Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

25 СӔР

Паддзахади залтӕ цӕмӕн кӕнӕн, удта сӕ куд кӕнӕн?

Паддзахади залтӕ цӕмӕн кӕнӕн, удта сӕ куд кӕнӕн?

Боливи

Нигери, раздӕр ӕма нур

Таити

Библий сӕйрагидӕр дзурд цӕуй Хуцауи Паддзахади туххӕй. Киристе дӕр еци Паддзахади туххӕй игъосун кодта. Ӕма кӕми ӕрӕмбурд уӕн, еци бунӕттӕ дӕр Паддзахади залтӕ уомӕн хонӕн (Лукай 8:1).

Уоми ковӕн Йеговӕ Хуцауӕн. Паддзахади залти нин амонунцӕ, нӕ бон куд ӕй Хуцауи Паддзахади туххӕй хуарз хабар игъосун кӕнун, уой, ӕма нӕ еци гъуддагӕн цидӕриддӕр гъӕуй, уой дӕр уоми райсӕн (Матфейи 24:14). Паддзахади залтӕй еуетӕ фӕуунцӕ устурдӕр, иннетӕ ба минкъийдӕр, фал ӕгасӕйдӕр ӕнцӕ хумӕтӕг конд. Берӕ рауӕнти еунӕг зали фембурд кӕнуй цалдӕр ӕмбурди. Ӕмбурди нимӕдзӕ фулдӕрӕй-фулдӕр ке кӕнуй, уомӕ гӕсгӕ фӕстаг ӕнзти исаразтан хъӕбӕр берӕ нӕуӕг залтӕ. Атӕ ’й ку ранимайай, уӕд алли бон дӕр искӕнӕн еу-фондз зали. Уӕхӕн устур куст нин цӕй фӕрци ӕнтӕсуй? (Матфейи 19:26).

Конд цӕунцӕ нисайнӕгти фӕрци. Нисайнӕгтӕ филиалмӕ ке рарветунцӕ, уой фӕрци ӕнсувӕртӕн сӕ бон фӕууй ӕмбурдтӕн ӕхца раттун, цӕмӕй Паддзахади зал исаразонцӕ кенӕ сӕ зӕронд зал нӕуӕгӕй исрӕвдзӕ кӕнонцӕ.

Кӕнунцӕ сӕ, сӕ кустбӕл ӕхца ка нӕ есуй, уӕхӕн барвӕндон косгутӕ. Берӕ бӕстити искодтонцӕ, Паддзахади залтӕ ка кӕнуй, уӕхӕн косгути къуартӕ. Еци къуарӕй ка ӕй, етӕ, удта син ӕнхус ка кӕнуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр, еу рауӕнӕй иннӕ рауӕнмӕ фӕццӕунцӕ, сауӕнгӕ ма идард рауӕнтӕмӕ дӕр, цӕмӕй бунӕттон хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнонцӕ залтӕ аразун. Ӕндӕр бӕстити ба, арӕзтади кустмӕ дӕсни ка ӕй, еци Ӕвдесӕнтӕн баихӕс кӕнунцӕ, цӕмӕй сӕ гъос даронцӕ, Паддзахади залтӕ конд куд цӕунцӕ кенӕ зӕронд залтӕ нӕуӕгӕй куд рӕвдзӕ кӕнунцӕ, уомӕ. Ӕма кӕд еци Ӕвдесӕнтӕ сӕхуӕдтӕ берӕ бакосунцӕ, уӕддӕр кустӕн ӕ фулдӕр хай бакӕнунцӕ бунӕттон ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ. Хуцауи адӕмӕн е ӕнтӕсуй, ӕ сугъдӕг хъаурӕ син ке дӕттуй, уой фӕрци, удта сӕхуӕдтӕ дӕр зӕрдиагӕй архайунцӕ (Псалом 127:1; Колоссӕгтӕмӕ 3:23).

  • Хуцауӕн кӕми ковӕн, еци бунӕттӕ Паддзахади залтӕ цӕмӕн хонӕн?

  • Паддзахади залтӕ ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр цӕмӕн кӕнӕн?