Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 ХАЙ

Чи у ӕцӕг Хуыцау?

Чи у ӕцӕг Хуыцау?

Ис ӕрмӕстдӕр иунӕг ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ йӕ ном у Йегъовӕ (Псалом 83:18). Хуыцау цӕры уӕлӕрвты, ӕмӕ йӕ цӕстӕй фенӕн нӕй. Хуыцау мах бирӕ уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ мах дӕр уарзӕм. Фӕнды ма йӕ, цӕмӕй иннӕ адӕмы дӕр уарзӕм (Матфейы 22:35–40). Йегъовӕ у Дунесфӕлдисӕг Хуыцау.

Хуыцау ӕппӕты фыццаг сфӕлдыста иу тыхджын зӕды. Уыцы зӕд зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд ӕй хуыдтой Йесо Чырысти. Йегъовӕ ма сфӕлдыста ӕндӕр зӕдты дӕр.

Йегъовӕ сфӕлдыста, уӕлӕрвты цы ис... ӕмӕ зӕххыл цы ис, уый (Раргомад 4:11).

Йегъовӕ Хуыцау сфӕлдыста стъалытӕ, зӕхх ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уый (Райдиан 1:1).

Хуыцау фыццаг адӕймаг Адамы скодта сыджытӕй (Райдиан 2:7).