Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

21 СӔР

Чырысти райгас!

Чырысти райгас!

Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕзынд, цӕмӕй сын уынаффӕтӕ радтаид ӕмӕ сӕ бафидар кодтаид

ЧЫРЫСТИ куы амард, уымӕй ӕртӕ боны фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй цалдӕр сылгоймаджы зӕппадзмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ федтой, йӕ бахизӕны дур кӕй нал уыд, мидӕгӕй та – афтид!

Уӕд сӕм фӕзынд дыууӕ зӕды. Ӕмӕ сӕ иу загъта: «Назаретаг Йесойы агурут»? «Ам нӕй – райгас» (Марчы 16:6). Сылгоймӕгтӕ уый куыддӕр фехъуыстой, афтӕ азгъордтой, цӕмӕй хабар апостолтӕн радзырдтаиккой. Фӕндагыл сыл Йесо фембӕлд ӕмӕ сын загъта: «Ма тӕрсут! Цӕут ӕмӕ ме ’фсымӕртӕн фӕхабар кӕнут, цӕмӕй Галилеймӕ ацӕуой. Уым мӕ фендзысты» (Матфейы 28:10).

Уыцы бон фӕстӕдӕр Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйӕ фӕцӕйцыдысты Иерусалимӕй иу хъӕумӕ, Еммаус, зӕгъгӕ. Фӕндагыл сӕм иу адӕймаг ӕрбаиу ӕмӕ сӕ бафарста, цӕуыл ныхас кӕнынц, уымӕй. Уый уыди Чырысти, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ базыдтой. Ӕнкъардӕй йын загътой, Йесойы тыххӕй кӕй ныхас кӕнынц. Уӕд сын уыцы адӕймаг райдыдта ӕмбарын кӕнын, Чырыстийы тыххӕй Сыгъдӕг Фыстады цы фыст ис, уыдӕттӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Чырыстийы тыххӕй дзы цы пехуымпарӕдтӕ уыд, уыдон лыстӕг хабӕртты онг сӕххӕст сты. Уыцы дыууӕ ахуыргӕнинаджы куы бамбӕрстой, семӕ чи ныхас кодта, уый Йесо кӕй у ӕмӕ кӕй райгас, уӕд Чырысти фӕцыдӕр.

Уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ уайтагъд фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ раздӕхтысты. Апостолты баййӕфтой ӕмбырдӕй иу хӕдзары, сӕ дуар ӕхгӕд, афтӕмӕй. Цы сыл ӕрцыди, уый тыххӕй сын куыд дзырдтой, афтӕ Чырысти се ’хсӕн февзӕрд. Апостолты дисӕн кӕрон нал уыд ӕмӕ сӕ цӕстытыл нӕ баууӕндыдысты. Йесо сӕ бафарста: «Цӕмӕй фӕтарстыстут ӕмӕ дызӕрдыг кӕнын цӕмӕн райдыдтат?... Афтӕ фыст у, зӕгъгӕ, Чырысти фӕхъизӕмар кӕндзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдзӕн» (Лукайы 24:38, 46).

Чырысти йӕ райгасы фӕстӕ 40 боны дӕргъы алыхуызон уавӕрты фӕзынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм. Иухатт фӕзынд 500 адӕймагӕй фылдӕрмӕ! Ӕвӕццӕгӕн сын уӕд бахӕс кодта иу ахсджиаг хъуыддаг: «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ... Ӕмӕ сын амонут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ куыд ӕххӕст кӕной. Ӕмӕ цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матфейы 28:19, 20).

Йесо йӕ 11 иузӕрдион апостолимӕ фӕстаг хатт куы фембӕлд, уӕд сын зӕрдӕ бавӕрдта: «Сымах райсдзыстут тых, сыгъдӕг уд уыл куы ’рцӕуа, уӕд, ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 1:8). Уый фӕстӕ Чырысти уӕлӕрвтӕм ссыд ӕмӕ куыд уӕлдӕр кодта, афтӕ сӕм мигътӕй нал зынд.

Матфейы 28 сӕр; Марчы 16 сӕр; Лукайы 24 сӕр; Иоанны 20 ӕмӕ 21 сӕртӕ; 1 Коринфӕгтӕм 15:5, 6.