Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9 РАДЗЫРД

Йереми алкӕддӕр дзырдта Йегъовӕйы тыххӕй

Йереми алкӕддӕр дзырдта Йегъовӕйы тыххӕй

Адӕм Йеремимӕ цӕмӕн мӕсты кӕнынц?

Йегъовӕ Йеремийы фервӕзын кодта

Адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд ныл чи худгӕ фӕкӕны, чи та нӕм мӕсты свӕййы. Уымӕ гӕсгӕ нӕ хатт нал фӕфӕнды Хуыцауы тыххӕй дзурын. Дӕуыл дӕр искуы ахӕм хабар ӕрцыд? ~ Библийы фыст ис иу ӕрыгон лӕппуйы тыххӕй. Уый Йегъовӕйы тынг уарзта, фӕлӕ иуафон Йегъовӕйы тыххӕй нал дзырдта. Йӕ ном хуынди Йереми. Цӕй ӕмӕ Йеремийы тыххӕй фылдӕр базонӕм.

Йереми ма ӕрыгон куы уыд, уӕд ын Йегъовӕ загъта, цӕмӕй адӕмӕн дзырдтаид, ӕвзӕр митӕ мауал кӕнут, зӕгъгӕ. Уый Йеремимӕ тынг зын каст, стӕй тӕрсгӕ дӕр кодта. Йереми йын загъта: «Нӕ зонын, цы дзурон, уый. Ӕз нырма ӕрыгон дӕн». Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн».

Уӕд Йереми адӕмӕн дзурын райдыдта, се ’взӕр митӕ куы нӕ ныууадзой, уӕд сӕ Хуыцау кӕй бафхӕрдзӕн. Цымӕ адӕм Йеремимӕ байхъуыстой? ~ Нӕ байхъуыстой. Чи йыл худгӕ кодта, чи та йӕм тынг смӕсты. Чидӕртӕ йӕ марынмӕ дӕр хъавыдысты! Куыд дӕм кӕсы, Йеремийӕн ӕнцон уыд? ~ Йереми фӕтарст ӕмӕ загъта: «Йегъовӕйы тыххӕй нал дзурдзынӕн». Фӕлӕ цымӕ ӕцӕгдӕр нал дзырдта? ~ Дзырдта. Йереми Йегъовӕйы афтӕ тынг уарзта, ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй ма дзырдтаид, уый йӕ бон нӕ уыд. Йереми уӕддӕр Йегъовӕйы тыххӕй кӕй дзырдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ Йегъовӕ фервӕзын кодта.

Иухатт ӕй ӕвзӕр лӕгтӕ арф цъыф дзыхъхъы ныппӕрстой. Нӕдӕр ын хӕринаг уыд, нӕдӕр дон. Уыцы лӕгты фӕндыд, цӕмӕй уым амардаид. Фӕлӕ йын Йегъовӕ баххуыс кодта, ӕмӕ фервӕзт!

Йеремийӕ цӕуыл ахуыр кӕныс? ~ Кӕд-иу тӕрсгӕ дӕр кодта, уӕддӕр-иу алкӕддӕр Йегъовӕйы тыххӕй дзырдта. Ды дӕр Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн куы дзурай, уӕд дыл, чи зоны, худой кӕнӕ та дӕм мӕсты кӕной. Ӕмӕ-иу уӕд, чи зоны, фефсӕрмы уай кӕнӕ та тӕрсгӕ дӕр фӕкӕнай. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы тыххӕй алкӕддӕр дзур. Йегъовӕ дӕуӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, Йеремийӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ.