Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

14 РАДЗЫРД

Уыцы Паддзахад разамынд дӕтдзӕн ӕнӕхъӕн зӕххӕн

Уыцы Паддзахад разамынд дӕтдзӕн ӕнӕхъӕн зӕххӕн

Цавӕр Паддзахады кой кӕнӕм, уый зоныс? ~ О, уый у Хуыцауы Паддзахад. Уый зӕххӕй дзӕнӕт сараздзӕн. Уыцы Паддзахады тыххӕй дӕ фылдӕр базонын фӕнды? ~

Алы паддзахадӕн дӕр вӕййы паддзах ӕмӕ йӕ бӕстӕйы цӕрӕг адӕмӕн вӕййы сӕ хицау. Хуыцауы Паддзахады Паддзах чи у, уый зоныс? ~ Уый у Йесо Чырысти. Чырысти цӕры уӕлӕрвты, ӕмӕ тагъд суыдзӕн Паддзах зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр! Куыд хъуыды кӕныс, Чырысти зӕххӕн Паддзах куы уа, уӕд амондджын уыдзыстӕм? ~

Дзӕнӕтмӕ тынгдӕр цӕй тыххӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

Мах уыдзыстӕм тынг амондджын! Дзӕнӕты хылтӕ ӕмӕ хӕстытӕ нал уыдзӕн. Адӕм кӕрӕдзи уарздзысты. Рынчын дӕр ӕмӕ мӕлгӕ дӕр ничиуал кӕндзӕн. Куырмытӕ цӕстӕй ракӕсдзысты, къуырматӕ хъусын райдайдзысты, йӕ бон цӕуын кӕмӕн нӕу, уыдонӕн сӕ бон уыдзӕн лидзын ӕмӕ гӕппытӕ кӕнын. Алкӕмӕн дӕр хӕринаг фаг уыдзӕн. Сырдтӕ та иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ хъаздзысты ӕмӕ мах дӕр хъаздзыстӕм семӕ. Чи амард, уыдон райгас уыдзысты. Ацы брошюрӕйӕ цы сылгоймӕгты ӕмӕ нӕлгоймӕгты тыххӕй базыдтай, зӕгъӕм, Ревеккӕ, Раав, Давид ӕмӕ Илийа, уыдон дӕр райгас уыдзысты! Куы райгас уой, уӕд дӕ семӕ фембӕлын нӕ фӕндид? ~

Йегъовӕ дӕ бирӕ уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уай. Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базоныныл куы архайай ӕмӕ йӕ коммӕ куы кӕсай, уӕд ды дӕр уыцы рӕсугъд дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрдзынӕ! Фӕнды дӕ? ~