Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 СӔР

Паддзах ӕргом кӕны йӕ Паддзахады хабӕрттӕ

Паддзах ӕргом кӕны йӕ Паддзахады хабӕрттӕ

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Хуыцауы адӕм бамбӕрстой йӕ Паддзахады тыххӕй ахсджиаг хабӕрттӕ: паддзӕхтӕ дзы чи уыдзӕн ӕмӕ йӕ дӕлбар чи уыдзӕн, стӕй, иузӕрдион кӕй хъуамӕ уой, уый дӕр

1, 2. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесо уыд ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын фӕндагамонӕг?

 ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн, цыма фыццаг хатт дӕ стыр ӕмӕ диссаджы рӕсугъд горӕты. Гъемӕ ӕндӕр туристтимӕ экскурсийы ацыдтӕ. Уӕ разӕй цӕуы фӕлтӕрд экскурсовод ӕмӕ уын ӕвдисы, горӕты кӕм цы ис, уый. Ды йын йӕ алы ныхасмӕ дӕр лӕмбынӕг хъусыс. Дӕу дӕр ӕмӕ де ’мбал туристты дӕр фӕнды горӕты кӕцыдӕр бынӕттӕ фенын ӕмӕ хъуыды кӕнут, уырдӕм кӕд бахӕццӕ уыдзыстӕм, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уыцы бынӕттӕй экскурсоводы афӕрсут. Фӕлӕ уын уый ницы радзуры, цалынмӕ уыцы рӕсугъд бынӕттӕ нӕ разынынц, уӕдмӕ. Ды дис кӕныс, куыд ӕмбаргӕ у, ууыл – цы дӕ хъӕуы зонын, уый дын нӕ фӕзӕгъы, цалынмӕ йӕ рӕстӕг не ’рцӕуы, уӕдмӕ.

2 Ӕцӕг чырыстӕтты абарӕн ис ахӕм туристтимӕ. Мах тынг фӕфӕнды ног цыдӕртӕ базонын ӕппӕты диссагдӕр горӕты тыххӕй. Библийы фыст ис, уыцы горӕт кӕй у Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йын кӕй ис «фидар бындур» (Дзут. 11:10). Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджытӕн йӕхӕдӕг уыди фӕндагамонӕг ӕмӕ сын ӕххуыс кодта, уыцы Паддзахад цы у, уый хуыздӕр бамбарынӕн. Цымӕ сын сӕ фарстатӕн се ’ппӕтӕн дӕр дзуапп уайтагъд радта ӕмӕ сын уыцы Паддзахады тыххӕй алцыдӕр уайтагъд радзырдта? Нӕ, афтӕ нӕ уыди. Йесо загъта: «Бирӕ цыдӕртӕ ма мын ис сымахӕн зӕгъинаг, фӕлӕ сӕ ныр уӕ бон бамбарын не суыдзӕн» (Иоан. 16:12). Йесойы хуызӕн ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын фӕндагамонӕг нӕй. Уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн никуы дзырдта, цӕттӕ кӕмӕ нӕ уыдысты, ахӕм хабӕрттӕ.

3, 4. а) Йесо абоны онг дӕр йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн Хуыцауы Паддзахады хабӕрттӕ куыд ӕмбарын кӕны? ӕ) Ацы сӕры цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Иоанны 16:12 стихы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон Йесо загъта йӕ мӕлӕты размӕ изӕр. Цымӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ та куыд хъуамӕ ӕмбарын кодтаид йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн Хуыцауы Паддзахады хабӕрттӕ? Йесо йӕ апостолтӕн загъта: «Хуыцауы сыгъдӕг тых... уын... уыдзӕн фӕндагамонӕг, ӕххуыс уын кӕндзӕн рӕстдзинад кӕронмӕ бамбарынӕн» (Иоан. 16:13). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ сыгъдӕг тых у, стыр фӕразондзинад кӕмӕ ис, ахӕм фӕндагамонӕг. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕмбарын кӕны, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй сӕ цыдӕриддӕр хъӕуы зонын, уый. Ӕмӕ уый саразы, йӕ афон куы ’рцӕуы, уӕд.

4 Ӕркӕсӕм, Йегъовӕйы сыгъдӕг тых сыгъдӕгзӕрдӕ чырыстӕттӕн уыцы Паддзахады хабӕрттӕ хуыздӕр бамбарынӕн куыд ӕххуыс кӕны, уымӕ. Фыццаг уал аныхас кӕндзыстӕм, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста, уый куыд бамбӕрстам, ууыл. Уый фӕстӕ базондзыстӕм, уыцы Паддзахады паддзӕхтӕ чи уыдзӕн ӕмӕ йӕ дӕлбар та чи цӕрдзӕн, стӕй сӕ иутӕн дӕр ӕмӕ се ’ннӕтӕн дӕр цавӕр ныфс ис, уый. Фӕстагмӕ та ӕркӕсдзыстӕм, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ хуыздӕр куыд бамбӕрстой, Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион уай, уый цы нысан кӕны.

1914 аз – ахсджиаг аз

5, 6. а) Библииртасджытӕ Паддзахады тыххӕй ӕмӕ хуымгӕрдӕны тыххӕй раст цы не ’мбӕрстой? ӕ) Ахӕм рӕдыд хъуыдытӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн разамынд нӕ лӕвӕрдта?

5 Ацы чиныджы 2-аг сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Библииртасджытӕ цалдӕр дӕсазы дӕргъы дзырдтой, 1914 азы Библийӕ ахсджиаг пехуымпарӕдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты. Фӕлӕ уӕды рӕстӕджы афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Чырысти ӕрцыд 1874 азы, уӕлӕрвты Паддзах сси 1878 азы ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад бартӕ иууылдӕр йӕ къухмӕ райсдзӕн ӕрмӕстдӕр 1914 азы октябры. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, хуымгӕрдӕн хъуамӕ ахастаид 1874 азӕй 1914 азмӕ, ӕмӕ куы фӕуыдаид, уӕд сӕрст чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ уӕлӕрвтӕм ацыдаиккой. Цымӕ-иу уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ахӕм рӕдыд хъуыдытӕм кӕй ӕрцыдысты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын Йесо сыгъдӕг тыхы фӕрцы разамынд нӕ лӕвӕрдта?

6 Нӕ, уый афтӕ нӕу. Ногӕй та-ма ахъуыды кӕнӕм, райдианы цы цӕвиттон ӕрхастам, ууыл. Туристтӕм афонӕй раздӕр алыхуызон хъуыдытӕ ӕмӕ фарстатӕ кӕй фӕзынд, уый цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ экскурсоводыл ӕууӕндӕн нӕй? Кӕцӕй. Афтӕ Хуыцауы адӕм дӕр иуӕй-иу хатт фӕархайынц, Йегъовӕ йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый тыххӕй цавӕрдӕр хабӕрттӕ бамбарыныл, афтӕмӕй та нырма уый рӕстӕг нӕ вӕййы, цӕмӕй сын сыгъдӕг тых уыцы хабӕрттӕ раргом кӕна. Фӕлӕ уӕддӕр бӕрӕг у, Йесо сын разамынд кӕй дӕтты. Ӕмӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ, раст кӕй нӕ хъуыды кодтой, уый куы бамбарынц, уӕд сыгъдӕг тыхы разамындимӕ сразы вӕййынц ӕмӕ сӕ хъуыды сӕрныллӕгӕй аивынц (Иак. 4:6).

7. Хуыцауы адӕмӕн рӕстдзинады рухс ноджы тынгдӕр куыд райдыдта ӕрттивын?

7 1919 азӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы адӕмӕн рӕстдзинады рухс тынгӕй-тынгдӕр райдыдта ӕрттивын. (Бакӕс Псалом 97:11.) 1925 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» рацыд ахсджиаг статья «Ног адӕм райгуырд». Уыди дзы Библийӕ фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Хуыцауы Паддзахад 1914 азы кӕй райгуырд ӕмӕ афтӕмӕй кӕй сӕххӕст, Раргомады 12-ӕм сӕры цы фыст ис, уый – Хуыцауы уӕларвон сылгоймагӕн райгуырд лӕппу a. Статья ма ӕмбарын кодта, уыцы азты Йегъовӕйы адӕмӕн сӕ фӕдыл кӕй зылдысты ӕмӕ алы зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзӕрстой, уый цӕуыл дзурӕг уыд, уый дӕр: Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст ӕрцыд ӕмӕ ныр у тынг мӕсты, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, «рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад» (Рарг. 12:12).

8, 9. а) Ӕцӕг чырыстӕттӕ куыд бамбӕрстой, Хуыцауы Паддзахад тынг ахсджиаг кӕй у, уый? ӕ) Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

8 Хуыцауы цӕсты уыцы Паддзахад цас ахсджиаг у? 1928 азӕй фӕстӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» арӕхдӕр фыссын райдыдта, Хуыцауы Паддзахад бирӕ ахсджиагдӕр кӕй у, Чырыстийы нывонды фӕрцы нӕ бон фервӕзын кӕй у, уымӕй. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ уыцы Паддзахады фӕрцы срухс кӕндзӕн йӕ ном, сбӕлвырд кӕндзӕн, Дун-дунейы хицау кӕй у ӕмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, адӕмы тыххӕй йӕм цы фӕндтӕ ис, уыдон иууылдӕр.

9 Уыцы Паддзахады Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ чи хъуамӕ уыдаид ӕмӕ зӕххыл йӕ дӕлбар чи хъуамӕ цардаид? Стӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ цавӕр куыст хъуамӕ кодтаиккой?

Хуымгӕрдӕн райдыдта сӕрст чырыстӕттӕй

10. Хуыцауы адӕм 144 мины тыххӕй рагӕй фӕстӕмӕ дӕр цы ӕмбӕрстой?

10 1914 азӕй цалдӕр дӕсазы раздӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ бамбӕрстой, Чырыстийы 144 мин иузӕрдион фӕдылдзӕуӕджы йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты b. Библииртасджытӕ ӕмбӕрстой, нымӕц 144 мины комкоммӕ ӕмбаргӕ кӕй у ӕмӕ сӕ Хуыцау н. э. 1 ӕнусы кӕй райдыдта ӕмбырд кӕнын.

11. Чырыстийы усаджы къордмӕ чи хауы, уыдон куыд бамбӕрстой, зӕххыл цы хъуамӕ арӕзтаиккой, уый?

11 Фӕлӕ, Чырыстийы усаджы къордмӕ чи хауы, уыдоны зӕххыл цавӕр хӕслӕвӕрд хъуыди ӕххӕст кӕнын? Уыдон зыдтой, Йесо хъусын кӕныны хъуыддаг тынг ахсджиагыл кӕй нымадта ӕмӕ йӕ хуымгӕрдӕн афонимӕ кӕй абарста (Матф. 9:37; Иоан. 4:35). 2-аг сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй цасдӕр рӕстӕг афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ хуымгӕрдӕн афон ахӕсдзӕн 40 азы ӕмӕ йӕ кӕроны сӕрст чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты. Фӕлӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 40 азы фӕстӕ дӕр нӕ фӕци, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ хъуыди, Библийы цы фыст ис, уый хуыздӕр бамбарын. Абон ӕй мах зонӕм, хуымгӕрдӕн афон – мӕнӕу хӕмпӕлгӕрдӕгӕй, ома иузӕрдион сӕрст чырыстӕтты мӕнг чырыстӕттӕй фӕхицӕн кӕныны афон – кӕй райдыдта 1914 азы. Ӕрцыд рӕстӕг, цӕмӕй ӕрӕмбырд кодтаиккой, уӕларвон ныфс кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕй ма чи баззад, уыдоны!

1914 азы райдыдта хуымгӕрдӕн афон (кӕс 11 абзац)

12, 13. Йесо дӕс чызджы тыххӕй ӕмӕ талантты тыххӕй цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уыдон фӕстаг бонты куыд сӕххӕст сты?

12 1919 азӕй фӕстӕмӕ Чырысти ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн разамынд лӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ хъарутӕ иууылдӕр хъусын кӕныны хъуыддагмӕ сарӕзтаид. Уыцы хъуыддаг сын 1 ӕнусы бахӕс кодта (Матф. 28:19, 20). Йесо ма ноджыдӕр бамбарын кодта, йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты цавӕр миниуджытӕ хъӕудзӕн, цӕмӕй уыцы хъуыддаг аразой. Зӕгъӕм, дӕс чызджы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй бамбарын кодта, сӕрст чырыстӕттӕ къӕрцхъус кӕй хъуамӕ уой, ома йе ’рцыдмӕ цӕттӕ кӕй хъуамӕ уой. Ӕрмӕстдӕр уӕд бафтдзӕн сӕ къухы сӕ сӕйраг нысан – 144 мины, ома Чырыстийы «чындз», кӕнӕ йӕ усаг, уӕлӕрвты йемӕ баиу уыдзысты ӕмӕ сын уыдзӕн стыр чындзӕхсӕв (Рарг. 21:2). Йесо талантты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй та равдыста, йӕ сӕрст лӕггадгӕнджытӕ зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕндзысты (Матф. 25:1–30).

13 Фӕстаг сӕдӕ азы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй бӕрӕг у, сӕрст чырыстӕттӕ ӕцӕгдӕр къӕрцхъус кӕй сты ӕмӕ зӕрдиагӕй кӕй архайынц. Афтӕ къӕрцхъус кӕй сты, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг арфӕгонд ӕрцӕудзысты! Фӕлӕ цымӕ стыр хуымгӕрдӕны рӕстӕг, 144 минӕй ма зӕххыл чи уыд, ӕрмӕстдӕр уыдоны хъуыди ӕрӕмбырд кӕнын?

Паддзахад ӕмбырд кӕны, зӕххыл йӕ дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдоны!

14, 15. Чиныджы, «Сусӕгдзинад раргом», зӕгъгӕ, цавӕр цыппар къорды кой цыди?

14 Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты рагӕй фӕстӕмӕ дӕр зӕрдиагӕй фӕндыд базонын, Раргомады 7:9–14 цы «тынг бирӕ адӕмы» кой цӕуы, уыдон чи сты, уый. Фӕлӕ сын уыцы хабар Чырысти нӕ раргом кодта, цалынмӕ йӕ афон не ’рцыд, уӕдмӕ. Ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ бирӕ азты дӕргъы уый фӕдыл уыди алыхуызон хъуыдытӕ. Абон мах та уыцы хуымӕтӕг хабар бӕлвырдӕй зонӕм, ӕмӕ уыцы зонындзинӕдтӕн тынг аргъ кӕнӕм.

15 1917 азы чиныджы, «Сусӕгдзинад раргом», зӕгъгӕ, дзырд цыди, «уӕларвон ирвӕзындзинад дӕр ӕмӕ зӕххон ирвӕзындзинад дӕр дыууӕ хуызы кӕй уыдзӕн». Чи уыдысты уыцы цыппар къорды ӕмӕ сын цавӕр ныфс уыд? Фыццаг къорд уыдысты, Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 мины. Дыккаг къорд та уыдысты тынг бирӕ адӕм. Уыцы рӕстӕг афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ, дам, уыдон сты, нырма мӕнг чырыстон динты чи ис, уыцы адӕм. Уыдонмӕ дӕр, дам, ис уырнындзинад, фӕлӕ сын уый фаг нӕу, цӕмӕй рӕстдзинады фарс фидарӕй слӕууой. Ӕмӕ, дам, уымӕ гӕсгӕ уыдон дӕр уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты, фӕлӕ, дам, дӕлдӕр бынат ахсдзысты. Ӕртыккаг къорд ӕмӕ, дам, цыппӕрӕм къорд та цӕрдзысты зӕххыл. Ӕртыккаг къордмӕ хаудтой Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ, зӕгъӕм, Авраам, Моисей ӕмӕ иннӕтӕ. Ӕмӕ, дам, уыдон разамынд дӕтдзысты цыппӕрӕм къордӕн, ома ӕппӕт адӕмӕн дӕр.

16. 1923 азы ӕмӕ 1932 азы рӕстдзинады рухс куыд ферттывта?

16 Абон мах тынг кӕмӕн аргъ кӕнӕм, уыцы хабӕрттӕ сыгъдӕг тых Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн куыд раргом кодта? Уыцы хабар ӕрцыд гыццылгай, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу рӕстдзинады рухс кӕй ферттывта, уый фӕрцы. Зӕгъӕм, 1923 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» дзырд цыди, уӕлӕрвтӕм ацӕуынмӕ чи нӕ тырны ӕмӕ зӕххыл Чырыстийы дӕлбар чи цӕрдзӕн, ахӕм къорды тыххӕй. 1932 азы та «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди Ионадавы тыххӕй. Уый ӕнувыд уыд Хуыцауы сӕрст паддзах Ииуйыл ӕмӕ йын ӕххуыс кодта Израилы зӕххӕй мӕнг дин фесафынӕн (2 Пад. 10:15–17). Статьяйы дзырд цыди, нӕ рӕстӕджы дӕр кӕй ис Ионадавы хуызӕн адӕм, ӕмӕ ӕмбарын кодта, зӕгъгӕ, Йегъовӕ уыцы адӕмы «Армагеддоны бахъахъхъӕндзӕн» ӕмӕ цӕрдзысты ам зӕххыл.

17. а) 1935 азы рӕстдзинады рухс ноджы тынгдӕр куыд сӕрттывта? ӕ) Тынг бирӕ адӕм чи сты, уый иузӕрдион чырыстӕттӕ куы бамбӕрстой, уӕд сыл уый куыд фӕзынд? (Кӕс рамкӕ « Бирӕтӕ сулӕфыдысты».)

17 1935 азы рӕстдзинады рухс ноджы тынгдӕр сӕрттывта. Вашингтоны конгрессы раргом, «тынг бирӕ адӕм» ӕмӕ, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы кӕй кой кодта, уыцы фыстӕ иу кӕй сты ӕмӕ зӕххыл кӕй цӕрдзысты (Матф. 25:33–40). Йесо дзырдта, зӕгъгӕ мын ис «ӕндӕр фыстӕ» дӕр ӕмӕ «мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы». Ӕмӕ конгрессы бамбарын кодтой, тынг бирӕ адӕм дӕр уыцы ӕндӕр фысты ’хсӕн кӕй уыдзысты (Иоан. 10:16). Раныхас уыди ӕфсымӕр Рутерфордӕн. Ӕмӕ афтӕ куы загъта, «зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй ис, уыдон се ’ппӕт дӕр сыстӕнт», зӕгъгӕ, уӕд, конгрессы чи уыд, уыдонӕн сӕ фылдӕр ӕмбис сыстадысты! Ӕмӕ уӕд Рутерфорд загъта: «Акӕсут-ма, мӕнӕ адон сты тынг бирӕ адӕм!» Бирӕтӕ кӕдӕй-уӕдӕй бамбӕрстой, цавӕр ныфс сын ис, уый, ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон нал уыди.

18. Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ сӕ хъарутӕ иууылдӕр хъусын кӕнынмӕ куыд сарӕзтой ӕмӕ сын Йегъовӕ куыд раарфӕ кодта?

18 Уӕдӕй фӕстӕмӕ Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕрӕмбырд кӕной, стыр бӕллӕхы сӕрты удӕгасӕй чи ахиздзӕн, уыцы тынг бирӕ адӕмы. Райдианты, куыд ӕнхъӕл уыдысты, уыйбӕрц адӕм не ’мбырд кодта. Иухатт ма ӕфсымӕр Рутерфорд афтӕ дӕр загъта: «Куыд зыны, афтӕмӕй „тынг бирӕ адӕм“ афтӕ бирӕ дӕр нӕ уыдзысты». Фӕлӕ йӕ абон мах нӕхи цӕстӕй уынӕм, Йегъовӕ уыцы хъуыддагӕн куыд тынг раарфӕ кодта! Чырыстийы разамындӕй ӕмӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» систы «иу дзуг» ӕмӕ сын ис «иу фыййау» – Чырысти куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

Ӕфсымӕр Рутерфорд ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодта, тынг бирӕ адӕм цас уыдзысты, уый (Галиуырдыгӕй рахизырдӕм: Нейтан Норр, Джозеф Рутерфорд ӕмӕ Хейден Ковингтон)

19. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй тынг бирӕ адӕмы нымӕц фылдӕр кӕна?

19 Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕр цӕрдзысты ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты, Чырысти ӕмӕ сын 144 мины та уыдзысты паддзӕхтӕ. Чырысти Хуыцауы адӕмӕн Библийӕ ацы бӕлвырд хабӕрттӕ куыд раргом кодта, ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕ зӕрдӕ циндзинадӕй нӕ байдзаг вӕййы? Йегъовӕ нӕ ахӕм стыр кады аккаг скодта, ӕмӕ нӕ бон у уыцы диссаджы ныфсы тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурын. Цӕй уӕдӕ нын нӕ фадӕттӕ цас амонынц, уыйас зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм, цӕмӕй тынг бирӕ адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кӕной ӕмӕ Йегъовӕйы номы кад тынгдӕр нӕра! (Бакӕс Лукайы 10:2.)

Тынг бирӕ адӕм кӕнынц фылдӕрӕй-фылдӕр

Хуыцауы Паддзахадыл сты иузӕрдион

20. а) Хӕйрӕджы организаци цал хайӕ конд у? ӕ) Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион чи у, уыдон Хӕйрӕджы организацимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой?

20 Ӕцӕг чырыстӕттӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдтой. Фӕлӕ ма сӕ уымӕй уӕлдай бамбарын хъуыди, уыцы уӕларвон хицауадыл иузӕрдион уай, уый цы нысан кӕны. Ӕмӕ уый тыххӕй 1922 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди, кӕй ис дыууӕ организацийы: Йегъовӕйы организаци ӕмӕ Хӕйрӕджы организаци. Хӕйрӕджы организаци конд у ӕртӕ хайӕ: коммерци, динтӕ ӕмӕ политикӕйӕ. Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион чи у, уыдон хъуамӕ Хӕйрӕджы организацийӕ дард лӕууой ӕмӕ дзы сӕхи ма фӕчъизи кӕной, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ сивтой (2 Кор. 6:17). Куыд ӕмбаргӕ у уый?

21. а) Ӕууӕнкджын цагъар Хуыцауы адӕмы цӕмӕй фӕдзӕхсы? ӕ) 1963 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» «Стыр Вавилоны» тыххӕй цы уыди фыст?

21 Ӕууӕнкджын цагъары уагъд литературӕ хурмӕ хӕссы, стыр бизнес кӕй хонынц, уым цы чъизи хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдон ӕмӕ Хуыцауы адӕмы фӕдзӕхсы, цӕмӕй ацы дунейы адӕмау мулкуарзаг ма суой (Матф. 6:24). Нӕ публикацитӕ ма хурмӕ хастой Хӕйрӕджы организацийы иннӕ хай дӕр – динтӕ. 1963 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» бӕлвырдӕй фыст уыди, «Стыр Вавилонмӕ» ӕрмӕст чырыстон динтӕ кӕй нӕ хауынц, фӕлӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр мӕнг динтӕ ис, уыдон. Ӕмӕ ацы чиныджы 10-ӕм сӕрӕй куыд базондзыстӕм, афтӕмӕй уый фӕрцы Хуыцауы адӕм алы бӕстӕты дӕр мӕнг динӕй рацыдысты ӕмӕ йӕ чъизи ӕгъдӕуттӕй сӕхи ссыгъдӕг кодтой (Рарг. 18:2, 4).

22. Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕджы Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ Ромӕгтӕм 13:1 стих куыд ӕмбӕрстой?

22 Цы зӕгъӕн ис Хӕйрӕджы организацийы ӕртыккаг хайӕ та, ома политикӕйӕ? Цымӕ ӕцӕг чырыстӕттӕн ацы дунейы хӕстыты ӕмӕ змӕстыты архайӕн уыди? Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕджы Библииртасджытӕ ӕмбӕрстой, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн уый бар кӕй нӕй, ӕмӕ искӕй амарой (Матф. 26:52). Фӕлӕ Ромӕгтӕм 13:1 стихы ныхӕстӕ, «алы адӕймаг дӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс уӕд», зӕгъгӕ, бирӕтӕ афтӕ ӕмбӕрстой, ӕмӕ хъуамӕ хӕстмӕ ацӕуой, ӕфсӕддон дарӕс дӕр скӕной ӕмӕ ма суанг сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз дӕр райсой, фӕлӕ сын знаджы куы марын кӕной, уӕд та-иу хъуамӕ хӕрдмӕ фехсой.

23, 24. а) Ромӕгтӕм 13:1 цы фыст ис, уый Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы куыд ӕмбӕрстой? ӕ) Фӕстӕдӕр сын сыгъдӕг тых уыцы фарста хуыздӕр бамбарынӕн куыд баххуыс кодта?

23 1939 азы, куыддӕр Дыккаг дунеон хӕст райдыдта, афтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» тынг лӕмбынӕг ӕвзӕрст цыди, чырыстӕттӕ ацы дунейӕ кӕй не сты, уыцы фарста. Статья бӕлвырдӕй бамбарын кодта, Хӕйрӕджы дунейы цы хӕстытӕ ӕмӕ змӕстытӕ цӕуы, уыдонимӕ чырыстӕттӕн иумӕйагӕй ӕппындӕр кӕй мацы хъуамӕ уа. Уыцы разамынд уыди йӕ тӕккӕ афоныл! Уый фӕрцы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ сӕхи бахызтой, уыцы хӕсты адӕмтӕ цы ӕвирхъау хабӕртты ӕмӕ цы тугныккалды уыдысты аххосджын, уымӕй. Фӕлӕ ма зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ 1929 азӕй фӕстӕмӕ нӕ публикациты ӕмбӕлди ахӕм хъуыды дӕр, зӕгъгӕ, Ромӕгтӕм 13:1 цы «хицӕутты» кой цӕуы, уыдон зӕххон хицӕуттӕ не сты, фӕлӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти. Куыд уынӕм, афтӕмӕй уыцы фарста хъуыди ноджы хуыздӕр бамбарын.

24 Хуыцауы сыгъдӕг тых Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн уыцы фарста хуыздӕр бамбарынӕн баххуыс кодта 1962 азы. Ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 15 ноябры ӕмӕ 1 декабры номырты ӕвзӕрст цыди Ромӕгтӕм 13:1–7. Ӕппынфӕстаг Хуыцауы адӕм бамбӕрстой, цы нысан кодтой Йесойы зындгонд ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Лук. 20:25). Ныр ӕцӕг чырыстӕттӕ бӕлвырд ӕмбарынц, Ромӕгтӕм цы хицӕутты кой цӕуы, уыдон кӕй сты ацы дунейы зӕххон хицӕуттӕ ӕмӕ чырыстӕттӕ сӕ коммӕ кӕй хъуамӕ кӕсой. Фӕлӕ сӕ уыцы хицӕуттӕ Йегъовӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты куы хизын кӕной, уӕд та сӕ дзуапп хъуамӕ уа, кӕддӕр апостолтӕ куыд загътой, афтӕ: «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыд. 5:29). Ацы чиныджы 13-ӕм ӕмӕ 14-ӕм сӕртӕй фылдӕр базондзыстӕм, Хуыцауы адӕм уыцы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ куыд фӕархайынц, уый тыххӕй.

Цӕй стыр кад у адӕмӕн ӕнусон царды тыххӕй дзурын!

25. Сыгъдӕг тыхы фӕрцы Хуыцауы Паддзахады хабӕрттӕ кӕй бамбӕрстай, уымӕн цӕмӕн аргъ кӕныс?

25 Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фӕстаг сӕдӕ азы дӕргъы цас цыдӕртӕ базыдтой, уый диссаг куыннӕ у. Мах базыдтам, Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты ӕвӕрд кӕд ӕрцыд ӕмӕ куыд ахсджиаг у. Бӕлвырдӕй бамбӕрстам, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн дыууӕ ныфсы кӕй ис: уӕларвон ныфс ӕмӕ зӕххон ныфс. Ноджыдӕр ма базыдтам, Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у царды ӕвдисын, кӕд зӕххон хицӕутты коммӕ дӕр хъуамӕ кӕсӕм, уӕддӕр. Уӕдӕ ныр ахъуыды кӕн: «Йесо Чырысти уыцы диссаджы хабӕрттӕ ӕууӕнкджын цагъарӕн куы нӕ раргом кодтаид ӕмӕ йӕ куы нӕ разӕнгард кодтаид, цӕмӕй сӕ иннӕтӕн дӕр амыдтаиккой, уӕд сӕ абон ӕз зонин?» Цӕй стыр арфӕдзинад у, Чырысти ӕмӕ нын сыгъдӕг тых фӕндагамонӕг кӕй сты, уый!

a Уӕды онг афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ уыцы цӕстылуайӕны ӕвдыст цӕуы, муртакк хуыцӕуттӕн кувӕг Ромы паддзахад ӕмӕ Ромаг католикон аргъуаны ’хсӕн цы хӕст уыди, уый.

b 1880 азы июны «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыди ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, дам, 144 мины иууылдӕр уыдзысты туг ӕмӕ стӕгӕй дзуттӕгтӕ ӕмӕ се ’ппӕт дӕр чырыстон дин райсдзысты 1914 азы онг. Фӕлӕ 1880 азы фӕстӕдӕр журналы мыхуыргонд ӕрцыд ӕндӕр хъуыды. Ӕмӕ уӕдӕй абоны онг уыцы хъуыды тынг нӕ фӕивта.