Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 ХАЙ

Доны хъаймӕт. Чи байхъуыста? Ӕмӕ чи нӕ байхъуыста?

Доны хъаймӕт. Чи байхъуыста? Ӕмӕ чи нӕ байхъуыста?

Нойы рӕстӕг адӕмӕн сӕ фылдӕр кодтой ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ (Райдиан 6:5).

Адам ӕмӕ Евӕйӕн зӕнӕг рацыд, ӕмӕ адӕм зӕххыл сбирӕ сты. Цасдӕры фӕстӕ зӕдтӕй чидӕртӕ Хӕйрӕгмӕ ӕрбаиу сты.

Уыцы зӕдтӕ зӕхмӕ ӕрцыдысты, ӕмӕ адӕймаджы буӕрттӕ райстой, цӕмӕй устытӕ куырдтаиккой. Сӕ устытӕн гуырди ӕнахуыр сывӕллӕттӕ, лӕппутӕ. Уыдон уыдысты тыхджын ӕмӕ ӕгъатыр.

Зӕхх байдзаг ӕвзӕр адӕмӕй. Библи зӕгъы: «Зӕххыл адӕм бынысӕфт... фесты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ иууылдӕр... уыдысты ӕрмӕст ӕвзӕрдзинадыл».

Ной Хуыцаумӕ байхъуыста, ӕмӕ нау сарӕзта (Райдиан 6:13, 14, 18, 19, 22).

Ной уыди хорз адӕймаг. Йегъовӕ йын загъта, кӕй йӕ фӕнды зӕххыл Доны хъаймӕт рауадзын, ӕмӕ ӕвзӕр адӕмы фесафын.

Хуыцау ма Нойӕн загъта, цӕмӕй стыр нау, кӕнӕ ковчег, сараза, ӕмӕ йӕ бинонты ӕмӕ алыхуызон цӕрӕгойты уырдӕм бакӕна.

Ной адӕмы фӕдзӕхста Доны хъаймӕты тыххӕй, фӕлӕ йӕм нӕ хъуыстой. Иутӕ йыл худгӕ кодтой, иннӕтӕ та дзы сӕ удхӕссӕг уыдтой.

Ной нау арӕзт куы фӕци, уӕд цӕрӕгойты мидӕмӕ бакодта.