Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 СӔР

Йегъовӕ йӕ фӕнд ӕргом кӕны

Йегъовӕ йӕ фӕнд ӕргом кӕны

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Йегъовӕ йӕ фӕнд гыццылгай ӕргом кӕны, чи дзы тӕрсы, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн

1, 2. Йегъовӕ куыд ӕргом кӕны, адӕмы тыххӕй йӕм цы фӕнд ис, уый?

 ХОРЗ ныййарджытӕ бинонты хабӕрттыл куы фӕныхас кӕнынц, уӕд сӕ сӕ сывӕллӕттӕй дӕр нӕ басусӕг кӕнынц. Ӕцӕг сын алцы нӕ фӕдзурынц, фӕлӕ, сӕ азтӕм гӕсгӕ сӕ бон бамбарын цы у, ӕрмӕстдӕр уыдӕттӕ.

2 Афтӕ Йегъовӕ дӕр гыццылгай ӕргом кӕны, йӕ зӕххон бинонты тыххӕй, ома йӕм адӕмы тыххӕй, цы фӕнд ис, уый. Ӕрмӕст уый саразы, йӕ рӕстӕг куы ’рцӕуы, уӕд. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йегъовӕ йӕ Паддзахады тыххӕй алыхуызон хабӕрттӕ раджы замантӕй фӕстӕмӕ куыд ӕргом кодта, уымӕ.

Хуыцауы Паддзахад цӕмӕн бахъуыд?

3, 4. Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ адӕмӕн сныв кодта, йӕ ныхмӕ кӕй рацӕудзысты, уый? Бамбарын ӕй кӕн.

3 Ӕппӕты райдианӕй Йегъовӕйӕн йӕ зӕрды нӕ уыд, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн уыдзӕн, ахӕм Паддзахад скӕнын. Цӕуылнӕ? Хуыцау адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд сын не сныв кодта, йӕ ныхмӕ кӕй рацӕудзысты, уый. Йегъовӕ сын радта сӕрибардзинад. Ӕмӕ йӕм цы фӕнд уыди, уый Адам ӕмӕ Евӕйӕн раргом кодта. Загъта сын: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут» (Райд. 1:28). Йегъовӕ ма сын ноджыдӕр бафӕдзӕхста, цӕмӕй, хорзыл ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайы, уый алкӕддӕр сӕ зӕрдыл дарой (Райд. 2:16, 17). Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ бон уыди Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын. Ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр иузӕрдиондзинады фӕндаг куы равзӕрстаиккой, уӕд Хуыцауы йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн уыцы Паддзахад никуы бахъуыдаид. Ныртӕккӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл цӕрид ӕххӕст адӕм ӕмӕ се ’ппӕт дӕр лӕггад кӕниккой Йегъовӕйӕн.

4 Кӕд Хӕйрӕг, стӕй Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты, уӕддӕр йӕ фӕндыл йӕ къух нӕ систа, фӕлӕ ӕндӕрхуызон архайын райдыдта. Йегъовӕ йӕ фӕнд куыд ӕххӕст кӕны, уый нӕй абарӕн, поезд куыд цӕуы, уыимӕ. Цӕмӕй поезд бынатмӕ бахӕццӕ уа, уый тыххӕй йӕ цӕуын хъӕуы бӕлвырд фӕндагыл. Ӕмӕ йӕ размӕ исты куы фӕуа, уӕд рельсытӕй фӕиуварс уыдзӕн ӕмӕ фӕлдӕхгӕ дӕр акӕндзӕн. Йегъовӕ та, иугӕр исты сфӕнд кодта ӕмӕ уый тыххӕй зӕгъгӕ дӕр кодта, уӕд Дун-дунейы ахӕм тых нӕй, уыцы фӕнд сӕххӕст кӕнын ӕй чи бахъыгдара. (Бакӕс Исайы 55:11.) Йӕ фӕндагыл исты цӕлхдур куы фӕзыны, уӕд ацӕуы ӕндӕр фӕндагыл a (Рац. 3:14, 15). Ӕмӕ куы фӕхъӕуы, уӕд, цы ног мадзал равзӕрста, уый йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн дӕр раргом кӕны.

5. Йегъовӕ куыд бакодта, Едемы цӕхӕрадоны йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд?

5 Едемы цӕхӕрадоны Йегъовӕйӕн йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд сфӕнд кодта Паддзахад саразын (Матф. 25:34). Уыцы рӕстӕг афтӕ зынди, цыма адӕмӕн ӕппындӕр ницыуал ныфс ис. Ӕмӕ растдӕр уӕд Йегъовӕ ӕргом кӕнын райдыдта, адӕмы фӕстӕмӕ ӕххӕстдзинадмӕ цӕй фӕрцы ӕркӕндзӕн ӕмӕ, Хӕйрӕг йӕ кадмондагӕй адӕмӕн цы бӕллӕхтӕ ӕрхаста, уыдонӕн кӕрон цӕй фӕрцы скӕндзӕн, уый (Райд. 3:14–19). Фӕлӕ йӕ Паддзахадимӕ баст хабӕрттӕ иууылдӕр уӕд нӕ раргом кодта.

Йегъовӕ ӕргом кӕнын райдыдта йӕ Паддзахадимӕ баст хабӕрттӕ

6. Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, фӕлӕ цы нӕ раргом кодта?

6 Йегъовӕ ӕппӕты фыццаг пехуымпарады зӕрдӕ бавӕрдта, «байзӕддаг» калмы сӕр кӕй ныцъцъӕл кӕндзӕн. (Бакӕс Райдиан 3:15.) Фӕлӕ уыцы байзӕддаг ӕмӕ калмы байзӕддаг чи сты, уый уӕд нӕ раргом кодта. Уыцы хабӕрттӕ ма уӕдӕй фӕстӕмӕ иу-2 000 азы дӕргъы дӕр адӕмӕй сусӕг уыдысты b.

7. Йегъовӕ Авраамы цӕмӕн равзӕрста ӕмӕ уымӕй цы ис базонӕн?

7 Ӕппынфӕстаг Йегъовӕ равзӕрста Авраамы – уымӕй хъуамӕ рацыдаид, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы байзӕддаг. Авраамы уый тыххӕй равзӕрста, ӕмӕ йын уый йӕ ныхасмӕ «байхъуыста» (Райд. 22:18). Ӕмӕ уымӕй базонӕн ис иу ахсджиаг хъуыддаг: Йегъовӕ йӕ фӕнд ӕргом кӕны, чи дзы тӕрсы ӕмӕ йӕ чи нымайы, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн. (Бакӕс Псалом 25:14.)

8, 9. Йегъовӕ зӕрдӕвӕрд байзӕддаджы тыххӕй Авраамӕн ӕмӕ Иаковӕн цы раргом кодта?

8 Йегъовӕ йӕ хӕлар Авраамимӕ зӕды уылты куы ныхас кодта, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ йын раргом кодта, калмы сӕр чи ныцъцъӕл кӕндзӕн, уый йӕ байзӕддаг кӕй уыдзӕн (Райд. 22:15–18; Иак. 2:23). Фӕлӕ уыцы байзӕддаг калмы сӕр куыд хъуамӕ ныцъцъӕл кодтаид? Чи уыд уыцы калм? Ацы хабӕрттӕ раргом сты фӕстӕдӕр.

9 Йегъовӕ аскъуыддзаг кодта, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг кӕй рацӕудзӕн Авраамӕн йӕ фырты фырт Иаковӕй, фидар уырнындзинад кӕмӕн уыди, уыцы адӕймагӕй (Райд. 28:13–22). Иаковы уылты Йегъовӕ раргом кодта, уыцы байзӕддаг Иаковӕн йӕ фырт Иудӕйӕ кӕй рацӕудзӕн. Иаков загъта, зӕгъгӕ, Иудӕйӕ чи рацӕудзӕн, уыцы байзӕддагӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн «паддзахы лӕдзӕг» ӕмӕ адӕмтӕ йӕ «коммӕ кӕсдзысты» (Райд. 49:1, 10). Ацы ныхӕстӕй Йегъовӕ бамбарын кодта, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг кӕй уыдзӕн хицау, кӕнӕ паддзах.

10, 11. Йегъовӕ йӕ фӕнд Давидӕн ӕмӕ Данелӕн цӕмӕн раргом кодта?

10 Иудӕ куы цард, уымӕй иу-650 азы фӕстӕ Йегъовӕ йӕ фӕнды тыххӕй фылдӕр цыдӕртӕ раргом кодта Иудӕйы байзӕддӕгтӕй сӕ иуӕн – паддзах Давидӕн. Давид уыд Йегъовӕйы «зӕрдӕйӕн адджын» адӕймаг (1 Сам. 13:14; 17:12; Хъуыд. 13:22). Давид Йегъовӕйӕ кӕй тарст ӕмӕ йӕ кӕй нымадта, уый тыххӕй Йегъовӕ йемӕ бадзырд скодта ӕмӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгтӕй иу ӕнустӕм паддзах кӕй уыдзӕн (2 Сам. 7:8, 12–16).

11 Уымӕй иу-500 азы фӕстӕ та Йегъовӕ йӕ пехуымпар Данелӕн раргом кодта, уыцы Сӕрст Лӕггадгӕнӕг, ома Мессийӕ, зӕххыл бӕлвырдӕй кӕцы аз фӕзындзӕн, уый (Дан. 9:25). Йегъовӕ Данелӕн йӕ фӕнд цӕмӕн раргом кодта? Уый уыди «Хуыцауӕн тынг зынаргъ» адӕймаг, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн тынг аргъ кодта, нымадта йӕ ӕмӕ йын ӕдзухдӕр ӕнувыдӕй лӕггад кодта (Дан. 6:16; 9:22, 23).

12. Йегъовӕ Данелӕн цы загъта ӕмӕ цӕмӕн?

12 Кӕд Йегъовӕ йӕ иузӕрдион пехуымпартӕн зӕрдӕвӕрд байзӕддаджы тыххӕй, ома Мессийӕйы тыххӕй, бирӕ бӕлвырд хабӕрттӕ ныффыссын кодта, уӕддӕр уыцы рӕстӕджы йӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон нӕ уыди, цы сын ныффыссын кодта, уый кӕронмӕ бамбарын. Зӕгъӕм, Данелӕн цӕстылуайӕны равдыста, Хуыцауы Паддзахад ӕвӕрд кӕд ӕрцӕудзӕн, уый ӕмӕ йын стӕй загъта, цӕмӕй уыцы пехуымпарадыл мыхуыр сӕвӕрдтаид. Мыхуыр хъуамӕ ӕвӕрд уыдаид, Йегъовӕ цы рӕстӕг снысан кодта, уыцы рӕстӕджы онг. Ӕмӕ уӕд, ома фидӕны, раст зонындзинӕдтӕ хъуамӕ «сбирӕ уыдаиккой» (Дан. 12:4).

Йегъовӕ йӕ Паддзахады тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ ныффыссын кодта Данелы хуызӕн иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн

Йесо ӕргом кӕны Хуыцауы фӕнд

13. а) Чи уыди зӕрдӕвӕрд байзӕддаг? ӕ) Йесо ноджы хуыздӕр куыд бамбарын кодта, Райдианы 3:15 цы пехуымпарад фыст ис, уый?

13 Йегъовӕ бӕлвырдӕй равдыста, Давидӕй чи хъуамӕ рацыдаид ӕмӕ Паддзах чи хъуамӕ суыдаид, уыцы байзӕддаг Йесо кӕй уыд (Лук. 1:30–33; 3:21, 22). Йесо зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд уый афтӕ уыд, цыма адӕмыл хур скаст – Хуыцауы фӕнд хуыздӕр ӕмбарын райдыдтой (Матф. 4:13–17). Зӕгъӕм, Йесо Хӕйрӕджы схуыдта «лӕгмар» ӕмӕ «мӕнгдзинады фыд», ӕмӕ афтӕмӕй раргом кодта, Райдианы 3:14, 15 кӕй кой цӕуы, уыцы «калм» чи у, уый (Иоан. 8:44). Раргомады чиныджы та Йесо уыцы «рагон калмы» схуыдта «Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан» c. (Бакӕс Раргомад 1:1; 12:9.) Уыцы цӕстылуайӕны ма Йесо ноджыдӕр равдыста, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг – ома Йесо йӕхӕдӕг – куыд сӕххӕст кӕндзӕн, Йегъовӕ Едемы цӕхӕрадоны цы пехуымпарад загъта, уый ӕмӕ Хӕйрӕджы куыд фесафдзӕн (Рарг. 20:7–10).

14–16. Фыццаг ӕнусы Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы хабӕрттӕ ӕргом кодта, уыдон алкӕддӕр кӕронмӕ ӕмбӕрстой? Бамбарын ӕй кӕн.

14 Ацы чиныджы 1-аг сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй тынг арӕх дзырдта. Фӕлӕ-иу йӕ ахуыргӕнинӕгты цы хабӕрттӕ фӕндыд базонын, уыдон-иу сын алы хатт се ’ппӕт нӕ раргом кодта. Стӕй, кӕй раргом кодта, уыцы хабӕрттӕй дӕр-иу кӕцыдӕртӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ кӕронмӕ бамбӕрстой цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ, иуӕй-иу хатт та – бирӕ ӕнусты фӕстӕ дӕр. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

15 Н. э. 33 азы Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн раргом кодта, Хуыцауы Паддзахады йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон зӕххӕй ист кӕй ӕрцӕудзысты ӕмӕ уӕларвон цардмӕ кӕй райгас уыдзысты. Фӕлӕ йын йӕ ныхӕстӕ уыцы рӕстӕг нӕ бамбӕрстой (Дан. 7:18; Иоан. 14:2–5). Уыцы аз ма Йесо фӕсномыг ныхӕсты фӕрцы бамбарын кодта, уӕлӕрвтӕм куы аздӕха, Хуыцауы Паддзахад уӕд кӕй не ’рцӕудзӕн ӕвӕрд, фӕлӕ уымӕй бирӕ фӕстӕдӕр (Матф. 25:14, 19; Лук. 19:11, 12). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы ахсджиаг хабар нӕ бамбӕрстой. Ӕмӕ, куы райгас, уӕд ӕй бафарстой: «Израилы паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къахыл ныр не слӕууын кӕндзынӕ?» Фӕлӕ сын уыцы рӕстӕг Чырысти уымӕй уӕлдай ницыуал раргом кодта (Хъуыд. 1:6, 7). Йесо ма ноджыдӕр дзырдта, кӕй уыдзӕн «ӕндӕр фыстӕ» – уыдон «гыццыл дзугмӕ» нӕ хаудзысты ӕмӕ йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ нӕ уыдзысты (Иоан. 10:16; Лук. 12:32). Уыцы дыууӕ къордмӕ чи хауы, уый Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ бамбӕрстой, 1914 азы Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты ӕвӕрд куы ’рцыд, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ.

16 Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бирӕ цыдӕртӕ уыди йӕ бон радзурын. Фӕлӕ йӕ зыдта, кӕй сӕ нӕ бамбардзысты (Иоан. 16:12). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, 1 ӕнусы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй бирӕ ахсджиаг хабӕрттӕ раргом. Фӕлӕ уӕд рӕстӕг нӕма ӕрцыди, цӕмӕй Данелы пехуымпарад сӕххӕст уыдаид.

Раст зонындзинӕдтӕ «кӕроны рӕстӕджы» сбирӕ сты

17. Цӕмӕй Хуыцауы Паддзахадимӕ баст хабӕрттӕ бамбарӕм, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы, фӕлӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

17 Йегъовӕ Данелӕн загъта, «кӕроны рӕстӕджы» бирӕтӕ Хуыцауы Ныхас «лӕмбынӕг [кӕй] иртасдзысты» ӕмӕ Хуыцауы фӕнды тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ кӕй сбирӕ уыдзысты (Дан. 12:4). Уӕдӕ кӕд адӕймаджы уыцы хабӕрттӕ зонын фӕнды, уӕд ӕй хъӕуы зӕрдиагӕй архайын. Фӕлӕ Библи куыдфӕнды лӕмбынӕг ма иртасӕм, уӕддӕр фидарӕй зӕгъӕн ис: Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзы цы фыст ис, уый нын Йегъовӕ куы нӕ раргом кӕна, уӕд ӕй раст никуы бамбардзыстӕм. (Бакӕс Матфейы 13:11.)

18. Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдон уырнындзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад куыд ӕвдисынц?

18 Йегъовӕ йӕ Паддзахадимӕ баст хабӕрттӕ 1914 азы онг гыццылгай куыд ӕргом кодта, афтӕ сӕ ӕргом кӕны кӕроны рӕстӕджы дӕр. Нӕ чиныджы 4-ӕм ӕмӕ 5-ӕм сӕрты дзырд цӕуы, фӕстаг 100 азы дӕргъы Хуыцауы адӕм уыцы хабӕрттӕ куыд ӕмбӕрстой, уый бирӕ хӕттыты фӕивын кӕй бахъуыд. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын Йегъовӕ не ’ххуыс кӕны? Нӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ семӕ кӕй ис. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдонмӕ ис дыууӕ ахсджиаг миниуӕджы – уырнындзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад. Ацы миниуджытӕ йӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуынц (Дзут. 11:6; Иак. 4:6). Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты фидарӕй уырны, Хуыцауы Ныхасы цы зӕрдӕвӕрдтӕ ис, уыдон иууылдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты. Уымӕй уӕлдай ма уыдон ӕвдисынц сӕрныллӕгдзинад. Куы йӕ бамбарынц, уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ бӕлвырдӕй куыд сӕххӕст уыдзысты, уый раст кӕй не ’мбарын кодтой, уӕд ыл ӕргом басӕттынц. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ куыд сӕрныллӕг сты, уый бӕрӕг у, 1925 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цы фыст уыд, уымӕй: «Мах ӕй зонӕм, Хуыцау йӕхӕдӕг кӕй ӕмбарын кӕны, йӕ зӕрды цы ис, уый. Уый йӕ Ныхас йӕ адӕмӕн йӕхӕдӕг бамбарын кӕндзӕн, йӕхимӕ раст куыд кӕсы, афтӕ ӕмӕ, йӕхимӕ раст кӕд кӕсы, уӕд».

«Хуыцау... йӕ Ныхас йӕ адӕмӕн йӕхӕдӕг бамбарын кӕндзӕн, йӕхимӕ раст куыд кӕсы, афтӕ ӕмӕ, йӕхимӕ раст кӕд кӕсы, уӕд»

19. Йегъовӕ нын абон цавӕр фадат радта ӕмӕ цӕмӕн?

19 1914 азы Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты ӕвӕрд куы ’рцыд, уӕд Хуыцауы адӕм «ӕххӕстӕй нӕ зыдтой», уыцы Паддзахадимӕ баст пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый (1 Кор. 13:9, 10, 12). Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уымӕ зӕрдиагӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уый тыххӕй-иу рӕдыд хъуыдытӕм дӕр ӕрцыдыстӕм. 18 абзацы цы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» кой кодтам, уым ма уыди ахӕм хъуыды дӕр: «Нӕ фӕрӕдидзыстӕм, афтӕ куы зӕгъӕм, ӕмӕ пехуымпарад цалынмӕ нӕ сӕххӕст уа кӕнӕ ӕххӕст кӕнын нӕ райдайа, уӕдмӕ йӕ нӕ бон кӕй нӕу бамбарын». Рӕстӕг равдыста, уыцы ныхӕстӕ ӕцӕгдӕр раст кӕй сты. Абон мах цӕрӕм фӕстаг бонтӕн сӕ тӕккӕ кӕрон, ӕмӕ йӕ уынӕм, Хуыцауы Паддзахадимӕ баст пехуымпарӕдтӕй бирӕтӕ кӕй сӕххӕст сты, кӕцыдӕртӕ та дзы ныртӕккӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц. Хуыцауы адӕм сӕрныллӕг кӕй сты ӕмӕ сӕ рӕдыд сраст кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй вӕййынц, уый тыххӕй сын Йегъовӕ ахӕм фадат радта, цӕмӕй йын йӕ фӕнд ноджы хуыздӕр бамбарой. Раст зонындзинӕдтӕ ӕцӕгдӕр сбирӕ сты!

Рӕстдзинады рухс ирддӕр кӕны – Хуыцауы адӕм фӕлвӕрд цӕуынц

20, 21. Фыццаг ӕнусы Йегъовӕ рӕстдзинад хуыздӕр куы бамбарын кодта, уӕд уымӕ чырыстӕттӕ цы цӕстӕй ракастысты?

20 Йегъовӕ нын рӕстдзинад хуыздӕр куы бамбарын кӕны, уӕд нын уый вӕййы фӕлварӕн. Афтӕмӕй рабӕрӕг вӕййы, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Цымӕ-иу нӕм уыйбӕрц уырнындзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад разындзӕн, цӕмӕй-иу уыцы ивындзинӕдтыл сразы уӕм? Раст ахӕм фӕлварӕныл сӕмбӕлдысты 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма ды дӕр уыцы рӕстӕджы цӕрыс. Ды дӕ, чырыстон дин чи райста, ахӕм дзуттаг. Моисейы закъонӕн тынг аргъ кӕныс ӕмӕ сӕрыстыр дӕ, Израилы адӕмӕй кӕй дӕ, уымӕй. Ӕмӕ иу бон уе ’мбырды райстат, апостол Павел сыгъдӕг тыхы разамындӕй цы фыстӕджытӕ ныффыста, уыдон. Павел фыссы, ныр Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ цӕрын кӕй нал хъӕуы, стӕй Йегъовӕ зӕххон Израилыл йӕ къух кӕй систа ӕмӕ кӕй ӕмбырд кӕны ног адӕм – «Хуыцауы Израил». Ӕмӕ уыцы адӕмы ӕвзары дзуттӕгтӕй дӕр ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй дӕр (Ром. 10:12; 11:17–24; Гал. 6:15, 16; Кол. 2:13, 14). Ахӕм уавӕры ды куыд бакодтаис?

21 Сӕрныллӕг чырыстӕттӕ уыцы ивындзинӕдтыл сразы сты, ӕмӕ сын Йегъовӕ раарфӕ кодта (Хъуыд. 13:48). Иннӕтӕн та уыцы хабар сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Уыдон фидар хӕцыдысты, сӕхӕдӕг куыд хъуыды кодтой, ууыл (Гал. 5:7–12). Уыцы чырыстӕттӕ сӕ зондахаст куы нӕ аивтаиккой, уӕд ӕнӕхай фӕуыдаиккой, цы диссаджы фадат сын уыд, уымӕй – Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ нӕ суыдаиккой (2 Пет. 2:1).

22. Хуыцауы фӕнд фӕстаг рӕстӕг ноджы хуыздӕр кӕй бамбӕрстам, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

22 Фӕстаг азты нын Йегъовӕ хуыздӕр бамбарын кодта йӕ Паддзахадимӕ баст пехуымпарӕдтӕ. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи уыдзӕн, уыдон ӕмӕ, хорз хабармӕ чи нӕ хъусы, уыцы адӕм хъуамӕ кӕрӕдзийӕ хицӕнгонд ӕрцӕуой, фысты сӕгътӕй куыд фӕхицӕн кӕнынц, афтӕ. Ӕмӕ уыцы хабар кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нын Йегъовӕ хуыздӕр бамбарын кодта. Ноджыдӕр ма нын раргом кодта, 144 мины иууылдӕр ӕмбырд кӕд ӕрцӕудзысты, стӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй Йесо цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уыдон цы нысан кӕнынц ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕй фӕстаг уӕларвон цардмӕ кӕд райгас уыдзӕн, уый d. Цы цӕстӕй кӕсыс ахӕм ивындзинӕдтӕм? Дӕ уырнындзинад бафидар вӕййы? Уыцы хабӕрттӕ дын ууыл дзурӕг вӕййынц, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ сӕрныллӕг лӕггадгӕнджыты дарддӕр дӕр кӕй ахуыр кӕны? Ацы чиныг иртасгӕйӕ дӕ ноджы тынгдӕр бауырндзӕн, Йегъовӕ йӕ фӕнд гыццылгай кӕй ӕргом кӕны, чи дзы тӕрсы, уыдонӕн.

a Хуыцауы ном у дзуттаг мивдисӕджы формӕ. Уыцы мивдисӕг нысан кӕны «суын». Йегъовӕйы ном дзурӕг у, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕны, ууыл. Кӕс рамкӕ «Хуыцауы ном цы нысан кӕны?».

b Чи зоны, 2 000 азы абон махмӕ тынг бирӕ фӕкӕсой, фӕлӕ уыцы заманты адӕм бирӕ фылдӕр цардысты. Зӕгъӕм, Нойы фыд Ламех ма ӕрӕййӕфта Адамы. Нойӕн йӕ фырт Сим ӕрӕййӕфта Ламехы. Ӕмӕ Авраам та ӕрӕййӕфта Симы (Райд. 5:5, 31; 9:29; 11:10, 11; 25:7).

c Ном «Сайтан» Дзуттаг Фыстыты ӕмбӕлы 18 хатты. Фӕлӕ Чырыстон Грекъаг Фыстыты та ӕмбӕлы 30 хаттӕй фылдӕр. Куыд уынӕм, афтӕмӕй Дзуттаг Фыстыты Сайтаны тыххӕй бирӕ ницы ис фыст. Уым сӕйраджыдӕр дзырд цӕуы, Мессийӕ чи хъуамӕ суыдаид, ууыл. Чырыстон Грекъаг Фыстыты та кӕсӕм, Мессийӕ зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд Сайтаны хъуыддӕгтӕ иууылдӕр хурмӕ кӕй ракалдта.

d Ацы ивындзинӕдтӕй кӕцыдӕрты тыххӕй дзырд цӕуы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы»: 1995 азы 15 октябрь, 23–28 фӕрстӕ, (уырыс.); 2008 азы 15 январь, 20–24 фӕрстӕ; 2008 азы 15 июль, 17–21 фӕрстӕ.