Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

20 СӔР

Разамонӕг совет абони ци куст кӕнуй?

Разамонӕг совет абони ци куст кӕнуй?

Фиццаг ӕноси разамонӕг совет

Кӕсунцӕ разамонӕг совети финстӕг

Фиццаг ӕноси разамонӕг совети лӕггадӕ кодта «Йерусӕлими апостолтӕ ӕма хестӕр нӕлгоймӕгти» минкъий къуар. Еци ӕнсувӕртӕ лух кодтонцӕ, еугур ӕмбурдтӕмӕ дӕр ка хаудтӕй, уӕхӕн ӕхсидзгӕ фарстатӕ (Гъуддӕгтӕ 15:2). Ести унаффӕ рахӕссуни размӕ бал ӕркӕсиуонцӕ, Финстадӕ уой фӕдбӕл ци дзоруй, уомӕ, удта Хуцаумӕ исковиуонцӕ, цӕмӕй син ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци банхус кодтайдӕ раст унаффӕ рахӕссун (Гъуддӕгтӕ 15:25). Абони дӕр Йегови организаций ӕхсидзгӕ унаффитӕ уотӕ рахӕссунцӕ.

Хуцау Разамонӕг совети фӕрци ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнуй. Разамонӕг совети ка ӕй, еци исӕрст ӕнсувӕртӕ Хуцауи Дзурдӕн устур аргъ кӕнунцӕ, удта ӕнцӕ фӕлтӕрд ӕма, аллихузи уавӕрти куд бакӕнун гъӕуй, уой фӕззонунцӕ. Еци ӕнсувӕртӕ алли къуӕре дӕр фембӕлунцӕ ӕма фӕдздзорунцӕ, ӕгас дуйнебӕл дӕр ци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ес, уони ӕууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ ци гъӕуй, уобӕл. Фиццаг ӕноси куд адтӕй, уотӕ абони дӕр Разамонӕг совет разамунд Библийӕй дӕттуй пъисмоти, удта цӕуӕг цӕстӕдаргути ӕма ӕндӕр еузӕрдон лӕггадгӕнгути фӕрци. Ӕма уой фӕрци Хуцауи адӕм еу зундбӕл хуӕст ӕнцӕ ӕма архайгӕ дӕр еу ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕнунцӕ (Гъуддӕгтӕ 16:4, 5). Разамонӕг совет кӕсуй, цӕмӕй ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг афойнадӕбӕл цӕуа. Удта алцидӕр кӕнуй, цӕмӕй игъосун кӕнуни гъуддаг размӕ цӕуа. Ӕ гъос ма даруй, ӕнсувӕрти куд иснисан кӕнунцӕ цӕуӕг цӕстӕдаргутӕй, хестӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕма кӕстӕреуӕггӕнӕг ӕнсувӕртӕй.

Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундмӕ игъосунцӕ. Разамонӕг совет алли гъуддаги дӕр зунд агоруй Устур Хуцау Йеговӕй ӕма ӕмбурди Хестӕр, Йесо Киристейӕй (1 Коринфӕгтӕмӕ 11:3; Ефесӕгтӕмӕ 5:23). Еци ӕнсувӕртӕ сӕхе Хуцауи адӕмӕй уӕлдӕр нӕ кӕнунцӕ, фал иннӕ исӕрст киристӕнтти хӕццӕ еумӕ, «Уӕриккӕ [гъома Йесо] кумӕ цӕуй... уордӕмӕ цӕунцӕ ӕ фӕдбӕл» (Раргомадӕ 14:4). Разамонӕг совети ка ӕй, еци ӕнсувӕртӕ устур аргъ кӕнунцӕ, уони туххӕй ка фӕкковуй, уонӕн.

  • Фиццаг ӕноси разамонӕг совети ка адтӕй?

  • Абони Разамонӕг совет зунд Хуцауӕй куд агоруй?