Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

24 СӔР

Ӕхца нӕмӕ кӕцӕй цӕуй?

Ӕхца нӕмӕ кӕцӕй цӕуй?

Непал

Того

Великобритани

Алли анз дӕр нӕ организаци ниммухур кӕнуй ӕма рапарахат кӕнуй милиуангай Библитӕ ӕма публикацитӕ. Еци литературӕ уӕйӕ нӕ кӕнӕн. Аразӕн ма Паддзахади залтӕ ӕма филиалтӕ дӕр. Удта ӕхцайӕй фӕккӕсӕн, Вефилти ӕма миссионертӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, уонӕмӕ. Уомӕй уӕлдай ма, не ’нсувӕртӕбӕл ести бӕллӕх ку ӕрцӕуй, уӕд уонӕн дӕр фенхус кӕнӕн. Ӕвӕдзи, зӕгъис, уойбӕрцӕ гъуддӕгтӕ кӕнунмӕ уӕмӕ ӕхца кӕцӕй цӕуй, зӕгъгӕ.

Мах дӕсӕймаг хай нӕ дӕттӕн ӕма ӕхца дӕр не ’мбурд кӕнӕн. Кӕд игъосун кӕнуни гъуддагбӕл берӕ ӕхца харз кӕнӕн, уӕддӕр ӕхца ба некӕмӕй корӕн. «Гъӕуайгӕнӕг мӕсуг» кӕдӕй райдӕдтан уадзун, уӕдӕй нурмӕ рацудӕй сӕдӕ анземӕй фулдӕр, ӕма ӕ дуккаг номери финст адтӕй, зӕгъгӕ, мах федарӕй зонӕн, нӕ гъуддаг размӕ Йегови фӕрци ке цӕуй, ӕма уомӕ гӕсгӕ адӕмӕй некӕд кордзинан ӕма некӕд некӕмӕн лигъстӕ кӕндзинан, цӕмӕй нин ӕхцайӕй банхус кӕнонцӕ. Ӕма ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ӕй! (Матфейи 10:8).

Нӕ куст кӕнӕн нисайнӕгти фӕрци. Абони ӕгас дуйнебӕл дӕр ци куст кӕнӕн, уомӕн беретӕ устур аргъ кӕнунцӕ ӕма сӕ фӕффӕндуй игъосун кӕнуни гъуддагӕн ӕхцайӕй банхус кӕнун. Йегови Ӕвдесӕнтӕ сӕхуӕдтӕ дӕр еци гъуддагӕн не ’вгъау кӕнунцӕ сӕ рӕстӕг, сӕ хъауритӕ ӕма се ’хца дӕр (1 Анзфинстити 29:9). Паддзахади залти, удта конгресстӕ кӕми фӕццӕунцӕ, уоми дӕр фӕууй цалдӕр нисайнагдони, ӕма ке фӕффӕндуй, е ӕ нисайнаг уоми ниггӕлдзуй. Нисайнаг ма рарветӕн ес нӕ сайтӕй дӕр. Еци нисайнӕгтӕн сӕ фулдӕр ниггӕлдзунцӕ, гъӕздуг ка нӕй, уӕхӕн адӕм. Етӕ дӕр ӕнцӕ, Киристей рӕстӕги ковӕндони ӕхца ӕвӕрӕни дууӕ листӕг ӕхцай ка ниггӕлста, еци мӕгур силгоймаги хузӕн (Лукай 21:1–4). Мадта алкӕмӕн дӕр ӕ бон ӕй, ӕ зӕрдӕ цӕйбӕрцӕ зӕгъуй, уойбӕрцӕ ӕхца рахецӕн кӕнун ӕма ’й удта нисайнагӕн раттун (1 Коринфӕгтӕмӕ 16:2; 2 Коринфӕгтӕмӕ 9:7).

Мах федарӕй зонӕн, Йеговӕ кӕдзосзӕрдӕ адӕми идарддӕр дӕр ке разӕнгард кӕндзӕй, цӕмӕй ин ӕ Паддзахади гъуддагӕн дӕттонцӕ, «хуӕздӕрӕй сӕмӕ ци ес, уой», ӕма уотемӕй ӕ фӕндон исӕнхӕст кӕндзӕй (Ӕмбесӕндтӕ 3:9).

  • Нӕ организаци иннӕ динтӕй цӕмӕй хецӕн кӕнуй?

  • Нисайнӕгти ӕхца цӕбӕл рандӕ уй?