Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 СӔР

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр адӕм сты?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр адӕм сты?

Дани

Тайвань

Венесуэлӕ

Инди

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕй зоныс? Чи зоны дзы чидӕртӕ сты дӕ сыхӕгтӕ йе та де ’мкусджытӕ кӕнӕ демӕ ахуыр кӕнынц. Йе та дзы, чи зоны, чидӕртӕ демӕ ныхас кодтой Библийыл. Уӕдӕ бӕлвырдӕй чи стӕм? Стӕй, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй иннӕтӕн цӕмӕн дзурӕм?

Мах дӕр стӕм иннӕ адӕмы хуызӕн. Не ’хсӕн ис, алыхуызон бинонты ’хсӕн чи схъомыл ӕмӕ алыхуызон уавӕрты чи цӕры, ахӕм адӕймӕгтӕ. Бирӕтӕ нӕ раздӕр хӕст уыдысты ӕндӕр динтыл, кӕйдӕрты та Хуыцау бынтондӕр нӕ уырныдта. Фӕлӕ нӕ алчидӕр, цалынмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн не сси, уӕдмӕ цасдӕр рӕстӕг Библи лӕмбынӕг иртӕста (Хъуыддӕгтӕ 17:11). Афтӕмӕй нӕ алчидӕр бамбӕрста, Библийы цы фыст ис, уый рӕстдзинад кӕй у ӕмӕ уый фӕстӕ сфӕнд кодта Йегъовӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын.

Библи кӕй ахуыр кӕнӕм, уый нын хӕссы стыр пайда. Иннӕ адӕмау мах дӕр ӕмбӕлӕм алыхуызон зындзинӕдтыл, стӕй нӕ алкӕмӕ дӕр ис цыдӕр хъӕндзинӕдтӕ. Фӕлӕ мах алы хъуыддаджы дӕр архайӕм Библимӕ гӕсгӕ, ӕмӕ уый нӕ цардыл хуыздӕрырдӕм фӕзыны (Псалом 128:1, 2). Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй фӕнды, нӕхӕдӕг Библийӕ цы базыдтам, уый иннӕтӕн дӕр дзурын.

Нӕ цард аразӕм Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ. Библийы уынаффӕтӕм кӕй хъусӕм, уый фӕрцы нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ райы. Уымӕй уӕлдай ма иннӕтӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ семӕ стӕм хӕларзӕрдӕ, стӕй сайгӕ дӕр никӕй кӕнӕм. Хуыцауы закъӕтты фӕрцы ӕгъдауджын цард кӕнӕм ӕмӕ нӕ бинонтӕ кӕрӕдзийыл сты ӕнувыд. Стӕй адӕмӕн ӕвзӕрӕй ницы аразӕм, стӕм хорз кусджытӕ, хорз сыхӕгтӕ. Мах ӕй зонӕм, «Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, кӕцыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уӕм ӕмӕ кӕцыфӕнды бӕстӕйы ма цӕрӕм,– нӕ кӕрӕдзи нымайӕм иу бинонтыл, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотыл. Уӕдӕ кӕд хицӕнтӕй хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ стӕм, уӕддӕр ӕмткӕй райсгӕйӕ мах хуызӕн адӕм нӕй (Хъуыддӕгтӕ 4:13; 10:34, 35).

  • Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр иннӕ адӕмы хуызӕн сты?

  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ цард Библимӕ гӕсгӕ кӕй аразынц, уый сын цы пайда хӕссы?