Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

27 СӔР

Паддзахады залы библиотекӕ нын цы пайда у?

Паддзахады залы библиотекӕ нын цы пайда у?

Израил

Чехи

Бенин

Кайманы сакъадӕхтӕ

Чи зоны дӕ фӕнды Библийӕ цавӕрдӕр фарста кӕнӕ кӕцыдӕр стих раиртасын йе та, Библийы цы адӕймӕгты, цы бынӕтты ӕмӕ цы хабӕртты кой цӕуы, уыдоны тыххӕй фылдӕр базонын. Кӕнӕ, чи зоны, зын уавӕры дӕ ӕмӕ дӕ фӕнды, Хуыцауы Ныхас уый фӕдыл цы дзуры, уый базонын. Уӕд дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, Паддзахады залы цы библиотекӕ ис, уый.

Ис дзы хорз «кусӕнгӕрзтӕ» Библи иртасынӕн. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи ӕмбарын кӕнынӕн дӕ мадӕлон ӕвзагыл цы публикацитӕ рауагътой, уыдон дӕм, ӕвӕццӕгӕн, иууылдӕр не сты. Паддзахады залы библиотекӕйы та ис, фӕстаг азты цы публикацитӕ рацыд, уыдонӕн сӕ фылдӕр. Стӕй ма дзы вӕййы Библийы алыхуызон тӕлмацтӕ, дзырдуӕттӕ ӕмӕ энциклопедитӕ дӕр. Уыцы библиотекӕйы дӕ бон у ӕмбырды размӕ ӕмӕ ӕмбырды фӕстӕ истытӕ бакӕсын. Кӕд дзы компьютер ис, уӕд дзы, ӕвӕццӕгӕн, ӕвӕрд уыдзӕн нӕ библиотекӕ дӕр (Watchtower Library). Уый у, нӕ публикацитӕй бирӕ цыдӕртӕ кӕм ис, ахӕм компьютерон программӕ. Ӕмӕ дӕ цавӕрдӕр фарста, дзырд кӕнӕ стих раиртасын куы фӕнда, уӕд дзы ӕрмӕг ӕнцонтӕй ссардзынӕ.

Стыр ӕххуыс у, «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы фембӕлды хӕслӕвӕрд кӕмӕн вӕййы, уыдонӕн. Дӕ хӕслӕвӕрд цӕттӕ кӕнгӕйӕ Паддзахады залы библиотекӕйы хорз ӕрмӕг ссардзынӕ. Библиотекӕйӕн дзуапп дӕтты ацы фембӕлды цӕстдарӕг. Уыцы ӕфсымӕр йӕ хъус дары, цӕмӕй дзы фӕстаг публикацитӕ уой ӕмӕ дзы алцыдӕр йӕ бынаты ӕвӕрд уа. Фембӕлды цӕстдарӕг кӕнӕ, демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уый дын бацамондзӕн, цы информаци дӕ хъӕуы, уый дзы куыд ис ссарӕн. Цы чингуытӕ дзы ис, уыдон Паддзахады залӕй ӕддӕмӕ хӕссӕн нӕй. Стӕй чингуытӕн сӕ сыфтӕ скъуынӕн кӕнӕ дзы хӕххытӕ кӕнӕн дӕр нӕй.

Библи нын дзуры, зӕгъгӕ, «Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ» ссарын кӕй фӕнды, уый сӕ хъуамӕ агура «ӕмбӕхст хӕзнатау» (Ӕмбисӕндтӕ 2:1–5). Ӕмӕ дын райдианты уымӕн стыр ӕххуыс уыдзӕн Паддзахады залы библиотекӕ.

  • Паддзахады залы библиотекӕйы Хуыцауы Ныхас иртасынӕн цавӕр «кусӕнгӕрзтӕ» ис?

  • Уыцы библиотекӕйӕ дӕ бон куыд у пайда кӕнын?