Хуыцау загъта, уацары кӕй фӕуыдзысты 70 азы. Ӕппӕт уыцы рӕстӕг Иудӕйы цӕрӕг нӕ уыд, цалынмӕ, куыд загъд уыд, афтӕ дзуттӕгтӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ не ’рыздӕхтысты, уӕдмӕ.

Цалынмӕ зӕрдӕвӕрд Ирвӕзынгӕнӕг Чырысти бартӕ йӕ къухмӕ нӕ райста, уӕдмӕ Давиды байзӕддӕгтӕй паддзах ничиуал уыд. Давиды фӕстӕ Иерусалимы цы паддзӕхтӕ уыд, уыдонӕн сӕ фылдӕры хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон кӕй нӕу иннӕтӕн разамынд дӕттын. Уый ӕрмӕстдӕр Чырыстийы бон у. Йегъовӕ Чырыстийы тыххӕй загъта: «Иаковы хӕдзарвӕндагӕн ӕнустӕм уыдзӕн паддзах, ӕмӕ йӕ паддзахадӕн кӕрон никуы ’рцӕудзӕн» (Лукайы 1:33).

1 Паддзӕхты чиныг; 2 Паддзӕхты чиныг; 2 Азфыст 10–36 сӕртӕ; Йереми 25:8–11.