Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

11 РАДЗЫРД

Уыдон фыстой Йесойы тыххӕй

Уыдон фыстой Йесойы тыххӕй

Нывы ацы лӕгты уыныс? ~ Уыдон сты Матфей, Марк, Лука, Иоанн, Петр, Иаков, Иудӕ ӕмӕ Павел. Ацы лӕгтӕ иууылдӕр цардысты, Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд, ӕмӕ фыстой Йесойы тыххӕй. Цӕй ӕмӕ ацы лӕгты тыххӕй фылдӕр базонӕм.

Ацы нӕлгоймӕгты тыххӕй цы зоныс?

Уыдонӕй ӕртӕ уыдысты, Йесо йӕхӕдӕг кӕй равзӕрста, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ, хуыдтой сӕ апостолтӕ. Уыдон дӕр йемӕ хорз хабар хъусын кодтой. Зоныс, уыцы ӕртӕ чи уыдысты? ~ Матфей, Иоанн ӕмӕ Петр. Матфей ӕмӕ Иоанн Йесойы тынг хорз зыдтой, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр Йесойы тыххӕй фӕйнӕ чиныг ныффыстой. Апостол Иоанн ма ныффыста чиныг «Раргомад» дӕр ӕмӕ ӕртӕ писмойы: «Иоанны фыццаг фыстӕг», «Иоанны дыккаг фыстӕг» ӕмӕ «Иоанны ӕртыккаг фыстӕг». Апостол Петр та ныффыста дыууӕ писмойы: «Петры фыццаг фыстӕг» ӕмӕ «Петры дыккаг фыстӕг». Йӕ дыккаг писмойы Петр ныффыста, Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй кӕй ӕрдзырдта ӕмӕ Йесойы тыххӕй афтӕ кӕй загъта: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт».

Иннӕ лӕгтӕ дӕр ныффыстой Йесойы тыххӕй. Уыдонӕй иу уыди Марк. Йесойы куы ӕрцахстой, уӕд Марк дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уым уыди ӕмӕ, цы ’рцыд, уыдӕттӕ иууылдӕр йӕхӕдӕг федта. Иннӕ та уыди Лука. Лука уыд дохтыр ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Йесойы мӕлӕты фӕстӕ сси чырыстон, ома Йесойы ахуыргӕнинаг.

Нывы фысгӕ цы дыууӕ лӕджы кӕнынц, уыдон та уыдысты Йесойы кӕстӕр ӕфсымӕртӕ. Сӕ нӕмттӕ сын зоныс? ~ Иаков ӕмӕ Иудӕ. Уыдон фыццаг Йесойыл не ’ууӕндыдысты. Афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ йӕ зонд фӕцыд. Фӕлӕ йыл фӕстӕдӕр баууӕндыдысты, ӕмӕ чырыстӕттӕ систы.

Нывы ма уынӕм ноджыдӕр иу лӕджы. Уый у Павел. Павел чырыстон куы нӕма сси, уӕд хуынди Савл. Уый чырыстӕтты нӕ уарзта, ӕмӕ сын фыдмитӕ кодта. Зоныс, Павел чырыстон куыд сси? ~ Иухатт Павел Дамаскмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕм уӕлӕрвтӕй ӕвиппайды чидӕр ӕрдзырдта. Уый уыд Йесо! Йесо Павелӕн загъта: «Чи мыл ӕууӕнды, уыдонӕн фыдмитӕ цӕмӕн кӕныс?» Уыцы хабары фӕстӕ Павел аивта ӕмӕ чырыстон сси. Павел Библийы чингуытӕй ныффыста 14. Уыдонӕй фыццаг у, ромӕгтӕм кӕй ныффыста, уыцы писмо, фӕстаг та у, дзуттӕгтӕм кӕй ныффыста, уый.

Мах алы бон дӕр фӕкӕсӕм Библи. Ӕмӕ йӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд Йесойы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базонӕм. Фӕнды дӕ Йесойы тыххӕй фылдӕр базонын? ~