Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 РАДЗЫРД

Йӕ фыды ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ дӕр барухс кодта

Йӕ фыды ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ дӕр барухс кодта

Йеффай Йегъовӕйӕн цавӕр дзырд радта?

Йеффайы чызг, йӕ фыд цы дзырд радта, уый сӕххӕст кодта, кӕд ын ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр

Нывы цы чызг ис, уый уыныс? ~ Уый у Йеффайы чызг. Йӕ ном Библийы фыст нӕй. Фӕлӕ йӕ мах зонӕм, йӕ фыды ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй барухс кодта. Цӕй ӕмӕ базонӕм, уыцы чызг ӕмӕ йӕ фыд Йеффай чи уыдысты, уый.

Йеффай уыд хорз адӕймаг ӕмӕ-иу йӕ чызгӕн Йегъовӕйы тыххӕй арӕх дзырдта. Стӕй ма Йеффай уыд тыхджын лӕг ӕмӕ хорз разамонӕг. Уымӕ гӕсгӕ йын израилӕгтӕ загътой, цӕмӕй се ’фсады сӕргъы слӕууыдаид ӕмӕ се знӕгтимӕ схӕцыдаиккой.

Йеффай Хуыцаумӕ скуывта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид, ӕмӕ знӕгтыл фӕтых уыдаид. Йеффай йын дзырд радта, зӕгъгӕ сыл кӕд фӕтых уон, уӕд, мӕ хӕдзары дуарӕй мӕ размӕ фыццаг чи рацӕуа, уый Йегъовӕйӕн ратдзынӕн. Уыцы адӕймаг йӕ царды кӕронмӕ хъуамӕ цардаид ӕмӕ лӕггад кодтаид Хуыцауы кувӕндоны. Уый уыди, адӕм-иу Хуыцауӕн кувынмӕ кӕдӕм цыдысты, ахӕм бынат. Йеффай знӕгтыл фӕтых! Сӕхимӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд йӕ хӕдзарӕй фыццаг йӕ размӕ чи рацыд, уый зоныс? ~

О, йӕ чызг! Йеффайӕн уый йеддӕмӕ сывӕллон нӕ уыд, ӕмӕ йын ныр хъуамӕ ацыдаид. Йеффай тынг ӕрӕнкъард. Фӕлӕ дзырд кӕй радта, уый дӕ рох ма уӕд. Чызг йӕ фыдӕн загъта: «Йегъовӕйӕн дзырд радтай, ӕмӕ йӕ хъуамӕ сӕххӕст кӕнай».

Йеффайы чызгмӕ-иу алы аз дӕр йе ’мбӕлттӕ ӕрцыдысты

Чызг йӕхӕдӕг дӕр ӕрӕнкъард – кувӕндоны кӕй лӕггад кӕндзӕн, уый тыххӕй хъуамӕ чындзы ма ацыдаид ӕмӕ йын сывӕллӕттӕ дӕр нӕ уыдаид. Фӕлӕ чызджы ӕппӕты тынгдӕр фӕндыд, цӕмӕй сӕххӕст кодтаид, йӕ фыд Йегъовӕйӕн цы дзырд радта, уый, ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кодтаид. Чындзы ацыдаид ӕмӕ йын сывӕллӕттӕ уыдаид, уымӕй тынгдӕр ӕй фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ чызг йӕ хӕдзар ныууагъта ӕмӕ йӕ царды кӕронмӕ цард кувӕндоны.

Куыд хъуыды кӕныс, йӕ фыд ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кодта? ~ Куыннӕ! Кӕд ды дӕр Йеффайы чызджы хуызӕн коммӕгӕс дӕ ӕмӕ Йегъовӕйы уарзыс, уӕд дӕ ныййарджыты ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзынӕ.