Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 СӔР

«Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад»

«Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад»

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй Йесо цы дзырдта, ууыл

1, 2. Йегъовӕ йӕ Фырты тыххӕй цы загъта ӕмӕ Йесойы ӕртӕ апостолы уыцы ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастысты?

 ЙЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ дын йӕхӕдӕг цавӕрдӕр хъуыддаг куы бахӕс кӕнид, уӕд куыд бакӕнис? Цыфӕнды хъуыддаг ма уа, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, ӕппӕт хъарутӕй бацархаис, цӕмӕй дын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакӕнай.

2 Н. э. 32 азы Фӕндзайӕм бонӕй цасдӕры фӕстӕ ахӕм хабар ӕрцыд Йесойы апостолтӕй ӕртӕйыл – Петр, Иаков ӕмӕ Иоанныл. (Бакӕс Матфейы 17:1–5.) Уыдон сӕ Ахуыргӕнӕгимӕ «бӕрзонд хохмӕ» ссыдысты ӕмӕ уым цӕстылуайӕны федтой Йесойы стыр кад, ома фидӕны уӕларвон Паддзах кӕй уыдзӕн, уый. Петрмӕ ма афтӕ дӕр фӕкаст, цыма уый цӕстылуайӕн нӕ, фӕлӕ ӕцӕг хабар у, ӕмӕ йӕ уым ӕртӕ цатыры ӕрӕвӕрын дӕр бафӕндыд. Нырма дзургӕ кодта, афтӕ сӕ мигъ ӕрӕмбӕрзта. Петрмӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕм цы стыр кад ӕрхауд, ахӕм кад ӕрмӕстдӕр цалдӕр адӕймагмӕ ӕрхауд. Уыдон сӕхи хъустӕй фехъуыстой Йегъовӕйы хъӕлӕс. Йегъовӕ загъта, Йесо йӕ Фырт кӕй у, ӕмӕ сын стӕй ныффӕдзӕхста: «Хъусут ӕм». Уыцы фӕдзӕхст апостолтӕ сӕ зӕрдӕтӕм арф айстой. Уыдон хъуыстой, Йесо сын цы амыдта, уымӕ, ӕмӕ иннӕты дӕр уымӕ разӕнгард кодтой (Хъуыд. 3:19–23; 4:18–20).

Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куыд арӕх дзырдта, афтӕ арӕх ӕндӕр ницӕй тыххӕй дзырдта

3. Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй йын йӕ Фыртмӕ хъусӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цавӕр фарстамӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Ацы ныхӕстӕ, «хъусут ӕм», зӕгъгӕ, Библийы фыст ӕрцыдысты мах пайдайӕн (Ром. 15:4). Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Йесо у Йегъовӕйы минӕвар, ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ алы хатт дӕр дзырдта, йӕ Фыды махӕн цы зӕгъын фӕндыд, уый (Иоан. 1:1, 14). Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй,– ома Мессийӕ ӕмӕ 144 мины йӕ сӕргъы кӕмӕн сты, уыцы уӕларвон хицауады тыххӕй,– тынг арӕх дзырдта. Афтӕ арӕх ӕндӕр ницӕй тыххӕй дзырдта. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, Хуыцауы Паддзахад куыд архайы, уымӕ лӕмбынӕг ӕркӕсын (Рарг. 5:9, 10; 14:1–3; 20:6). Фӕлӕ уал фыццаг аныхас кӕнӕм, Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй афтӕ арӕх цӕмӕн дзырдта, ууыл.

«Зӕрдӕ йедзаг цӕмӕй вӕййы...»

4. Йесо куыд равдыста, Хуыцауы Паддзахадӕн тынг кӕй аргъ кӕны, уый?

4 Йесо Хуыцауы Паддзахадӕн тынг аргъ кӕны. Уый цӕмӕй у бӕрӕг? Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы вӕййы, ома йын царды ӕцӕгӕй ахсджиаг цы у, уый бӕрӕг вӕййы йӕ ныхӕстӕй. Йесо йӕхӕдӕг загъта: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йедзаг цӕмӕй вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны» (Матф. 12:34). Йесойӕн-иу фадат кӕмдӕриддӕр уыди, уым-иу алы хатт дӕр дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Цыппар Евангелийы уыцы Паддзахады тыххӕй дзырд цӕуы 100 хаттӕй фылдӕр, ӕмӕ сӕ фылдӕр сты Йесойы ныхӕстӕ. Йесо сӕйраджыдӕр уый тыххӕй хъусын кодта. Уый загъта: «Иннӕ горӕтты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лук. 4:43). Ӕмӕ мӕрдтӕй куы райгас, уый фӕстӕ дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уыцы Паддзахады тыххӕй дзырдта (Хъуыд. 1:3). Бӕрӕг у, Йесо Хуыцауы Паддзахадӕн тынг кӕй аргъ кодта.

5–7. а) Йегъовӕ Паддзахадӕн тынг кӕй аргъ кӕны, уый кӕцӕй зонӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон. ӕ) Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы Паддзахадӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм, уый?

5 Уыцы Паддзахадӕн тынг аргъ кӕны Йегъовӕ дӕр. Уый кӕцӕй зонӕм? Йегъовӕ йӕ иунӕг Фырты дунемӕ рарвыста. Йӕ Фырт зӕххыл цы дзырдта ӕмӕ иннӕтӕн цы амыдта, уыдон иууылдӕр Йегъовӕйӕ базыдта (Иоан. 7:16; 12:49, 50). Цыппар Евангелийы Йесойӕн йӕ цард ӕмӕ йӕ лӕггады тыххӕй цыдӕриддӕр фыст ис, уыдон дӕр Йегъовӕ ныффыссын кодта. Уый цӕуыл дзурӕг у?

Алкӕй дӕр нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Ӕз дӕр Хуыцауы Паддзахадӕн афтӕ аргъ кӕнын?»

6 Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, фӕнды дӕ дӕ бинонты къамтӕ иу альбомы сӕвӕрын. Къамтӕ дӕм бирӕ ис, фӕлӕ се ’ппӕт альбомы нӕ бацӕудзысты. Ӕмӕ уӕд куыд бакӕндзынӕ? Кӕцыдӕртӕ дзы равзардзынӕ ӕмӕ альбомы уыдон сӕвӕрдзынӕ. Евангелитӕ дӕр сты, Йесо чи уыд, уый бӕлвырдӕй кӕм ис фенӕн, ахӕм альбомы хуызӕн. Чи сӕ фыста, уыцы адӕмӕн Йегъовӕ, Йесо зӕххыл цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕттӕ иууылдӕр нӕ ныффыссын кодта (Иоан. 20:30; 21:25). Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй адӕм ӕмбӕрстаиккой, ӕппӕты сӕйраг ын цы у ӕмӕ Йесо зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыд, уый. Ӕмӕ сын йӕ комытӕфӕй ныффыссын кодта, уый кӕй фӕрцы бамбӕрстаиккой, уыцы хабӕрттӕ (2 Тим. 3:16, 17; 2 Пет. 1:21). Евангелиты кӕрӕй-кӕронмӕ фыст ис, Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы дзырдта, уый. Уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, уыцы Паддзахадӕн Йегъовӕ тынг кӕй аргъ кӕны. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын йӕ Паддзахады тыххӕй алцыдӕр зонӕм.

7 Уӕдӕ нӕ алкӕй дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Ӕз дӕр Хуыцауы Паддзахадӕн афтӕ аргъ кӕнын?» Кӕд о, уӕд нӕ зӕрдиагӕй фӕнддзӕн Йесомӕ хъусын, ӕмӕ, уыцы Паддзахад афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у, стӕй куыд ӕмӕ кӕд ӕрцӕудзӕн, уый хуыздӕр бамбарын.

Хуыцауы Паддзахад куыд ӕрцӕудзӕн?

8. Хуыцауы Паддзахад куыд ахсджиаг у, уый Йесо куыд бамбарын кодта?

8 Ӕркӕсӕм, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты кувын куыд ахуыр кодта, уымӕ. Хуымӕтӕг ныхӕстӕй бамбарын кодта, Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уый ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, куыд ахсджиаг у. Уыцы куывды ис авд курдиаты. Фыццаг ӕртӕ курдиаты баст сты Йегъовӕйы фӕндтимӕ – цӕмӕй йӕ ном срухс уа, йӕ Паддзахад ӕрцӕуа ӕмӕ йӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уа зӕххыл дӕр. (Бакӕс Матфейы 6:9, 10.) Ацы ӕртӕ курдиаты кӕрӕдзиимӕ ӕнгом баст сты. Йегъовӕ йӕ ном срухс кӕндзӕн ӕмӕ йӕ фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн уыцы Паддзахады фӕрцы.

9, 10. а) Хуыцауы Паддзахад куыд ӕрцӕудзӕн? ӕ) Хуыцау нын зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдонӕй тынгдӕр кӕцымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

9 Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахад куыд ӕрцӕудзӕн? Йегъовӕмӕ афтӕ куы фӕкувӕм, «ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад», зӕгъгӕ, уӕд дзы фӕкурӕм, цӕмӕй уыцы Паддзахад зӕххыл хъуыддӕгтӕм ӕркӕса. Хуыцауы Паддзахад куы ’рцӕуа, уӕд зӕххыл бартӕ иууылдӕр йӕ къухмӕ райсдзӕн. Уый фесафдзӕн ацы фыддуне ӕмӕ зӕххон хицауӕдтӕ иууылдӕр ӕмӕ скӕндзӕн, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног дуне (Дан. 2:44; 2 Пет. 3:13). Уый фӕстӕ Хуыцауы Паддзахад ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр скӕндзӕн дзӕнӕт (Лук. 23:43). Хуыцау райгас кӕндзӕн, чи амард, уыцы адӕмӕй йӕ зӕрдыл кӕй дары, уыдоны, ӕмӕ сӕ хиуӕттимӕ цардӕй бафсӕддзысты (Иоан. 5:28, 29). Хуыцауы коммӕ чи кӕса, уыдон суыдзысты ӕххӕст адӕймӕгтӕ ӕмӕ ӕнустӕм цӕрдзысты (Рарг. 21:3–5). Ӕмӕ уӕд, зӕххыл чи цӕра ӕмӕ уӕлӕрвты чи цӕра, уыдоны ’хсӕн уыдзӕн ӕцӕг иудзинад – се ’ппӕт дӕр ӕмхуызонӕй ӕххӕст кӕндзысты Йегъовӕ Хуыцауы фӕндон! Ацы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр фыст сты Библийы. Нӕ дӕ фӕнды, куыд сӕххӕст уыдзысты, уый дӕхи цӕстӕй фенын? Хуыцаумӕ афтӕ куы фӕкувыс, ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад, зӕгъгӕ, уӕд дзы, зӕгъӕн ис, ӕмӕ фӕкурыс, цӕмӕй уыцы диссаджы зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕна.

10 Куыд ӕй уынӕм, афтӕмӕй Хуыцауы Паддзахад афтӕ нӕма «ӕрцыд», цӕмӕй, Йесо цӕй тыххӕй куывта, уый сӕххӕст кӕна. Нырма адӕмӕн разамынд дӕттынц зӕххон хицӕуттӕ, ӕмӕ ног дуне нӕма ралӕууыд. Фӕлӕ ис иу хорз хабар: Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты ӕвӕрд ӕрцыд! Уый тыххӕй бӕстон дзырд цӕудзӕн иннӕ сӕры. Ныр та уал ӕркӕсӕм, уыцы Паддзахад уӕлӕрвты ӕвӕрд кӕд хъуамӕ ӕрцыдаид ӕмӕ зӕхмӕ кӕд хъуамӕ ӕрцыдаид, уый тыххӕй Йесо цы загъта, уымӕ.

Хуыцауы Паддзахад ӕвӕрд кӕд хъуамӕ ӕрцыдаид?

11. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы бамбарын кодта?

11 Йесо бамбарын кодта, Хуыцауы Паддзахад н. э. 1 ӕнусы кӕй не ’рцӕудзӕн ӕвӕрд, кӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кодтой, уӕддӕр (Хъуыд. 1:6). Ӕркӕсӕм, йӕ дыууӕ фӕсномыг ныхасы цы радзырдта, уымӕ. Уыцы фӕсномыг ныхӕстӕй иу, ӕвӕццӕгӕн, радзырдта н. э. 31 азы, иннӕ та – н. э. 33 азы.

12. Хуыцауы Паддзахад н. э. 1 ӕнусы кӕй не ’рцыд ӕвӕрд, уый мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас куыд ӕвдисы?

12 Фӕсномыг ныхас мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй. (Бакӕс Матфейы 13:24–30.) Куыд загътам, афтӕмӕй Йесо ацы фӕсномыг ныхас, ӕвӕццӕгӕн, радзырдта н. э. 31 азы уалдзӕджы ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта (Матф. 13:36–43). Ацы фӕсномыг ныхасӕн йӕ хъуыды у ахӕм: апостолты мӕлӕты фӕстӕ Хӕйрӕг мӕнӕуы ’хсӕн (ома «паддзахады фыртты», кӕнӕ сӕрст чырыстӕтты ’хсӕн) хъуамӕ байтыдтаид хӕмпӕлгӕрдӕг (ома мӕнг чырыстӕтты). Мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг бӕлвырд рӕстӕг хъуамӕ иумӕ рӕзыдаиккой. Уыцы рӕстӕг хъуамӕ ахастаид хуымгӕрдӕнты онг, ома «ацы цардӕвӕрды кӕроны» онг. Хуымгӕрдӕн афон куы райдыдтаид, уӕд хъуамӕ хӕмпӕлгӕрдӕг ӕрӕмбырд кодтаиккой. Уый фӕстӕ та хъуамӕ мӕнӕу бафснайдтаиккой. Уӕдӕ ацы фӕсномыг ныхас ӕвдисы, Хуыцауы Паддзахад ӕвӕрд кӕй хъуамӕ ӕрцыдаид н. э. 1 ӕнусы нӕ, фӕлӕ, мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг иумӕ куы сырӕзтаиккой, уый фӕстӕ. Хабӕрттӕ куыд равдыстой, афтӕмӕй уыцы рӕстӕг фӕци 1914 азы, ӕмӕ уыцы аз райдыдта хуымгӕрдӕн афон дӕр.

13. Йесо куыд бамбарын кодта, куыддӕр фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм аздӕха, афтӕ Паддзахӕй ӕвӕрд кӕй не ’рцӕудзӕн?

13 Фӕсномыг ныхас минӕты тыххӕй. (Бакӕс Лукайы 19:11–13.) Йесо ацы фӕсномыг ныхас радзырдта н. э. 33 азы, фӕстаг хатт ма Иерусалиммӕ куы цыди, уӕд. Чи йӕм хъуыста, уыдонӕй чидӕртӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Йесо йӕ Паддзахад ӕрфидар кӕндзӕн, Иерусалиммӕ куы бацӕуой, уӕд. Фӕлӕ уыдон раст нӕ хъуыды кодтой. Хуыцауы Паддзахад ӕвӕрд кӕд хъуамӕ ӕрцыдаид, уымӕ нырма бирӕ рӕстӕг уыди. Ӕмӕ сын цӕмӕй Йесо уый бамбарын кодтаид, уый тыххӕй йӕхи абарста, «кадджын мыггагӕй чи уыд, иу ахӕм лӕгимӕ». Уый ацыди «дард бӕстӕм, цӕмӕй паддзахы бартӕ райстаид» a. Йесо дӕр хъуамӕ ацыдаид «дард бӕстӕм», ома уӕлӕрвтӕм, цӕмӕй йын йӕ Фыд паддзахы бартӕ радтаид. Фӕлӕ Йесо зыдта, фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕха, уӕд Паддзахӕй уайтагъд кӕй не ’рцӕудзӕн ӕвӕрд. Хъуамӕ уал Хуыцауы рахиз фарс бадтаид ӕмӕ нысангонд рӕстӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кастаид. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй йӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъуыд бирӕ ӕнусты дӕргъы (Пс. 110:1, 2; Матф. 22:43, 44; Дзут. 10:12, 13).

Хуыцауы Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕн?

14. а) Йесо йӕ цыппар апостолы фарстайӕн цавӕр дзуапп радта? ӕ) Йесо цы пехуымпарӕдтӕ загъта, уыдон куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы ис зӕгъӕн?

14 Йесо, куы йӕ амардтой, уымӕй цалдӕр боны размӕ уыди йӕ апостолтӕй цыппаримӕ, ӕмӕ йӕ уыдон бафарстой: «Кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ, стӕй, кӕй ӕрцыдтӕ [грекъ. паруси́а] ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?» (Матф. 24:3; Мар. 13:4). Йесо сын сӕ фарстайӕн цы дзуапп радта, уый фыст ис Матфейы чиныджы 24 ӕмӕ 25 сӕрты. Йесо радзырдта, грекъаг ӕвзаджы паруси́а чи хуыйны, уыцы рӕстӕджы ӕнӕхъӕн зӕххыл цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уыдоны тыххӕй. Уыцы рӕстӕг хъуамӕ райдыдтаид, Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты ӕвӕрд кӕй ӕрцыд, уымӕй ӕмӕ фӕуыдаид, Хуыцауы Паддзахад зӕхмӕ кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй. Йесо цы пехуымпарӕдтӕ загъта, уыдон 1914 азӕй фӕстӕмӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕн ис тынг бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ b. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ зонӕм, уыцы аз Йесо Паддзах кӕй сси ӕмӕ уӕлӕрвты Хуыцауы Паддзахад ӕвӕрд кӕй ӕрцыд.

15, 16. Йесо цы «фӕлтӕры» кой кодта, уымӕ чи хауы?

15 Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахад зӕхмӕ та кӕд ӕрцӕудзӕн? Уыцы хабар бӕлвырдӕй кӕд хъуамӕ ӕрцыдаид, уый Йесо нӕ загъта (Матф. 24:36). Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, тынг тагъд кӕй уыдзӕн. «Ацы фӕлтӕр» хъуамӕ сӕхи цӕстӕй феной, Йесо цы пехуымпарӕдты кой кодта, уыдон куыд сӕххӕст сты, уый, ӕмӕ уый фӕстӕ ӕрцӕудзӕн Хуыцауы Паддзахад. (Бакӕс Матфейы 24:32–34.) Йесо цы «фӕлтӕры» кой кодта, уымӕ чи хауы? Йӕ ныхӕстӕм-ма йын лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм.

16 «Ацы фӕлтӕр». Цымӕ Йесо ӕнӕуырнӕг адӕмы кой кодта? Уый афтӕ нӕу. Фыццаджыдӕр ахъуыды кӕнӕм, Йесо кӕимӕ ныхас кодта, ууыл. Йӕ апостолтӕ йӕм цалдӕрӕй «хибарӕй бацыдысты», ӕмӕ хабӕрттӕ уыдонӕн дзырдта (Матф. 24:3). Уыдон хъуамӕ тагъд сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдаиккой. Стӕй-ма контекстмӕ дӕр ӕркӕсӕм. Цалынмӕ Йесо «ацы фӕлтӕры» кой нӕ ракодта, уӕдмӕ загъта: «Цӕвиттонӕн райсӕм легъуибӕлас. Ног къалиутӕ йыл куы рацӕуы ӕмӕ сыфтӕр куы ракалы, уӕд ӕй фӕзонут, сӕрдмӕ бирӕ кӕй нал хъӕуы. Уӕдӕ ӕппӕт адӕттӕ куы уынат, уӕд ӕй зонут: Адӕймаджы Фырт лӕууы къӕсӕрыл». Йесо цы хабӕртты кой кодта, уыдон хъуамӕ федтаиккой ӕнӕуырнӕг адӕм нӕ, фӕлӕ йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ. Ӕмӕ, уыцы хабӕрттӕ цӕуыл дзурӕг сты, уый дӕр хъуамӕ уыдон бамбӕрстаиккой – хъуамӕ бамбӕрстаиккой, Йесо «къӕсӕрыл» кӕй лӕууы. Уӕдӕ Йесо «ацы фӕлтӕры» тыххӕй куы дзырдта, уӕд йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты кой кодта.

17. Цы нысан кӕны дзырд «фӕлтӕр» ӕмӕ цы хауы «ӕппӕт ацы хабӕрттӕм»?

17 «Ӕрӕййафдзӕн ӕппӕт ацы хабӕрттӕ». Ацы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст уыдзысты? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп раттӕм, уый тыххӕй хъуамӕ зонӕм дыууӕ хъуыддаджы: дзырд «фӕлтӕр» цы нысан кӕны ӕмӕ «ӕппӕт ацы хабӕрттӕм» цы хауы. Библийы дзырд «фӕлтӕр» арӕх фӕамоны, уыцы иу рӕстӕджы чи фӕцӕры ӕмӕ алы кары чи вӕййы, ахӕм адӕммӕ, зӕгъӕм, фыд ӕмӕ фыртмӕ кӕнӕ фыды фыд ӕмӕ фырты фыртмӕ. Иу фӕлтӕр цы рӕстӕджы фӕцӕры, уый тынг бирӕ нӕ ахӕссы ӕмӕ йын кӕддӕр ӕнӕмӕнг кӕрон ӕрцӕуы (Рац. 1:6). «Ӕппӕт ацы хабӕрттӕм» та хауынц, Йесойӕн йе ’рцыдӕй, ома 1914 азӕй, суанг «стыр бӕллӕхы» онг цы хабӕрттӕ хъуамӕ цӕуа, уыдон иууылдӕр (Матф. 24:21).

18, 19. а) Йесо «ацы фӕлтӕры» тыххӕй цы загъта, уый куыд ӕмбарын хъӕуы? ӕ) Цы бӕлвырдгӕнӕнтӕм ӕркастыстӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ цы ис зӕгъӕн?

18 Ӕмӕ уӕд куыд ӕмбарын хъӕуы, Йесо «ацы фӕлтӕры» тыххӕй цы загъта, уый? «Ацы фӕлтӕрмӕ» хауы сӕрст чырыстӕтты дыууӕ къорды. Фыццаг къорды сты, Йесойы ӕрцыд цы хабӕрттӕй бӕрӕг уыдзӕн, уыдон 1914 азы ӕххӕст кӕнын куыд райдыдтой, уый йӕхи цӕстӕй чи федта, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ. Дыккаг къорды та сты, фыццаг къорд чи ӕрӕййӕфта ӕмӕ ма иуцасдӕр семӕ иу рӕстӕджы чи цард, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ. Стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд, дыккаг къорды чи ис, уыдонӕй чидӕртӕ нырма зӕххыл цӕрдзысты ӕмӕ уыцы бӕллӕх сӕхи цӕстӕй фендзысты. Уыцы сӕрст чырыстӕтты дыууӕ къорды сты иу фӕлтӕр, уымӕн ӕмӕ иуцасдӕр цардысты иу рӕстӕджы c.

19 Уӕдӕ цы бӕлвырдгӕнӕнтӕм ӕркастыстӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ цы ис зӕгъӕн? Йесо уӕлӕрвты паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый цы хабӕрттӕй хъуамӕ уыдаид бӕрӕг, уыдон цӕуынц ӕгас зӕххыл дӕр. Стӕй уынӕм, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис ӕмӕ, Йесо цы «фӕлтӕры» кой кодта, уымӕ чи хауы, уыдон ӕрыгон кӕй нал сты. Фӕлӕ дзы уӕддӕр иуӕй-иутӕ, стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд нырма уыдзысты удӕгас. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у зӕгъын, Хуыцауы Паддзахад тынг тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райсдзӕн! Уӕд сӕххӕст уыдзысты Йесойы куывды ныхӕстӕ, «ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад», зӕгъгӕ. Уыцы рӕстӕг дӕхи цӕстӕй фен, уымӕй диссагдӕр ма цы хъуамӕ уа!

20. Ацы чиныджы цавӕр ахсджиаг фарстайыл цӕудзӕн дзырд ӕмӕ иннӕ сӕры цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

20 Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ нын йӕ Фырты тыххӕй йӕхӕдӕг уӕлӕрвтӕй цы ныффӕдзӕхста, уый, «хъусут ӕм», зӕгъгӕ. Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ зӕрдиагӕй фӕнды уыцы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын. Ноджы хуыздӕр нӕ бамбарын фӕнды, Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы дзырдта ӕмӕ цы амыдта, уыдӕттӕ иууылдӕр. Уыцы Паддзахад абоны онг цы сарӕзта ӕмӕ ма фидӕны дӕр цы сараздзӕн, уый тынг ахсджиаг фарста у. Ӕмӕ ууыл дзырд цӕудзӕн ацы чиныджы. Иннӕ сӕры ӕркӕсдзыстӕм, Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты куы райгуырд, уыцы рӕстӕг ӕмӕ уый размӕ азты цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уымӕ.

a Йесо ацы фӕсномыг ныхас куы дзырдта, уӕд ӕм чи хъуыста, уыдонӕн, ӕвӕццӕгӕн, сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд Номдзыд Ироды фырт Архелай. Ирод йӕ мӕлӕты размӕ уынаффӕ рахаста, йӕ фӕстӕ Иудейӕйы ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты хицау кӕй уыдзӕн Архелай. Фӕлӕ цалынмӕ Архелай хицауы бартӕ йӕ къухмӕ райста, уӕдмӕ йӕ бахъуыд Роммӕ дард балцы ацӕуын, цӕмӕй йын Ромы паддзах Август йӕ бартӕ ӕрфидар кодтаид.

b Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс брошюрӕ «6 хабары Библийӕ ӕххӕст кӕнынц дӕ цӕстыты раз», 3–10 фӕрстӕ.

c Фыццаг къорды сӕрст чырыстӕттӕй фӕстаг куы амард, уый фӕстӕ – ома 1914 азы «тухитӕн сӕ райдиан» йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдон се ’ппӕт дӕр куы амардысты, уый фӕстӕ – сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи ’рцыд, уыдон «ацы фӕлтӕрмӕ» нӕ хауынц (Матф. 24:8).