Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

7 СӔР

Хъусын кӕныны мадзӕлттӕ. Адӕммӕ хорз хабар фӕхӕццӕ кӕнынӕн алы мадзӕлттӕй пайда кӕнӕм

Хъусын кӕныны мадзӕлттӕ. Адӕммӕ хорз хабар фӕхӕццӕ кӕнынӕн алы мадзӕлттӕй пайда кӕнӕм

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ пайда кӕнынц алыхуызон мадзӕлттӕй, цӕмӕй хорз хабар фылдӕр адӕм фехъусой

1, 2. а) Бирӕ адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ Йесо цавӕр мадзалӕй спайда кодта? ӕ) Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ сӕ Ахуыргӕнӕджы куыд фӕзмынц ӕмӕ цӕмӕн?

 ДОНЫ был Йесойы алыварс дуне адӕм ӕрӕмбырд, фӕлӕ уый бӕлӕгъы сбадт ӕмӕ иу гыццыл фалдӕр баленк кодта. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, донӕй йӕ хъӕлӕс тынгдӕр кӕй хъуысдзӕн ӕмӕ йын уый фӕрцы адӕм йӕ ныхӕстӕ хуыздӕр кӕй фехъусдзысты. (Бакӕс Марчы 4:1, 2.)

2 Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты куы райгуырд, уый размӕ ӕмӕ уый фӕстӕ азты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр фӕзмыдтой сӕ Ахуыргӕнӕджы. Цӕмӕй уыцы Паддзахады тыххӕй хорз хабар бирӕ адӕмӕн фехъусын кодтаиккой, уый тыххӕй пайда кодтой ног мадзӕлттӕй. Ӕмӕ Паддзах Чырыстийы разамындӕй Хуыцауы адӕм абоны онг дӕр пайда кӕнынц ногдӕр мадзӕлттӕй ӕмӕ архайынц, уавӕртӕ куыд ивынц, уымӕ гӕсгӕ. Цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ нӕ фӕнды хорз хабар, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнын, кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр (Матф. 24:14). Ӕркӕсӕм, уый тыххӕй цы мадзӕлттӕй пайда кӕнӕм, уыдонӕй цалдӕрмӕ. Стӕй-иу ахъуыды кӕн, дӕ бон куыд у Библииртасджыты уырнындзинад бафӕзмын.

Хъусын кӕнӕм фылдӕр адӕмӕн

3. Рӕстдзинады знӕгтӕ цӕмӕн фӕфыдӕнхъӕл сты?

3 Газеттӕ. 1879 азы ӕфсымӕр Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» мыхуыр кӕнын райдыдтой, ӕмӕ уыцы журналы фӕрцы бирӕ адӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фехъуыстой. Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй 1914 азы размӕ дӕс азы дӕргъы Чырысти хабӕрттӕ афтӕ арӕзта, цӕмӕй хорз хабар ноджы фылдӕр адӕм фехъуыстаиккой. Фыццаг ахӕм хабар ӕрцыд 1903 азы. Пенсильванийы протестантты минӕвар Эфраим Итон фӕхуыдта Чарлз Тейз Расселлы Библийы ахуырӕдтыл аныхас кӕнынмӕ. Хъуамӕ цалдӕр хатты фембӕлдаиккой стыр залтӕй сӕ иуы бирӕ адӕмы раз. Итон Расселмӕ фыстӕджы ныффыста: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, иухуызон цы фарстаты фӕдыл нӕ хъуыды кӕнӕм, уыдоныл куыд фӕныхас кӕнӕм... уый тыххӕй бирӕты фӕндид базонын». Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ сӕхӕдӕг дӕр хъуыды кодтой, уыцы ахуырӕдтӕ адӕмы тынг кӕй бацымыдис кӕндзысты. Ӕмӕ, Расселл Итонимӕ цӕуыл ныхас кодта, уый зындгонд газет «Питтсбург газетт»-ы ныммыхуыр кодтой. Адӕм уыцы статьятӕ зӕрдиагӕй кастысты ӕмӕ, Расселл Библийы ахуырӕдтӕ хуымӕтӕгӕй кӕй ӕмбарын кодта, уый сӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Уымӕ гӕсгӕ газеты редакцийы загътой, зӕгъгӕ уӕ кӕд фӕнды, уӕд Расселлы раныхӕстӕ нӕ газеты алы къуыри дӕр мыхуыр кӕндзыстӕм. Хабӕрттӕ афтӕ кӕй фӕзылдысты, уый фенгӕйӕ рӕстдзинады знӕгтӕ куыннӕ фӕфыдӕнхъӕл уыдаиккой!

1914 азмӕ Расселлы раныхӕстӕ мыхуыр кодтой 2 000 газетӕй фылдӕры

4, 5. Расселмӕ цавӕр миниуӕг уыди ӕмӕ йӕ бӕрнон ӕфсымӕртӕн сӕ бон куыд у бафӕзмын?

4 Уӕдмӕ ӕндӕр газетты редакторты дӕр бафӕндыд Расселлы раныхӕстӕ мыхуыр кӕнын. Ӕмӕ 1908 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» куыд фыст уыд, афтӕмӕй Расселлы раныхӕстӕ мыхуыргонд цыдысты «иуӕндӕс газеты». Фӕлӕ газетты куыст хорз чи зыдта, уыцы ӕфсымӕртӕ Расселлӕн бауынаффӕ кодтой, зӕгъгӕ, нӕ Ӕхсӕнады офистӕ Питтсбургӕй стырдӕр горӕтмӕ куы рахӕссай, уӕд Библийыл арӕзт статьятӕ ноджы фылдӕр газеттӕ мыхуыр кӕндзысты. Расселл уыцы уынаффӕйыл, стӕй ӕндӕр хабӕрттыл дӕр лӕмбынӕг ахъуыды кодта, ӕмӕ 1909 азы офистӕ рахаста Бруклинмӕ (штат Нью-Йорк). Ӕмӕ хъуыддаг куыд рауад? Цалдӕр мӕйы йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ йын йӕ раныхӕстӕ мыхуыр кодтой иу-400 газеты, ӕмӕ сӕ нымӕцыл бонӕй-бонмӕ ӕфтыди. 1914 азмӕ, Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты ӕвӕрд куы ’рцыд, уӕдмӕ, Расселлы раныхӕстӕ ӕмӕ статьятӕ мыхуыр кодтой цыппар ӕвзагыл 2 000 газетӕй фылдӕры!

5 Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Абон Хуыцауы организацийы бӕрнон ӕфсымӕрты хъӕуы Расселлы сӕрныллӕгдзинад бафӕзмын. Куыд? Исты ахсджиаг хъуыддаг куы скъуыддзаг кӕной, уӕд-иу хъуамӕ иннӕты уынаффӕмӕ байхъусой. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 15:22.)

6. Газетты цы статьятӕ мыхуыр кодтой, уыдон Орӕ Хетцелы цардыл куыд фӕзындысты?

6 Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар газетты кӕй мыхуыр кодтой, уый фӕрцы бирӕтӕ сӕ цард фӕивтой (Дзут. 4:12). Ахӕм статьяты фӕрцы ӕппӕты фыццаг рӕстдзинад чи базыдта, уыдонӕй сӕ иу уыди Орӕ Хетцел. Ацы хо донаргъуыд райста 1917 азы. Орӕ йӕхӕдӕг радзырдта: «Куы смой кодтон, уый фӕстӕ уазӕгуаты ацыдтӕн мӕ мадмӕ Рочестермӕ (штат Миннесотӕ). Газетӕй статьятӕ лыг кодта, афтӕмӕй йӕ баййӕфтон. Уыдон уыдысты Расселлы раныхӕстӕ. Ӕмӕ мын мӕ мад радзырдта, уыцы статьятӕй цытӕ базыдта, уый тыххӕй». Орӕ йӕ зӕрдӕмӕ айста, Библийӕ цы базыдта, уый ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй 60 азы бӕрц иузӕрдионӕй хъусын кодта.

7. Бӕрнон ӕфсымӕртӕ цӕмӕн аскъуыддзаг кодтой, газеттӕй кӕй нал пайда кӕндзысты?

7 1916 азы ӕрцыд дыууӕ хабары, ӕмӕ уый тыххӕй бӕрнон ӕфсымӕртӕ аскъуыддзаг кодтой, хорз хабар газетты фӕрцы кӕй нал парахат кӕндзысты. Фыццаг уый, ӕмӕ Фыццаг дунеон хӕсты тыххӕй, мыхуыр кӕнынӕн цы хъуыд, уыдӕттӕ амал кӕнын фӕзындӕр. 1916 азы Великобританийы филиалӕй газетты хайадӕй ныффыстой: «Ныртӕккӕ ма Расселлы статьятӕ мыхуыр кӕнынц ӕрмӕстдӕр 30 газеты. Ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй тагъд сӕ нымӕц ноджы фӕкъаддӕр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ гӕххӕтт бонӕй-бонмӕ зынаргъдӕр кӕны». Дыккаг хабар та уый уыди, ӕмӕ 1916 азы 31 октябры ӕфсымӕр Расселл амард. Уымӕ гӕсгӕ 1916 азы 15 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фехъусын кодтой: «Ӕфсымӕр Расселл немӕ нал ис, ӕмӕ раныхӕстӕ [газетты] мыхуыргонд нал цӕудзысты». Фӕлӕ кӕд газеттӕй нал пайда кодтой, уӕддӕр ӕнтыстджынӕй пайда кодтой ӕндӕр мадзӕлттӕй, зӕгъӕм, «Сфӕлдыстады фотодрамӕ»-йӕ.

8. «Сфӕлдыстады фотодрамӕ» куыд конд уыди?

8 Слайдтӕ ӕмӕ кинонывтӕ. «Сфӕлдыстады фотодрамӕ» рацыд 1914 азы. Расселл ӕмӕ йыл йе ’мбӕлттӕ куыстой ӕртӕ азы бӕрц (Ӕмб. 21:5). Уыцы драмӕйы хуызӕн уымӕй размӕ никуыма уыд. Уыди дзы кинокадртӕ, аудиозаписьтӕ ӕмӕ авгӕй конд хуызджын слайдтӕ. Ӕвдыст дзы цыди Библийӕ алыхуызон скъуыддзӕгтӕ ӕмӕ дзы архайдтой цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы, стӕй ма дзы уыди сырдтӕ дӕр. 1913 азы конгрессы тыххӕй хыгъды фыст уыд: «Нойы рӕстӕджы цы Доны хъаймӕт уыди, уый равдисынӕн бахъуыди, стырдӕр зоопарктӕй иуы цы алыхуызон сырдтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр». Уыцы кино равдисынӕн хъуыди сӕдӕгай слайдтӕ, ӕмӕ дзы алкӕцыйыл дӕр нывтӕ скодтой Лондоны, Нью-Йорчы, Парижы ӕмӕ Филадельфийы цӕрӕг нывгӕнджытӕ.

9. «Фотодрамӕ»-йыл уыйбӕрц рӕстӕг ӕмӕ ӕхца цӕмӕн бахардз кодтой?

9 «Фотодрамӕ»-йыл уыйбӕрц рӕстӕг ӕмӕ ӕхца цӕмӕн бахардз кодтой? 1913 азы конгрессты цы резолюци рахастой, уым фыст уыд: «Америкаг газеттӕ адӕмыл комикстӕ ӕмӕ нывты фӕрцы куыд ӕндавынц, афтӕ никуыма уыди. Стӕй кинонывтӕ адӕмы зӕрдӕмӕ тынг цӕуынц... Ӕмӕ уыдӕттӕй бӕрӕг у, ацы хъуыддагмӕ фидӕны ноджы фылдӕр ӕргом здӕхт кӕй цӕудзӕн. Уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, кинокадртӕ ӕмӕ, кӕрӕдзи чи ивы, ахӕм слайдтӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд ӕппындӕр кӕй нӕ фӕрӕдидзыстӕм. Хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ ӕмӕ адӕмы ахуыргӕнгӕйӕ мах фӕнды ногдӕр ӕмӕ хуыздӕр мадзӕлттӕй пайда кӕнын».

Уӕлейӕ: «Фотодрамӕ» кӕцӕй ӕвдыстой, уыцы бынат; бынӕй: «Фотодрамӕ»-йы авгӕй конд слайдтӕ

10. «Фотодрамӕ» кӕмыты равдыстой?

10 1914 азы «Фотодрамӕ» алы бон дӕр ӕвдыстой 80 горӕты. Иугонд Штатты ӕмӕ йӕм Канадӕйы бакаст аст милуан адӕймаджы бӕрц. Уыцы аз ма «Фотодрамӕ» равдыстой Австралийы, Великобританийы, Германийы, Данийы, Ног Зеландийы, Норвегийы, Финляндийы, Швейцарийы ӕмӕ Швецийы. Стӕй ма «Фотодрамӕ»-йӕн скодтой хуымӕтӕгдӕр вариант дӕр, «Драмӕ эврикӕ», зӕгъгӕ. Уым нӕ уыди кинокадртӕ ӕмӕ йӕ ӕвдыстой гыццыл горӕтты. Йӕ кӕнӕггаг асламдӕр уыди, стӕй йӕ иу ранӕй иннӕ ранмӕ ласын дӕр ӕнцондӕр уыд. 1916 азмӕ «Фотодрамӕ» кӕнӕ «Драмӕ эврикӕ» ратӕлмац кодтой грекъаг, даниаг-норвегиаг, испайнаг, италиаг, немыцаг, польшӕйаг, сомихаг, французаг ӕмӕ шведаг ӕвзӕгтӕм.

1914 азы «Фотодрамӕ» кӕм ӕвдыстой, уыцы залты-иу адӕмӕй къух бакӕнӕн нӕ уыд

11, 12. «Фотодрамӕ» иу ӕрыгон лӕппуйыл куыд фӕзынд ӕмӕ нын фӕзминаг цӕмӕй у?

11 «Фотодрамӕ» французаг ӕвзагыл йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд иу 18-аздзыд лӕппуйӕн, Шарль Ронерӕн. Шарль радзырдта: «Ӕвдыстой йӕ нӕ горӕт Кольмары (провинци Эльзас, Франци). Ӕппӕты райдианӕй дӕр мӕ дисы бафтыдта, Библийы хабӕрттӕ дзы куыд хуымӕтӕгӕй ӕмбарын кодтой, уый».

12 Шарль донаргъуыд райста ӕмӕ 1922 азы ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдыдта. Йӕ фыццаг хӕслӕвӕрдтӕй иу баст уыди «Фотодрамӕ»-имӕ. Хъуамӕ йӕ Францийы алы рӕтты ӕвдыстаиккой. Шарль радзырдта: «Цалдӕр хъуыддаджы мын бахӕс кодтой. Цагътон скрипкӕйыл, стӕй дзуапп лӕвӕрдтон ӕхцайы хыгъдтӕн ӕмӕ литературӕйӕн дӕр. Уымӕй уӕлдай ма-иу хъуамӕ мӕ хъус дардтаин, цӕмӕй адӕм программӕйы размӕ ӕрсабыр уыдаиккой. Улӕфты рӕстӕг та-иу ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй алчидӕр адӕмӕн литературӕ лӕвӕрдта. Залы алы хайы дӕр-иу сӕвӕрдтам иу ӕфсымӕр кӕнӕ хойы. Алчидӕр-иу сӕ, йӕ къухы цас цыди, уыйбӕрц литературӕ райста ӕмӕ-иу сӕ йӕхирдыгӕй адӕмыл байуӕрста. Стӕй ма-иу залмӕ бахизӕны сӕвӕрдтам стъӕлттӕ литературӕимӕ». 1925 азы Шарлы фӕхуыдтой Бруклины Вефилы лӕггад кӕнынмӕ. Раст уыцы рӕстӕг фӕзынд Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы радиостанцӕ (WBBR). Ӕмӕ Шарлӕн бахӕс кодтой, цӕмӕй уыцы радиостанцӕйы оркестрӕн дирижер уыдаид. Ӕфсымӕр Шарль махӕн у фӕзминаг. Абон дӕр алыхуызон хъуыддӕгтӕ фӕхъӕуы аразын, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ цӕуа. Ӕмӕ хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Цыфӕнды хъуыддаг дӕр мын куы бабар кӕнынц, уӕддӕр ӕй ӕнӕзивӕгӕй саразын?» (Бакӕс Исайы 6:8.)

13, 14. Хорз хабар хъусын кӕнынӕн радиойӕ куыд пайда кодтой? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕтӕ « Радиостанцӕ WBBR» ӕмӕ « Ахсджиаг конгресс».)

13 Радио. 1920-ӕм азты «Фотодрамӕ»-йӕ афтӕ арӕх нал пайда кодтой. Фӕлӕ райдыдтой радиойӕ пайда кӕнын, ӕмӕ стыр ӕххуыс уыди хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы. 1922 азы 16 апрелы ӕфсымӕр Рутерфордӕн уыди тынг ахсджиаг раныхас радиойӕ Филадельфийы оперӕйӕ (штат Пенсильвани). Йӕ раныхас хуынди «Абон чи цӕры, уыдонӕй милуантӕ никуы амӕлдзысты», ӕмӕ йӕм байхъуыста 50 мин адӕймаджы бӕрц. 1923 азы та фыццаг хатт радиойӕ хъусын кодтой конгрессы программӕ. Кӕд уыцы рӕстӕг ӕндӕр радиостанцӕтӕн бафыстой ӕмӕ-иу уыдонӕй пайда кодтой, уӕддӕр бӕрнон ӕфсымӕртӕ бамбӕрстой, сӕхи радиостанцӕ куы саразой, уӕд хуыздӕр кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ йӕ сарӕзтой сакъадах Статеныл (штат Нью-Йорк) – уый уыд радиостанцӕ WBBR. Фыццаг радиопередачӕ дзы уыди 1924 азы 24 февралы.

1922 азы раныхасмӕ «Абон чи цӕры, уыдонӕй милуантӕ никуы амӕлдзысты» радиойӕ байхъуыста 50 мин адӕймаджы бӕрц

14 Уыцы радиостанцӕ цӕмӕн хъуыди, уый тыххӕй 1924 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Фидарӕй йӕ зонӕм, рӕстдзинад апарахат кӕнынӕн нырмӕ цы мадзӕлттӕй пайда кодтам, уыдонӕй радиойӕ асламдӕр ӕмӕ хуыздӕр кӕй нӕй». Стӕй ма дзы фыст уыди: «Кӕд Хуыцауы фӕндон у, цӕмӕй рӕстдзинад парахат кӕнынӕн ӕндӕр радиостанцӕтӕ дӕр саразӕм, уӕд нын арфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ нӕм ӕхца дӕр уыдзӕни» (Пс. 127:1). 1926 азмӕ Хуыцауы адӕмӕн уыди ӕхсӕз радиостанцӕйы. Дыууӕ дзы уыди Иугонд Штатты: сӕ иу – Нью-Йорчы (WBBR), иннӕ та – Чикагомӕ хӕстӕг (WORD). Иннӕ цыппар та уыдысты Канадӕйы провинциты: Альбертӕйы, Бритайнаг Колумбийы, Онтариойы ӕмӕ Саскачеваны.

15, 16. а) Канадӕйы хорз хабар радиойӕ дӕрдтыл куы айхъуыст, уӕд дины разамонджытӕ цы бакодтой? ӕ) Хорз хабар радиойӕ дӕр ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр кӕй хъусын кодтой, уый хорз цӕмӕй уыди?

15 Библийы цы фыст ис, уый радиойы фӕрцы дардыл айхъуыст, ӕмӕ уыцы хабар чырыстон динты разамонджытӕй нӕ аирвӕзт. Альберт Хоффман хорз зыдта, Саскачеваны (Канадӕ) радиостанцӕйы цы куыст кодтой, уый тыххӕй, ӕмӕ радзырдта: «Радиойы фӕрцы Библииртасджыты [уӕд афтӕ хуыдтой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты] бирӕтӕ базыдтой. 1928 азы онг хъуыддаг ӕнтыстджынӕй цыд размӕ. Фӕлӕ уыцы аз дины разамонджытӕ хицӕутты нӕ ныхмӕ скодтой, ӕмӕ, Библииртасджытӕн Канадӕйы цы радиостанцӕтӕ уыди, уыдонӕй иуӕн дӕр лицензи нал радтой».

16 Кӕд нын Канадӕйы нӕ радиостанцӕтӕ сӕхгӕдтой, уӕддӕр ӕфсымӕртӕ ӕндӕр радиостанцӕтӕн ӕхца фыстой, ӕмӕ афтӕмӕй адӕм дарддӕр хъуыстой Библийыл арӕзт раныхӕстӕм (Матф. 10:23). Цӕмӕй уыцы радиопередачӕтӕм фылдӕр адӕм хъуыстаид, уый тыххӕй-иу «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ӕмӕ «Сызгъӕрин ӕнус»-ы (ныр хуыйны «Райхъал ут!») ныммыхуыр кодтой, уыцы раныхӕстӕ цы радиостанцӕтӕй дзырдтой, уыдоны нӕмттӕ. Ӕмӕ-иу хъусынгӕнджытӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы хъусын кодтой, уӕд-иу адӕмы разӕнгард кодтой, бынӕттон радиойӕ уыцы раныхӕстӕм байхъусут, зӕгъгӕ. Ӕмӕ хабар куыд рауад? 1931 азы январы «Бюллетен»-ы фыст уыд: «Радиопередачӕты фӕрцы ӕфсымӕртӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй райдыдтой хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. Бирӕтӕ филиалмӕ ныффыстой, зӕгъгӕ, дам, адӕм хъусынц уыцы радиопередачӕтӕм, ӕмӕ ӕфсымӕр Рутерфорды раныхӕстӕм кӕй байхъусынц, уый фӕрцы ӕхсызгонӕй райсынц, цы чингуытӕ сын ӕрбахӕссӕм, уыдон». «Бюллетен»-ы фыст уыди, зӕгъгӕ, радиопередачӕтӕ ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын сты, «Хуыцауы организаци хорз хабар адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынӕн кӕмӕй пайда кӕны, ахӕм дыууӕ диссаджы мадзалы».

17, 18. Кӕд уавӕртӕ фӕивтой, уӕддӕр радиойӕ дарддӕр дӕр куыд пайда кодтам?

17 1930-ӕм азты нын фӕзын ӕндӕр радиостанцӕтӕй пайда кӕнын дӕр, уымӕн ӕмӕ знӕгтӕ уым дӕр бацархайдтой. Гъемӕ 1937 азы кӕронмӕ хӕстӕг Йегъовӕйы адӕм райдыдтой ӕндӕрхуызон архайын. Ӕндӕр радиостанцӕтӕй нал пайда кодтой, фӕлӕ се ’ргом тынгдӕр аздӕхтой хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынмӕ a. Фӕлӕ уӕддӕр радиойӕ Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кодтой дард рӕтты кӕнӕ, хъусын кӕнын зын кӕм уыд, ахӕм рӕтты. Зӕгъӕм, 1951 азӕй 1991 азмӕ Ныгуылӕн Берлины (Германи) радиостанцӕйӕ хъусын кодтой Библийыл арӕзт раныхӕстӕ, ӕмӕ уый фӕрцы, Скӕсӕн Германийы чи цард, уыдонӕн сӕ бон уыди хорз хабар фехъусын. 1961 азӕй фӕстӕмӕ 30 азӕй фылдӕр Суринамы (Хуссар Америкӕ) националон радиойы алы къуыри дӕр 15 минуты цыди, Библийы ахуырӕдтыл кӕм дзырдтой, ахӕм передачӕ. 1969 азӕй 1977 азмӕ та нӕ организаци пластинкӕтыл ныффыста 350 радиопередачӕйӕ фылдӕр. Сӕ иумӕйаг ном уыд «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у пайда». Иугонд Штатты уыцы передачӕтӕм 48 штаты адӕмӕн сӕ бон байхъусын уыди 291 радиостанцӕйӕ. 1996 азы Самоайы (ис Сабыр океаны хуссар хайы) сӕйраг горӕт Апийы радиостанцӕйы алы къуыри дӕр уыди передачӕ «Дзуаппытӕ дӕ фарстатӕн Библийӕ».

18 20-ӕм ӕнус йӕ кӕронмӕ куыд хӕстӕгдӕр кодта, афтӕ радио хорз хабар парахат кӕныны хъуыддаджы афтӕ тынг нал ахадыдта. Фӕлӕ фӕзынд ӕндӕр мадзал, ӕмӕ уый фӕрцы хорз хабар уыйбӕрц адӕм фехъуыстой, ӕмӕ диссаг.

19, 20. Йегъовӕйы адӕм сайт цӕмӕн скодтой ӕмӕ сын уый фӕрцы цы ӕнтысы? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Нӕ сайт».)

19 Интернет. 2013 азмӕ Интернетмӕ иугонд уыди 2 миллиард 700 милуан адӕймагӕй фылдӕр – зӕххы цъарыл цы адӕм цӕры, уыдонӕн сӕ 40 проценты бӕрц. Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ дыууӕ миллиард адӕймаджы бӕрц Интернетмӕ бацӕуынц смартфонтӕ ӕмӕ планшеттӕй. Уыцы нымӕц ӕнӕхъӕн дунейы дӕр кӕны фылдӕрӕй-фылдӕр. Фӕлӕ, Интернетмӕ телефонтӕ ӕмӕ планшеттӕй чи бацӕуы, уыдоны нымӕц фӕстаг рӕстӕг Африкӕйы куыд рӕзы, афтӕ никуы. Уым Интернетӕй уыцы дзыппыхӕсгӕ фӕрӕзты фӕрцы пайда кӕны 90 милуан адӕймагӕй фылдӕр. Ацы хабӕрттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ уавӕр фӕивта – адӕм ныр хабӕрттӕ бынтон ӕндӕр хуызы базонынц.

20 Йегъовӕйы адӕм Интернетӕй пайда кӕнын райдыдтой 1997 азы. 2013 азы нӕ сайт уыди иу-300 ӕвзагыл. Библи ӕмбарынгӕнӕн ӕрмӕг та дзы рафыссӕн уыд 520 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Алы бон дӕр нӕ сайтмӕ бацӕуынц 750 мин хаттӕй фылдӕр. Уымӕй уӕлдай ма алы мӕй дӕр нӕ сайтӕй адӕм рафыссынц: ӕнӕхъӕн чингуытӕ – 3 милуанӕй фылдӕр, ӕнӕхъӕн журналтӕ – 4 милуаны ӕмӕ 22 милуаны та – аудиозаписьтӕ.

21. Ацы абзацы цы нӕлгоймаджы кой цӕуы, уый хабар дын цӕуыл дзурӕг у?

21 Сайт тынг хорз мадзал у, хъусын кӕныны бар кӕм нӕй, уыцы бӕстӕты дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар апарахат кӕнынӕн. Зӕгъӕм, 2013 азы райдианы иу нӕлгоймаг бацыд нӕ сайтмӕ ӕмӕ Иугонд Штаттӕм нӕ сӕйраг хайадмӕ фӕдзырдта, Библийы тыххӕй мӕ фылдӕр базонын фӕнды, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уым диссагӕй цы уыд? Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ уыцы нӕлгоймаг хӕст уыд пысылмон диныл. Цӕргӕ та кӕны, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организаци бынтондӕр ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕйы иу дард хъӕуы. Уыйадыл Иугонд Штаттӕй иу ӕфсымӕр йемӕ къуыри дыууӕ хатты Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Ахуыр кодтой Интернеты фӕрцы, видеойӕ кӕрӕдзи дӕр уыдтой, афтӕмӕй.

Хъусын кӕнӕм алы адӕймагӕн дӕр

22, 23. а) Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цы мадзӕлттӕй пайда кодтой, уыдон хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕныны бӕсты уыдысты? ӕ) Нӕ Паддзах нын нӕ фыдӕбонӕн куыд арфӕ кӕны?

22 Ацы сӕры цы мадзӕлттыл аныхас кодтам, уыдонӕй иу дӕр: нӕдӕр газеттӕ, нӕдӕр «Фотодрамӕ», нӕдӕр радиопередачӕтӕ ӕмӕ нӕдӕр сайт – хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕныны бӕсты нӕ уыд. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы адӕм фӕзмынц Йесойы. Уый ӕрмӕст бирӕ адӕмӕн нӕ хъусын кодта, фӕлӕ архайдта алы адӕймагӕн дӕр баххуыс кӕныныл (Лук. 19:1–5). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты дӕр ууыл ахуыр кодта. Стӕй-иу сын, цавӕр хабар хъуамӕ хъусын кодтаиккой, уый дӕр бацамыдта. (Бакӕс Лукайы 10:1, 8–11.) Нӕ чиныджы 6-ӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй бӕрнон ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты алкӕддӕр разӕнгард кодтой, цӕмӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕной ӕмӕ алы адӕймагимӕ дӕр хицӕнӕй аныхас кӕныныл архайой (Хъуыд. 5:42; 20:20).

23 Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты куы райгуырд, уӕдӕй рацыд сӕдӕ азы, ӕмӕ абон, Хуыцауы фӕндты тыххӕй иннӕтӕн зӕрдиагӕй чи дзуры, уыцы хъусынгӕнджытӕн сӕ нымӕц у 8 милуаны бӕрц. Бӕрӕг у, Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕнынӕн цы мадзӕлттӕй пайда кӕнӕм, уыдонӕн нӕ Паддзах кӕй арфӕ кӕны. Иннӕ сӕры дзырд цӕудзӕн, кусӕнгӕрзтӕ дӕр нын кӕй дӕтты, цӕмӕй хорз хабар алы адӕмӕн, алы мыггагӕн ӕмӕ алы ӕвзагӕн дӕр фехъусын кӕнӕм (Рарг. 14:6).

a 1957 азы бӕрнон ӕфсымӕртӕ уынаффӕ рахастой, цӕмӕй ӕхгӕд ӕрцӕуа нӕ радиостанцӕтӕй фӕстаг – Нью-Йорчы чи уыд, уый (WBBR).