Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

7 СӔР

Не ’мбырдты цы вӕййы?

Не ’мбырдты цы вӕййы?

Ног Зеланди

Япони

Угандӕ

Литва

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ-иу се ’мбырдты иумӕ зарыдысты, Хуыцаумӕ куывтой, стӕй-иу Фыстад кастысты ӕмӕ-иу ыл ныхас кодтой (1 Коринфӕгтӕм 14:26). Ӕмӕ абон махӕн дӕр не ’мбырдты ахӕм ӕгъдау ис.

Цы нын амонынц, уый у Библийӕ ӕмӕ нын хӕссы пайда. Сабат кӕнӕ нын хуыцаубоны вӕййы дыууӕ хайӕ конд фембӕлд. Фыццаг уал байхъусӕм Библийыл арӕзт раныхасмӕ, вӕййы 30 минуты. Дзырд дзы фӕцӕуы, Библи нын царды куыд ӕххуыс кӕны йе та дзы нӕ рӕстӕджы тыххӕй цы фыст ис, ууыл. Раныхас кӕмӕн вӕййы, уый Библийӕ стихтӕ куы фӕкӕсы, уӕд алчидӕр уыцы стихтӕ йӕхи Библийы ссары. Уый фӕстӕ та сахаты дӕргъы вӕййы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр ӕмӕ дзы статья февзарӕм фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ. Ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон вӕййы йӕ хъуыдытӕ зӕгъын. Ӕрмӕгыл иумӕ кӕй фӕныхас кӕнӕм, уый фӕрцы хуыздӕр бамбарӕм, Библийы уынаффӕтӕй царды куыд ис пайда кӕнӕн. Ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ис 110 000 ӕмбырдӕй фылдӕр ӕмӕ дзы алкӕцыйы дӕр фӕахуыр кӕнынц уыцы иу ӕрмӕг.

Уым нын ӕххуыс кӕнынц Хуыцауы Ныхас хуыздӕр амонынӕн. Къуырийы мидӕг ма нын иу изӕр вӕййы ӕртӕ хайӕ конд фембӕлд, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад», зӕгъгӕ. Цы ӕрмӕг дзы ӕвзӕрст цӕудзӕн, уый алы мӕй дӕр фыст вӕййы уыцы фембӕлды «Кусӕн тетрады». Фембӕлды фыццаг хай хуыйны «Хуыцауы Ныхасы хӕзнатӕ» ӕмӕ нӕ базонгӕ кӕны, Библийӕ рагацау кӕй бакӕсӕм, уыцы сӕрты дзырд цӕуыл цӕуы, уыимӕ. Иннӕ хай хуыйны «Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕн» ӕмӕ дзы вӕййы равдыстытӕ, адӕмимӕ Библийыл куыд ныхас кӕнӕм, уый фӕдыл. Уынаффӕтӕ чи фӕдӕтты, уый нын нӕ хъус ӕрдары, хӕслӕвӕрдты цы бафиппайдта, уымӕ, цӕмӕй хорз кӕсын ӕмӕ адӕмимӕ арӕхстджынӕй ныхас кӕнын сахуыр уӕм (1 Тимофеймӕ 4:13). Фӕстаг хайы та, «Нӕ чырыстон цард», зӕгъгӕ, дзырд фӕцӕуы, Библийы уагӕвӕрдтӕй нӕ царды куыд пайда кӕнӕм, ууыл. Ӕрмӕг дзы февзарӕм фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ ӕмӕ уый фӕрцы, Библийы цы фыст ис, уый хуыздӕр бамбарӕм.

Не ’мбырдты Библийӕ цы базонӕм ӕмӕ цӕуыл сахуыр вӕййӕм, уый ницӕимӕ ис абарӕн. Ӕмӕ уый дӕхӕдӕг дӕр фендзынӕ, не ’мбырдтӕй искӕцымӕ куы ӕрбацӕуай, уӕд (Исай 54:13).

  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты цы вӕййы?

  • Алы къуыри дӕр нын цы фембӕлдтӕ вӕййы, уыдонӕй дӕ кӕцымӕ фӕнды ӕрбацӕуын?