Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

8 ХАЙ

Чырыстийы мӕлӕт дын цы пайда хӕссы?

Чырыстийы мӕлӕт дын цы пайда хӕссы?

Йесойы мӕлӕты фӕрцы нӕ бон у ӕнустӕм цӕрын (Иоанны 3:16).

Йесойы мӕлӕтӕй ӕртӕ бон куы рацыди, уӕд цалдӕр сылгоймаджы йӕ зӕппадзмӕ ацыдысты, фӕлӕ зӕппадз уыди афтид. Йегъовӕ йӕ райгас кодта.

Фӕстӕдӕр Чырысти фӕзынд йе ’мбӕлттӕм, йӕ апостолтӕм.

Йегъовӕ Чырыстийӕн радта ног буар, зӕды буар, цӕстӕй йӕ фенӕн нӕй. Уый уӕлӕрвтӕм куы цыд, уӕд ӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ федтой.

Хуыцау Йесойы райгас кодта ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта Паддзахӕй (Данел 7:13, 14).

Чырысти йӕ цард нывондӕн ӕрхаста ӕппӕт адӕмы тыххӕй дӕр (Матфейы 20:28). Уыцы нывонды фӕрцы нӕ Хуыцау схайджын кӕндзӕн ӕнусон цардӕй.

Йегъовӕ Йесойы сӕвӕрдта Паддзахӕй, цӕмӕй зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн разамынд дӕтта. Йемӕ уыдзысты 144 000 иузӕрдион адӕймаджы. Хуыцау сӕ скодта уӕларвон царды аккаг. Чырысти ӕмӕ 144 000 уыдзысты Хуыцауы Паддзахады, уӕларвон хицауады, паддзӕхтӕ (Раргомад 14:1–3).

Хуыцауы Паддзахад зӕххыл скӕндзӕн дзӕнӕт. Хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ, мӕгуырдзинад ӕмӕ ӕххормагдзинад нал уыдзӕн. Адӕм уыдзысты амондджын (Псалом 145:16).