Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6 ХАЙ

Доны хъаймӕт нын цӕуыл дзурӕг у?

Доны хъаймӕт нын цӕуыл дзурӕг у?

Хуыцау фыдадӕмы фесӕфта, Нойы та ӕд бинонтӕ фервӕзын кодта (Райдиан 7:11, 12, 23).

Къӕвда фӕуарыд 40 боны ӕмӕ 40 ӕхсӕвы, ӕмӕ зӕхх иууылдӕр доны бын фӕци. Ӕвзӕр адӕм иууылдӕр амардысты.

Ӕвзӕр зӕдтӕ сӕ зӕххон буӕрттӕ ныууагътой, фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм аздӕхтысты ӕмӕ систы дӕлимонтӕ.

Науы чи уыди, уыдон фервӕзтысты. Ӕппынфӕстаг Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ амардысты, фӕлӕ сӕ Хуыцау райгас кӕндзӕн, ӕмӕ сын уыдзӕн ӕнустӕм цӕрыны ныфс.

Хуыцау фыдадӕмы фесафдзӕн, хорз адӕмы фервӕзын кӕндзӕн (Матфейы 24:37–39).

Абон дӕр Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ адӕмыл хинӕй цӕуынц.

Нойы рӕстӕджы куыд уыд, афтӕ абон дӕр бирӕтӕ нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау Йегъовӕйы ницӕмӕ дарынц. Тагъд Йегъовӕ фыдадӕмы се ’ппӕты дӕр фесафдзӕн (2 Петры 2:5, 6).

Бирӕтӕ сты Нойы хуызӕн. Уыдон хъусынц Хуыцаумӕ ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынц. Уыцы адӕм сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.