Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 СӔР

Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты райгуырд

Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты райгуырд

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Хуыцау йӕ адӕмы бацӕттӕ кодта йӕ Паддзахады райгуырдмӕ

1, 2. а) Ӕнӕхъӕн дунейы историйы ӕппӕты диссагдӕр хабар цавӕр уыди? ӕ) Уыцы хабар адӕм сӕхи цӕстӕй цӕуылнӕ федтой?

 НИКУЫ дӕ фӕндыд, дунейы уавӕр цӕхгӕр куы фӕивта ӕмӕ ахсджиаг хабӕрттӕ куы ’рцыд, ахӕм рӕстӕджы цӕрын? Бирӕты фӕфӕнды. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг куы цардаис, уӕд цымӕ уыцы хабӕрттӕ дӕхи цӕстӕй федтаис? Чи зоны, нӕ. Историйы чингуыты фӕкӕсӕм, зӕгъгӕ, ахӕм ӕмӕ ахӕм хицауы раппӕрстой ӕмӕ йын йӕ бынаты ӕндӕры сӕвӕрдтой. Фӕлӕ ахӕм хабӕрттӕ арӕх адӕмӕн сӕ фылдӕр сӕхи цӕстӕй нӕ фенынц. Истори фыст цӕуы ӕхгӕд дуӕртты мидӕг – хицауады кӕнӕ парламенты уынаффӕдӕтты. Ӕмӕ уӕддӕр уыцы ивындзинӕдтӕ милуанты цардыл тынг бандавынц.

2 Цы зӕгъӕн ис дунейы историйы ӕппӕты диссагдӕр хабарӕй та? Уый тынг фӕзынд милуанты цардыл. Фӕлӕ йӕ уынгӕ иу адӕймаг дӕр нӕ фӕкодта. Куыд ӕй бамбӕрстай, афтӕмӕй дзырд цӕуы, Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты кӕй райгуырд, ууыл. Уыцы Паддзахад у уӕларвон хицауад ӕмӕ йӕ сӕргъы лӕууы, Хуыцау бирӕ ӕнустӕ раздӕр зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Мессийӕ. Ӕмӕ уыцы хицауад тагъд ацы дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр фесафдзӕн. (Бакӕс Данелы 2:34, 35, 44, 45.) Хуыцауы Паддзахады райгуырд адӕм сӕхи цӕстӕй кӕй нӕ федтой, уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы хабар Йегъовӕ адӕмӕй басусӕг кодта? Ӕви йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты уымӕ рагацау бацӕттӕ кодта? Цӕй ӕмӕ ацы фарстатӕм лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм.

«Мӕ фидиуӕг... мын мӕ размӕ фӕндаг асыгъдӕг кӕндзӕн»

3–5. а) Малахийы 3:1 кӕй кой цӕуы, уыцы «бадзырды минӕвар» чи уыд? ӕ) Цалынмӕ «бадзырды минӕвар» кувӕндонмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ цавӕр хабар хъуамӕ ӕрцыдаид?

3 Йегъовӕ йӕ Паддзахады райгуырдмӕ йӕ адӕмы цӕттӕ кодта раджы замантӕй фӕстӕмӕ. Зӕгъӕм, Малахийы 3:1 фыст ис: «Ӕз фервитын мӕ фидиуӕджы, ӕмӕ мын мӕ размӕ фӕндаг асыгъдӕг кӕндзӕн. Ӕмӕ ӕцӕг Хицау, кӕй агурут, уый, йӕ кувӕндонмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн, ӕрцӕудзӕн бадзырды минӕвар дӕр, ӕхсызгонӕй кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, уый».

4 Цымӕ нӕ рӕстӕджы Йегъовӕ, ома «ӕцӕг Хицау», кӕд ӕрцыд, йе ’нӕуынгӕ кувӕндоны зӕххон кӕрты чи лӕггад кӕны, уыдоны уавӕрмӕ ӕркӕсынмӕ? Пехуымпар Малахи куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй Йегъовӕ хъуамӕ ӕрцыдаид «бадзырды минӕваримӕ». Чи уыд уыцы минӕвар? Паддзах Йесо Чырысти! (Лук. 1:68–73). Уый ӕрцыд Паддзахӕй ӕвӕрд, ӕмӕ хъуамӕ зӕххыл Хуыцауы адӕмы уавӕрмӕ ӕркастаид ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кодтаид (1 Пет. 4:17).

5 Ӕмӕ уӕд, Малахийы 3:1 цы «фидиуӕджы» кой цӕуы, уый та чи уыд? Уыцы фидиуӕг хъуамӕ фӕзындаид, Мессийӕ уӕлӕрвты паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куы хъуамӕ райстаид, уымӕй бирӕ раздӕр. Цымӕ цалынмӕ 1914 аз нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ Хуыцауы ӕвӕрд Паддзахӕн, Мессийӕйӕн, йӕ размӕ исчи фӕндаг «асыгъдӕг кодта»?

6. Хуыцауы адӕмы фидӕны хабӕрттӕм бацӕттӕ кӕнынмӕ чи ’рцыд, уыцы «фидиуӕг» чи уыди?

6 Ахӕм фарстатӕн дзуапп ссардзыстӕм ацы чиныджы. Мах лӕмбынӕг ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕйы адӕмы нырыккон историйы цы диссаджы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонмӕ. Зӕххыл цы бирӕ мӕнг чырыстон динтӕ уыд, уыдоны ’хсӕн 19 ӕнусы кӕрон фӕзынд сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы гыццыл къорд. Ӕрмӕстдӕр уыдон уыдысты ӕцӕг чырыстӕттӕ. Адӕм уыцы къорд зыдтой Библииртасджытӕй. Разамынд сын лӕвӕрдтой Чарлз Расселл ӕмӕ йе ’ввахс ӕмбӕлттӕ, ӕмӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, уыдон кӕй уыдысты, пехуымпар Малахи цы «фидиуӕджы» кой кодта, уый. Уыдон Хуыцауы адӕмӕн ӕмбарын кодтой, Библимӕ гӕсгӕ сӕ цы аразын хъуыди, уый ӕмӕ сӕ афтӕмӕй цӕттӕ кодтой фидӕны хабӕрттӕм. Цӕттӕ сӕ кодтой цыппар хъуыддаджы, ӕмӕ сӕм ӕркӕсӕм.

Хъӕуы рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кувын

7, 8. а) Ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырад 19 ӕнусы фыццаг хатт хурмӕ чи рахаста? ӕ) Расселл ӕмӕ йе ’ввахс ӕмбӕлттӕ хурмӕ ноджыдӕр цавӕр мӕнг ахуырӕдтӕ рахастой?

7 Библииртасджытӕ Хуыцаумӕ куывтой ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ Ныхас лӕмбынӕг иртӕстой. Библийы ахуырӕдты фӕдыл-иу иу хъуыдымӕ ӕрцыдысты, ӕмбырд сӕ кодтой ӕмӕ уыцы бӕлвырд ахуырӕдтӕ мыхуыр кодтой. Ӕнусты дӕргъы чырыстон динтӕ тарф фынӕй кодтой. Цы ахуырӕдтыл хӕст уыдысты, уыдонӕй бирӕтӕ ист уыдысты, алыхуызон хуыцӕуттӕн чи куывта, уыцы адӕмты ӕгъдӕуттӕй. Уымӕн хорз цӕвиттон у ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырад. Фӕлӕ 1850 азмӕ ӕввахс, Библи зӕрдиагӕй чи иртӕста, цалдӕр ахӕм адӕймаджы уыцы ахуырадмӕ лӕмбынӕг ӕркастысты ӕмӕ федтой, Хуыцауы Ныхасимӕ йын иумӕйагӕй кӕй ницы ис. Генри Гру, Джордж Стетсон ӕмӕ Джордж Сторрз уыцы мӕнг ахуырад хурмӕ рахастой. Уыдон адӕмӕн ныфсджынӕй дзырдтой, уыцы ахуырад Хӕйрӕгӕй кӕй у, ӕмӕ уый тыххӕй фысгӕ дӕр кодтой a. Фӕстӕдӕр уыцы ӕрмӕг тынг баххуыс кодта Чарлз Расселлӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн Фыстад хуыздӕр бамбарынӕн.

8 Библииртасджыты гыццыл къорд бамбӕрста, ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырадимӕ ма баст кӕй уыдысты ӕндӕр мӕнг ахуырӕдтӕ дӕр ӕмӕ уыдон дӕр адӕмы зонд кӕй зыгъуыммӕ кодтой. Иу дзы у, афтӕ кӕй дзурынц, ӕмӕ, дам, хорз адӕм иууылдӕр уӕлӕрвтӕм ацӕуынц, ӕвзӕр адӕмы ӕнӕмӕлгӕ удтӕ та Хуыцау бафхӕры, ӕмӕ ӕнустӕм зындоны арты хъизӕмар кӕнынц. Уыцы ахуырӕдтӕ Расселл ӕмӕ йе ’ввахс ӕмбӕлттӕ ныфсджынӕй хурмӕ хастой. Уый тыххӕй фыстой бирӕ статьяты, чингуыты, брошюрӕты, стӕй-иу раныхӕстӕ газетты дӕр ныммыхуыр кодтой.

9. «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыг» Троицӕйы ахуырад хурмӕ куыд рахаста?

9 Библииртасджытӕ ма хурмӕ рахастой Троицӕйы ахуырад дӕр, ӕгас дунейы дӕр хӕст кӕуыл уыдысты, уый. 1887 азы «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди: «Фыстад бӕлвырд ӕвдисы, Йегъовӕ ӕмӕ нӕ Хицау Йесо хицӕн удгоймӕгтӕ кӕй сты, стӕй дзы иу Фыд кӕй у, иннӕ та – Фырт». Дарддӕр уыцы статьяйы дзырд цыди, зӕгъгӕ, стыр диссаг у, «Хуыцау Троицӕ кӕй у, ома ӕртӕ Хуыцауы иу кӕй сты ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг иу Хуыцау ӕртӕйы мидӕг дӕр кӕй ис, уыцы ахуырад афтӕ кӕй апарахат ӕмӕ йыл уыйбӕрц адӕм кӕй баууӕндыдысты. Фӕлӕ ацы хабар хорз ӕвдисы, аргъуан тарф фынӕй кӕй кодта, знаг ӕй йӕ мӕнг ахуырӕдты рӕхыстӕй куы сбаста, уӕд».

10. 1914 азы тыххӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цы уыди фыст?

10 Библииртасджытӕ цы журнал уагътой, уымӕн йӕ ном ӕнӕхъӕнӕй уыд «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыг ӕмӕ Чырыстийы ӕрцыды фидиуӕг». Уыцы ном хорз ӕвдыста, Чырыстийы ӕрцыдимӕ цы пехуымпарӕдтӕ баст уыдысты, уыдонмӕ сӕ хъус лӕмбынӕг кӕй дардтой. Журналӕн статьятӕ чи фыста, уыцы иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ бамбӕрстой, пехуымпар Данел цы «авд рӕстӕджы» кой кодта, уыдон баст кӕй сты, Хуыцау Мессийӕйы Паддзахады тыххӕй цы сфӕнд кодта, уый кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уыцы рӕстӕгимӕ. Суанг ма 1870-ӕм азты дӕр дзырдтой, уыцы авд рӕстӕджы 1914 азы кӕй фӕуыдзысты (Дан. 4:25; Лук. 21:24). Ӕмӕ кӕд, 1914 аз куыд ахсджиаг аз у, уый не ’фсымӕртӕ кӕронмӕ не ’мбӕрстой, уӕддӕр, цы зыдтой, уый тыххӕй алкӕм дӕр хъусын кодтой. Ӕмӕ афтӕмӕй рӕстдзинад абон махмӕ дӕр ӕрхӕццӕ.

11, 12. а) Ӕфсымӕр Расселл Библийы ахуырӕдтӕ цӕй фӕрцы ӕргом кодта, уый тыххӕй цы дзырдта? ӕ) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ 1914 азы онг Расселл ӕмӕ йе ’ввахс ӕмбӕлттӕ стыр куыст бакодтой?

11 Расселл ӕмӕ йӕ иузӕрдион ӕмбӕлттӕ афтӕ никуы дзырдтой, зӕгъгӕ, уыцы ахсджиаг ахуырӕдтӕ мах раргом кодтам ӕмӕ сӕ мах бамбӕрстам. Расселл-иу арӕх дзырдта, уыцы хъуыддаджы бирӕ кӕй сарӕзтой, йӕ размӕ чи уыди, уыдон. Сӕйраджыдӕр та бузныг уыди Йегъовӕ Хуыцауӕй, уымӕн ӕмӕ уый ӕргом кӕны йӕ адӕмӕн, цы хъуамӕ зоной, уый ӕмӕ йӕ кӕд хъуамӕ зоной, уӕд. Йегъовӕ ӕцӕгдӕр арфӕ кодта Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлтты фыдӕбонӕн, ӕмӕ сӕ бон баци рӕстдзинад мӕнгдзинадӕй фӕхицӕн кӕнын. Азтӕ куыд цыдысты, афтӕ уыдон дардӕй-дарддӕр кодтой чырыстон аргъуантӕй ӕмӕ уыцы мӕнг динты ’хсӕн тынгдӕр бӕрӕг дардтой.

Ӕфсымӕр Расселл ӕмӕ йе ’ввахс ӕмбӕлттӕ бирӕ сарӕзтой Библийы ахуырӕдтӕ раргом кӕныны тыххӕй

12 Уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕ 1914 азы онг, цалдӕр дӕсазы дӕргъы, сӕйраг ахуырӕдтӕ раргом кӕныны тыххӕй цас сарӕзтой, уый диссаг у! Уыцы рӕстӕг сын цы бантыст, уый тыххӕй 1917 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг ӕмӕ Чырыстийы ӕрцыды фидиуӕджы» фыст уыд: «Абон милуантӕ нал тӕрсынц, зындоны арты кӕй судздзысты, уымӕй ӕмӕ бирӕ ӕндӕр мӕнг ахуырӕдты ахӕсты дӕр нал сты... Рӕстдзинады уылӕн куы рагуылф кодта, уымӕй рацыд цыппор азӕй фылдӕр, ӕмӕ абоны онг стырӕй-стырдӕр кӕны. Стӕй амӕй фӕстӕмӕ ноджы тынгдӕр абухдзӕн, цалынмӕ ӕгас зӕхх дӕр Рӕстдзинады дӕттӕй нӕ байдзаг уа, уӕдмӕ. Ӕмӕ кӕд абухгӕ денджызы уылӕнтӕ фӕстӕмӕ уисойӕ амӕрзӕн ис, уӕд знӕгтӕн дӕр сӕ бон бауыдзӕн Рӕстдзинадӕн йӕ фӕндаг ӕрӕхгӕнын, цӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕххыл ма апарахат уа».

13, 14. а) «Фидиуӕг» Хуыцауы Паддзахадӕн фӕндаг куыд бацӕттӕ кодта? ӕ) Иу ӕнус раздӕр чи цард, уыцы ӕфсымӕртӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13 Ахъуыды-ма кӕн: Хуыцауы адӕм Йесойы йӕ Фыдӕй, Йегъовӕйӕ, куы нӕ хицӕн кодтаиккой, уӕд афтӕ зӕгъӕн уыдаид, ӕмӕ Чырыстийы ӕрцыдмӕ цӕттӕ уыдысты? Кӕцӕй. Афтӕ куы хъуыды кодтаиккой, ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ цардӕй алчидӕр уыдзӕн хайджын, уӕд дӕр нӕ уыдаид зӕгъӕн, ӕмӕ цӕттӕ уыдысты, уымӕн ӕмӕ ӕнӕмӕлгӕ цард у Хуыцауы стыр лӕвар ӕмӕ дзы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй ӕрмӕстдӕр гыццыл къорд уыдзӕн хайджын. Уӕдӕ ахӕм хъуыдыйыл хӕст куы уыдаиккой, ӕмӕ Хуыцау адӕмы ӕнустӕм зындоны хъизӕмарӕй мары, уӕд дӕр нӕ уыдаиккой цӕттӕ. Куыд уынӕм, афтӕмӕй уыцы «фидиуӕг» Хуыцауы ӕвӕрд Паддзахӕн фӕндаг ӕцӕгдӕр бацӕттӕ кодта!

14 Цы зӕгъӕн ис абон махӕй та? Иу ӕнус раздӕр чи цард, уыцы ӕфсымӕртӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Мах дӕр хъуамӕ Хуыцауы Ныхас зыдӕй кӕсӕм ӕмӕ йӕ иртасӕм (Иоан. 17:3). Ацы мулкылмард дунейы адӕм уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй сӕхи не ’фсадынц ӕмӕ сты мӕгуырау уавӕры. Цӕй ӕмӕ махӕн та бонӕй-бонмӕ нӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр агурӕд уыцы хӕринаг! (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 4:15.)

«Рацӕут дзы, мӕ адӕм»

15. Библииртасджытӕ гыццылгай цы бамбӕрстой? (Ноджыдӕр кӕс фиппаинаг.)

15 Библииртасджытӕ дзырдтой, ацы дунейы динтӕй рацӕуын кӕй хъӕуы. 1879 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» дзырд цыди «Вавилоны дины» тыххӕй. Цымӕ Ромаг католикон динмӕ ӕмӕ ромаг папӕтӕм амыдта? Протестанттӕ цалдӕр ӕнусы дӕргъы дзырдтой, Библийы кӕй кой цӕуы, уыцы Вавилон, дам, католикон динмӕ амоны. Фӕлӕ Библииртасджытӕ гыццылгай бамбӕрстой, нырыккон «Вавилонмӕ» кӕй хауынц чырыстон динтӕ иууылдӕр. Цӕмӕн ӕрцыдысты ахӕм хъуыдымӕ? Уымӕн ӕмӕ уыцы динтӕ се ’ппӕт дӕр хӕст уыдысты, уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы мӕнг ахуырӕдтыл b. Рӕстӕг куыд цыди, афтӕ нӕ публикациты ноджы бӕлвырддӕр дзырд цыд, Вавилоны динты цы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм ис, уыдоны цы бакӕнын хъуыд, уый тыххӕй.

16, 17. а) Чиныг «Миназы райдиан»-ы 3-аг том ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» адӕмы куыд разӕнгард кодтой, цӕмӕй мӕнг динӕй сӕхи фӕхицӕн кодтаиккой? ӕ) Бирӕтӕ уыцы уынаффӕтӕм уӕлӕнгай цӕстӕй цӕмӕн кастысты? (Кӕс фиппаинаг.)

16 Зӕгъӕм, 1891 азы чиныг «Миназы райдиан»-ы 3-аг томы дзырд цыд, Хуыцау нырыккон Вавилоныл йӕ къух кӕй систа, уый тыххӕй. Стӕй ма дзы фыст уыди, зӕгъгӕ, «йӕ мӕнг ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ кӕй зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр сидӕм, цӕмӕй дзы сӕхи фӕхицӕн кӕной».

17 Библииртасджыты ӕмбырдтӕм чи цыди, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕ нӕмттӕ чырыстон динты номхыгъдтӕй ахахх кӕныныл нӕ тагъд кодтой. Сӕхи-иу афтӕ рӕстытӕ кодтой, зӕгъгӕ, «мӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр рӕстдзинадимӕ ис ӕмӕ ӕндӕр ӕмбырдтӕм ӕрмӕстдӕр искуы иу хатт ацӕуын». Ахӕм адӕймӕгтӕн 1900 азы январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыд хорз уынаффӕтӕ. Лӕвӕрд дзы цыди ахӕм фарстатӕ: «Фӕлӕ уый раст уыдзӕн, ӕмӕ дӕ иу къах Вавилоны ӕдде уа, иннӕ та – мидӕгӕй? Цымӕ Хуыцау адӕммӕ ахӕм коммӕгӕсдзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы... уый цӕуы йӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ йын уый у ӕхсызгон? Адӕймаг йӕхи аргъуаны куы ныффыссы, уӕд йемӕ ӕргом бадзырд скӕны, ӕмӕ цалынмӕ... ӕргом нӕ зӕгъа, ӕз аргъуанмӕ нал цӕуын, зӕгъгӕ, кӕнӕ дзы йӕхи нӕ ахахх кӕна, уӕдмӕ хъуамӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кӕна, уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ йыл цы хӕстӕ ис, уыдон иууылдӕр». Ӕмӕ азӕй-азмӕ уый тыххӕй ноджы бӕлвырддӕр дзырдтой c. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ сӕ къух бынтондӕр сисой, мӕнг динимӕ сӕ цыдӕриддӕр бӕтты, уыдӕттыл.

18. Адӕмы «Стыр Вавилонӕй» рацӕуын цӕмӕн хъуыди?

18 Цымӕ, «Стыр Вавилонӕй» рацӕуын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй ӕдзух куы нӕ дзырдтаиккой, уӕд Паддзах Чырыстийӕн зӕххыл сыгъдӕг тыхӕй сӕрст лӕггадгӕнджытӕ уыдаид ӕмӕ йе ’рцыдмӕ цӕттӕ уыдаиккой? Кӕцӕй. Вавилоны уацарӕй чи ссӕрибар, ӕрмӕстдӕр уыцы чырыстӕттӕн у сӕ бон Йегъовӕйӕн «йӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» кувын (Иоан. 4:24). Абон мах дӕр ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй нын мӕнг динимӕ иумӕйагӕй мацы уа? Уӕдӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм ацы ныхӕстӕ: «Рацӕут дзы, мӕ адӕм»! (Бакӕс Раргомад 18:4.)

Хъӕуы иумӕ ӕмбырд кӕнын

19, 20. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» Хуыцауы адӕмы иумӕ ӕмбырд кӕнынмӕ куыд разӕнгард кодта?

19 Библииртасджытӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, уырнджытӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, хъуамӕ иумӕ ӕмбырд кӕной ӕмӕ Хуыцауӕн афтӕмӕй кувой. Ӕцӕг чырыстӕттӕ мӕнг динӕй рацӕуой, ӕрмӕст уый фаг нӕу. Хъуамӕ ма раст дины хъуыддӕгты дӕр архайой. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» фыццаг номыртӕй фӕстӕмӕ йӕ кӕсджыты разӕнгард кодта, цӕмӕй иумӕ ӕмбырд кодтаиккой. Зӕгъӕм, 1880 азы июлы ӕфсымӕр Расселл ныффыста, йӕ балцы рӕстӕг раныхӕстимӕ цы горӕттыл ӕрзылд, уый тыххӕй. Расселл радзырдта, бирӕ ӕмбырдты кӕй уыди ӕмӕ фембӕлдтӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн сӕ ныфсыл ныфс кӕй ӕфтауынц. Ӕмӕ уый фӕстӕ журналкӕсджыты сразӕнгард кодта, цӕмӕй-иу карточкӕтыл ныффыстаиккой, цы сын ӕнтысы, уый тыххӕй ӕмӕ-иу сӕ ӕрбарвыстаиккой. Уыцы хабӕрттӕй иуӕй-иутӕ хъуамӕ журналы дӕр мыхуыр кодтаиккой. Цӕмӕн сӕ разӕнгард кодта уымӕ? «Цӕмӕй не ’ппӕт дӕр зонӕм... нӕ Хицау уын куыд арфӕ кӕны, уый тыххӕй; махау зынаргъ уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонимӕ ӕмбырд кӕнут ӕви нӕ».

Ӕфсымӕр Расселл Библииртасджыты гыццыл къордимӕ Копенгагены, Дани, 1909 аз

20 1882 азы та «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» рацыд статья «Иумӕ ӕмбырд кӕнӕм». Статья чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй ӕмбырдтӕ уагътаиккой ӕмӕ афтӕмӕй «кӕрӕдзийӕн зонд амыдтаиккой, кӕрӕдзи фидар кодтаиккой ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтыдтаиккой». Уыди дзы ахӕм ныхӕстӕ: «Уе ’хсӕн исчи ахуыргонд кӕнӕ курдиатджын у ӕви нӕ, уый сӕйраг нӕу. Алчидӕр уӕ йемӕ ӕрбахӕссӕд йӕ Библи, гӕххӕтт ӕмӕ кърандас ӕмӕ, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнут Библийы дзырдамонӕнӕй... Иу фарста равзарут ӕмӕ Хуыцаумӕ скувут, цӕмӕй уын йӕ сыгъдӕг тыхӕй баххуыс кӕна уыцы фарста бамбарынӕн. Уый фӕстӕ Библи кӕсут, хъуыды йыл кӕнут, иу стих-иу иннӕимӕ абарут, ӕмӕ уын сыгъдӕг тых рӕстдзинад ӕнӕмӕнг бамбарын кӕндзӕн».

21. Аллегейнийы цы ӕмбырд уыди, уый иннӕтӕн фӕзминаг цӕмӕй уыд?

21 Библииртасджытӕн сӕ сӕйраг хайад уыди Аллегейнийы (Пенсильвани, АИШ). Уым-иу иумӕ ӕрӕмбырд сты, Дзуттӕгтӕм 10:24, 25 куыддӕриддӕр фыст ис, афтӕ. (Бакӕс сӕ.) Ӕмӕ уымӕй иннӕтӕн дӕр фӕзминаг уыдысты. Бирӕ азтӕ фӕстӕдӕр ацӕргӕ ӕфсымӕр Чарлз Капен радзырдта, гыццылӕй-иу уый дӕр уыцы фембӕлдты кӕй уыд, уый тыххӕй: «Конгрессты залы къулыл-иу цы стихтӕ ныффыстой, уыдонӕй иу ныр дӕр ма мӕ зӕрдыл лӕууы, зӕгъгӕ уын ис иу ахуыргӕнӕг, Чырысти, сымах та уе ’ппӕт дӕр стут ӕфсымӕртӕ. Уыцы стих мӕ сӕрӕй нӕ хицӕн кодта – Йегъовӕйы адӕм сауджынтыл ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмыл нӕ дих кӕнынц» (Матф. 23:8). Ӕфсымӕр Капен ма ноджыдӕр радзырдта, уыцы фембӕлдты-иу ын йӕ ныфсыл ныфс кӕй бафтыдтой ӕмӕ-иу тынг кӕй бафидар. Стӕй ма йӕ зӕрдыл лӕууыд, ӕфсымӕр Расселл-иу ӕмбырды рохуаты кӕй никӕй ныууагъта.

22. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цы цӕстӕй ракастысты, иумӕ ӕмбырд кӕнынмӕ сӕ кӕй разӕнгард кодтой, уымӕ ӕмӕ сӕ нӕ бон бафӕзмын куыд у?

22 Афтӕ кӕнын райдыдтой Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ иннӕ рӕтты дӕр. Ӕмбырдтӕ фӕзынд ӕндӕр штатты дӕр, зӕгъӕм, Огайо ӕмӕ Мичиганы, ӕмӕ фӕстӕдӕр та – Цӕгат Америкӕйы алы рӕтты ӕмӕ ма ӕндӕр бӕстӕты дӕр. Ахъуыды-ма кӕн: сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн куы нӕ бацамыдтаиккой, Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ сӕ иумӕ ӕмбырд кӕнын кӕй хъӕуы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куы нӕ архайдтаиккой, уӕд уый зӕгъӕн уыдаид, ӕмӕ Чырыстийы ӕрцыдмӕ цӕттӕ сты? Кӕцӕй уыдаид. Абон махӕй та цы зӕгъӕн ис? Мах дӕр хъуамӕ алы ӕмбырдмӕ дӕр цӕуӕм ӕмӕ афтӕмӕй ӕппӕт фадӕттӕй дӕр пайда кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауӕн иумӕ кувӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы уырнындзинад фидар кӕнӕм.

Хъӕуы зӕрдиагӕй хъусын кӕнын

23. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» куыд бамбарын кодта, сӕрст чырыстӕттӕй алчидӕр рӕстдзинады тыххӕй кӕй хъуамӕ хъусын кӕна?

23 Библииртасджытӕ дзырдтой, сӕрст чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр рӕстдзинады тыххӕй кӕй хъуамӕ хъусын кӕной. 1885 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди: «Рох нӕ ма уӕд, сӕрст чырыстӕттӕй алчидӕр сыгъдӕг тыхӕй сӕрст уый тыххӕй кӕй ӕрцыд, цӕмӕй хъусын кӕна (Ис. 61:1)». 1888 азы та журнал чырыстӕтты разӕнгард кодта: «Нӕ хӕс бӕлвырд у... Куыдфӕндыйы цӕстӕй йӕм куы кӕсӕм ӕмӕ нӕхи куы рӕстытӕ кӕнӕм, уӕд мах стӕм зивӕггӕнаг лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ уымӕй ӕвдисӕм, Хуыцау нӕ цы стыр кадӕй схайджын кодта, уый аккаг кӕй не стӕм».

24, 25. а) Расселл ӕмӕ йе ’ввахс ӕмбӕлттӕ цы райдыдтой мыхуыр кӕнын? ӕ) Чарлз Капен, куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй цы радзырдта?

24 Ӕфсымӕр Расселл ӕмӕ йе ’ввахс ӕмбӕлттӕ адӕмы хъусын кӕнынмӕ кӕй разӕнгард кодтой, уымӕй уӕлдай ма мыхуыр кӕнын райдыдтой «Библииртасджыты буклеттӕ» (фӕстӕдӕр сӕ хуыдтой «Зӕронд ахуырӕдтӕ»). «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» чи каст, уыдон-иу уыцы буклеттӕ райстой ӕмӕ сӕ адӕмӕн лӕвар уӕрстой.

Хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Мӕнӕн дӕр хъусын кӕныны хъуыддаг царды ӕппӕты ахсджиагдӕр у?»

25 Уӕды заманты ӕххӕстрӕстӕг чи хъусын кодта, уыдоны хуыдтой чиныгхӕсджытӕ. Сӕ иу уыди, уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕр Чарлз Капен. Фӕстӕдӕр уый радзырдта: «Цӕмӕй Пенсильванийы мӕ территорийыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрзылдаин, уый тыххӕй пайда кодтон Иугонд Штатты хицауады геологийы службӕйы конд картӕтӕй. Уыцы картӕты амынд уыдысты фӕндӕгтӕ иууылдӕр, ӕмӕ уый фӕрцы мӕ бон уыд, алы окруджы дӕр цы районтӕ уыд, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр фистӕгӕй ӕрзилын. Уыди-иу афтӕ, ӕмӕ-иу хъӕутыл ӕртӕ боны фӕзылдтӕн ӕмӕ-иу чиныг „Фыстад иртасын“-ы томтӕн заказтӕ фембырд кодтон. Уый фӕстӕ та-иу бӕхуӕрдон баххуырстон, цӕмӕй-иу заказтӕ сӕ хицӕуттӕм фӕхӕццӕ кодтаин. Арӕх-иу ӕхсӕв баззадтӕн фермертӕм. Уыцы рӕстӕг машинӕтӕ бирӕ нӕма уыди».

Чиныгхӕссӕг. Йӕ бӕхуӕрдоны фарсыл нывгонд ис «Ӕнусты схемӕ»

26. а) Хуыцауы адӕмы хъусын кӕныны хъуыддаджы архайын цӕмӕн хъуыд? ӕ) Алкӕй дӕр нӕ цавӕр фарстатыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

26 Ахӕм уавӕрты хъусын кӕнынӕн хъуыди стыр хъӕбатырдзинад, стӕй зынгзӕрдӕйӕ архайын дӕр. Цымӕ ӕцӕг чырыстӕттӕн, хъусын кӕныны хъуыддаг куыд ахсджиаг у, уый куы ничи бамбарын кодтаид, уӕд Чырыстийы ӕрцыдмӕ цӕттӕ уыдаиккой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ уыдаиккой. Чырыстийы ӕрцыд сӕйраджыдӕр хъусын кӕныны хъуыддагӕй хъуамӕ уыдаид бӕрӕг (Матф. 24:14). Хуыцауы адӕмы хъуыди бацӕттӕ кӕнын, цӕмӕй адӕмы ирвӕзын кӕныны куыст сӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр суыдаид. Хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Мӕнӕн дӕр хъусын кӕныны хъуыддаг царды ӕппӕты ахсджиагдӕр у? Уыцы хъуыддаджы, мӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын? Цӕттӕ дӕн уый тыххӕй мӕхи истӕмӕйты фӕцух кӕнынмӕ?»

Хуыцауы Паддзахад райгуырд!

27, 28. а) Апостол Иоанн цӕстылуайӕны цы федта? ӕ) Хуыцауы Паддзахад куы райгуырд, уӕд Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ куыд бакодтой?

27 Кӕдӕй-уӕдӕй ралӕууыд 1914 аз дӕр. Ацы сӕры райдианы куыд загътам, афтӕ, уӕлӕрвты цы диссаджы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон иу адӕймаг дӕр йӕхи цӕстӕй нӕ федта. Фӕлӕ апостол Иоаннӕн цӕстылуайӕны уыцы хабӕрттӕ ӕвдыст ӕрцыдысты нысӕнтты хуызы. Иоанн уӕлӕрвты федта «стыр диссаг». Хуыцауы «сылгоймаг», ома йӕ организаци уӕлӕрвты (зӕдтӕ), уыд сывӕрджын ӕмӕ йын райгуырд лӕппу. Уыцы «сывӕллон» тагъд «ӕппӕт адӕмты дӕр здахдзӕн ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй». Фӕлӕ куы райгуырд, уӕд «уайтагъд хаст ӕрцыд Хуыцаумӕ йӕ паддзахбадӕнмӕ», ӕмӕ уӕлӕрвты райхъуыст тыхджын хъӕлӕс: «Ныр нӕ Хуыцау адӕмӕн ирвӕзындзинад ӕрхаста, йӕ тых раргом, йӕ паддзахад сфидар ӕмӕ йӕ Чырыстийы хицаудзинад райдыдта» (Рарг. 12:1, 5, 10).

28 Мах ӕй зонӕм, Иоанн цӕстылуайӕны кӕй федта, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахады райгуырд. Уыцы хабар ӕцӕгдӕр диссаг уыд, фӕлӕ алкӕй зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ схӕцыдысты иузӕрдион зӕдтимӕ. Иузӕрдион зӕдты сӕргъы уыди Михаил, ома Чырысти. Уыцы хӕст цӕуыл ахицӕн? Библийы фыст ис: «Стыр залиаг калм, Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи хуыйны, зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр чи сайы, уыцы рагон калм, зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд. Йемӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты йӕ зӕдтӕ дӕр» (Рарг. 12:7, 9).

1914 азы Библииртасджытӕ хабӕрттӕм гӕсгӕ ӕмбарын райдыдтой, Чырысти уӕлӕрвты Паддзах кӕй сси

29, 30. Хуыцауы Паддзахад куы райгуырд, уӕд уавӕртӕ куыд фӕивтой: а) зӕххыл? ӕ) уӕлӕрвты?

29 Библииртасджытӕ 1914 азӕй бирӕ раздӕр дзырдтой, уыцы аз уӕззау рӕстӕг кӕй райдайдзӕн. Фӕлӕ, сӕ ныхӕстӕ куыд раст разындзысты, уый сӕхӕдӕг дӕр кӕронмӕ не ’мбӕрстой. Иоанны цӕстылуайӕнӕй базонӕн ис, уӕд Хӕйрӕг адӕмыл ноджы тынгдӕр кӕй хъуамӕ райдыдтаид ӕндавын. Библийы фыст ис: «Додой зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн, уымӕн ӕмӕ уӕм Хӕйрӕг ныццыд тынг мӕстыйӕ,– зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад!» (Рарг. 12:12). 1914 азы ныггуыпп кодта Фыццаг дунеон хӕст ӕмӕ, Чырысти Паддзах кӕй сси, уый цы хабӕрттӕй хъуамӕ уыдаид бӕрӕг, уыдон цӕуын райдыдтой ӕгас дунейы дӕр. Ацы дунейӕн йӕ «фӕстаг бонтӕ» райдыдтой (2 Тим. 3:1).

30 Фӕлӕ уӕлӕрвты та уыцы рӕстӕг уыди стыр циндзинад. Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ уырдыгӕй ӕнустӕм тард ӕрцыдысты. Иоанн фыссы: «Цин кӕнут, уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрджытӕ!» (Рарг. 12:12). Уыйадыл уӕлӕрвтӕ ссыгъдӕг сты ӕмӕ Йесо сси Паддзах. Ӕмӕ ныр Хуыцауы Паддзахад цӕттӕ уыд зӕххыл Хуыцауы адӕмӕн ӕххуыс кӕнынмӕ. Цы хъуамӕ сарӕзтаид? Ацы сӕры райдианы куыд базыдтам, афтӕмӕй «бадзырды минӕвар» Чырысти фыццаг хъуамӕ Хуыцауы адӕмы ссыгъдӕг кодтаид. Уый цӕуыл дзурӕг уыд?

Фӕлварӕны рӕстӕг

31. Хуыцау йӕ адӕмы куыд сыгъдӕг кӕндзӕн, уый тыххӕй Малахи цы загъта ӕмӕ уыцы пехуымпарад куыд сӕххӕст? (Ноджыдӕр кӕс фиппаинаг.)

31 Пехуымпар Малахи бирӕ раздӕр загъта, Хуыцау йӕ адӕмы куы сыгъдӕг кӕна, уӕд уый ӕнцон рӕстӕг кӕй нӕ уыдзӕн. Малахи ныффыста: «Йе ’рцыды бон чи бафӕраздзӕн ӕмӕ куы фӕзына, уӕд фидар чи фӕлӕудзӕн? Уый уыдзӕн сызгъӕрин тайынгӕнӕджы арты хуызӕн ӕмӕ гӕрзтӕхсӕджы фӕныкдоны хуызӕн» (Мал. 3:2). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ нӕ уыд? 1914 азӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы адӕм сӕмбӕлдысты бирӕ фӕлварӕнтыл ӕмӕ зындзинӕдтыл. Фыццаг дунеон хӕст куы райдыдта, уӕд Библииртасджытӕй бирӕтӕ карз ӕфхӕрд баййӕфтой ӕмӕ ма дзы кӕйдӕрты ахӕстоны дӕр бакодтой d.

32. 1916 азы фӕстӕ Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цавӕр змӕстытӕ уыди?

32 Организацийӕн йӕхи мидӕг дӕр сабыр нӕ уыд. 1916 азы ӕфсымӕр Расселл амард, 64 азы йеддӕмӕ йыл нӕ цыди, афтӕмӕй. Уыцы хабар фехъусгӕйӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ арвы цӕфау фесты. Расселл куы амард, уӕд рабӕрӕг, алцӕмӕй дӕр фӕзминаг адӕймаг кӕй уыд, уый тыххӕй йын иуӕй-иутӕ ӕгӕр стыр кад кӕй кодтой. Кӕд Расселл йӕхӕдӕг ахӕм кадмӕ никуы бӕллыд, уӕддӕр ӕй хуыцауы бынаты сӕвӕрдтой ӕмӕ йын табу кодтой. Бирӕтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ Хуыцау рӕстдзинад нал ӕргом кӕндзӕн. Ӕмӕ дзы кӕйдӕрты организациимӕ размӕ цӕуын нал фӕндыд, суанг ма ӕфсымӕрты ныхмӕ дӕр цыдысты. Уыцы зондахаст уымӕ ӕркодта, ӕмӕ иуӕй-иутӕ раст фӕндаг ныууагътой, ӕмӕ организаци ныддихтӕ.

33. Хуыцауы адӕм ма ноджыдӕр цавӕр фӕлварӕныл сӕмбӕлдысты?

33 Хуыцауы адӕм ма ноджыдӕр иу фӕлварӕныл сӕмбӕлдысты. Хабӕрттӕ, куыд ӕнхъӕл уыдысты, афтӕ нӕ рауадысты. Кӕд «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» раст фыст ӕрцыд, зӕгъгӕ, 1914 азы адӕмтӕн сӕ рӕстӕг фӕуыдзӕн, уӕддӕр ӕфсымӕртӕ бӕлвырдӕй не ’мбӕрстой, уыцы аз цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уый (Лук. 21:24). Уыдон ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ 1914 азы Чырысти йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты, йӕ чындзаджы, уӕлӕрвтӕм акӕндзӕн, цӕмӕй уым йемӕ паддзӕхтӕ уой. Фӕлӕ ахӕмӕй ницы ӕрцыд. 1917 азы кӕронмӕ ӕввахс «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фехъусын кодтой, хуымгӕрдӕн афон (ома 40 азы) кӕй фӕуыдзӕн 1918 азы уалдзӕджы. Фӕлӕ уый фӕстӕ дӕр хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цыди. Ӕмӕ уӕд журналы уыд ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, хуымгӕрдӕн афон фӕци, фӕлӕ ма, дам, ӕрӕмбырд кӕнын хъӕуы, хуымты цы иугай ӕфсиртӕ баззад, уыдон. Фӕлӕ уӕддӕр бирӕтӕ фӕфыдӕнхъӕл сты, ӕмӕ Йегъовӕйӕн нал лӕггад кодтой.

34. а) Хуыцауы адӕм 1918 азы цавӕр стыр фӕлварӕны бахаудысты? ӕ) Чырыстон аргъуантӕ афтӕ ӕнхъӕл цӕмӕн уыдысты, ӕмӕ Хуыцауы адӕм мардӕй уӕлдай не сты?

34 Хуыцауы адӕм ма ноджыдӕр иу стыр фӕлварӕны бахаудысты 1918 азы. Чарлз Расселлы мӕлӕты фӕстӕ сын разамынд лӕвӕрдта Джозеф Рутерфорд. Фӕлӕ уыцы аз уый дӕр ӕмӕ ма ноджыдӕр авд бӕрнон ӕфсымӕры ӕрцахстой. Кӕд ницы аххосджын уыдысты, уӕддӕр сын цалдӕргай азтӕ радтой ӕмӕ сӕ арвыстой горӕт Атлантӕйы федералон ахӕстонмӕ (штат Джорджи, АИШ). Цасдӕр рӕстӕг афтӕ зынди, цыма Хуыцауы адӕмӕн сӕ хъуыддаг ӕрлӕууыд. Чырыстон аргъуанты сауджынтӕй бирӕтӕ цинӕй мардысты. Ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ сын иугӕр сӕ «разамонджыты» ӕрцахстой, Бруклины сын сӕ сӕйраг хайад сӕхгӕдтой ӕмӕ Америкӕйы дӕр ӕмӕ Европӕйы дӕр сӕ ныхмӕ цӕуынц, уӕд уыцы ӕнӕхайыры Библииртасджытӕ мардӕй уӕлдай не сты, ома сын тӕссаг нал сты (Рарг. 11:3, 7–10). Фӕлӕ сӕ сӕ фын фӕсайдта!

Раудӕгас сты!

35. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн ахӕм зындзинӕдтӕ цӕмӕн бауагъта ӕмӕ сын уый фӕстӕ куыд баххуыс кодта?

35 Знӕгтӕн сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн уыцы зындзинӕдтӕ ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй кӕй бауагъта, цӕмӕй сӕ ссыгъдӕг кодтаид. Малахийы 3:3 куыд фыст ис, афтӕ Йегъовӕ ӕрбадт, «ӕвзист чи батайын кӕны ӕмӕ йӕ чи ссыгъдӕг кӕны, уыйау». Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт зыдтой, иузӕрдион чи у, уыдон уыцы карз фӕлварӕнты кӕй ссыгъдӕг уыдзысты ӕмӕ сӕ Паддзахӕн лӕггад кӕнынмӕ ноджы хуыздӕр цӕттӕ кӕй уыдзысты. 1919 азы райдианӕй фӕстӕмӕ бӕрӕг уыди, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй сарӕзта, йӕ адӕмы знӕгтӕ ӕппындӕр ӕнхъӕл кӕмӕн нӕ уыдысты, ахӕм хъуыддаг. Йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ раудӕгас сты! (Рарг. 11:11). Уыцы рӕстӕг Чырысти сӕххӕст кодта, фӕстаг бонты тыххӕй цы ахсджиаг пехуымпарӕдтӕ загъта, уыдонӕй иу. Снысан кодта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары», ома йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты гыццыл къорд. Уыдон хъуамӕ йӕ адӕмӕн афоныл хӕринаг лӕвӕрдтаиккой ӕмӕ афтӕмӕй сӕхимӕ разамынд истаиккой (Матф. 24:45–47).

«Бюллетен» ӕмӕ «Сызгъӕрин ӕнус»

36. Хуыцауы адӕм кӕй раудӕгас сты, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд?

36 Ӕфсымӕр Рутерфорды ӕмӕ йе ’мбӕлтты ахӕстонӕй рауагътой 1919 азы 26 мартъийы. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ спълан кодтой уыцы аз сентябры конгресс ауадзын. Стӕй ма «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй уӕлдай сӕхи цӕттӕ кодтой дыккаг журнал уадзынмӕ дӕр, «Сызгъӕрин ӕнус», зӕгъгӕ. Уыцы журналӕн йӕ нысан уыд, цӕмӕй дзы уацамынды пайда кодтаиккой e. Уымӕй уӕлдай ма уыцы аз ноджыдӕр мыхуыры рацыд «Бюллетен»-ы фыццаг номыр (ныртӕккӕ хуыйны «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад»). Ацы публикаци рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Хуыцауы адӕмы разӕнгард кӕны хъусын кӕнынмӕ. Куыд уынӕм, афтӕмӕй 1919 азӕй фӕстӕмӕ фылдӕр ӕргом здахын райдыдтой, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй хъӕуы хъусын кӕнын, уымӕ.

37. 1919 азы фӕстӕ куыд рабӕрӕг, иуӕй-иутӕ иузӕрдион кӕй нӕ уыдысты, уый?

37 Хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕрцы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ дарддӕр дӕр сыгъдӕг кодтой. Куыд? Се ’хсӕн сӕрбӕрзонд ӕмӕ кадуарзаг чи уыд, уыдоны ахӕм хуымӕтӕг куыст кӕнын нӕ фӕндыд. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын йӕ сӕрмӕ чи нӕ хаста, уыдон фӕхицӕн сты, иузӕрдион чи уыд, уыцы чырыстӕттӕй. 1919 азы фӕстӕ сӕ чидӕртӕ Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фыдкой кодтой ӕмӕ сыл цъыф калдтой. Суанг ма, сӕ фӕдыл чи зылди, уыдоны фарс дӕр фесты.

38. Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн цы бантыст, уый нын цӕуыл дзурӕг у?

38 Фӕлӕ уӕддӕр Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ размӕ цыдысты ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кодта. Уӕдӕй абоны онг сын цыдӕриддӕр бантыст, сӕ къухы цыдӕриддӕр уӕлахизтӕ бафтыд, уыдон нын ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста. Хуыцау сын йӕ Фырты фӕрцы ӕмӕ йӕ Паддзахады фӕрцы куы не ’ххуыс кодтаид ӕмӕ сын куы нӕ арфӕ кодтаид, уӕд ӕнӕххӕст адӕймӕгты гыццыл къорд Хӕйрӕгыл ӕмӕ ацы фыддунейыл куыд хъуамӕ уӕлахиз кодтаид? (Бакӕс Исайы 54:17.)

Ӕфсымӕр Рутерфорд конгрессы дзуры раныхас (ахӕстонӕй йӕ куы рауагътой, уымӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ)

39, 40. а) Ацы чиныджы дзырд цӕуыл цӕудзӕн? ӕ) Ацы чиныг дын цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

39 Дарддӕр иннӕ сӕрты ӕркӕсдзыстӕм, Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты куы райгуырд, уӕдӕй фӕстӕмӕ йын иу ӕнусы дӕргъы зӕххыл цы бантыст, уымӕ. Ацы чиныджы алы хайы дӕр дзырд цӕудзӕн, Паддзахад зӕххыл цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдонӕй иуыл. Алы сӕры кӕрон дӕр рамкӕйы ис фарстатӕ, цӕмӕй-иу ӕрмӕг нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм ӕмӕ-иу ахъуыды кӕнӕм, Хуыцауы Паддзахад кӕй архайы, уый бӕлвырдӕй уынӕм ӕви нӕ. Фӕстаг сӕрты аныхас кӕндзыстӕм, тагъд рӕстӕджы Хуыцауы Паддзахад фыдгӕнджыты фесафынмӕ ӕмӕ зӕххӕй дзӕнӕт скӕнынмӕ куы ’рцӕуа, уӕд цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уыдоныл. Ацы чиныг дын цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

40 Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй дын дӕ уырнындзинад фӕцудын кӕна, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахадыл мауал ӕууӕндай. Фӕлӕ Йегъовӕйы та фӕнды, цӕмӕй дын дӕ уырнындзинад фидар кӕна, уымӕн ӕмӕ дӕ ахӕм уырнындзинад хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ йӕ фӕрцы рӕстдзинады фӕндагыл фидар лӕудзынӕ (Еф. 6:16). Ӕмӕ дӕ уымӕ гӕсгӕ разӕнгард кӕнӕм, цӕмӕй ацы чиныг лӕмбынӕг раиртасай. Ахъуыды-иу кӕн: «Хуыцауы Паддзахад кӕй архайы, уый бӕлвырдӕй уынын?» Уый цас бӕлвырддӕр уынай, уыйас дӕ уырнындзинад фидардӕр уыдзӕн ӕмӕ дын ӕй ницы фӕцудын кӕндзӕн. Уый афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ тагъд, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый алчидӕр йӕхи цӕстӕй фендзӕн. Ӕмӕ дӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд уыцы рӕстӕг дӕр Хуыцауы Паддзахады фарс лӕудзынӕ ӕмӕ йӕ хорздзинӕдтӕй хайджын уыдзынӕ!

a Гру, Стетсон ӕмӕ Сторрзы тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ – Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджытӕ», 45, 46 фӕрстӕ (уырыс.).

b Библииртасджытӕ ӕмбӕрстой, ацы дунеимӕ лымӕн чи у, уыцы динтӕй сӕхи кӕй хъуамӕ фӕхицӕн кӕной. Фӕлӕ ма уӕддӕр дзӕвгар азты дӕргъы сӕ чырыстон ӕфсымӕртыл нымадтой, Библииртасӕг чи нӕ уыд, фӕлӕ афтӕ чи дзырдта, зӕгъгӕ, Чырыстийы нывондыл ӕууӕндын ӕмӕ мӕхи Хуыцауӕн снывонд кодтон, уыдоны.

c Ацы уынаффӕтӕм бирӕтӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кастысты, уымӕн ӕмӕ здӕхт уыдысты сӕйраджыдӕр Чырыстийы гыццыл дзугмӕ, ома 144 минмӕ. 5-ӕм сӕрӕй куыд базондзыстӕм, афтӕмӕй 1935 азы онг афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ чырыстон динты цы мингай адӕм уыди, уыдон дӕр хауынц, Раргомады 7:9, 10 кӕй кой цӕуы, уыцы «тынг бирӕ адӕммӕ». Кӕроны рӕстӕджы, дам, Чырыстийы фарс кӕй сты, уый тыххӕй, дам, сӕ Хуыцау схорзӕхджын кӕндзӕн, ӕмӕ уыдон дӕр уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты, ӕрмӕст уыдзысты дӕлдӕр бынаты.

d 1920 азы сентябры рацыд «Сызгъӕрин ӕнус»-ы (ныртӕккӕ хуыйны «Райхъал ут!») сӕрмагонд номыр ӕмӕ дзы дзырд цыди, хӕсты рӕстӕг не ’фсымӕрты Канадӕйы, Английы, Германийы ӕмӕ Иугонд Штатты куыд ӕфхӕрдтой, уый тыххӕй. Иуӕй-иу рӕтты сын ахӕм фыдмитӕ кодтой, ӕмӕ афтид сӕ койӕ дӕр адӕймаджы хъуын арц сбады. Фыццаг дунеон хӕсты размӕ ахӕм хабӕрттӕ арӕх нӕ уыди.

e Бирӕ азты дӕргъы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» уагъд цыди сӕйраджыдӕр гыццыл дзугӕн, цӕмӕй дзы сӕхи уырнындзинад фидар кодтаиккой.