Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔРТЫККАГ СӔР

«Уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн... сӕ фыд»

«Уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн... сӕ фыд»

1, 2. Нойы заманӕй Аврамы заманмӕ дуне куыд аивта ӕмӕ, адӕм цы арӕзтой, уымӕ Аврам цы цӕстӕй каст?

АВРАМ акаст ӕмӕ йӕ цӕст схӕцыд бӕрзонд къӕпхӕнтӕгонд мӕсыгыл, зиккурат, зӕгъгӕ *. Уыцы кувӕндон йӕ райгуырӕн горӕт Уры астӕу хӕрдмӕ фӕцыд. Хъуысы дзы адӕмы хъӕлӕба ӕмӕ дзы фӕздӕг кӕлы. Дзуарылӕгтӕ та дзы мӕйы бардуагӕн нывӕндтӕ хӕссынц. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Аврам куыд азылд, йӕ сӕр куыд батылдта ӕмӕ ӕлхынцъӕрфыгӕй куыд фӕцӕуы, адӕм цытӕ кӕнынц, зӕгъгӕ. Уынгты адӕмӕй азмӕлӕнтӕ нӕй. Аврам фӕцӕуы сӕхимӕ ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыдытӕ кӕны, Уры цӕрджытӕ иууылдӕр мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл кӕй бафтыдысты, ууыл. Нойы заманӕй уӕдмӕ мӕнг дин ӕгас зӕххыл хӕцгӕ низау апарахат!

2 Ной амард, Аврам куы райгуырд, уымӕй дыууӕ азы раздӕр. Доны хъаймӕты фӕстӕ Ной йӕ бинонтимӕ науӕй куы рацыд, уӕд Йегъовӕ Хуыцауӕн нывонд ӕрхаста, ӕмӕ Йегъовӕ арвыл фӕзынын кодта арвӕрдын (Райд. 8:20; 9:12–14). Уӕд зӕххыл уыди ӕрмӕстдӕр иу дин – раст дин. Фӕлӕ Нойы фӕстӕ ныр дӕсӕм фӕлтӕр цард зӕххыл, ӕмӕ кӕд адӕм сбирӕ сты, уӕддӕр дзы Йегъовӕйӕн ӕрмӕстдӕр стӕмтӕ куывтой. Кӕдӕмфӕнды ма акастаис,– алы ран дӕр куывтой мӕнг хуыцӕуттӕн. Суанг ма Аврамӕн йӕ фыд Фаррӕ дӕр мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг уыди, ӕвӕццӕгӕн, йӕхӕдӕг дӕр арӕзта мӕнг хуыцӕуттӕ (Йес. Н. 24:2).

Авраммӕ ахӕм диссаджы уырнындзинад куыд фӕзынд?

3. Аврам иннӕ адӕмӕй тынгӕй-тынгдӕр цавӕр миниуӕгӕй хицӕн кодта ӕмӕ уымӕй мах цы базондзыстӕм?

3 Фӕлӕ Аврам уыд бынтон ӕндӕрхуызон адӕймаг. Азтӕ куыд цыдысты, афтӕ йӕ уырнындзинадӕй тынгӕй-тынгдӕр хицӕн кодта иннӕ адӕмӕй. Бирӕ ӕнустӕ фӕстӕдӕр апостол Павел Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй Аврамы схуыдта, «уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр... сӕ фыд». (Бакӕс Ромӕгтӕм 4:11.) Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, Аврамӕн йӕ уырнындзинады фӕндаг куыд райдыдта, уымӕ. Уымӕй бирӕ цыдӕртӕ базондзыстӕм, нӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр цӕй фӕрцы кӕндзӕн, уый тыххӕй.

Йегъовӕйӕн лӕггад кодта Доны хъаймӕты фӕстӕ

4, 5. Аврам Йегъовӕйы тыххӕй кӕмӕй базыдта ӕмӕ цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

4 Цымӕ Аврам Йегъовӕйы тыххӕй куыд базыдта? Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй зӕххыл Йегъовӕйӕн уӕды заманты дӕр уыди иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ. Сӕ иу уыд Сим. Кӕд Сим Нойӕн йӕ ӕртӕ фыртӕн сӕ хистӕр нӕ уыд, уӕддӕр Библийы арӕх фыццаг уый ном вӕййы фыст. Ӕвӕццӕгӕн, афтӕ уымӕн у, ӕмӕ Сим уыди диссаджы уырнындзинады хицау *. Доны хъаймӕтӕй цасдӕры фӕстӕ Ной Йегъовӕйы схуыдта «Симы Хуыцау» (Райд. 9:26). Сим Йегъовӕйы кадджын кодта ӕмӕ раст диныл фидар хӕцыд.

5 Цымӕ Аврам Симимӕ зонгӕ уыди? Чи зоны, ӕмӕ уыди. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: Аврам у гыццыл лӕппу. Йӕ фыдӕл Сим нырма ӕгас у, уый куы базыдта, уӕд, хӕрзаг, фырцинӕй зӕххыл дӕр нал лӕууыд. Куыд цымыдисӕй-иу ын кастаид йӕ зондджын цӕстытӕм. Сим йӕхи цӕстӕй федта, зӕххыл цыппар ӕнусы дӕргъы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон. Федта, Доны хъаймӕты размӕ адӕм бынысӕфт куыд фесты ӕмӕ Йегъовӕ зӕхх фыддзинадӕй куыд ссыгъдӕг кодта, стӕй зӕххыл адӕм куыд сбирӕ сты ӕмӕ фыццаг адӕмыхӕттытӕ куыд фӕзынд, уыдӕттӕ. Ӕрӕййӕфта ма, Нимрод Вавилоны мӕсыг амайын куы райдыдта ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыд, уыцы рӕстӕг дӕр. Сим уыцы змӕнтджыты зондыл нӕ ацыд, ӕмӕ Йегъовӕ мӕсыгамайджытӕн се ’взаг куы схӕццӕ кодта, уӕд Сим ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаджы ӕвзаг не схӕццӕ кодта. Уыдон дарддӕр дӕр дзырдтой, адӕм ӕппӕты райдианӕй цы ӕвзагыл дзырдтой, ууыл – Ной дӕр дзырдта уыцы ӕвзагыл. Ӕмӕ Аврам дӕр Симы хӕдзарвӕндагӕй уыд. Уӕдӕ Аврам йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Симӕн стыр аргъ куыннӕ кодтаид. Стӕй ма зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Аврам бирӕ фӕцард ӕмӕ Сим Аврамӕн йӕ зӕронды бонтӕм дӕр ӕгас уыди. Уӕдӕ йын, чи зоны, Йегъовӕйы тыххӕй Сим йӕхӕдӕг радзырдта.

Кӕд Уры цӕрджытӕ иууылдӕр мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл бафтыдысты, уӕддӕр сын Аврам нӕ куывта

6. а) Цӕмӕй бӕрӕг у, Аврам Доны хъаймӕты хабарӕй йӕхицӕн зондӕн бирӕ цыдӕртӕ кӕй райста, уый? ӕ) Аврам ӕмӕ Сарӕ иумӕ куыд цардысты?

6 Кӕд, Аврам Йегъовӕйы куыд базыдта, уый бӕлвырдӕй нӕ зонӕм, уӕддӕр бӕрӕг у, Доны хъаймӕты хабарӕй йӕхицӕн бирӕ цыдӕртӕ зондӕн кӕй райста. Аврам зӕрдиагӕй архайдта Нойау ӕцӕг Хуыцауимӕ цӕуыныл. Ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн дӕр уый тыххӕй нӕ куывта, стӕй Уры цӕрджытӕй, ӕмӕ ма, ӕвӕццӕгӕн, йӕхи бинонтӕй дӕр, афтӕ тынг уый тыххӕй хицӕн кодта. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Аврам йӕхицӕн ссардта диссаджы цардӕмбал, Сарӕ, зӕгъгӕ. Сарӕ ӕрмӕст йӕ рӕсугъддзинадӕй нӕ уыди ӕмбисондӕн хӕссинаг, фӕлӕ Йегъовӕйыл тынг кӕй ӕууӕндыд, уый тыххӕй дӕр *. Кӕд Аврам ӕмӕ Сарӕ ӕнӕзӕнӕг уыдысты, уӕддӕр Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кодтой ӕмӕ сын уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, стыр циндзинад хаста. Стӕй ма Аврамӕн йе ’фсымӕры лӕппу Лоты дӕр схъомыл кодтой, уымӕн ӕмӕ сидзӕрӕй баззад.

7. Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн сӕ бон цӕмӕй у Аврамы бафӕзмын?

7 Кӕд Уры цӕрджытӕ иууылдӕр мӕнг хуыцӕуттӕн куывтой, уӕддӕр Аврам Йегъовӕйы никуы ныууагъта. Аврам ӕмӕ Сарӕ иннӕты хуызӕн кӕй нӕ уыдысты, уый сӕм худинаг нӕ каст. Цӕмӕй нын фидар уырнындзинад уа, уый тыххӕй мах дӕр хъуамӕ ма ӕфсӕрмы кӕнӕм, иннӕты хуызӕн кӕй не стӕм, уымӕй. Йесо йӕхӕдӕг загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ацы дунейӕ кӕй нӕ уыдзысты ӕмӕ сӕ уый тыххӕй ацы дуне йе сӕфт кӕй уындзӕн. (Бакӕс Иоанны 15:19.) Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕныс, уый тыххӕй дӕ кӕд дӕ бинонтӕ кӕнӕ дӕ сыхӕгтӕ ницӕмӕ дарынц, уӕд дӕ рох ма уӕд, иунӕг кӕй нӕ дӕ. Дӕуӕн ис хорз ӕмбӕлттӕ, Аврам ӕмӕ Сарӕ – уыдонау ды дӕр цӕуыс Хуыцауимӕ.

«Ныууадз дӕ бӕстӕ»

8, 9. а) Иу бон Аврамы царды цавӕр хабар ӕрцыд? ӕ) Йегъовӕ Аврамӕн цы загъта?

8 Иу бон Аврамы царды ӕрцыд, ӕвӕццӕгӕн дзы ӕппындӕр чи никуы ферох, ахӕм хабар. Йегъовӕ Хуыцау йемӕ ныхас кодта! Куыд ныхас кодта йемӕ, уый тыххӕй нын Библи лыстӕг хабӕрттӕ нӕ дзуры, фӕлӕ дзы фыст ис, зӕгъгӕ йын «кадджын Хуыцау» йӕхи раргом кодта. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 7:2, 3.) Дунедарӕг Хуыцау, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕды уылты Аврамӕн уый фадат радта, цӕмӕй йын йе стыр кад, куыд фӕзӕгъынц, иу цӕстӕй уӕддӕр федтаид. Аврам цы федта, уый йӕ дисы куыннӕ бафтыдтаид. Ныр ноджы ирддӕрӕй федта, йӕ алыварс цӕрӕг адӕм кӕмӕн куывтой, уыцы ӕнӕуд хуыцӕуттӕ куыд дард лӕууынц удӕгас Хуыцауӕй.

9 Цымӕ Йегъовӕ Аврамӕн цы загъта? «Ныууадз дӕ бӕстӕ ӕмӕ дӕ хӕстӕджыты, ӕмӕ дын ӕз цы зӕхмӕ бацамондзынӕн, уырдӕм ацу». Йегъовӕ йын нӕ раргом кодта, кӕцы зӕхмӕ хъуамӕ ацыдаид, уый – ӕрмӕст ын загъта, кӕй йын ӕй бацамондзӕн. Фӕлӕ уал фыццаг Аврамы хъуыди йӕ райгуырӕн зӕхх ӕмӕ йӕ хиуӕтты ныууадзын. Уӕды заманты Ӕввахс Скӕсӕны адӕймагӕн ӕнӕ йӕ бинонтӕй йӕ цард ницы уыд. Бирӕтӕн-иу сӕ хиуӕтты ныууадзын ӕмӕ дард искуыдӕм ацӕуын афтӕ зын уыди, ӕмӕ-иу сын уый мӕлӕтӕй уӕлдай нӕ уыд.

10. Аврам ӕмӕ Сарӕйӕн Уры сӕ хӕдзар ныууадзын ӕнцон цӕуылнӕ уыдаид?

10 Аврамӕн дӕр йӕ райгуырӕн зӕхх ныууадзын ӕнцон кӕцӕй уыдаид. Куыд сбӕлвырд кодтой, афтӕмӕй Ур уыди хъӕздыг горӕт, адӕм дзы ӕмызмӕлд кодтой. (Кӕс рамкӕ « Аврам ӕмӕ Сарӕ кӕй ныууагътой, уыцы горӕт».) Кӕддӕр Ур кӕм уыди, уыцы ран археологтӕ скъахтой ӕмӕ федтой, уыцы горӕты хӕдзӕртты мидӕг алцыдӕр кӕй уыди. Иуӕй-иу хӕдзӕртты дзы уыд дыууадӕсгай уӕттӕ, кӕнӕ уымӕй дӕр фылдӕр, бинонтӕн сӕхицӕн ӕмӕ сӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕр. Хӕдзары та-иу астӕуӕй уыди дуртӕй конд кӕрт. Уыди сӕм дон уагъд, стӕй мидӕгӕй уазӕгдӕттӕ ӕмӕ канализаци. Стӕй рох кӕнын нӕ хъӕуы, Аврам ӕмӕ Сарӕ зноны лӕппу ӕмӕ чызг кӕй нал уыдысты, уый дӕр. Уӕд Аврамыл, ӕвӕццӕгӕн, 70 азӕй фылдӕр цыди, Сарӕйыл та – 60 азӕй фылдӕр. Аврамы куыннӕ фӕндыдаид, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, йӕ усӕн йӕ цард ӕнцондӕр уыдаид ӕмӕ цух мацӕмӕй ӕййӕфтаид. Кӕцы лӕджы нӕ фӕнды, ӕмӕ йӕ бинойнагӕн алцӕмӕй дӕр хорз уа? Аврам ӕмӕ Сарӕмӕ, Хуыцау сын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый фӕдыл цас фарстатӕ фӕзындаид ӕмӕ цас цӕуылдӕрты мӕт кодтаиккой. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, иумӕ куыд бадынц ӕмӕ уыдӕттыл куыд ныхас кӕнынц. Сарӕ ацӕуыныл куы сразы, уӕд Аврамӕн куыд ӕхсызгон уыдаид. Йӕ бинойнаг дӕр цӕттӕ уыд йӕ хорз цард ныууадзынмӕ.

11, 12. а) Аврамитӕ цалынмӕ Урӕй нӕ ацыдысты, уӕдмӕ сӕ цытӕ хъуыди ӕрцӕттӕ кӕнын ӕмӕ сӕ цы хъуыди аскъуыддзаг кӕнын? ӕ) Радзур, Урӕй куы цыдысты, уыцы райсомы тыххӕй.

11 Аврам ӕмӕ Сарӕ хъуыддаг аскъуыддзаг кодтой, ӕмӕ сӕ ныр хъуыди бирӕ цыдӕртӕ саразын. Хъуыди сӕ сӕ дзаумӕттӕ нывӕрын ӕмӕ алцӕуыл дӕр дзӕбӕх ахъуыды кӕнын. Кӕдӕм цыдысты, уый зонгӕ дӕр куы нӕ кодтой, уӕд семӕ цы хъуамӕ ахастаиккой ӕмӕ Уры та цы хъуамӕ ныууагътаиккой? Фӕлӕ сӕ фыццаджыдӕр адӕмыл хъуыди ахъуыды кӕнын. Цы кӕнгӕ сын уыд сӕ хиуӕттӕн, сӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕмӕ уӕлдайдӕр та сӕ зӕронд фыд Фаррӕйӕн? Баныхас кодтой, Фаррӕйы семӕ кӕй акӕндзысты ӕмӕ, цалынмӕ цӕра, уӕдмӕ йӕм кӕй кӕсдзысты. Ӕвӕццӕгӕн, семӕ ацӕуыныл зӕрдиагӕй сразы. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Фаррӕ ракодта йӕ бинонты Урӕй. Ӕмӕ уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цы мӕнг хуыцӕуттӕн куывта, уыдоны дӕр ныууагъта. Семӕ ма рацыд Аврамӕн йе ’фсымӕры лӕппу Лот дӕр (Райд. 11:31).

12 Ӕмӕ мӕнӕ сӕ цӕуыны бон дӕр ӕрхӕццӕ. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: райсомӕй раджы бӕлццӕттӕ лӕууынц горӕты къулты ӕдде ӕмӕ йӕ алыварс цы къанау къахт ис, уый ӕдде. Теуатыл ӕмӕ хӕрджытыл уӕргътӕ ӕвӕрд, фосы дзугтӕ дӕр иу ран лӕууынц, бинонтӕ ӕмӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр сӕ бынӕтты цӕттӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц *. Хӕрзаг, се ’ппӕтӕн дӕр сӕ каст у Авраммӕ, кӕд зӕгъдзӕн, ацыдыстӕм, зӕгъгӕ. Ӕмӕ кӕдӕй-уӕдӕй араст сты. Урмӕ фӕстӕмӕ никуыуал ӕрыздӕхдзысты.

13. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ Аврам ӕмӕ Сарӕйы куыд бафӕзмынц?

13 Абон дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ ацӕуынц, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕттӕм. Чидӕртӕ та ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнын райдайынц, цӕмӕй фылдӕр адӕмӕн хъусын кӕной. Кӕнӕ та уацамынды алыхуызон ног мадзӕлттӕ фӕлварынц, кӕд сын ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй бахъӕуы сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын. Ахӕм ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ бафӕзмынц Аврам ӕмӕ Сарӕйы, ӕмӕ уый тыххӕй сты раппӕлинаг. Мах дӕр нӕ уырнындзинад хъуыддагӕй куы ӕвдисӕм, уӕд-иу нын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг ратдзӕн, мах ын цы раттӕм, уымӕй бирӕ фылдӕр. Афтӕ никуы вӕййы, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ уырнындзинады тыххӕй ма раарфӕ кӕна (Дзут. 6:10; 11:6). Цымӕ Аврамӕн дӕр раарфӕ кодта?

Евфраты сӕрты ахызтысты

14, 15. Бӕлццӕттӕ Урӕй Харранмӕ куыд цыдысты ӕмӕ Аврам цӕмӕн сфӕнд кодта рӕстӕгмӕ Харраны ӕрцӕрын?

14 Бӕлццӕттӕ сӕ фӕндаджы кой кодтой. Фосӕй, адӕмӕй кӕрӕдзийы фӕдыл ныххал сты. Аврам ӕмӕ-иу Сарӕ, ӕвӕццӕгӕн, куы къахӕй цыдысты, куы та-иу теуатыл кӕнӕ хӕрджытыл сбадтысты. Сӕ ныхас-иу баиу, фосы хъуыртыл цы дзӕнгӕрджытӕ уыд, уыдоны дзыгъал-мыгъулимӕ. Куыд цыдысты, афтӕ сӕ арӕхдӕр хъуыди сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрын ӕмӕ та сӕ сисын ӕмӕ та зӕронд Фаррӕйӕн теуайыл кӕнӕ хӕрӕгыл сбадынӕн баххуыс кӕнын. Бӕлццӕттӕ цыдысты цӕгат-ныгуылӕнырдӕм, стыр Евфраты цӕугӕдоны былтыл. Бонтӕ, къуыритӕ ивгъуыдтой ӕмӕ сӕ алыварс ӕрдзы нывтӕ дӕр сындӕггай кӕрӕдзи ивтой.

15 Ӕппынфӕстаг, 960 километры бӕрц куы фӕцыдысты, уӕд бахӕццӕ сты Харранмӕ. Горӕты адӕмӕн сӕ хӕдзӕрттӕ уыдысты хосы мӕкъуылтау хӕрдмӕ цъупп. Харран уыди хъӕздыг горӕт, ууылты скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ базаргӕнджытӕ дыууӕрдӕм кодтой. Бӕлццӕттӕ сӕ цатыртӕ уым ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ рӕстӕгмӕ уым ӕрцардысты. Ӕвӕццӕгӕн, Фаррӕмӕ уыцы хъарутӕ нал уыди, цӕмӕй ма дарддӕр цыдаид.

16, 17. а) Хуыцау Аврамимӕ цавӕр бадзырд скодта? ӕ) Йегъовӕ Аврамӕн Харраны куыд раарфӕ кодта?

16 Цасдӕры фӕстӕ Фаррӕ амард. Цыди йыл 205 азы (Райд. 11:32). Аврамыл уыцы зиан куы ’рцыд, уый фӕстӕ та Йегъовӕ йемӕ ногӕй ныхас кодта, ӕмӕ йын уый стыр удӕнцой куыннӕ ӕрхастаид. Йегъовӕ йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Уры ма куы уыди, уӕд ын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ. Стӕй йын ноджы фылдӕр хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ бавӕрдта. Загъта йын, «стыр адӕм» дзы кӕй рауадздзӕн ӕмӕ йӕ фӕрцы зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕй уыдзысты. (Бакӕс Райдиан 12:2, 3.) Хуыцау Аврамимӕ уыцы бадзырд кӕй скодта, уый дзы ныфс бауагъта ӕмӕ йӕ дарддӕр цы кӕнын хъӕуы, уый дӕр зыдта – уырдыгӕй дӕр сӕ хъуыди сыстын ӕмӕ дарддӕр цӕуын.

Аврам ӕмӕ Сарӕйӕн Уры сӕ хорз цард ныууадзын ӕнцон нӕ уыд

17 Фӕлӕ сӕ ацы хатт та ноджы фылдӕр фӕллӕйттӕ хъуыд ӕмбырд кӕнын, уымӕн ӕмӕ, Аврам цалынмӕ Харраны цард, уӕдмӕ йын Йегъовӕ тынг раарфӕ кодта. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, семӕ рахастой, Харраны цы фӕллӕйттӕ ӕрӕмбырд кодтой, уыдон ӕмӕ сӕ лӕггадгӕнджыты дӕр семӕ ракодтой (Райд. 12:5). Аврамӕй хъуамӕ рацыдаид стыр адӕм, ӕмӕ йӕм уый тыххӕй хъуамӕ уыдаид бирӕ фӕллӕйттӕ ӕмӕ бирӕ лӕггадгӕнджытӕ. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты алыхатт не схъӕздыг кӕны, фӕлӕ сын ӕнӕмӕнг ратты, йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн сӕ цыдӕриддӕр фӕхъӕуы, уый. Гъемӕ Аврам йӕ бирӕ фӕллӕйттимӕ ӕмӕ йӕ бирӕ лӕггадгӕнджытимӕ ноджы ныфсджындӕрӕй дарддӕр араст, кӕд, кӕдӕм цыд, уый афтӕ дӕр нӕма зыдта, уӕддӕр.

18. а) Аврам Евфраты цӕугӕдоныл кӕд ахызтаид ӕмӕ уыцы хабарӕн стыр нысаниуӕг цӕмӕн уыд? ӕ) Фӕстӕдӕр ма ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр азты 14 нисаны ноджыдӕр цавӕр ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцыд? (Кӕс рамкӕ « Ахсджиаг бон Хуыцауы адӕмы царды».)

18 Аврам ӕмӕ йӕ адӕм Харранӕй куы рацыдысты, уӕд цалдӕр боны фӕстӕ бахӕццӕ сты Кархемисмӕ – бӕлццӕттӕ-иу Евфраты цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ кӕуылты ахызтысты, уырдӕм. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Аврам дӕр йӕ фӕллӕйттимӕ раст уыцы ран ахызт цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ. Куыд зыны, афтӕмӕй уый уыд н. э. размӕ 1943 азы, фӕстӕдӕр нисаны мӕй кӕй райдыдтой хонын, уыцы мӕйӕн йӕ 14-ӕм бон. Уыцы хабарӕн Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы царды стыр нысаниуӕг уыд (Рац. 12:40–43). Уым хуссарырдыгӕй уыди, Йегъовӕ Аврамӕн афтӕ кӕмӕй загъта, бацамондзынӕн дын ӕй, зӕгъгӕ, уыцы зӕхх. Ӕмӕ уыцы бон, Хуыцау Аврамимӕ цы бадзырд скодта, уый йӕ тыхы бацыд.

19. Йегъовӕ Аврамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ уыцы зӕрдӕвӕрд фехъусгӕйӕ Аврамӕн йӕ зӕрдыл цы ӕрлӕууыдаид?

19 Аврам уыцы зӕххыл хуссарырдӕм араст. Ӕмӕ Сихеммӕ ’ввахс, Морейы стыр бӕлӕсты цур, ӕрлӕууыдысты. Уыцы ран Йегъовӕ Авраммӕ ногӕй фӕзынд ӕмӕ йын ацы хатт зӕрдӕ бавӕрдта, уыцы зӕхх йӕ байзӕддагӕн кӕй ратдзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ Аврамӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, кӕддӕр Йегъовӕ Едемы цӕхӕрадоны цы пехуымпарад загъта, уый, зӕгъгӕ, иу бон фӕзындзӕн, ӕппӕт адӕмы дӕр чи фервӕзын кӕндзӕн, уыцы «байзӕддаг» (Райд. 3:15; 12:7). Чи зоны, уӕд гыццылгай ӕмбарын райдыдта, Йегъовӕйы стыр фӕнды йын ахсджиаг бынат кӕй ис.

20. Аврам Йегъовӕйӕ бузныг кӕй уыд, уый куыд равдыста?

20 Аврам Йегъовӕйӕ тынг бузныг уыд, цы кады аккаг ӕй скодта, уый тыххӕй. Уыцы зӕххыл зилгӕйӕ Аврам ӕрлӕууыд Морейы стыр бӕлӕсты цур ӕмӕ фыццаг хатт уым сарӕзта Йегъовӕйӕн нывондхӕссӕн, уый фӕстӕ та сарӕзта Вефилмӕ хӕстӕг. Ӕцӕг, ӕвӕццӕгӕн, тынг ӕмбаргӕйӕ архайдтаид, уымӕн ӕмӕ уыцы зӕххыл нырма ханаайнӕгтӕ цардысты. Гъемӕ-иу, нывондхӕссӕн кӕм сарӕзта, уым-иу Йегъовӕйы ном ссардта. Ӕвӕццӕгӕн-иу ын зӕрдӕбынӕй бузныг загъта, йӕ байзӕддӕгтӕм цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй. Стӕй-иу, чи зоны, йӕ алыварс цӕрӕг ханаайнӕгтӕн Хуыцауы тыххӕй дзырдта. (Бакӕс Райдиан 12:7, 8.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Аврамӕн йе стырдӕр фӕлварӕнтӕ нырма разӕй уыдысты. Фӕлӕ уый, Уры цы хорз хӕдзар ӕмӕ цы хъӕздыгдзинӕдтӕ ныууагъта, уыдонмӕ фӕстӕмӕ нӕ каст. Аврам каст размӕ. Дзуттӕгтӕм 11:10 куыд фыст ис, афтӕмӕй уый «ӕнхъӕлмӕ касти, фидар бындур кӕмӕн ис, йӕ саразӕг ӕмӕ йе скӕнӕг Хуыцау кӕмӕн у, уыцы горӕтмӕ».

21. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй мах Аврамӕй уӕлдай цы зонӕм ӕмӕ дӕ уый цӕмӕ разӕнгард кӕны?

21 Абон мах бирӕ фылдӕр зонӕм, Аврам цы «горӕты» кой кодта, уый тыххӕй. Уыцы «горӕт» у Хуыцауы Паддзахад. Мах ӕй зонӕм, уыцы Паддзахад ныртӕккӕ уӕлӕрвты кӕй хицауиуӕг кӕны ӕмӕ тагъд ацы дуне кӕй фесафдзӕн. Стӕй ма зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Хуыцау Аврамӕн зӕрдӕ цы Байзӕддагӕй бавӕрдта, уый у Йесо Чырысти ӕмӕ ныртӕккӕ уый лӕууы уыцы Паддзахады сӕргъы. Махӕн ис уый фадат, цӕмӕй нӕхи цӕстӕй фенӕм, Авраам та ногӕй куы цӕра, уыцы рӕстӕг. Уӕд кӕронмӕ бамбардзӕн, Хуыцауы фӕнд цӕй мидӕг уыди, уый. Нӕ дӕ фӕнды, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый фенын? Уӕдӕ уӕд дарддӕр дӕр араз, Аврам цы арӕзта, уый. Цӕттӕ у Йегъовӕйы тыххӕй дӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ, алы хъуыддаджы дӕр йӕ коммӕ кӕс ӕмӕ дын цы кадджын хъуыддӕгтӕ бахӕс кӕны, уыдоны тыххӕй дзы бузныг у. Аврам у, «уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр... сӕ фыд». Ӕмӕ йын йӕ уырнындзинад куы фӕзмай, уӕд суыдзӕн дӕ «фыд» дӕр!

^ 1 абз. Бирӕ азты фӕстӕ Хуыцау Аврамӕн йӕ ном фӕивта ӕмӕ йӕ схуыдта Авраам, ома «бирӕ адӕмты фыд» (Райд. 17:5).

^ 4 абз. Аврам дӕр Фаррӕйӕн йӕ хистӕр фырт нӕ уыд, фӕлӕ Библийы арӕх фыццаг уый ном вӕййы фыст.

^ 6 абз. Фӕстӕдӕр Хуыцау Сарӕйӕн йӕ ном аивта ӕмӕ йӕ схуыдта Саррӕ. Уыцы ном нысан кӕны, паддзахы бинонтӕй кӕй уыдзӕн (Райд. 17:15).

^ 12 абз. Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, Аврамы заман, дам, теуатӕ, хӕдзарон фос куыд дарынц, афтӕ нӕма дардтой. Фӕлӕ уыцы хъуыдыйӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй. Библийы цалдӕр раны дзырд цӕуы, Авраммӕ теуатӕ дӕр кӕй уыди, уый тыххӕй (Райд. 12:16; 24:35).