Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

8 СӔР

Кусӕнгӕрзтӕ хъусын кӕнынӕн. Уадзӕм литературӕ хорз хабар ӕгас зӕххыл хъусын кӕнынӕн

Кусӕнгӕрзтӕ хъусын кӕнынӕн. Уадзӕм литературӕ хорз хабар ӕгас зӕххыл хъусын кӕнынӕн

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Йегъовӕ нын дарддӕр дӕр дӕтты, алы бӕстӕты цӕрӕг ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмы ахуыр кӕнынӕн чи хъӕуы, ахӕм кусӕнгӕрзтӕ

1, 2. а) Фыццаг ӕнусы хорз хабар Ромы паддзахады алы рӕтты цӕй фӕрцы айхъуыст? ӕ) Йегъовӕ нӕ рӕстӕджы дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг у? (Кӕс рамкӕ « Хорз хабар 670 ӕвзагӕй фылдӕрыл».)

 ИЕРУСАЛИММӔ алы рӕттӕй чи ’рцыд, уыцы адӕмы нӕ уырныдта, ахӕм диссӕгтӕ сӕхи хъустӕй кӕй хъусынц. Галилейӕгтӕ сӕрибарӕй дзырдтой ӕндӕр ӕвзӕгтыл, ӕмӕ цы дзырдтой, уый адӕмӕн сӕ зӕрдӕтыл сӕмбӕлд. Уый уыди н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны рӕстӕг. Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой. Уый та ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ сын Хуыцау ӕххуыс кодта. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 2:1–8, 12, 15–17.) Цы хабар хъусын кодтой, уый фехъуыстой алы бӕстӕты цӕрӕг адӕм, ӕмӕ уый фӕрцы хорз хабар айхъуыст Ромы паддзахады алы рӕтты (Кол. 1:23).

2 Абон Хуыцау ахӕм диссӕгтӕ нӕ аразы, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕвиппайды ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын райдайой. Фӕлӕ уӕддӕр, фыццаг ӕнусимӕ абаргӕйӕ, ныртӕккӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар бирӕ фылдӕр ӕвзӕгтыл цӕуы хъуыстгонд. Зӕгъӕм, нӕ литературӕ тӕлмац цӕуы 670 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ (Хъуыд. 2:9–11). Хуыцауы адӕм уыйбӕрц литературӕ кӕй уадзынц ӕмӕ йӕ уыйбӕрц ӕвзӕгтӕм кӕй тӕлмац кӕнынц, уый фӕрцы хорз хабар зӕххы цъарыл кӕдӕм нӕ фӕхӕццӕ, ахӕм бынат нал баззад a. Ӕмӕ уымӕй дӕр бӕлвырдӕй зыны, Йегъовӕ йе ’вӕрд Паддзах Йесо Чырыстийы уылты хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд кӕй дӕтты (Матф. 28:19, 20). Ацы сӕры ӕркӕсдзыстӕм, 100 азы дӕргъы уыцы хъуыддаджы цы кусӕнгӕрзтӕй архайдтам, уыдонӕй иуӕй-иутӕм. Ӕмӕ фендзыстӕм, нӕ Паддзах нӕ 1914 азӕй фӕстӕмӕ гыццылгай куыд ахуыр кодта, цӕмӕй хорз хабар алы адӕймагмӕ дӕр фӕхӕццӕ кӕнӕм, ӕмӕ нӕ куыд разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас арӕхстджынӕй амонӕм (2 Тим. 2:2).

Паддзах йӕ лӕггадгӕнджыты цӕттӕ кӕны рӕстдзинады мыггӕгтӕ тауынмӕ

3. Хъусынгӕнгӕйӕ алыхуызон кусӕнгӕрзтӕй цӕмӕн архайӕм?

3 Йесо «паддзахады тыххӕй дзырд» абарста нӕмгуытимӕ, кӕнӕ мыггӕгтимӕ, адӕймаджы зӕрдӕ та – зӕххимӕ (Матф. 13:18, 19). Зӕхкусӕг алыхуызон кусӕнгӕрзтӕй зӕхх сфӕлмӕн кӕны ӕмӕ йӕ бацӕттӕ кӕны, цӕмӕй дзы мыггаг байтауа. Афтӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр рагӕй фӕстӕмӕ алыхуызон кусӕнгӕрзтӕй архайынц. Уыдоны фӕрцы милуангай адӕмы зӕрдӕтӕ бацӕттӕ кодтой, цӕмӕй дзы Хуыцауы Паддзахады мыггаг байтыдтаиккой. Уыцы кусӕнгӕрзтӕй кӕцыдӕртӕй пайда кодтой ӕрмӕстдӕр цыбыр рӕстӕг. Иннӕтӕ та, зӕгъӕм, чингуытӕ ӕмӕ журналтӕ, ныры онг дӕр стыр куыст кӕнынц. 7-ӕм сӕры кӕй кой кодтам, уыцы мадзӕлтты фӕрцы нӕ бон уыди ӕмӕ ныр дӕр у хорз хабар бирӕ адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнын. Ацы сӕры цы кусӕнгӕрзтыл цӕудзӕн дзырд, уыдон та хъусынгӕнджытӕн ӕххуыс кодтой ӕмӕ кӕнынц адӕмимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кӕнынӕн (Хъуыд. 5:42; 17:2, 3).

Аразынц патефонтӕ ӕмӕ рупортӕ (Торонто, Канадӕ)

4, 5. Патефонтӕй куыд пайда кодтам, фӕлӕ уыдоны фӕрцы нӕ бон цы нӕ уыд саразын?

4 Пластинкӕтыл фыст раныхӕстӕ. 1930-ӕм азты ӕмӕ суанг 1940-ӕм азты онг хъусынгӕнджытӕ пайда кодтой пластинкӕтыл фыст раныхӕстӕй, хъуыстой-иу сӕм патефонтыл. Алы пластинкӕ дӕр цагъта фондз минуты бӕрц. Кӕцыдӕртӕн дзы уыд цыбыр сӕргӕндтӕ, зӕгъӕм, «Троицӕ», «Удсыгъдӕггӕнӕн» (уырыс. «чистилище») ӕмӕ «Хуыцауы Паддзахад». Патефонтимӕ-иу куыд хъусын кодтой? Ӕфсымӕр Клейтон Вудворт донаргъуыд райста 1930 азы Иугонд Штатты. Ӕмӕ афтӕ загъта: «Мемӕ-иу хастон къухӕй зилгӕ гыццыл патефон, уыд чемоданы хуызӕн. Йӕ судзины хӕцӕн уыди ӕфтаугӕ, ӕмӕ-иу судзин хъуамӕ пластинкӕйы кӕроныл раст сӕвӕрдтаин, кӕннод-иу нӕ цагъта. Хӕдзары дуармӕ-иу бацыдтӕн, патефоны ӕвӕрӕн-иу байгом кодтон, судзин-иу пластинкӕйыл сӕвӕрдтон ӕмӕ-иу дуары дзӕнгӕрӕгыл бахӕцыдтӕн. Адӕймаг-иу дуар куы бакодта, уӕд-иу ын загътон: „Ахсджиаг хабар дын ӕрбахастон, ӕмӕ-ма йӕм, дӕ хорзӕхӕй, байхъус“». Цымӕ-иу адӕм уымӕ цы цӕстӕй ракастысты? Ӕфсымӕр Вудворт дарддӕр дзуры: «Арӕх-иу хорз байхъуыстой. Фӕлӕ-иу афтӕ дӕр уыд, ӕмӕ-иу ӕнӕдзургӕйӕ дуар сӕхгӕдтой. Хатгай-иу афтӕ дӕр фенхъӕлдтой, цыма патефонтӕ уӕй кӕнын».

1940 азмӕ пластинкӕтыл фыст ӕрцыд 90 раныхасӕй фылдӕр ӕмӕ уыцы пластинкӕтӕ уыдысты милуанӕй фылдӕр

5 1940 азмӕ пластинкӕтыл фыст ӕрцыд 90 раныхасӕй фылдӕр ӕмӕ уыцы пластинкӕтӕ уыдысты милуанӕй фылдӕр. Джон Барр уыцы рӕстӕг лӕггад кодта пионерӕй Великобританийы (фӕстӕдӕр уыди Разамонӕг советы). Уый загъта: «1936 азӕй 1945 азмӕ патефон ӕдзухдӕр уыди мемӕ. Ӕнӕ уымӕй уыдтӕн, цъиу ӕнӕ базыртӕй куыд вӕййы, афтӕ. Кӕйдӕр дуары цур лӕугӕйӕ-иу мӕхӕдӕг ӕфсымӕр Рутерфорды хъӕлӕс куы фехъуыстон, уӕд-иу мӕ ныфсыл ныфс бафтыд. Раст цыма-иу йӕхӕдӕг мӕ разы лӕууыд, афтӕ уыд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, патефон хорз кусӕнгарз уыд, фӕлӕ уый фӕрцы нӕ бон нӕ уыд адӕмы ахуыр кӕнын ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ бацагайын».

6, 7. а) Уацамынды карточкӕтӕ хорз цӕмӕй уыдысты, фӕлӕ цы хъуаг уыдысты? ӕ) Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн се ’взагыл йӕ ныхӕстӕ куыд сӕвӕрдта?

6 Уацамынды карточкӕтӕ. 1933 азӕй фӕстӕмӕ хъусынгӕнджыты разӕнгард кодтой, цӕмӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ пайда кодтаиккой уацамынды карточкӕтӕй. Уыцы карточкӕтӕ уыдысты нӕ уацамынды хыгъды гӕххӕтты йас. Цыбыртӕй дзы фыст уыд Библийы ахсджиаг хабар. Стӕй ма дзы уыд Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕйы кой дӕр, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бон уыди уыцы литературӕ райсын. Хъусынгӕнӕг-иу адӕймагмӕ карточкӕ радта ӕмӕ-иу ын загъта, цӕмӕй йӕ бакӕса. Лилиан Каммеруд, фӕстӕдӕр Пуэрто-Рикойы ӕмӕ Аргентинӕйы миссионерӕй чи лӕггад кодта, уыцы хо, загъта: «Мӕнӕн мӕ зӕрдӕмӕ цыд карточкӕтимӕ хъусын кӕнын». Цымӕ цӕмӕн? Лилиан ӕй йӕхӕдӕг афтӕ бамбарын кодта: «Адӕмимӕ ныхас райдайынмӕ алчи хорз нӕ арӕхсти. Ӕмӕ карточкӕты фӕрцы уыцы хъуыддаг ныфсджындӕрӕй райдыдтон аразын».

Уацамынды карточкӕ (италиаг ӕвзагыл)

7 Давид Рюш, 1918 азы донаргъуыд чи райста, ахӕм ӕфсымӕр, загъта: «Уацамынды карточкӕтӕ ӕфсымӕртӕн стыр ӕххуыс уыдысты. Бирӕтӕ-иу тарстысты, исты раст куы нӕ зӕгъой, уымӕй». Фӕлӕ ацы кусӕнгарз дӕр алцӕмӕй ӕххӕст нӕ уыд. Ӕфсымӕр Рюш ма ноджыдӕр загъта: «Иуӕй-иу хатт адӕм хъуыды кодтой, ӕмӕ нӕ бон дзурын нӕу. Раст куы зӕгъон, уӕд махӕй бирӕтӕн нӕ бон ӕцӕгдӕр нӕ уыд дзурын. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ цӕттӕ кодта ахсджиаг хъуыддагмӕ: хъуамӕ йӕ номӕй райдыдтаиккам адӕмимӕ ныхас кӕнын. Хъуамӕ нын тагъд рӕстӕджы не ’взагыл йӕ ныхӕстӕ сӕвӕрдтаид – сахуыр нӕ кодтаид хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ адӕмимӕ Фыстадыл ныхас кӕнын. Ӕмӕ уый тыххӕй 1940-ӕм азты фӕзынд Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола». (Бакӕс Йеремийы 1:6–9.)

8. Чырыстийӕн бар кӕд дӕтдзынӕ, цӕмӕй дӕ ахуыр кӕна?

8 Чингуытӕ. 1914 азӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы адӕм мыхуыры рауагътой 100 чиныгӕй фылдӕр. Уыцы чингуыты ӕвзӕрст цӕуы Библийӕ алыхуызон фарстатӕ. Иуӕй-иутӕ дзы уый тыххӕй ӕрцыдысты уагъд, цӕмӕй хъусынгӕнджытӕ сахуыр уыдаиккой арӕхстджынӕй хъусын кӕнын. Данийы иу хо, Аннӕ Ларсен, ныр 70 азы бӕрц у хъусынгӕнӕг. Ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Йегъовӕ нын Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы ӕмӕ ахуыргӕнӕн чингуыты фӕрцы ӕххуыс кодта, цӕмӕй дӕсны хъусынгӕнджытӕ суыдаиккам. Хъуыды йӕ кӕнын, уыцы чингуытӕй фыццаг кӕй рацыд 1945 азы, хуынди „Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджытӕн ӕххуыс“. Уый фӕстӕ 1946 азы рацыд чиныг „Алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ“. Ныртӕккӕ нӕм ис ӕндӕр ӕрмӕг». Йегъовӕ нӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй «бӕззӕм... лӕггадгӕнджытӕн» (2 Кор. 3:5, 6). Бӕрӕг у, уыцы хъуыддаджы Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола дӕр ӕмӕ ахуыргӕнӕн чингуытӕ дӕр стыр ӕххуыс кӕй фесты. Абон мах хъусын кӕнын ахуыр кӕнӕм, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды. Алы мӕй дӕр райсӕм «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад». Уыцы кусӕн тетрадмӕ гӕсгӕ дӕхи бӕстон бацӕттӕ кӕныс ӕмӕ дзы фӕпайда кӕныс? Афтӕмӕй Чырыстийӕн бар дӕтдзынӕ, цӕмӕй дӕ ахуыр кӕна ӕмӕ хуыздӕр ахуыргӕнӕг суай (2 Кор. 9:6; 2 Тим. 2:15).

9, 10. Рӕстдзинады мыггӕгтӕ тауынӕн ӕмӕ сыл дон кӕнынӕн чингуытӕ диссаджы кусӕнгӕрзтӕ цӕмӕн сты?

9 Йегъовӕ ма нын ӕххуыс кӕны ӕндӕр хуызы дӕр. Йӕ организаци рауадзы, хъусынгӕнджытӕ Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ кӕй фӕрцы ӕмбарын кӕнынц, ахӕм чингуытӕ. Чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг ӕцӕгдзинад» уӕлдай стыр ӕххуыс фӕци. Фыццаг хатт мыхуыры рацыд 1968 азы ӕмӕ уайтагъд рабӕрӕг, диссаджы кусӕнгарз кӕй уыди. 1968 азы «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы» фыст уыд: «Чиныг „Ӕцӕгдзинад“ уыйбӕрц заказ кӕнынц, ӕмӕ сентябры Бруклины не ’хсӕнады типографийы куыстой ӕхсӕвыгон дӕр». Уый фӕстӕ статьяйы фыст уыд: «Иухатт августы чиныг „Ӕцӕгдзинад“-ы заказтӕ уыдысты, мыхуыры дзы цас рацыд, уымӕй бирӕ фылдӕр – иу милуан ӕмӕ ӕрдӕг экземплярӕй фылдӕр!» 1982 азмӕ дзы мыхуыр ӕрцыд 100 милуан экземплярӕй фылдӕр 116 ӕвзагыл. Ацы чиныджы фӕрцы 1968 азӕй 1982 азмӕ, ома 14 азмӕ, нӕ нымӕцыл бафтыд иу милуан хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр b.

10 2005 азы та адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнынӕн рацыд ӕндӕр диссаджы чиныг. Ныры онг дзы мыхуыр ӕрцыд 200 милуан экземпляры бӕрц 256 ӕвзагыл! Уый цавӕр тыллӕг ӕрхаста? Ӕрмӕст авд азмӕ, 2005 азӕй 2012 азмӕ, 1 милуан 200 мин адӕймаджы бӕрц систы хорз хабар хъусынгӕнджытӕ. Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонӕн та сӕ нымӕц 6 милуанӕй схызт 8 милуан 700 минмӕ. Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, рӕстдзинады мыггӕгтӕ кӕй тауӕм ӕмӕ сыл дон кӕй кӕнӕм, уыцы хъуыддаджы нын Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕны. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 3:6, 7.)

11, 12. Абзацты Библийӕ цы стихтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ бамбарын кӕн, нӕ журналтӕ уагъд кӕмӕн цыдысты ӕмӕ ныр кӕмӕн цӕуынц, уый.

11 Журналтӕ. Райдианы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» уагъд цыд сӕйраджыдӕр «гыццыл дзугӕн» – «уӕларвмӕ хуынд» чи у, уыдонӕн (Лук. 12:32; Дзут. 3:1). 1919 азы 1 октябры Йегъовӕйы организаци уадзын райдыдта ӕндӕр журнал. Уый та фылдӕр уагъд цыди иннӕ адӕмӕн. Ацы журнал Библииртасджытӕн дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмӕн дӕр сӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг цыди, ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы йӕ тираж «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» тиражӕй бирӕ фылдӕр уыд. Фыццаг хуынди «Сызгъӕрин ӕнус». 1937 азы йын йӕ ном аивтой ӕмӕ йӕ схуыдтой «Удӕнцой». 1946 азы та йӕ схуыдтой «Райхъал ут!».

12 Азӕй-азмӕ журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ӕн сӕ арӕзт ӕмӕ сӕ хуыз ивтой, фӕлӕ сӕ нысан нӕ аивта. Абоны онг дӕр сӕ нысан у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын ӕмӕ адӕмӕн Библийыл баууӕндынӕн ӕххуыс кӕнын. Абон «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» цӕуы дыууӕ хуызы: ахуыргӕнӕн журнал ӕмӕ, уацамынды кӕй парахат кӕнӕм, уыцы журнал. Ахуыргӕнӕн журнал у «хӕдзаронтӕн», ома «гыццыл дзугӕн» ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕн» c (Матф. 24:45; Иоан. 10:16). Уацамынды кӕй парахат кӕнӕм, уыцы журнал та у, рӕстдзинад чи нӕма зоны, фӕлӕ Хуыцауы чи нымайы ӕмӕ Библийӕн чи аргъ кӕны, уыдонӕн (Хъуыд. 13:16). «Райхъал ут!» уагъд цӕуы, Библийы тыххӕй ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй афтӕ бирӕ чи нӕма зоны, уыдонӕн (Хъуыд. 17:22, 23).

13. Нӕ журналтӕй цы зӕгъӕн ис? (Аныхас кӕн таблицӕйыл « Публикациты рекордтӕ».)

13 2014 азы райдианмӕ «Райхъал ут!»-ӕй алы мӕй дӕр мыхуыргонд цыди 44 милуан экземплярӕй фылдӕр, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй та – 46 милуан экземпляры бӕрц. «Райхъал ут!» тӕлмац кодтой иу-100 ӕвзагмӕ, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» та – 200 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ. Зӕххыл уыдонӕй фылдӕр никӕцы журналтӕ тӕлмац кӕнынц ӕмӕ парахат кӕнынц! Ӕмӕ афтӕ кӕй у, ууыл дис кӕнын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ уыцы журналты фыст ис хорз хабар. Ӕмӕ Йесо та афтӕ загъта, зӕгъгӕ, уыцы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр (Матф. 24:14).

14. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ зӕрдиагӕй цӕуыл архайынц ӕмӕ цӕмӕн?

14 Библи. 1896 азы ӕфсымӕр Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ, литературӕ уадзынӕн цы корпорацийӕ пайда кодтой, уымӕн йӕ ном фӕивтой, дзырд «Библи» дзы куыд уыдаид, афтӕ. Ӕмӕ йӕ хонын райдыдтой Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнад. Уыцы ном нӕ Ӕхсӕнадыл хорз фидыдта, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынӕн сӕйраг кусӕнгарз алкӕддӕр уыди Библи (Лук. 24:27). Уыцы юридикон ном куыд амоны, афтӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй Библи фылдӕр адӕммӕ уа ӕмӕ йӕ кӕсой. Зӕгъӕм, 1926 азы нӕхи мыхуыргӕнӕн станоктыл ныммыхуыр кодтам Чырыстон Грекъаг Фыстыты англисаг тӕлмац, «Эмфэтик Дайаглотт», зӕгъгӕ. Ратӕлмац ӕй кодта Бенджамин Уилсон. 1942 азы мыхуыр кӕнын райдыдтам ӕнӕхъӕн Библийы тӕлмац англисаг ӕвзагыл – «Паддзах Яковы Библи». Ӕдӕппӕтӕй дзы ныммыхуыр кодтам ӕмӕ апарахат кодтам 700 мин экземпляры бӕрц. Дыууӕ азы фӕстӕ та мыхуыр кӕнын райдыдтам ӕндӕр англисаг тӕлмац – «Америкаг стандартон тӕлмац». Уыцы тӕлмацы Йегъовӕйы ном ӕмбӕлы 6 823 хатты. 1950 азмӕ дзы апарахат кодтам 250 мин экземплярӕй фылдӕр.

15, 16. а) «Ног дунейы тӕлмац»-ӕн цӕмӕн аргъ кӕныс? (Аныхас кӕн рамкӕйыл « Библи тӕлмац кӕныны хъуыддаг куыд фӕтагъддӕр».) ӕ) Йегъовӕйӕн уый фадат кӕд дӕтдзынӕ, цӕмӕй-иу дын дӕ зӕрдӕмӕ арф нывнала?

15 1950 азы англисаг ӕвзагыл рацыд «Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ – Ног дунейы тӕлмац». 1961 азы та ӕнӕхъӕнӕй, иу чиныгӕй, рацыд «Библи – Ног дунейы тӕлмац». (Ирон ӕвзагыл «Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ – Ног дунейы тӕлмац» рацыди 2006 азы, «Библи – Ног дунейы тӕлмац» та 2010 азы.) Ацы тӕлмац бӕрзонд кӕны Йегъовӕйы, уымӕн ӕмӕ дзы йӕ ном ис, ӕппӕты райдианы дзуттаг тексты кӕмдӕриддӕр уыди, уым. Хуыцауы ном ис Чырыстон Грекъаг Фыстыты сӕйраг тексты дӕр – 237 хатты. Цӕмӕй «Ног дунейы тӕлмац» ноджы растдӕр, стӕй кӕсынӕн дӕр ӕнцондӕр уыдаид, уый тыххӕй йӕм цалдӕр хатты ивындзинӕдтӕ бахастой ӕмӕ йӕ ногӕй рауагътой. Фӕстаг хатт ивд ӕрцыд хӕрзӕрӕджы, 2013 азы. «Ног дунейы тӕлмац» 2013 азы онг ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иу хай рацыд 121 ӕвзагыл ӕмӕ дзы мыхуыргонд ӕрцыд 201 милуан экземплярӕй фылдӕр.

16 Адӕм «Ног дунейы тӕлмац» сӕ мадӕлон ӕвзагыл куы фӕкӕсынц, уӕд сыл уый куыд бандавы? Непалӕй иу нӕлгоймаг афтӕ загъта: «Раздӕр нӕм непайлаг ӕвзагыл уыди Библийы зӕронд тӕлмац. Ӕмӕ рагон ӕвзагыл фыст кӕй уыд, уый тыххӕй бирӕтӕн зынӕмбарӕн уыд. Фӕлӕ ныр Библи бирӕ хуыздӕр ӕмбарӕм, уымӕн ӕмӕ фыст у хуымӕтӕг ӕвзагыл, адӕм кӕуыл дзурынц, уыцы ӕвзагыл». Централон-Африкаг Республикӕйы иу сылгоймаг «Ног дунейы тӕлмац» санго ӕвзагыл кӕсын куы райдыдта, уӕд йӕ цӕссыгтӕ ӕргӕр-гӕр кодтой ӕмӕ загъта: «Ацы тӕлмац фыст у, мӕ зӕрдӕ кӕй ӕмбары, уыцы ӕвзагыл». Мах дӕр Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр куы кӕсӕм, уӕд уыцы сылгоймагау Йегъовӕйӕн фадат дӕтдзыстӕм, цӕмӕй-иу нын нӕ зӕрдӕмӕ арф нывнала (Пс. 1:2; Матф. 22:36, 37).

Бузныг стӕм, нӕ Паддзах нын цы дӕтты, уый тыххӕй!

17. а) Нӕ Паддзахӕй бузныг кӕй стӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? ӕ) Нӕ Паддзах нын цы дӕтты, уыдӕттӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд уый цавӕр тыллӕг ӕрхӕсдзӕн?

17 Куыд федтам, афтӕмӕй нын нӕ Паддзах Йесо Чырысти дӕтты диссаджы кусӕнгӕрзтӕ ӕмӕ нын амоны, хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый. Уый тыххӕй дзы бузныг нӕ дӕ? Хуыцауы организаци цы литературӕ уадзы, уый кӕсынӕн рӕстӕг ссарыс ӕмӕ уыцы литературӕйы фӕрцы иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕныс? Уӕд ды дӕр ӕнӕмӕнг зӕгъдзынӕ, хо Опал Бетлер куыд загъта, афтӕ. Уыцы хо донаргъуыд райста 1914 азы 4 октябры. Опал загъта: «Мӕ сӕрыхицауимӕ [Эдвардимӕ] бирӕ азты дӕргъы пайда кодтам патефонтӕй ӕмӕ уацамынды карточкӕтӕй. Уымӕй уӕлдай хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодтам чингуытӕ, брошюрӕтӕ ӕмӕ журналтимӕ. Стӕй-иу уынгты цыдыстӕм плакаттимӕ ӕмӕ буклеттӕ дӕр уӕрстам. Фӕстӕдӕр нын бацамыдтой, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдоны куыд хъӕуы ногӕй бӕрӕг кӕнын ӕмӕ семӕ хӕдзары Библи ахуыр кӕнын. Иу ран бадынмӕ нӕ никуы ӕвдӕлди. Мах тынг амондджын цард фӕкодтам». Йесо загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ӕнцад кӕй нӕ баддзысты, фӕлӕ рӕстдзинады мыггӕгтӕ кӕй таудзысты, хуымгӕрдӕны кӕй архайдзысты ӕмӕ иумӕ кӕй цин кӕндзысты. Ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый милуантӕ сӕхиуыл бавзӕрстой. (Бакӕс Иоанны 4:35, 36.)

18. Цавӕр стыр кад нӕм ӕрхауд?

18 Паддзах Йесо Чырыстийы лӕггадгӕнӕг чи нӕма у, уыдонӕй бирӕтӕ, чи зоны, хъуыды кӕнынц, Хуыцауы адӕммӕ «ахуырдзинад кӕй нӕй ӕмӕ хуымӕтӕг адӕм кӕй сты» (Хъуыд. 4:13). Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн: нӕ Паддзахы фӕрцы уыцы хуымӕтӕг адӕм мыхуыр кӕныны хъуыддаджы ахӕм хъомысджын систы, ӕмӕ сын ӕмбал нӕй. Уыйбӕрц публикацитӕ никуы ничи тӕлмац кодта ӕмӕ никуы ничи парахат кодта! Ноджы ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ нын нӕ Паддзах амоны, уыцы кусӕнгӕрзты фӕрцы хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕм дӕр куыд ис фӕхӕццӕ кӕнӕн. Мах Чырыстиимӕ иумӕ тауӕм рӕстдзинады мыггӕгтӕ ӕмӕ хуымгӕрдӕны архайӕм, ома ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм. Ӕвӕдза, цӕй стыр кад нӕм ӕрхауд!

a Ӕрмӕстдӕр фӕстаг дӕс азы Йегъовӕйы адӕм Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ рауагътой 20 миллиардӕй фылдӕр. Уымӕй уӕлдай, ӕнӕхъӕн дунейы дӕр Интернеты нӕ сайтӕй сӕ бон пайда кӕнын у 2 миллиард 700 милуан адӕймагӕй фылдӕрӕн.

b Адӕмимӕ ма Библи ноджыдӕр ахуыр кодтам ахӕм чингуыты фӕрцы: «Хуыцауы хъисфӕндыр» (рацыд 1921 азы), «Хуыцау никуы фӕсайдзӕн» (рацыд 1946 азы), «Дӕ бон у ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл цӕрын» (рацыд 1982 азы).

c «Хӕдзаронтӕ» чи сты, уый ныртӕккӕ куыд ӕмбарӕм, уый тыххӕй дзырд цӕуы брошюрӕйы «Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ?», 23 фарс, 13 абзац.