Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

18 СӔР

Зын сахат не ’фсымӕртӕн куыд баххуыс кӕнӕм?

Зын сахат не ’фсымӕртӕн куыд баххуыс кӕнӕм?

Доминиканы Республикӕ

Япони

Гаити

Исты стыр бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уайтагъд сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕм ӕххуысмӕ фӕзынынц. Уымӕй бӕрӕг у, кӕрӕдзи ӕцӕг уарзтӕй кӕй уарзынц, уый (Иоанны 13:34, 35; 1 Иоанны 3:17, 18). Не ’фсымӕртӕн ахӕм уавӕрты куыд баххуыс кӕнӕм?

Баххуыс сын кӕнӕм ӕхцайӕ. Фыццаг ӕнусы Иудейӕйы тынг ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд Антиохийы цӕрӕг чырыстӕттӕ се ’фсымӕртӕн уырдӕм ӕхца арвыстой (Хъуыддӕгтӕ 11:27–30). Абон мах дӕр ахӕм хабӕрттӕ куы фехъусӕм, ӕмӕ кӕмдӕр не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ зын уавӕры бахаудысты, уӕд сын не ’мбырды уылты мысайнӕгтӕ арвитӕм ӕмӕ сын афтӕмӕй сӕ зын фӕрог кӕнӕм (2 Коринфӕгтӕм 8:13–15).

Сӕ фарсмӕ балӕууӕм. Бӕллӕх кӕм ӕрцӕуы, уыцы ран бынӕттон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бацархайынц, цӕмӕй се ’мбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй алкӕй дӕр ссарой ӕмӕ, цы уавӕры сты, уый базоной. Ӕххуысы комитет алцыдӕр саразы, цӕмӕй сын уа хӕринаг, сыгъдӕг дон нуазынӕн, дзаумӕттӕ ӕмӕ, кӕм цӕрой, уый, стӕй сӕ кӕд хостӕ ӕмӕ дохтырты ӕххуыс хъӕуы, уӕд уый дӕр. Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ ахӕм рӕттӕм сӕхи хардзӕй ацӕуынц ӕмӕ се ’фсымӕрты фарсмӕ балӕууынц. Зӕгъӕм, сцалцӕг сын кӕнынц сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ Паддзахады залтӕ. Нӕ организацийы иудзинад кӕй ис ӕмӕ бирӕ хъуыддӕгтӕ иумӕ кӕй фӕаразӕм, уый фӕрцы нӕ бон вӕййы ахӕм уавӕрты уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзынын. Мах, «уырнындзинады фӕрцы иу бинонтӕ кӕимӕ стӕм», ӕрмӕст уыдоны фарсмӕ нӕ балӕууӕм. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ ма баххуыс кӕнӕм иннӕтӕн дӕр, цавӕрфӕнды диныл хӕст ма уой, уӕддӕр (Галатӕгтӕм 6:10).

Ныфс сӕ бауадзӕм Хуыцауы Ныхасӕй. Адӕймагыл исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд ӕй уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы бафидар кӕнын. Ахӕм рӕстӕг нын Йегъовӕ, «удӕнцойдӕттӕг Хуыцау», хъарутӕ ратты, цӕмӕй нӕ бон уа иннӕты дӕр ныфс уадзын (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4). Тыхст уавӕры чи вӕййы, уыдонӕн сӕ ныфс бафидар кӕнӕм, Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уымӕй. Радзурӕм сын, тагъд Хуыцауы Паддзахад кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕппӕт бӕллӕхтӕн дӕр ӕмӕ адӕм кӕй нал хъизӕмар кӕндзысты (Раргомад 21:4).

  • Исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уайтагъд ӕххуысмӕ цӕй фӕрцы фӕзынынц?

  • Бӕллӕхы чи бахауы, уыдонӕн сӕ ныфс куыд бафидар кӕнӕм?