Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

20 СӔР

Йесо Чырыстийы амардтой

Йесо Чырыстийы амардтой

Чырысти бындур ӕрӕвӕрдта ног бӕрӕгбонӕн; йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй йӕ иу ауӕй кодта, стӕй йӕ хъӕдыл байтыгътой

ЧЫРЫСТИ ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг адӕмӕн хорз хабар хъусын кодта ӕмӕ сӕ ахуыр кодта. Йесо зыдта, тагъд ӕй кӕй амардзысты. Дзуттаг дины разамонджытӕ сусӕгвӕнд скодтой, цӕмӕй йӕ амарой, фӕлӕ тарстысты, адӕм куы сызмӕнтой, уымӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ уыдон пехуымпарыл нымадтой. Уӕдмӕ Хӕйрӕг 12 апостолӕй сӕ иуы, Иудӕ Искариоты, зӕрдӕйы сӕвӕрдта Чырыстийы ауӕй кӕныны хъуыды. Уый тыххӕй дины разамонджытӕ Иудӕйӕн радтой 30 ӕвзист ӕхцайы.

Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ ’хсӕв ӕрӕмбырд кодта йӕ апостолты, цӕмӕй семӕ Куадзӕн сбӕрӕг кодтаид. Иудӕ Искариоты куы арвыста, уӕд сын загъта, амӕй фӕстӕмӕ кӕй бӕрӕг кӕндзысты Хицауы Ӕхсӕвӕр, кӕнӕ йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр. Йесо райста дзул, скуывта ӕмӕ йӕ алӕвӕрдта йӕ 11 иузӕрдион апостолмӕ ӕмӕ загъта: «Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар – уый лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сымах тыххӕй. Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй». Уый фӕстӕ сӕм алӕвӕрдта сӕны къус дӕр ӕмӕ загъта: «Ацы сӕны къус нысан кӕны ног бадзырд – уый фидаргонд цӕуы, сымах тыххӕй чи ныккӕлдзӕн, мӕ уыцы тугӕй» (Лукайы 22:19, 20).

Уыцы ӕхсӕв Чырысти бирӕ цыдӕртӕ радзырдта йӕ апостолтӕн. Радта сын ног закъон: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уе ’хсӕн уарзондзинад куы уа» (Иоанны 13:34, 35). Стӕй сын загъта, цӕмӕй ӕгӕр ма тыхстаиккой, тагъд цы уӕззау хабӕрттӕ хъуамӕ ӕрцыдаид, уыдон уынгӕйӕ ӕмӕ Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй скуывта, цӕмӕй сӕ бафидар кодтаид. Уый фӕстӕ иумӕ Хуыцауӕн азарыдысты кады зарджытӕ ӕмӕ ацыдысты Гефсиманы дыргъдонмӕ.

Уым Йесо йӕ уӕрджытыл ӕрлӕууыд ӕмӕ Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй скуывта. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ӕфсӕддонтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ дуне адӕм ӕрбацыдысты, цӕмӕй йӕ ӕрцахстаиккой. Иудӕ Искариот ӕм бацыд ӕмӕ йын апъа кодта, цӕмӕй сын равдыстаид, Чырысти сӕ кӕцы у, уый. Йесойы куы ’рцахстой, уӕд апостолтӕ алыгъдысты.

Йесо дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондоны раз куы ’рлӕууыд, уӕд загъта, Хуыцауы Фырт кӕй у. Тӕрхонгӕнджытӕ уый банымадтой Хуыцауы фауӕн ныхасыл ӕмӕ йын мӕлӕты тӕрхон рахастой. Уый фӕстӕ йӕ акодтой ромаг хицау Понти Пилатмӕ. Кӕд ӕм ницы аххос ссардта, уӕддӕр ӕй радта, амарут ӕй, зӕгъгӕ, чи хъӕр кодта, уыцы адӕмы къухмӕ.

Чырыстийы акодтой Голгофӕмӕ, ӕмӕ йӕ уым ромаг ӕфсӕддонтӕ зӕгӕлтӕй хъӕдмӕ ныххуыдтой. Ӕвиппайды бонсихорафон бӕстӕ баталынг. Фӕссихор Йесо куы амард, уӕд уыд стыр зӕххӕнкъуыст. Йӕ мард ын бавӕрдтой къӕдзӕхы къахт зӕппадзы. Иннӕ бон сауджынтӕ, зӕппадзмӕ бахизӕны цы дур ӕвӕрд уыд, ууыл мыхуыр сӕвӕрдтой ӕмӕ дзы хъахъхъӕнджыты слӕууын кодтой. Цымӕ Чырысти зӕппадзы баззад? Нӕ баззад, ӕрцыд стыр диссаг.

Матфейы 26 ӕмӕ 27 сӕртӕ; Марчы 14 ӕмӕ 15 сӕртӕ; Лукайы 22 ӕмӕ 23 сӕртӕ; Иоанны 12–19 сӕртӕ.