Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис?

Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис?

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй зӕххыл ӕнустӕм фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрӕм!

Чи зоны, хъуыды кӕныс, уый гӕнӕн куыд ис, зӕгъгӕ. Библийы фыст ис, уый Хуыцауы Паддзахад кӕй сараздзӕн. Хуыцауы фӕндон уый мидӕг ис, цӕмӕй алчидӕр базона, уыцы Паддзахад цы у ӕмӕ адӕмӕн цы диссаджы фидӕн ӕрцӕттӕ кодта, уый тыххӕй (Псалом 37:11, 29; Исай 9:7).

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нын хорз уа.

Уарзӕгой фыды йӕ сывӕллоны хорз куыд фӕнды, афтӕ нӕ уӕларвон Фыды дӕр фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм амондджынӕй цӕрӕм (Исай 48:17, 18). Библийы фыст ис: «Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый... цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоанны 2:17).

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕндӕгтыл цӕуӕм.

Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй нын не Сфӕлдисӕг «йӕ фӕндӕгтӕ» амоны ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй сыл цӕуӕм (Исай 2:2, 3). Хуыцау йӕхицӕн равзӕрста, «йӕ ном ын чи хӕссы, ахӕм адӕм». Уыдон ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕнынц, йӕ фӕндон цӕй мидӕг ис, уый (Хъуыддӕгтӕ 15:14).

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын иумӕ кувӕм.

Иунӕг ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн чи кувы, уыдон хицӕн къордтыл дихтӕ не сты, фӕлӕ се ’хсӕн ис ӕцӕг уарзондзинад ӕмӕ иудзинад (Иоанны 13:35). Хуыцауӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнӕн куыд ис, уый абон ӕгас зӕххыл дӕр адӕмӕн чи ӕмбарын кӕны? Уый базондзынӕ ацы брошюрӕйы фӕрцы.