Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6 СӔР

Чи хъусын кӕны, уыцы адӕм. Лӕггадгӕнджытӕ сты цӕттӕ

Чи хъусын кӕны, уыцы адӕм. Лӕггадгӕнджытӕ сты цӕттӕ

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Паддзах скодта хъусынгӕнджыты ӕфсад

1, 2. Йесо цавӕр пехуымпарад загъта ӕмӕ нӕ цавӕр ахсджиаг фарстайыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

 ЗӔХХОН хицӕуттӕ арӕх адӕмӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты зӕрдӕ бавӕрынц, фӕлӕ сӕ ныхасӕн хицау нӕ разынынц. Ӕмӕ сӕ кӕд кӕйдӕрты тынг фӕфӕнды сӕ ныхас сӕххӕст кӕнын, уӕддӕр сын нӕ рауайы. Фӕлӕ нӕ Паддзах Йесо Чырысти ахӕм нӕу – уый йӕ ныхас никуы фӕсайы.

2 1914 азы Йесо Паддзах куы сси, уӕд цӕттӕ уыд, 1 900 азы раздӕр йӕхӕдӕг цы пехуымпарад загъта, уый сӕххӕст кӕнынмӕ. Йӕ мӕлӕты размӕ уый загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» (Матф. 24:14). Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй ацы ныхӕстӕ куы ӕххӕст кӕной, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ райста. Фӕлӕ фӕстаг бонты адӕм сты хиуарзон, кӕрӕдзи нӕ уарзынц ӕмӕ бирӕты Хуыцау нӕ уырны. Уымӕ гӕсгӕ ахъуыды кӕнын хъӕуы иу ахсджиаг фарстайыл: «Ахӕм уавӕры Паддзах куыд хъуамӕ скодтаид зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджыты ӕфсад?» (Матф. 24:12; 2 Тим. 3:1–5). Ацы фарстайӕн нӕ дзуапп зонын ӕнӕмӕнг хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕй алкӕмӕ дӕр хауы.

3. Йесо фидарӕй цы зыдта ӕмӕ йӕ ахӕм фидар ныфс цӕй фӕрцы уыди?

3 Йесойы ныхӕстӕм-ма иу хатт ӕркӕсӕм. Афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн», уый цымӕ ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ фидарӕй зыдта, фӕстаг бонты йын ахӕм ӕфсад ӕнӕмӕнг кӕй уыдзӕн? Бӕгуыдӕр! Ахӕм фидар ныфс ӕй цӕй фӕрцы уыди? Ууыл сахуыр йӕ Фыдмӕ кӕсгӕйӕ (Иоан. 12:45; 14:9). Йесо цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ йӕхи цӕстӕй уыдта, Йегъовӕ дызӕрдыг кӕй никуы фӕкӕны, йӕ лӕггадгӕнджытӕ йын йӕ ныхас ӕнӕзивӕгӕй кӕй ӕххӕст кӕндзысты, ууыл. Ӕркӕсӕм Библийӕ цалдӕр цӕвиттонмӕ.

«Дӕ адӕм лӕудзысты цӕттӕйӕ»

4. Йегъовӕ израилӕгты цӕмӕ сразӕнгард кодта ӕмӕ уыдон куыд бакодтой?

4 Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм Израилы адӕмы цардӕй иу хабар. Йегъовӕ Моисейӕн бахӕс кодта, кӕм ын куывтаиккой, ахӕм цатыр саразын. Ӕмӕ Моисейы уылты ӕппӕт адӕмы дӕр сразӕнгард кодта, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы, сӕ бон цыдӕриддӕр уыди, уый сарӕзтаиккой. Моисей сын загъта: «Йӕ зӕрдӕ кӕмӕндӕриддӕр зӕгъы, уыдон Йегъовӕйӕн мысайнагӕн ӕрбахӕссӕнт сызгъӕрин, ӕвзист, ӕрхуы». Цымӕ израилӕгтӕ куыд бакодтой? «Алы райсом дӕр Моисеймӕ хастой ӕмӕ хастой лӕвӕрттӕ». Адӕм уыйбӕрц лӕвӕрттӕ ӕрбахастой, ӕмӕ сын загътой, «мацыуал хӕссут мысайнагӕн», зӕгъгӕ (Рац. 35:5; 36:3, 6). Йегъовӕ ӕууӕндыд йӕ адӕмыл, ӕмӕ йын уыдон дӕр йе ’ууӕнк нӕ фӕсайдтой!

5, 6. Псалом 110:1–3 стихтӕм гӕсгӕ Йегъовӕйы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесойы дӕр, иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй цавӕр ныфс уыди?

5 Цымӕ Йегъовӕйы уый ныфс уыди, ӕмӕ йын фӕстаг бонты дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ фӕндон афтӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕндзысты? Ӕнӕмӕнг! Йесо зӕххыл куы райгуырд, уымӕй иу мин азы раздӕр Йегъовӕ Давидӕн ныффыссын кодта, Мессийӕ Паддзах куы суа, уыцы рӕстӕг цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уый тыххӕй. (Бакӕс Псалом 110:1–3.) Хуыцауы ӕвӕрд Паддзахӕн, Йесойӕн, уыдзӕн знӕгтӕ ӕмӕ йӕ ныхмӕ цӕудзысты. Фӕлӕ йын уыдзӕн, йӕ фарс чи уа, ахӕм ӕфсад дӕр. Уыцы ӕфсадӕй иу адӕймаджы дӕр тыххӕй ничи лӕггад кӕнын кӕндзӕн. Сӕ фӕсивӕд дӕр Паддзахӕн лӕггад кӕндзысты барвӕндонӕй. Уыдон афтӕ сбирӕ уыдзысты, ӕмӕ сӕ абарӕн уыдзӕн, хурбон райсом зӕхх кӕмӕй нал фӕзыны, ахӕм ӕртӕхимӕ a.

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй чи хъусын кӕны, уыдон сты ӕртӕхау бирӕ (кӕс 5 абзац)

6 Йесо зыдта, 110-ӕм псаломы цы пехуымпарад фыст ис, уый йӕхимӕ кӕй хауди (Матф. 22:42–45). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, кӕй йын уыдзӕн иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ ӕмӕ цӕттӕ кӕй уыдзысты хорз хабар ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр хъусын кӕнынмӕ. Цымӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад? Цымӕ ацы фӕстаг бонты Паддзах ӕцӕгдӕр скодта, цӕттӕ чи у, ахӕм хъусынгӕнджыты ӕфсад?

Стыр кад ӕмӕ хӕс

7. Йесо Паддзах куы сси, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджыты, цы куыст сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕ цӕттӕ кӕнын куыд райдыдта?

7 Йесо Паддзах куы сси, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджыты цӕттӕ кӕнын райдыдта, цы стыр куыст сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕ. Нӕ чиныджы 2-аг сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй сын сӕ уавӕрмӕ ӕркаст ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кодта. Уый уыди 1914 азӕй 1919 азы фыццаг мӕйты онг (Мал. 3:1–4). 1919 азы цасдӕры фӕстӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты сӕргъы сӕвӕрдта ӕууӕнкджын цагъары (Матф. 24:45). Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы цагъар Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн конгрессты раныхӕсты, стӕй литературӕйы фӕрцы лӕвӕрдта уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Афтӕмӕй сын цагъар ногӕй-ногмӕ сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, алы чырыстонӕн дӕр йӕ хӕс кӕй у хъусын кӕнын.

8–10. Конгресстӕ Хуыцауы адӕмы хъусын кӕнынмӕ куыд разӕнгард кодтой? Ӕрхӕсс цӕвиттон. (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Уыцы конгресстӕ разӕнгард кодтой хъусын кӕнынмӕ».)

8 Конгрессты раныхӕстӕ. Библииртасджытӕ ӕмбӕрстой, Хуыцауы разамынд сӕ кӕй хъӕуы. Ӕмӕ 1919 азы 1–8 сентябрмӕ ӕрӕмбырд сты конгрессы Сидар-Пойнты (штат Огайо). Ахӕм стыр конгресс сын Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ фыццаг хатт уыди. Конгрессы дыккаг бон ӕфсымӕр Рутерфорд йӕ раныхасы загъта ахӕм ахсджиаг ныхӕстӕ: «Алы чырыстон дӕр зӕххыл уый тыххӕй цӕры, цӕмӕй нӕ Хицауы паддзахады тыххӕй хъусын кӕна».

9 Ӕртӕ боны фӕстӕ та ӕрцыд конгрессы ӕппӕты ахсджиагдӕр хабар. Ӕфсымӕр Рутерфордӕн уыди раныхас, «Не ’мкусджытӕм сидӕм!», зӕгъгӕ. Уыцы раныхас мыхуыргонд ӕрцыд «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы». Статья хуынди «Хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй». Рутерфорд йӕ раныхасы загъта: «Чырыстон иуӕй-иу хатт хъуыдыты куы ацӕуы, уӕд йӕхи фӕфӕрсы, цымӕ ам зӕххыл цӕмӕн дӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ-иу уыцы фарстайӕн хъуамӕ радта ахӕм дзуапп: „Хицау мӕ йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ йӕ минӕварӕй сӕвӕрдта, цӕмӕй дунейӕн хъусын кӕнон, Хуыцауимӕ бафидаут, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ӕз мӕхицӕн стыр кадыл ӕмӕ хӕсыл нымайын уыцы хабар хъусын кӕнын“».

10 Уыцы ахсджиаг раныхасы ӕфсымӕр Рутерфорд фехъусын кодта, мыхуыр кӕнын кӕй райдайдзысты ног журнал «Сызгъӕрин ӕнус» (абон хуыйны «Райхъал ут!»). Уыцы журналы фӕрцы хъуамӕ адӕмӕн ӕмбарын кодтаиккой, сӕ зындзинӕдтӕй сӕ ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Ӕфсымӕр Рутерфорд, конгрессы чи уыд, уыдоны бафарста, сымахӕй кӕй фӕндид ацы журнал парахат кӕнын, зӕгъгӕ. Дарддӕр хабар куыд уыди, уый тыххӕй ӕфсымӕртӕ ныффыстой: «Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕм бакӕсын уыди иу диссаг. Ӕхсӕз мин адӕймаджы се ’ппӕт дӕр сӕ бынӕттӕй сыстадысты!» b. Куыд уынӕм, афтӕмӕй Паддзахӕн ӕцӕгдӕр уыди, йӕ Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ цӕттӕ чи уыд, ахӕм фӕдылдзӕуджытӕ.

11, 12. Хорз хабар хъуыстгонд кӕд хъуамӕ цӕуа, уый тыххӕй 1920 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цы уыд фыст?

11 Литературӕ. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фӕрцы Хуыцауы адӕм хуыздӕрӕй-хуыздӕр ӕмбӕрстой, куыд ахсджиаг у, Йесо ӕнустӕ раздӕр цы куысты тыххӕй дзырдта, уый. Ӕркӕсӕм, уыцы журналы 1920-ӕм азты райдианы хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй цы фыст уыд, уымӕ.

12 Матфейы 24:14 стихмӕ гӕсгӕ цавӕр хабар хъуамӕ ӕрцыдаид хъуыстгонд ӕмӕ кӕд? 1920 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыди статья «Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар». Фыст дзы уыд: «Мах хъусын кӕнӕм, ацы зӕронд цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцыд ӕмӕ Мессийӕйы паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый тыххӕй хорз хабар». Статьяйы ма бӕлвырд бамбарын кодтой, уыцы хабар хъуыстгонд кӕд хъуамӕ цыдаид, уый дӕр. «Ацы хабар хъуамӕ хъуыстгонд цӕуа стыр дунеон хӕстӕй [ома Фыццаг дунеон хӕстӕй] „стыр бӕллӕхы“ онг». Ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ скодтой ахӕм хатдзӕг: «Ныртӕккӕ ӕвӕстиатӕй хъӕуы ацы хорз хабар хъусын кӕнын, чырыстон динтыл хӕст чи у, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр».

13. 1921 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» сӕрст чырыстӕтты цӕмӕ разӕнгард кодта?

13 Цымӕ Хуыцауы адӕмӕн уыцы хъуыддаг исчи тыххӕй кӕнын кодта? Нӕ, уый афтӕ нӕ уыд. 1921 азы 15 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыди статья, «Фидар лӕуут!», зӕгъгӕ. Статья сӕрст чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй, цӕттӕ кӕй сты, уый хъуыддагӕй равдыстаиккой. Фыст дзы уыд, зӕгъгӕ, хорз уаид, алчидӕр куы ахъуыды кӕнид: «Ацы хъуыддаджы кӕй архайын, уый мӕхицӕн ӕппӕты стырдӕр кадыл нымайын, стӕй, мӕ хӕс кӕй у, уый ӕмбарын?» Дарддӕр уыцы статьяйы дзырд цыди: «Фидарӕй йӕ зонӕм, ахӕм цӕстӕй йӕм куы кӕсат [ома уыцы хъуыддаджы архайын уӕхицӕн стыр кадыл куы нымайат], уӕд сымах дӕр Йеремийы хуызӕн кӕй уыдзыстут. Сымахӕн дӕр Хуыцауы ныхас уӕ „зӕрдӕйы судздзӕн пиллон артау. Пиллон артау судздзӕн уе стджыты мидӕг“, ӕмӕ уӕ бон нал уыдзӕн хъусӕй лӕууын» (Йер. 20:9). Ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, Хуыцауы Паддзахады фарс чи у, уыцы иузӕрдион хъусынгӕнджытыл Йегъовӕ ӕмӕ Йесо кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнынц.

14, 15. 1922 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цы уыди фыст?

14 Ӕцӕг чырыстӕттӕ Хуыцауы Паддзахады хабар адӕммӕ куыд хъуамӕ фӕхӕццӕ кодтаиккой? 1922 азы 15 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» рацыд статья, «Нӕ хӕс у хъусын кӕнын», зӕгъгӕ. Статья кӕд цыбыр уыди, уӕддӕр сӕрст чырыстӕтты зӕрдӕтӕ тынг бацагайдта. Разӕнгард сӕ кодта, цӕмӕй «ӕппӕт тыхтӕй архайой литературӕ адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕныныл, стӕй сӕм хӕдзӕрттӕм цӕуой ӕмӕ сын дзурой, уӕларвон паддзахад ӕввахс кӕй у, уый тыххӕй».

15 Куыд уынӕм, афтӕмӕй 1919 азӕй фӕстӕмӕ Чырысти ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уылты йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бирӕ хӕттыты ӕмбарын кодта, зӕххыл сӕ алкӕмӕн дӕр стыр кад кӕй у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын, стӕй уый сӕ хӕс дӕр кӕй у. Фӕлӕ цымӕ Библииртасджытӕ хъусын кӕныны хъуыддагмӕ ӕцӕгдӕр ахӕм цӕстӕй кастысты?

«Иузӕрдион чи у, уыдон барвӕндонӕй архайдзысты»

16. Чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр кӕй хъуамӕ хъусын кӕной, уымӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иуӕй-иутӕ цы цӕстӕй кастысты?

16 1920-ӕм ӕмӕ 1930-ӕм азты иуӕй-иутӕ разы нӕ уыдысты, сӕрст чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр кӕй хъуамӕ хъусын кӕной, ууыл. Уый тыххӕй 1927 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Абон аргъуаны [ома ӕмбырды] хистӕр нӕлгоймагӕй нысангонд чи у, уыдоны ’хсӕн ахӕмтӕ ис... ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды се ’фсымӕрты хъусын кӕнынмӕ разӕнгард кӕнын, стӕй сӕхӕдӕг дӕр нӕ разы кӕнынц уацамынды цӕуыныл. [...] Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй хъуамӕ хъусын кӕной ӕмӕ афтӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй, стӕй йе ’вӕрд Паддзах ӕмӕ йӕ паддзахады тыххӕй кӕй хъуамӕ дзурой, уыцы уынаффӕйыл былысчъилтӕ кӕнынц». Статьяйы комкоммӕ загъд уыд: «Иузӕрдион чи у, уыдон амӕй фӕстӕмӕ хъуамӕ ахӕмтӕм сӕ хъус дарой ӕмӕ сӕ сӕхи хизой, стӕй сын комкоммӕ зӕгъой, ахӕм адӕймӕгтӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕй нал уыдзысты» c.

17, 18. Ӕмбырдты сӕ фылдӕр цы цӕстӕй ракастысты сӕйраг хайады разамындмӕ ӕмӕ 100 азы дӕргъы милуантӕ уыцы разамындмӕ гӕсгӕ куыд архайдтой?

17 Сӕйраг хайадӕй ӕмбырдтӕм ахӕм разамынд куы ’рцыд, уӕд ыл ӕфсымӕртӕн ӕмӕ хотӕн сӕ фылдӕр цингӕнгӕйӕ сразы сты. Уыдон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын сӕхицӕн стыр кадыл нымадтой. Уый тыххӕй 1926 азы 15 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Иузӕрдион чи у, уыдон барвӕндонӕй архайдзысты... ӕмӕ уыцы хабар адӕмӕн дзурдзысты». Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цардысты, Псаломы 110:3 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ афтӕмӕй равдыстой, Паддзах Мессийӕйы фарс фидарӕй кӕй лӕууыдысты.

18 Сӕдӕ азы дӕргъы милуантӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зӕрдиагӕй хъусын кодтой. Дарддӕр ацы чиныджы цалдӕр сӕры ӕркӕсдзыстӕм, куыд хъусын кодтой, ома цавӕр мадзӕлттӕ ӕмӕ цавӕр кусӕнгӕрзтӕй пайда кодтой, уымӕ. Стӕй базондзыстӕм, сӕ фыдӕбон цавӕр тыллӕг ӕрхаста, уый дӕр. Фӕлӕ уал фыццаг аныхас кӕндзыстӕм, ацы хиуарзон дунейы цӕргӕйӕ, милуантӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы барвӕндонӕй цӕмӕн архайынц, ууыл. Ацы фарстайыл ныхас кӕнгӕйӕ хорз уаид, мах дӕр куы ахъуыды кӕниккам: «Ӕз та хорз хабар цӕмӕн хъусын кӕнын?»

«Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад»

19. Фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад цӕмӕн агурӕм?

19 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ныффӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад» (Матф. 6:33). Нӕ цард ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕмӕн аразӕм? Сӕйраджыдӕр уымӕн, ӕмӕ йӕ ӕмбарӕм, Хуыцау йӕ фӕнд уыцы Паддзахады фӕрцы кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. 5-ӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй сыгъдӕг тых Хуыцауы адӕмӕн гыццылгай ӕргом кодта Паддзахады тыххӕй бирӕ диссаджы хабӕрттӕ. Хуыцауы Паддзахад цы у ӕмӕ цы сараздзӕн, уый адӕймаг бӕлвырдӕй куы бамбары, уӕд ӕй тынг бафӕнды фыццаджыдӕр уыцы Паддзахад агурын.

Ӕмбӕхст хӕзнатӕ чи ссардта, уыцы лӕгау чырыстӕттӕ дӕр, цы рӕстдзинад ссардтой, ууыл цин кӕнынц (кӕс 20 абзац)

20. Йесо фӕсномыг ныхасы фӕрцы куыд бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ йӕ уынаффӕмӕ цы цӕстӕй кӕсдзысты, уый?

20 Йесо зыдта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ цы цӕстӕй кӕсдзысты йӕ уынаффӕмӕ, фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурут, зӕгъгӕ. Ӕркӕсӕм, ӕмбӕхст хӕзнаты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕ. (Бакӕс Матфейы 13:44.) Зӕхкусӕг ссардта ӕмбӕхст хӕзнатӕ ӕмӕ уайтагъд бамбӕрста, цы ссардта, уый тынг зынаргъ кӕй уыд. Ӕмӕ куыд бакодта? «Цингӕнгӕ ацыд, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый ауӕй кодта ӕмӕ уыцы зӕхх балхӕдта». Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Рӕстдзинад кӕй ссардтам ӕмӕ, куыд зынаргъ у, уый кӕй бамбӕрстам, уый нын хӕссы стыр циндзинад. Ӕмӕ цӕттӕ стӕм нӕхи цӕмӕйфӕнды дӕр фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад алкӕддӕр ӕвӕрӕм, нӕ царды цы бынаты хъуамӕ уа, уыцы бынаты – фыццаг бынаты d.

21, 22. Чырыстийы иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ куыд ӕвдисынц, фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй агурынц, уый? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

21 Хуыцауы Паддзахады фарс чи у, уыцы иузӕрдион хъусынгӕнджытӕ ӕрмӕст ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ хъуыддӕгтӕй ӕвдисынц, фыццаджыдӕр уыцы Паддзахад кӕй агурынц. Уыдон хъусын кӕныны хъуыддагӕн не ’вгъау кӕнынц нӕдӕр сӕ цард, нӕдӕр сӕ хъарутӕ, нӕдӕр сӕ мулк ӕмӕ нӕдӕр, цы зонынц, цӕмӕ арӕхсынц, уыдӕттӕ. Бирӕтӕ сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынц, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕной. Уыцы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕй алчидӕр йӕхицӕй зоны, Хуыцауы Паддзахад йӕ царды фыццаг бынаты чи ӕвӕры, уыдонӕн Йегъовӕ куыд арфӕ кӕны. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ.

22 Иу бинонтӕ, Эйвери ӕмӕ Ловенийӕ Бристоу, 1920-ӕм азты кӕрон иумӕ лӕггад кӕнын райдыдтой чиныгхӕсджытӕй (ома пионертӕй) Иугонд Штатты хуссарырдыгӕй. Бирӕ азты фӕстӕ Ловенийӕ радзырдта: «Эйвериимӕ бирӕ азты дӕргъы пионертӕй лӕггад кодтам ӕмӕ тынг амондджын уыдыстӕм. Бирӕ хӕттыты-иу афтӕ уыди, ӕмӕ-иу нӕ зыдтам, бензинӕн ӕмӕ нын хӕринагӕн ӕхца кӕм уыдзӕн. Фӕлӕ-иу нын Йегъовӕ алы хатт дӕр баххуыс кодта, ӕмӕ мах дарддӕр лӕггад кодтам. Ӕнӕмӕнг нӕ цы хъуыд, уый нын алкӕддӕр уыди». Ловенийӕйӕн йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, горӕт Пенсаколӕйы (штат Флоридӕ) куы лӕггад кодтой, уыцы рӕстӕджытӕй иу хабар. Иуафон ӕхцайӕ тынг хъуаг ӕййӕфтой, хӕринаг дӕр сӕм фаг нӕ уыд. Цӕргӕ та кодтой фургоны. Ӕмӕ иу бон хӕдзармӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд дзы ӕрбаййӕфтой дыууӕ стыр хызыны хӕринагӕй сӕ тӕккӕ дзагӕй. Хӕринӕгтимӕ ма уыд цыбыр фыстӕг: «Бирӕ уӕ чи уарзы, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй. Пенсаколӕйы ӕмбырд». Дӕсгай азты дӕргъы ӕххӕстрӕстӕг куыд лӕггад кодтой, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ Ловенийӕ загъта: «Йегъовӕ нӕ никуы ныууагъта. Нӕ зӕрдӕ йыл дарӕм, ӕмӕ нӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕны!»

23. Цы рӕстдзинад ссардтай, уымӕ цы цӕстӕй кӕсыс ӕмӕ дарддӕр дӕр цӕмӕ дӕ цӕттӕ?

23 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕмӕн йӕ бон нӕу бирӕ хъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ нӕ уавӕртӕ алыхуызон сты. Фӕлӕ нӕ алчидӕр йӕхицӕн стыр кадыл нымайы уыцы хъуыддаджы архайын, ӕмӕ уый аразы ӕппӕт удӕй (Кол. 3:23). Махӕн тынг зынаргъ у, цы рӕстдзинад ссардтам, уый. Ӕмӕ цӕмӕй фылдӕр лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй цӕттӕ стӕм нӕхи цӕмӕйфӕнды дӕр фӕцух кӕнынмӕ. Ды дӕр уымӕ цӕттӕ дӕ?

24. Фӕстаг бонты Хуыцауы Паддзахадӕн цавӕр стыр хъуыддаг бантыст?

24 Фӕстаг сӕдӕ азы дӕргъы Паддзах Йесо Чырысти ӕцӕгдӕр ӕххӕст кӕны, Матфейы 24:14 стихы цы пехуымпарад ис, уый. Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы чи архайы, уыдонӕн ӕй тыххӕй нӕ аразын кӕны. Ацы хиуарзон дунейӕ чи рацыд ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуӕг чи сси, уыдон сӕ цард барвӕндонӕй радтой хъусын кӕныны хъуыддагӕн. Хорз хабар ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй бӕрӕг у, Йесо кӕй ӕрцыд, ома паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста. Уымӕй уӕлдай, хъусын кӕныны хъуыддаг у, Хуыцауы Паддзахадӕн фӕстаг бонты цы стыр хъуыддӕгтӕ бантыст, уыдонӕй сӕ иу.

a Библийы дзырд «ӕртӕх» фӕамоны, цыдӕр бирӕ кӕнӕ парахатӕй кӕй ис, уымӕ (Райд. 27:28; Мих. 5:7).

b Брошюрӕйы, «Ацы куыст кӕй бар ис?», зӕгъгӕ, фыст уыд: «Журнал „Сызгъӕрин ӕнус“-ы фӕрцы нӕ бон у Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. [...] Алы хӕдзары дӕр адӕймагимӕ куы аныхас кӕнӕм, уӕд ын хъуамӕ ныууадзӕм иу журнал, уыцы адӕймаг журнал рафыста ӕви нӕ, уӕддӕр». Уый фӕстӕ бирӕ азты дӕргъы ӕфсымӕрты разӕнгард кодтой, цӕмӕй-иу уацамынды адӕмӕн дзырдтаиккой, сӕ бон кӕй у «Сызгъӕрин ӕнус» дӕр ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» дӕр рафыссын. 1940 азы 1 февралӕй фӕстӕмӕ та Йегъовӕйы адӕмы разӕнгард кодтой, цӕмӕй журналтӕ парахат кодтаиккой ӕмӕ-иу алчидӕр хыгъды ныффыстаид, цал журналы радта, уый.

c Уӕды рӕстӕджы афтӕ уыди, ӕмӕ-иу ӕмбырд схъӕлӕс кодта ӕмӕ-иу афтӕмӕй равзӕрстой хистӕр нӕлгоймӕгты. Уымӕ гӕсгӕ ӕмбырдӕн йӕ бон уыди, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын кӕй нӕ фӕндыд, уый ныхмӕ схъӕлӕс кӕнын. Хистӕр нӕлгоймӕгты ӕвзарыны ӕгъдау ивд куыд ӕрцыд, уый тыххӕй дзырд цӕудзӕн 12-ӕм сӕры.

d Йесо ма ахӕм хъуыды загъта, сӕудӕджеры тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым дӕр. Уыцы сӕудӕджер ацыд зынаргъ налхъуыт агурӕг. Ӕмӕ йӕ куы ссардта, уӕд ауӕй кодта, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый ӕмӕ уыцы налхъуыт балхӕдта (Матф. 13:45, 46). Ацы дыууӕ фӕсномыг ныхасӕй ма фенӕн ис уый дӕр, ӕмӕ адӕм рӕстдзинад алыхуызӕтты базонынц. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ йыл чидӕртӕ ӕнӕнхъӕлӕджы сӕмбӕлынц, чидӕртӕ та йӕ сӕхӕдӕг фӕагурынц. Фӕлӕ куыдфӕнды ма базонӕм рӕстдзинад,– не ’ппӕт дӕр цӕттӕ стӕм нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты сӕвӕрӕм.