Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

18 СӔР

Чырысти арӕзта диссӕгтӕ

Чырысти арӕзта диссӕгтӕ

Чырысти диссӕгтӕ кӕй арӕзта, уымӕй бӕрӕг у, Паддзах куы суа, уӕд стыр хъуыддӕгтӕ кӕй араздзӕн

ХУЫЦАУ Чырыстийӕн иннӕ адӕмӕй уӕлдай радта тых, цӕмӕй стыр хъуыддӕгтӕ араза. Арӕх Чырысти диссӕгтӕ арӕзта тынг бирӕ адӕмы раз. Уыцы диссӕгтӕй бӕрӕг уыд, йе знӕгтӕй тыхджындӕр кӕй у ӕмӕ, ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бар цы хъуыддӕгтыл нӕ цӕуы, уыдонӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.

Ӕххормаг ничиуал уыдзӕн. Иухатт Чырысти донӕй сӕн сарӕзта – уый уыди йӕ фыццаг диссаг. Дыууӕ хатты та мингай адӕмы бафсӕста цалдӕр дзулӕй ӕмӕ цалдӕр кӕсагӕй, ӕмӕ хӕринаг алкӕмӕн дӕр фагӕй фылдӕр уыди.

Рынчын ничиуал кӕндзӕн. Чырысти дзӕбӕх кодта рынчынты ӕмӕ ’нӕфӕразгӕты (Матфейы 4:23). Дзӕбӕх кодта куырмыты, къуырматы, къуылыхты, хъотырджынты ӕмӕ суртӕ чи кодта, уыдоны. Цы низ нӕ дзӕбӕх кодта, ахӕм нӕ уыд.

Ӕрдзон бӕллӕхтӕ нал уыдзӕн. Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бӕлӕгъыл Галилейы денджызы куы ленк кодта, уӕд ӕвиппайды тыхджын дымгӕ сыстад ӕмӕ йӕ апостолтӕ тынг фӕтарстысты. Йесо та дымгӕйӕн загъта: «Банцай! Ныссабыр у!» Ӕмӕ дымгӕ ӕцӕгдӕр банцад, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр (Марчы 4:37–39). Иухатт та абухгӕ денджызыл цыди, зӕххыл куыд фӕцӕуынц, афтӕ (Матфейы 14:24–33).

Хӕйрӕджытӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Ацы фыдгӕнӕг тыхтӕ адӕмӕй бирӕ тыхджындӕр сты. Уыдон сты Хуыцауы знӕгтӕ ӕмӕ ӕнцой кӕмӕн нӕ дӕттынц, уыцы адӕмӕн сӕ бон нӕу, цӕмӕй сӕ сӕхи хъаруйӕ фервӕзой. Фӕлӕ-иу сын Чырысти куы загъта, цӕмӕй хъизӕмарӕй кӕй мардтой, уыдоны ныууадзой, уӕд-иу сӕ уайтагъд ныууагътой. Чырысти сӕ ӕппындӕр нӕ тарсти, фӕлӕ уыдон та зыдтой, цы бартӕ йын ис, уый ӕмӕ дзы фыртӕссӕй рызтысты.

Мӕлӕт нал уыдзӕн. Библи мӕлӕт хоны «фӕстаг знаг», ӕмӕ иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон йӕ ныхмӕ фӕлӕууын нӕу (1 Коринфӕгтӕм 15:26). Фӕлӕ Чырысти ӕгас кодта мӕрдты. Иухатт райгас кодта идӕдз сылгоймаджы лӕппуйы, ӕндӕр хатт та – гыццыл чызджы. Ноджы диссагдӕр та уыд, Йесо йӕ зӕрдиаг ӕмбал Лазӕры мӕрддзыгой адӕмы раз кӕй райгас кодта, уый, кӕд ӕмӕ цыппар боны мард уыди. Суанг Чырыстийы знӕгтӕ дӕр зыдтой, уыцы хабар ӕцӕг кӕй уыд (Иоанны 11:38–48; 12:9–11).

Чырысти кӕмӕн баххуыс кодта, уыцы адӕм фӕстӕдӕр амардысты. Ӕмӕ уӕд уыцы диссӕгтӕ цӕмӕн арӕзта? Уый дзӕгъӕлы нӕ уыд. Уыцы диссӕгтӕй бӕрӕг уыд, Паддзах куы уа, уӕд зӕххыл цавӕр цард скӕндзӕн, уый тыххӕй пехуымпартӕ цы дзырдтой, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Фидарӕй зӕгъӕн ис, Хуыцауы ӕвӕрд Паддзах кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕххормагдзинадӕн, низтӕн, ӕрдзон бӕллӕхтӕн, хӕйрӕджытӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн. Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд равдыста, Хуыцауы хъаруйы фӕрцы ӕппӕт уыдӕттыл йӕ бар кӕй цӕуы.

Матфейы, Марчы, Лукайы ӕмӕ Иоанны чингуытӕ.