Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 СӔР

Йегъовӕ йӕ ном сбӕрзонд кодта

Йегъовӕ йӕ ном сбӕрзонд кодта

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Хуыцауы адӕм йӕ номӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ аргъ кӕнын райдыдтой

1, 2. «Ног дунейы тӕлмац» Хуыцауы ном куыд бӕрзонд кӕны?

 1947 азы 2 декабры дыццӕджы райсомӕй Бруклины Вефилӕй сӕрст ӕфсымӕрты гыццыл къорд бавнӕлдта тынг стыр куыстмӕ. Ӕнцон куыст нӕ уыди, фӕлӕ йыл 12 азы дӕргъы зӕрдиагӕй фӕархайдтой. Ӕмӕ кӕдӕй-уӕдӕй, 1960 азы 13 мартъийы хуыцаубоны, Библийы ног тӕлмацыл куыст фесты. Ӕртӕ мӕйы фӕстӕ, 1960 азы 18 июны, Манчестеры (Англи) конгрессы ӕфсымӕр Нейтан Норр фехъусын кодта, кӕй рацыд «Библи – Ног дунейы тӕлмац»-ы фӕстаг том ӕмӕ ныр кӕй ис ӕнӕхъӕнӕй. Конгрессы чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр куыд цин кодтой, уый ӕфсымӕр Норр равдыста ахӕм ныхӕстӕй: «Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕнӕхъӕн дунейы дӕр у стыр цины бон!» Ног тӕлмацыл уӕлдай тынгдӕр уымӕн цин кодтой, ӕмӕ дзы Хуыцауы ном фыст ӕрцыд, ӕппӕты райдианы дзуттаг ӕмӕ грекъаг тексты кӕмдӕриддӕр ӕмбӕлд, уым.

1950 азы конгрессы «Теократи размӕ цӕуы» райстой «Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ – Ног дунейы тӕлмац» (Галиуырдыгӕй: Стадион «Янки», горӕт Нью-Йорк; рахизырдыгӕй: Ганӕ)

2 Библийы тӕлмацтӕй бирӕтӕй Хуыцауы ном айстой. Афтӕмӕй Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй адӕм Хуыцауы ном бынтондӕр ферох кодтаиккой. Фӕлӕ йын Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнджытӕ ныхкъуырд радтой. Уыцы бон кӕй райстой, уыцы «Ног дунейы тӕлмац»-ы разныхасы фыст уыд: «Ацы тӕлмац иннӕтӕй сӕйраджыдӕр уымӕй хицӕн кӕны, ӕмӕ дзы Хуыцауы ном фыст ӕрцыд, кӕмдӕриддӕр хъуамӕ уа, уым». «Ног дунейы тӕлмац»-ы Хуыцауы ном, Йегъовӕ, ӕмбӕлы 7 000 хаттӕй фылдӕр. Ацы тӕлмац ӕцӕгдӕр диссаджы хуызы сбӕрзонд кодта нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы ном!

3. а) Не ’фсымӕртӕ Хуыцауы номы тыххӕй бӕлвырдӕй цы бамбӕрстой? ӕ) Куыд ӕмбарын хъӕуы Рацыд 3:13, 14? (Кӕс рамкӕ « Хуыцауы ном цы нысан кӕны?».)

3 Райдианты Библииртасджытӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Хуыцауы ном нысан кӕны «Ӕз дӕн, чи дӕн, уый» (Рац. 3:14, «Паддзах Яковы Библи», англ.). Уымӕ гӕсгӕ 1926 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди: «Ном Йегъовӕ амоны... райдиан дӕр ӕмӕ кӕрон дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм Кӕмӕдӕр». Фӕлӕ «Ног дунейы тӕлмац»-ыл кусын куы райдыдтой, уӕдмӕ Йегъовӕйы фӕрцы йӕ адӕм бамбӕрстой, йӕ ном ӕрмӕст уымӕ кӕй нӕ амоны, фӕлӕ, стыр фӕнд кӕмӕ ис ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, ахӕм Хуыцаумӕ. Уыдон бамбӕрстой, ном Йегъовӕ комкоммӕ кӕй нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ фӕзынд Дун-дуне, стӕй, чи йын куывтаид, ахӕм удгоймӕгтӕ дӕр, ӕмӕ абоны онг дӕр йӕ фӕнд ӕххӕст кӕны. Фӕлӕ Хуыцауы ном сбӕрзонд уа, уый ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бӕрзонд кӕнын?

Хуыцауы ном срухс кӕнын

4, 5. а) Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, срухс уӕд дӕ ном, зӕгъгӕ, уӕд дзы цы фӕкурӕм? ӕ) Хуыцау йӕ ном куыд ӕмӕ кӕд срухс кӕндзӕн?

4 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ ном сбӕрзонд уа. Сӕйраджыдӕр уый у йӕ фӕнд. Ӕмӕ уый бӕрӕг у Йесойы куывды фыццаг курдиатӕй, «срухс уӕд дӕ ном», зӕгъгӕ (Матф. 6:9). Цӕуыл дзурӕг сты ацы ныхӕстӕ?

5 Нӕ чиныджы 1-аг сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй ацы курдиат у Йесойы куывды фыццаг ӕртӕ курдиатӕй сӕ иу. Ӕмӕ ӕртӕ дӕр баст сты Хуыцауы фӕндимӕ. Иннӕ дыууӕ курдиаты сты: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матф. 6:10). Йегъовӕмӕ афтӕ куы фӕкувӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй афтӕ бакӕна, ӕмӕ йӕ Паддзахад ӕрцӕуа ӕмӕ йӕ фӕндон зӕххыл дӕр уа. Ӕмӕ йӕм афтӕ куы фӕкувӕм, срухс уӕд дӕ ном, зӕгъгӕ, уӕд та дзы фӕкурӕм, цӕмӕй йӕ ном ссыгъдӕг кӕна, Едемы цӕхӕрадоны йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ йыл цы цъыф фӕкалдтой, уымӕй. Йегъовӕ ахӕм куывдӕн цавӕр дзуапп ратдзӕн? Хуыцау загъта: «Ӕз срухс кӕндзынӕн ме стыр ном, адӕмты ’хсӕн кӕй фӕчъизи кодтой... уый» (Йез. 36:23; 38:23). Армагеддоны Йегъовӕ фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ афтӕмӕй йӕ ном алкӕй раз дӕр ссыгъдӕг кӕндзӕн.

6. Нӕ бон куыд у Хуыцауы ном рухс кӕнын?

6 Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн уый фадат дӕтты, цӕмӕй йын йӕ ном рухс кӕной. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн нӕ бон нӕу, Хуыцауы ном, куыд у, уымӕй ноджы сыгъдӕгдӕр скӕнын. Хуыцауы ном ӕнӕуи дӕр сыгъдӕг ӕмӕ табуйаг у. Уӕдӕ йӕ уӕд куыд у нӕ бон рухс кӕнын? Исай загъта: «Хъуамӕ ӕрмӕстдӕр ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы ном рухс кӕнат». Уымӕй уӕлдай Йегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй йӕхӕдӕг загъта: «Уыдон мӕ ном кадджын кӕндзысты... ӕмӕ Израилы Хуыцауы нымайдзысты» (Ис. 8:13; 29:23). Исайы 8:13 «рухс кӕнын»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый комкоммӕ нысан кӕны «табуйагыл нымайын». Уӕдӕ Йегъовӕйы ном куыд рухс кӕндзыстӕм? Иннӕ нӕмттӕй йӕ куы хицӕн кӕнӕм ӕмӕ йӕ уӕлдӕр куы ӕвӕрӕм, уыцы ном цӕуыл дзурӕг у, уый куы ӕмбарӕм ӕмӕ йӕ уый тыххӕй кадджыныл куы нымайӕм, стӕй иннӕтӕн дӕр куы ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй йӕ уыдон дӕр табуйагыл нымайой. Хуыцауы номӕн кӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ йӕ кӕй нымайӕм, уый сӕйраджыдӕр та уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йӕ нӕ Хицауыл куы нымайӕм ӕмӕ йӕ коммӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы кӕсӕм (Ӕмб. 3:1; Рарг. 4:11).

Хуыцау йӕ адӕмы бацӕттӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ ном хӕссой ӕмӕ йӕ бӕрзонд кӕной

7, 8. а) Цӕмӕй Хуыцауы адӕмӕн сӕ бон уыдаид йӕ ном хӕссын, уымӕн рӕстӕг цӕмӕн хъуыди? ӕ) Дарддӕр цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

7 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕ публикациты Йегъовӕйы ном фыссынц 1870-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы ном ӕмбӕлы 1879 азы августы «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыджы». Уыцы аз ма рацыд зарджыты чиныг, «Чындзаджы зарджытӕ», зӕгъгӕ, ӕмӕ уым дӕр ӕмбӕлы йӕ ном. Фӕлӕ, куыд зыны, афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ адӕмӕн уайтагъд нӕ радта йӕ сыгъдӕг ном хӕссыны бар. Фыццаг уал сын баххуыс кодта, цӕмӕй уыцы стыр кады аккаг суыдаиккой. Уыцы хъуыддагмӕ сӕ куыд бацӕттӕ кодта?

8 19 ӕнусы кӕронӕй 20 ӕнусы райдианмӕ сыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн йӕ номимӕ баст хабӕрттӕ хуыздӕр бамбарынӕн куыд баххуыс кодта. Ӕркӕсӕм дзы ӕртӕмӕ.

9, 10. а) Райдианты «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фылдӕр Йесойы тыххӕй цӕмӕн цыди дзырд? ӕ) 1919 азӕй фӕстӕмӕ цы фӕивта? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ бӕрзонд кӕны Хуыцауы ном».)

9 Фыццаг: Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ бамбӕрстой, Хуыцауы ном куыд ахсджиаг у, уый. Райдианты уыдон афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ, Чырысти йӕ цард адӕмы тыххӕй кӕй радта, уый у Библийы сӕйраг ахуырад. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» дӕр арӕхдӕр дзырд цыди Йесойы тыххӕй. Зӕгъӕм, журнал мыхуыр кӕнын куы райдыдтой, уыцы аз дзы Йегъовӕйы номӕй Йесойы ном дӕс хатты фылдӕр ӕмбӕлди. Библииртасджыты тыххӕй 1976 азы 15 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди, зӕгъгӕ, Йесойы «ӕгӕр бӕрзонд ӕвӕрдтой». Фӕлӕ сын цасдӕры фӕстӕ Йегъовӕ баххуыс кодта, Библийы йӕ ном цы бынат ахсы, уый бамбарынӕн. Ӕмӕ уӕд куыд бакодтой? Уыцы статьяйы куыд фыст уыд, афтӕмӕй уӕлдайдӕр 1919 азӕй фӕстӕмӕ «фылдӕр кад кӕнын райдыдтой Мессийӕйы уӕларвон Фыд Йегъовӕйӕн». Ӕмӕ 1920 азӕй 1929 азмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» Хуыцауы ном ӕмбӕлди 6 500 хаттӕй фылдӕр!

10 Не ’фсымӕртӕ Йегъовӕйы номмӕ се ’ргом кӕй раздӕхтой, уымӕй равдыстой, уыцы ном сын тынг зынаргъ кӕй у. Раджы заманты Моисей куыд кодта, афтӕ уыдон дӕр райдыдтой Йегъовӕйы ном «хъусын кӕнын» (Дык. з. 32:3; Пс. 34:3). Ӕмӕ Йегъовӕ нӕ ферох кодта, йӕ номмӕ йын цы уарзондзинад равдыстой, уый, ӕмӕ сын йӕ хорзӕхӕй бахай кодта (Пс. 119:132; Дзут. 6:10).

11, 12. а) 1919 азӕй фӕстӕмӕ нӕ публикациты цы фӕивта? ӕ) Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн се ’ргом цӕмӕ аздӕхта ӕмӕ цӕмӕн?

11 Дыккаг: ӕцӕг чырыстӕттӕ раст бамбӕрстой, Хуыцау сын цы хъуыддаг бабар кодта, уый. Хуыцауы адӕмӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы сӕрст ӕфсымӕртӕ 1919 азы фӕстӕ лӕмбынӕг ӕркастысты пехуымпар Исайы чиныгмӕ. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ публикациты фылдӕр фыссын райдыдтой хъусын кӕныны тыххӕй. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ уыцы ивындзинад уыди «хӕринаг афоныл»? (Матф. 24:45).

12 Исайы чиныджы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ,– зӕгъы Йегъовӕ,– кӕй равзӕрстон, мӕ уыцы лӕггадгӕнӕг». Ацы ныхӕстӕ 1919 азы размӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ӕвзӕрст никуы цыдысты. (Бакӕс Исайы 43:10–12.) Фӕлӕ 1919 азӕй гыццыл фӕстӕдӕр нӕ публикациты райдыдтой уыцы стихты тыххӕй фыссын. Сӕрст чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр разӕнгард кодтой, Йегъовӕ сын цы хъуыддаг бабар кодта, уый аразынмӕ, ома Йегъовӕйы тыххӕй ӕвдисӕн лӕууынмӕ. 1925 азӕй 1931 азмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» Исайы 43-ӕм сӕр ӕвзӕрст цыди 57 номыры, ӕмӕ дзы алы номыры дӕр дзырд цыд, Исайы ныхӕстӕ ӕцӕг чырыстӕттӕм кӕй хауынц. Куыд уынӕм, афтӕмӕй уыцы азты Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн се ’ргом аздӕхта, цы хъуыддаг сӕ хъуыди аразын, уымӕ. Цӕмӕн? Зӕгъӕн ис, ӕмӕ афтӕмӕй фӕлвӕрд цыдысты, «уыцы хъуыддаг сын сӕ бар бакӕна, уый аккаг сты ӕви нӕ» (1 Тим. 3:10). Цӕмӕй Библииртасджытӕ Хуыцауы ном хӕссыны аккаг уыдаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ сӕ хъуыддӕгтӕй равдыстаиккой, ӕцӕгдӕр йе ’вдисӕнтӕ кӕй сты (Лук. 24:47, 48).

13. Дун-дунейы ӕппӕты сӕйраг цавӕр фарста у, уый Хуыцауы Ныхасӕй куыд у бӕрӕг?

13 Ӕртыккаг: Йегъовӕйы адӕм бамбӕрстой, Хуыцауы ном срухс кӕнын куыд ахсджиаг у, уый. 1920-ӕм азты бамбӕрстой, Дун-дунейы уымӕй сӕйрагдӕр кӕй ницы ис, ӕмӕ Хуыцауы ном срухс уа. Афтӕ кӕй у, уый Хуыцауы Ныхасӕй куыд у бӕрӕг? Ӕркӕсӕм дыууӕ цӕвиттонмӕ. Хуыцау израилӕгты Египетӕй сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй ракодта? Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта: «Цӕмӕй мӕ ном айхъуыса ӕгас зӕххыл дӕр» (Рац. 9:16). Ӕмӕ Израилы адӕм йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд та сын цӕмӕн фӕтӕригъӕд кодта? Уый дӕр та Йегъовӕ йӕхӕдӕг бамбарын кодта: «[Ӕз] архайын райдыдтон мӕ номы сӕраппонд, цӕмӕй, кӕй ӕхсӕн уыдысты, уыцы адӕмты раз мӕ ном ма фӕчъизи уыдаид» (Йез. 20:8–10). Ацы стихтӕй ӕмӕ Библийы ӕндӕр стихтӕй дӕр Библииртасджытӕ цы базыдтой?

14. а) Хуыцауы адӕм 1920-ӕм азты кӕрон цы бамбӕрстой? ӕ) Библииртасджытӕ Хуыцауы Ныхас хуыздӕр кӕй бамбӕрстой, уый хъусын кӕныны хъуыддагыл куыд фӕзынд? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Сӕ зӕрдӕты зынг ссыгъди».)

14 1920-ӕм азты кӕрон Хуыцауы адӕм бамбӕрстой, Исай 2 700 азы раздӕр цы ныхӕстӕ загъта, уыдонӕн сӕ нысаниуӕг. Исай Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Афтӕ ды дӕ адӕмы кодтай, цӕмӕй дӕхицӕн скодтаис кадджын ном» (Ис. 63:14). Библииртасджытӕ бамбӕрстой, ӕппӕты сӕйраг адӕймаджы ирвӕзындзинад кӕй нӕу, фӕлӕ, Хуыцауы ном срухс уа, уый (Ис. 37:20; Йез. 38:23). 1929 азы чиныг «Пехуымпарад»-ы уый тыххӕй фыст уыди: «Йегъовӕйы ном [срухс кӕнын кӕй хъӕуы, уый] у ӕппӕты сӕйраг фарста [ӕмӕ йӕ аскъуыддзаг кӕнын хъӕуы], Хуыцау кӕйдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдоны раз». Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ уыцы хъуыддаг куы бамбӕрстой, уӕд сӕ ноджы тынгдӕр бафӕндыд Йегъовӕйы тыххӕй ӕвдисӕн лӕууын ӕмӕ йын йӕ ном, цы цъыф ыл фӕкалдтой, уымӕй ссыгъдӕг кӕнын.

15. а) 1930-ӕм азтӕм не ’фсымӕртӕ цы бамбӕрстой? ӕ) Рӕстӕг цӕмӕн ӕрцыд?

15 Афтӕмӕй 1930-ӕм азты райдианмӕ не ’фсымӕртӕ бамбӕрстой, Хуыцауы ном куыд ахсджиаг у, Хуыцау сын цы бабар кодта ӕмӕ Дун-дунейы ӕппӕты сӕйраг цавӕр фарста у, уый. Ӕмӕ уӕд рӕстӕг ӕрцыди, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты уыцы кады аккаг скодтаид, ӕмӕ йын йӕ ном хӕссой. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, кӕддӕр цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй цалдӕрмӕ, ӕмӕ фенӕм, Библииртасджытӕ Йегъовӕйы ном хӕссын куыд райдыдтой, уый.

Йегъовӕ йӕхицӕн скодта, «йӕ ном ын чи хӕссы, ахӕм адӕм»

16. а) Йегъовӕ йӕ ном цавӕр диссаджы хуызы сбӕрзонд кодта? ӕ) Раджы заманты Хуыцауы ном фыццаг чи хаста?

16 Йегъовӕ йӕ ном диссаджы хуызы сбӕрзонд кодта, зӕххыл ын, йӕ ном ын чи хӕссы, ахӕм адӕм кӕй ис, уымӕй. Н. э. размӕ 1513 азӕй фӕстӕмӕ израилӕгтӕ нымад уыдысты Йегъовӕйы адӕмыл (Ис. 43:12). Фӕлӕ Хуыцау семӕ цы бадзырд скодта, уый сӕрты ахызтысты, ӕмӕ уый тыххӕй н. э. 33 азы уыцы кадӕй ӕнӕхай фесты – йе ’взӕрст адӕм нал уыдысты. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Йегъовӕ ӕркаст иннӕ адӕмтӕм, «цӕмӕй уыдонӕй йӕхицӕн скодтаид, йӕ ном ын чи хӕсса, ахӕм адӕм» (Хъуыд. 15:14). Йегъовӕ йӕхицӕн цы ног адӕмы равзӕрста, уыдон хуыйнынц «Хуыцауы Израил». Уыцы адӕммӕ хауынц Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ алы адӕмтӕй (Гал. 6:16).

17. Хӕйрӕгӕн йӕ къухы цы бафтыд?

17 Н. э. 44 азмӕ ӕввахс «Хуыцауы фӕндӕй» Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты «схуыдтой чырыстӕттӕ» (Хъуыд. 11:26). Ӕппӕты райдианы иннӕтӕй уыцы номӕй хицӕн кодтой, уымӕн ӕмӕ афтӕ ӕрмӕстдӕр ӕцӕг чырыстӕтты хуыдтой (1 Пет. 4:16). Фӕлӕ Йесо мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй Хӕйрӕгӕн йӕ фыдвӕнд йӕ къухы бафтыд – уыцы номӕй хонын райдыдтой, зӕххыл цыдӕриддӕр мӕнг чырыстӕттӕ уыд, уыдоны. Уымӕ гӕсгӕ бирӕ ӕнусты дӕргъы ӕнцон нӕ уыд ӕцӕг чырыстӕтты мӕнг чырыстӕттӕй равзарын. Фӕлӕ 1914 азы «хуымгӕрдӕн афон» райдыдта, ӕмӕ уӕд уавӕр фӕивта. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ зӕдтӕ мӕнг чырыстӕтты ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕтты кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнын райдыдтой (Матф. 13:30, 39–41).

18. Не ’фсымӕртӕ цӕй фӕрцы бамбӕрстой, сӕ ном сӕ аивын кӕй хъуыди, уый?

18 1919 азы ӕууӕнкджын цагъар ӕвӕрд куы ’рцыд, уӕд уый фӕстӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн баххуыс кодта, цы хъуыддаг сӕ хъуыди аразын, уый бамбарынӕн. Не ’фсымӕртӕ уайтагъд бамбӕрстой, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй тынг кӕй хицӕн кӕнынц мӕнг чырыстӕттӕй се ’ппӕтӕй дӕр. Ӕмӕ уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ бамбӕрстой ноджыдӕр иу хъуыддаг: Библииртасджытӕ кӕй хуындысты, уый фаг нӕ уыди. Сӕ царды сӕйраг нысан Библи иртасын нӕ уыди, фӕлӕ цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй ӕвдисӕн лӕууыдаиккой, кадджын ӕй кодтаиккой ӕмӕ йын йӕ ном бӕрзонд кодтаиккой. Уӕдӕ цы куыст кодтой, уымӕ гӕсгӕ сыл цавӕр ном сфидыдтаид? Ацы фарстайӕн дзуапп лӕвӕрд ӕрцыд 1931 азы.

Конгрессы программкӕ, 1931 аз

19, 20. а) 1931 азы конгрессы цавӕр резолюци бакастысты? ӕ) Не ’фсымӕртӕ уыцы хабармӕ цы цӕстӕй ракастысты?

19 1931 азы июлы Библииртасджытӕ ӕрӕмбырд сты конгрессы Колумбусы (штат Огайо, АИШ). Уыдысты 15 мины бӕрц. Конгрессы программкӕты фыццаг фарсыл фыст уыд дыууӕ англисаг дамгъӕйы (J ӕмӕ W). Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ хъуыдытӕ кодтой, цымӕ ацы дамгъӕтӕ цы нысан кӕнынц, зӕгъгӕ. Гъемӕ 1931 азы 26 июлы, хуыцаубоны, ӕфсымӕр Джозеф Рутерфорд бакаст резолюци. Уыцы резолюцийы уыди ахӕм диссаджы ныхӕстӕ: «Мах фӕнды, цӕмӕй нӕ адӕм иууылдӕр зоной ӕмӕ хоной ацы номӕй – Йегъовӕйы ӕвдисӕнтӕ». Ӕмӕ уӕд се ’ппӕт дӕр бамбӕрстой, уыцы дыууӕ дамгъӕйы цы нысан кодтой, уый. Уыдон амыдтой нӕ ног номмӕ, ома Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (англисагау – Jehovah’s Witnesses). Уыцы ном ист у Хуыцауы Ныхасӕй, Исайы 43:10 стихӕй.

20 Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ уыцы резолюци куы фехъуыстой, уӕд сӕ цинӕн ӕмӕ се ’мдзӕгъдӕн кӕрон нал уыди. Колумбусы конгрессы уыцы хабарыл куыд цин кодтой, уый радиойӕ зӕххы къорийы иннӕ кӕрон дӕр фехъуыстой! Австралийӕ Эрнест ӕмӕ Ноэми Варбер радзырдтой: «Америкӕйы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ ӕмдзӕгъд кӕнын куы райдыдтой, уӕд Мельбурны дӕр ӕфсымӕртӕ сӕ бынӕттӕй фӕгӕппытӕ кодтой ӕмӕ сӕ къухӕмдзӕгъдӕй нал ӕнцадысты. Уыцы бон нӕ никуы ферох уыдзӕн!» a

Хуыцауы ном сбӕрзонд ӕгас дунейы дӕр

21. Хуыцауы адӕмы сӕ ног ном хъусын кӕнынмӕ куыд разӕнгард кодта?

21 Ныр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ ном ист уыди Библийӕ, ӕмӕ сӕ уый ноджы тынгдӕр разӕнгард кодта хъусын кӕнынмӕ. 1931 азы Колумбусы конгрессы уыдысты Эдвард ӕмӕ Джесси Граймз дӕр (пионертӕ АИШ-ӕй), ӕмӕ мӕнӕ цы загътой: «Хӕдзарӕй рацыдыстӕм Библииртасджытӕй, фӕстӕмӕ та ӕрбаздӕхтыстӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй. Тынг цин кодтам, нӕ номы фӕрцы нӕ Хуыцауы ном бӕрзонд кӕнын нӕ бон кӕй уыд, ууыл». Уый тыххӕй уыцы конгрессы фӕстӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуӕй-иутӕ уацамынды пайда кӕнын райдыдтой ног мадзалӕй. Чи-иу сӕм ракаст, уымӕн-иу карточкӕ радтой. Фыст дзы уыд: «Ӕз дӕн ЙЕГЪОВӔЙЫ ӕвдисӕн ӕмӕ хъусын кӕнын нӕ Хуыцау ЙЕГЪОВӔЙЫ Паддзахады тыххӕй». Йегъовӕйы адӕм сӕрыстыр уыдысты, йӕ ном ын кӕй хастой, уымӕй ӕмӕ, уыцы ном цы нысан кӕны, уый тыххӕй алкӕм дӕр хъусын кодтой (Ис. 12:4).

«Хӕдзарӕй рацыдыстӕм Библииртасджытӕй, фӕстӕмӕ та ӕрбаздӕхтыстӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй»

22. Йегъовӕйы адӕмы уайтагъд базонӕн кӕй ис, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

22 Йегъовӕ сӕрст ӕфсымӕрты уыцы ног ном райсынмӕ куы сразӕнгард кодта, уымӕй бирӕ азтӕ рацыд. Цымӕ ма 1931 азӕй фӕстӕмӕ Хӕйрӕгӕн йӕ бон сси афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы базонӕн ма уа? Бантысти ма йын, цӕмӕй нӕ адӕм иннӕ динтимӕ хӕццӕ кӕной? Нӕ йын бантыст! Ныртӕккӕ уӕлдай бӕрӕг у, мах Хуыцауы ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уый. (Бакӕс Михейы 4:5; Малахийы 3:18.) Абон адӕм искӕмӕй Хуыцауы ном куы фехъусынц, уӕд ӕй уайтагъд бамбарынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у. Кӕд мӕнг динтӕ хӕхтау бӕрзонд зынынц, уӕддӕр раст дин сӕ аууон нӕ фӕци. Раст дин «фидар ӕвӕрд ӕрцыд хӕхты цъуппытӕй дӕр уӕлдӕр» (Ис. 2:2). Абон Йегъовӕйы дин ӕмӕ йӕ сыгъдӕг ном ӕцӕгдӕр тынг сбӕрзонд сты.

23. Псалом 121:5 стих нын нӕ ныфсыл ныфс куыд ӕфтауы?

23 Кӕд Хӕйрӕг нӕ ныхмӕ цӕуы ӕмӕ афтӕ кӕндзӕн фидӕны дӕр, уӕддӕр ӕй мах зонӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн. Ӕмӕ нын уый нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы! (Пс. 121:5). Мах дӕр псаломзарӕггӕнӕгау дзурӕм: «Амондджын сты, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у, уыцы адӕм, йӕхицӕн бынӕн кӕй равзӕрста, уыцы адӕм» (Пс. 33:12).

a Радиойӕ куыд пайда кодтой, уый тыххӕй бӕстон дзырд цӕуы 7-ӕм сӕры, 81–84 фӕрстӕ.