Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

14 СӔР

Пионертӕн цавӕр скъолатӕ ис?

Пионертӕн цавӕр скъолатӕ ис?

Иугонд Штаттӕ

Галаады скъола (Паттерсон, Нью-Йорк)

Панамӕ

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ис алыхуызон скъолатӕ. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынӕн йӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай чи дӕтты, уыдонӕн ис сӕрмагонд скъолатӕ. Уыцы скъолатӕ сын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй «сӕ лӕггады рохуаты мацы уадзой» (2 Тимофеймӕ 4:5).

Пионерты скъола. Ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй иу аз чи балӕггад кӕны, уыдоны фӕхонынц, ӕхсӕз боны чи фӕцӕуы, уыцы скъоламӕ. Пионерты скъола арӕхдӕр вӕййы бынӕттон Паддзахады залы. Уыцы скъолайӕн йӕ нысан у, цӕмӕй пионертӕ Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уой, хъусын кӕныны хъуыддаджы ноджы ӕнтыстджындӕр суой ӕмӕ дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕной.

Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола. Ацы скъола фӕцӕуы дыууӕ мӕйы ӕмӕ дзы фӕахуыр кӕнынц фӕлтӕрдджын пионертӕ. Уыдон цӕттӕ вӕййынц, се ’ххуыс кӕмдӕриддӕр бахъӕуа, уырдӕм ацӕуынмӕ ӕмӕ уым лӕггад кӕнынмӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыдон дӕр дзурынц: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит», ӕмӕ уымӕй фӕзмынц Йесо Чырыстийы, ӕппӕты хуыздӕр Хъусынгӕнӕджы (Исай 6:8; Иоанны 7:29). Сӕ хӕдзарӕй дард ранмӕ кӕй ацӕуынц, уый тыххӕй сӕ хатт фӕхъӕуы, цӕмӕй хуымӕтӕгдӕр цардыл сахуыр уой. Стӕй уыцы ран, чи зоны, уа бынтон ӕндӕр ӕгъдӕуттӕ, хӕринӕгтӕ ӕмӕ климӕт. Чи зоны ма сӕ бахъӕуа ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнын дӕр. Ацы скъоламӕ фӕхонынц, 23 азӕй 65 азы онг кӕуыл цӕуы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты – цардӕмбал кӕмӕн нӕй, уыдоны дӕр ӕмӕ къайты дӕр. Скъола сын ӕххуыс кӕны, ӕндӕр ран лӕггад кӕнгӕйӕ сӕ чи бахъӕудзӕн, ахӕм миниуджытыл кусынӕн. Скъолайы цы базонынц, уый фӕрцы сӕ бон вӕййы Йегъовӕйӕн ноджы хуыздӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ йӕ организацийӕн ноджы фылдӕр ӕххуыс кӕнын.

Галаады скъола. Дзуттагау дзырд «Галаад» нысан кӕны «ӕвдисӕн цӕнд». 1943 азӕй абоны онг Галаады скъола бацӕттӕ кодта 8 000 миссионерӕй фылдӕр, цӕмӕй хорз хабар «суанг зӕххы кӕроны онг дӕр» фӕхӕццӕ кӕной (Хъуыддӕгтӕ 13:47). Ӕмӕ сын тынг бирӕ бантыст. Зӕгъӕм, нӕ миссионертӕ Перумӕ куы ’рцыдысты, уӕд дзы иу ӕмбырд дӕр нӕ уыди, ныр та дзы ис 1 000 ӕмбырдӕй фылдӕр. Японийы та миссионертӕ хъусын кӕнын куы райдыдтой, уӕд дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 10 дӕр нӕ уыдысты, ныр та сты 200 000 адӕймагӕй фылдӕр. Галаады скъолайы чи фӕахуыр кӕны, уыдон фондз мӕйы дӕргъы лӕмбынӕг фӕиртасынц Хуыцауы Ныхас. Ацы скъоламӕ фӕхонынц сӕрмагонд пионерты ӕмӕ миссионерты, районон цӕстдарджыты ӕмӕ сӕ бинойнӕгты, стӕй, филиалты чи лӕггад кӕны, уыдоны. Галаады скъолайы уыдон бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр вӕййынц, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон вӕййы Хуыцауы организацийӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй, ӕгас зӕххыл дӕр цы куыст кӕнӕм, уый ӕнӕкъуылымпыйӕ размӕ цӕуа.

  • Пионерты скъолайӕн йӕ нысан цы у?

  • Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы чи фӕахуыр кӕны?