Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 СӔР

Нӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн хонӕм?

Нӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн хонӕм?

Ной

Авраам ӕмӕ Саррӕ

Моисей

Йесо Чырысти

Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дин ӕрӕджы фӕзынди. Фӕлӕ 2 700 азы размӕ дӕр иунӕг ӕцӕг Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты хуыдта, «ме ’вдисӕнтӕ», зӕгъгӕ (Исай 43:10–12). Адӕм нӕ 1931 азы онг зыдтой Библииртасджытӕй. Ӕмӕ уӕдӕ нӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хонын цӕмӕн райдыдтам?

Уыцы ном ӕвдисы, нӕ Хуыцау чи у, уый. Рагон къухфыстытӕй куыд зыны, афтӕмӕй Хуыцауы ном Йегъовӕ Библийы ӕмбӕлы иу-7 000 хатты. Бирӕ тӕлмацты йын йӕ ном баивтой ахӕм дзырдтӕй, «Хицау», «Дунедарӕг» кӕнӕ «Хуыцау», зӕгъгӕ. Фӕлӕ ӕцӕг Хуыцау Моисеймӕ куы фӕзынд, уӕд ын раргом кодта йӕ ном, Йегъовӕ, ӕмӕ йын загъта: «Уыцы номӕй мӕ зондзысты фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ» (Рацыд 3:15). Ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, цыдӕриддӕр мӕнг хуыцӕуттӕ ис, уыдонимӕ йын иумӕйагӕй кӕй ницы ис. Мах сӕрыстыр стӕм, Хуыцауы сыгъдӕг ном кӕй хӕссӕм, уымӕй.

Уыцы номӕй бӕрӕг у, цы хъуыддаджы лӕуд стӕм, уый. Зӕххыл рагӕй фӕстӕмӕ дӕр уыди, Йегъовӕйыл чи ӕууӕндыд ӕмӕ йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕвдисӕн чи лӕууыд, ахӕм адӕймӕгтӕ. Библи сӕ хоны «ӕвдисӕнты... стыр мигъ». Уыдонӕй фыццаг уыд рӕстгӕнӕг Авел. Се ’хсӕн ма ноджыдӕр уыдысты Ной, Авраам ӕмӕ Саррӕ, Моисей, Давид ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр чидӕртӕ (Дзуттӕгтӕм 11:4–12:1, кӕс фиппаинаг). Ӕнаххос адӕймагӕн куы фӕтӕрхон кӕнынц, уӕд ӕвдисӕн йӕ сӕрыл куыд фӕдзуры, афтӕ мах дӕр иннӕтӕн дзурӕм, нӕ Хуыцау ӕцӕгӕй чи у, уый тыххӕй.

Афтӕмӕй фӕзмӕм Йесо Чырыстийы. Библи Йесойы хоны «иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн» (Раргомад 3:14). Йесо йӕхӕдӕг загъта, адӕмӕн Хуыцауы ном кӕй «раргом кодта» ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй ӕвдисӕн кӕй лӕууыд (Иоанны 17:26; 18:37). Уӕдӕ Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ дӕр хъуамӕ Йегъовӕйы ном хӕссой ӕмӕ йӕ адӕмӕн ӕргом кӕной. Раст афтӕ кӕнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

  • Библииртасджытӕ сӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хонын цӕмӕн райдыдтой?

  • Йегъовӕйӕн зӕххыл ӕвдисӕнтӕ кӕдӕй нырмӕ ис?

  • Йегъовӕйы сӕйраг Ӕвдисӕн чи у?