Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12 СӔР

Хорз хабар куыд хъусын кӕнӕм?

Хорз хабар куыд хъусын кӕнӕм?

Испани

Беларусь

Гонконг

Перу

Йесо Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матфейы 24:14). Фӕлӕ хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр цӕй фӕрцы хъуамӕ апарахат уыдаид? Чырысти куыд хъусын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр афтӕ кӕй хъусын кӕнынц, уый фӕрцы (Лукайы 8:1).

Хъусын кӕнӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бацӕттӕ кодта, цӕмӕй хорз хабар хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодтаиккой (Матфейы 10:11–13; Хъуыддӕгтӕ 5:42; 20:20). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн-иу бӕлвырд разамынд лӕвӕрд ӕрцыди, кӕм хъуамӕ хъусын кодтаиккой, уый фӕдыл (Матфейы 10:5, 6; 2 Коринфӕгтӕм 10:13). Афтӕ у абон дӕр. Алы ӕмбырдӕн дӕр снысан кӕнынц, кӕм хъуамӕ хъусын кӕна, ахӕм территори. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у, Чырысти нын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ «адӕмӕн хъусын кӕнын» ӕмӕ сын, Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый «бӕстон ӕмбарын кӕнын» (Хъуыддӕгтӕ 10:42).

Хъусын кӕнӕм, адӕм кӕмдӕриддӕр вӕййы, уым. Чырысти ма хъусын кодта, адӕм-иу кӕм уыд, ахӕм рӕтты дӕр, зӕгъӕм, денджызы был кӕнӕ цъайы цур (Марчы 4:1; Иоанны 4:5–15). Ӕмӕ мах дӕр адӕмимӕ Библийы тыххӕй фӕныхас кӕнӕм алы рӕтты – уынгты, куыстуӕтты ӕмӕ паркты, стӕй телефонӕй дӕр. Фадат нын куы фӕвӕййы, уӕд ма фӕхъусын кӕнӕм нӕ сыхӕгтӕн, нӕ хӕстӕджытӕн ӕмӕ, кӕимӕ кусӕм кӕнӕ кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн дӕр. Алы фадатӕй дӕр кӕй пайда кӕнӕм, уый фӕрцы ӕгас зӕххыл дӕр милуантӕ фехъуыстой хорз хабар, Хуыцау «цы ирвӕзындзинад дӕтты, уый тыххӕй» (Псалом 96:2).

Ахъуыды кӕн, дӕуӕн та дӕ бон кӕмӕн уаид Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар радзурын ӕмӕ йын уыцы Паддзахад цавӕр хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый бамбарын кӕнын. Уыцы диссаджы хабар иннӕтӕн ма бавгъау кӕн. Куыддӕр дын фадат фӕзына, афтӕ сын ӕй радзур!

  • Адӕм цавӕр «хорз хабар» хъуамӕ фехъусой?

  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы Йесо Чырыстийы куыд фӕзмынц?