Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9 СӔР

Хъусын кӕныны тыллӕг. «Хуымтӕ... цӕттӕ сты кӕрдынмӕ»

Хъусын кӕныны тыллӕг. «Хуымтӕ... цӕттӕ сты кӕрдынмӕ»

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Йегъовӕ рӕстдзинады мыггӕгтӕ рӕзын кӕны

1, 2. а) Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ цы нӕ бамбӕрстой? ӕ) Йесо цавӕр хуымгӕрдӕнты кой кодта?

 ЙЕСО йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уӕ цӕстытыл схӕцут ӕмӕ акӕсут хуымтӕм – фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ». Фӕлӕ йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой. Йесо сын цы хуымтӕм бацамыдта, уыдоны ’рдӕм акастысты ӕмӕ федтой, хуымтӕ бур кӕй не сты, фӕлӕ цъӕх, уымӕн ӕмӕ хъӕбӕрхор нырма ныр сзади. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодтой: «Хуымгӕрдӕнтӕм нырма цалдӕр мӕйы куы хъӕуы, уӕд цӕй кӕрдыны кой кӕны?» (Иоан. 4:35).

2 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо ӕнӕуи хуымгӕрдӕнты кой нӕ кодта. Фӕлӕ уыцы фадатӕй спайда кодта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодтаид, адӕмы чырыстон ӕмбырдмӕ кӕй ӕмбырд кӕндзысты, уыимӕ баст дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы. Цавӕр хъуыддӕгтӕ сты? Цӕмӕй йӕ базонӕм, уый тыххӕй ацы скъуыддзагмӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм.

Бирӕ куыст ӕмӕ стыр циндзинад

3. а) Йесо цӕмӕн загъта, хуымтӕ «фӕурс сты», зӕгъгӕ? (Кӕс фиппаинаг.) ӕ) Йесо куыд бамбарын кодта, цӕй кой кодта, уый?

3 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уыцы ныхӕстӕ загъта н. э. 30 азы кӕрон самариаг горӕт Сихармӕ хӕстӕг. Бӕлвырдӕй та хабар афтӕ уыди. Ахуыргӕнинӕгтӕ горӕтмӕ ацыдысты, Йесо та цъайы раз бадт ӕмӕ иу сылгоймагимӕ рӕстдзинады тыххӕй ныхас кӕнын райдыдта. Уыцы сылгоймаг уайтагъд бамбӕрста, Йесо тынг ахсджиаг хабӕрттыл кӕй дзуры. Ахуыргӕнинӕгтӕ фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд сылгоймаг Сихармӕ азгъордта ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕн радзырдта, цы диссаджы хабӕрттӕ базыдта, уыдон. Йӕ ныхӕстӕ адӕмы афтӕ тынг бацымыдис кодтой, ӕмӕ дзы бирӕтӕ уайтагъд цъайы ’рдӕм Йесойы фенынмӕ атындзыдтой. Йесо хуымтӕм акаст ӕмӕ дардмӕ федта, горӕты ’рдыгӕй самариӕгтӕ кӕй ӕрбацӕуынц. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, растдӕр уӕд загъта ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, «акӕсут хуымтӕм – фӕбур сты [«фӕурс сты», «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994 аз] ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ» a. Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Хуымгӕрдӕг... тыллӕг ӕмбырд кӕны ӕнусон цардӕн». Ӕмӕ афтӕмӕй бамбарын кодта, ӕнӕуи хуымгӕрдӕнты кой кӕй нӕ кӕны (Иоан. 4:5–30, 36).

4. а) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы бамбарын кодта? ӕ) Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

4 Ныр та аныхас кӕнӕм, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы бамбарын кодта, ууыл. Фыццаг: хуымгӕрдӕны хъуыддаджы фӕстиат кӕнӕн нӕй. Йесо афтӕ кӕй загъта, хуымтӕ фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ, зӕгъгӕ, уымӕй йӕ фӕдылдзӕуджыты разӕнгард кодта ӕвӕстиатӕй архайынмӕ. Цӕмӕн, уый та сын бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Ныридӕгӕн хуымгӕрдӕг йӕ мызд исы». Ӕцӕгдӕр, хуымгӕрдӕн райдыдта, ӕмӕ иу гыццыл дӕр фӕстиат кӕнӕн нал уыд! Дыккаг: хуымгӕрдӕн кусджытӕн хӕссы стыр циндзинад. Йесо загъта, зӕгъгӕ, тауджытӕ дӕр ӕмӕ хуымгӕрдджытӕ дӕр «иумӕ цин кӕндзысты» (Иоан. 4:35ӕ, 36). Уыцы самариӕгтӕй йыл «бирӕтӕ... баууӕндыдысты», ӕмӕ ууыл куыннӕ цин кодтаид. Ӕмӕ йӕ фидарӕй зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хуымгӕрдӕны зӕрдиагӕй куы архайой, уӕд уыдонӕн дӕр уый стыр циндзинад кӕй хӕсдзӕн (Иоан. 4:39–42). Кӕд ацы хабар 1 ӕнусы ӕрцыд, уӕддӕр абон махӕн тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ хорз ӕвдисы, абон, ӕппӕты стырдӕр хуымгӕрдӕны рӕстӕг, цы хабӕрттӕ цӕуы, уый. Нӕ рӕстӕджы хуымгӕрдӕн кӕд райдыдта? Чи дзы архайы? Ӕмӕ цавӕр тыллӕг ӕрхаста?

Нӕ Паддзах нын разамынд дӕтты ӕппӕты стырдӕр хуымгӕрдӕн афон

5. а) Ӕнӕхъӕн зӕххыл хуымгӕрдӕны хъуыддагӕн разамынд чи дӕтты? ӕ) Фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй, уый Иоанны цӕстылуайӕнӕй куыд зыны?

5 Йегъовӕ апостол Иоаннӕн цӕстылуайӕны раргом кодта, Йесойӕн кӕй бахӕс кодта, цӕмӕй разамынд дӕтта хуымгӕрдӕны, ома адӕм чырыстон ӕмбырдмӕ кӕй ӕмбырд кӕнынц, уыцы хъуыддаджы. (Бакӕс Раргомад 14:14–16.) Цӕстылуайӕны Йесойӕн йӕ сӕрыл цы «сызгъӕрин кадыхуд» ис, уый ӕвдисы, бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста ӕмӕ Паддзах кӕй у. Йӕ къухы цы «цыргъ ӕхсырф» ис, уый та ӕвдисы, Хуымгӕрдӕг кӕй у. Йегъовӕ зӕды уылты фехъусын кодта, зӕгъгӕ, «зӕххыл хуымтӕ сцӕттӕ сты», ӕмӕ афтӕмӕй бамбарын кодта, хуымгӕрдӕны хъуыддаджы фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй. Ӕцӕгдӕр, «кӕрдыны афон ӕрцыд», ӕмӕ хъӕуы ӕвӕстиатӕй архайын! Йегъовӕ Йесойӕн бардзырд радта: «Де ’хсырф рауадз». Ӕмӕ Йесо дӕр йе ’хсырф зӕххыл рауагъта, ӕмӕ зӕхх карст ӕрцыд, ома адӕм чырыстон ӕмбырдмӕ ӕмбырдгонд ӕрцыдысты. Ацы диссаджы цӕстылуайӕн нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, хуымтӕ та ногӕй кӕй фӕбур сты ӕмӕ та кӕрдынмӕ цӕттӕ кӕй сты. Цымӕ ацы цӕстылуайӕнӕй базонӕн ис, ӕнӕхъӕн зӕххыл хуымгӕрдӕн кӕд райдыдта, уый? Ӕнӕмӕнг!

6. а) «Хуымгӕрдӕн афон» кӕд райдыдта? ӕ) «Зӕххыл хуымтӕ» кӕрдынмӕ кӕд бавнӕлдтой? Бамбарын ӕй кӕн.

6 Раргомады 14-ӕм сӕры уынӕм, Хуымгӕрдӕг Йесойӕн йӕ сӕрыл кӕй ис кадыхуд (14 стих), ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, уӕдмӕ паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста. Уыцы хабар та ӕрцыд 1914 азы (Дан. 7:13, 14). Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Йесойӕн загъд уыд, цӕмӕй хуымтӕ кӕрдын райдайа (15 стих). Йесо мӕнӕу кӕрдыны тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым дӕр хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл афтӕ цӕуынц. Уыцы фӕсномыг ныхасы Йесо загъта: «Хуымгӕрдӕнтӕ сты ацы цардӕвӕрды кӕрон». Уӕдӕ «хуымгӕрдӕн афон» ӕмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон райдыдтой иу рӕстӕджы – 1914 азы (Матф. 13:30, 39). Ивгъуыд хабӕрттыл нӕ цӕст куы ахӕссӕм, уӕд фендзыстӕм, хуымтӕ кӕрдын кӕй райдыдтой, Йесо Паддзах куы сси, уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ. Фыццаг уал, 1914 азӕй 1919 азы фыццаг мӕйты онг, Йесо йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты фӕлвӕрдта ӕмӕ сӕ сыгъдӕг кодта (Мал. 3:1–3; 1 Пет. 4:17). Ӕмӕ уый фӕстӕ 1919 азы «зӕххыл хуымтӕ» кӕрдынмӕ бавнӕлдтой. Раст уыцы рӕстӕг нысангонд ӕрцыд ӕууӕнкджын цагъар дӕр. Ӕмӕ уыцы цагъары уылты Йесо уайтагъд не ’фсымӕртӕн баххуыс кодта, хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппындӕр фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй, уый бамбарынӕн. Ӕркӕсӕм, хабӕрттӕ куыд цыдысты, уымӕ.

7. а) Не ’фсымӕртӕ цӕй фӕрцы бамбӕрстой, фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй? ӕ) Ӕууӕнкджын цагъар ӕфсымӕрты цӕмӕ разӕнгард кодта?

7 1920 азы июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди: «Хуыцауы Ныхасӕй бӕрӕг у, ӕмбырдмӕ уыцы стыр кад кӕй ӕрхауд, цӕмӕй Хуыцауы паддзахады хабар хъусын кӕна». Зӕгъӕм, пехуымпар Исайы ныхӕсты фӕрцы ӕфсымӕртӕ бамбӕрстой, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр кӕй хъуамӕ ӕрцӕуа хъуыстгонд (Ис. 49:6; 52:7; 61:1–3). Уыцы стыр куыстыл куыд ис аххӕссӕн, уый нӕ зыдтой. Фӕлӕ фидарӕй зыдтой, Йегъовӕ сын сӕ разы фӕндӕгтӕ кӕй байгом кӕндзӕн. (Бакӕс Исайы 59:1.) Фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй, уый ӕууӕнкджын цагъар хуыздӕр куы бамбӕрста, уӕд ӕфсымӕрты разӕнгард кӕнын райдыдта, цӕмӕй ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кодтаиккой. Ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куыд бакодтой?

8. 1921 азы ӕфсымӕртӕ цавӕр дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы бамбӕрстой?

8 1921 азы декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» уыди ахӕм хъусинаг: «Ацы азӕй хуыздӕр аз никуыма уыд. Рӕстдзинады тыххӕй 1921 азы цас адӕм фехъуыста, уыйбӕрц уый размӕ азты нӕ фехъуыстой». Дарддӕр уыцы журналы фыст уыд: «Фӕлӕ уӕддӕр нырма тынг бирӕ куыст ис. [...] Уӕдӕ уыцы куыст дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ кӕнӕм». Ӕфсымӕртӕ дӕр бамбӕрстой, Йесо йӕ апостолтӕн цы дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы кой кодта, уыдон: хуымгӕрдӕны хъуыддаджы фӕстиат кӕнӕн нӕй ӕмӕ уыцы куыст хӕссы стыр циндзинад.

9. а) 1954 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» хуымгӕрдӕны тыххӕй цы уыди фыст ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Фӕстаг 50 азы дӕргъы ӕгас дунейы хъусынгӕнджыты нымӕцыл цас бафтыд? (Кӕс таблицӕ « Хъусынгӕнджыты нымӕц».)

9 1930-ӕм азты ӕфсымӕртӕ бамбӕрстой, ӕндӕр фыстӕй чи у, уыцы тынг бирӕ адӕм хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзысты. Ӕмӕ уӕд хъусын кӕнынмӕ се ’ргом ноджы тынгдӕр аздӕхтой (Ис. 55:5; Иоан. 10:16; Рарг. 7:9). Ӕмӕ уый цавӕр тыллӕг ӕрхаста? Хуыцауы Паддзахады тыххӕй чи хъусын кодта, уыдонӕн сӕ нымӕц 1934 азы уыди 41 мины, ӕмӕ 1953 азмӕ та схызт 500 минмӕ! Уый тыххӕй 1954 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди: «Ӕнӕхъӕн зӕххыл ахӕм стыр тыллӕг карст ӕрцыд Йегъовӕйы хъаруйы фӕрцы ӕмӕ, йӕ Ныхасы цы стыр тых ис, уый фӕрцы» b (Зах. 4:6).

 

ХЪУСЫНГӔНДЖЫТЫ НЫМӔЦ

Бӕстӕ

1962

1987

2013

Австрали

15 927

46 170

66 023

Бразили

26 390

216 216

756 455

Франци

18 452

96 954

124 029

Итали

6 929

149 870

247 251

Япони

2 491

120 722

217 154

Мексикӕ

27 054

222 168

772 628

Нигери

33 956

133 899

344 342

Филиппинтӕ

36 829

101 735

181 236

АИШ

289 135

780 676

1 203 642

Замби

30 129

67 144

162 370

 

БИБЛИЙЫ АХУЫРТЫ НЫМӔЦ

1950

234 952

1960

646 108

1970

1 146 378

1980

1 371 584

1990

3 624 091

2000

4 766 631

2010

8 058 359

Йесо дзырдта стыр тыллӕджы тыххӕй

10, 11. Хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы ис базонӕн?

10 Хуымгӕрдӕны рӕстӕг стыр тыллӕг карст кӕй ӕрцӕудзӕн, уый Йесо хорз бамбарын кодта, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уыдоны фӕрцы. Ӕркӕсӕм дзы дыууӕмӕ: хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй ӕмӕ ӕнхъизӕны тыххӕй. Уӕлдайдӕр нӕ хъус ӕрдардзыстӕм, кӕроны рӕстӕджы куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ.

11 Фӕсномыг ныхас хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй. Иу лӕг йӕ хуымы ныссагъта хъыцъыйы нӕмыг. Уыцы нӕмыг куы сырӕзт, уӕд дзы бӕлас рауад, ӕмӕ йӕ къалиутыл мӕргътӕ сӕхицӕн бынат скодтой. (Бакӕс Матфейы 13:31, 32.) Ацы фӕсномыг ныхасӕй цы ис базонӕн, нӕмыг куыд сырӕзы, уый тыххӕй? 1) Куыд сырӕзы, уый у диссаг. Кӕд «тауинӕгтӕй уымӕй гыццылдӕр нӕй», уӕддӕр дзы рауайы стыр бӕлас ӕмӕ «йӕ къалиутӕ дардыл айтындзы» (Мар. 4:31, 32). 2) Ӕнӕмӕнг сырӕзы. Йесо загъта, зӕгъгӕ, хъыцъыйы нӕмыг «куы ныссадзынц ӕмӕ куы сырӕзы...». Афтӕ нӕ загъта, «чи зоны, сырӕза», фӕлӕ, дам, «сырӕзы». Ӕндӕр ныхасӕй, уыцы хъуыддагӕн бауромӕн нӕй. 3) Бӕлас куы сырӕзы, уӕд ӕм «мӕргътӕ ӕртӕхынц» ӕмӕ «йӕ аууоны сӕхицӕн бынат скӕнынц». Ацы ӕртӕ хъуыддаджы абон адӕмы ӕмбырд кӕныны хъуыддагимӕ куыд сты баст?

12. Хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй фӕсномыг ныхас адӕмы ӕмбырд кӕныны хъуыддагимӕ куыд у баст? (Ноджыдӕр кӕс таблицӕ « Библийы ахуырты нымӕц».)

12 1) Куыд сырӕзы. Фӕсномыг ныхас ӕвдисы, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар куыд «рӕзы», ома куыд парахат кӕны, ӕмӕ чырыстон ӕмбырд стырӕй-стырдӕр куыд кӕны, уый. 1919 азӕй фӕстӕмӕ зынгзӕрдӕ кусджытӕ ӕмбырдгонд цӕуынц чырыстон ӕмбырдмӕ. Райдианы тынг гыццыл уыдысты, фӕлӕ сӕ нымӕцыл тагъд ӕфтыд. Ӕмӕ 1900-йӕм азты райдиантӕй абонмӕ куыд сбирӕ сты, уый ӕцӕгдӕр диссаг у! (Ис. 60:22). 2) Ӕнӕмӕнг сырӕзы. Чырыстон ӕмбырд афтӕ рӕзы, ӕмӕ йӕ никӕй бон у бауромын. Уыцы гыццыл нӕмыг Хуыцауы знӕгтӕ цал ӕмӕ цал хатты хъавыдысты дурты бын фӕкӕнынмӕ, фӕлӕ уӕддӕр уыцы дуртӕ афӕлдахы ӕмӕ стырӕй-стырдӕр кӕны (Ис. 54:17). 3) Бынат скӕнынц. Бӕласы къалиутыл йӕхицӕн бынат чи скӕны, уыцы мӕргътӕ ӕвдисынц, хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айста ӕмӕ чырыстон ӕмбырдмӕ чи ’рбацыд, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгты. Абон ахӕм адӕм сты милуантӕ иу-240 бӕстӕйы (Йез. 17:23). Уыдон чырыстон ӕмбырды ссарынц уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг ӕмӕ удӕнцой, стӕй сын уым тӕссаг ницӕмӕй у (Ис. 32:1, 2; 54:13).

Хъыцъыйы нӕмыджы тыххӕй фӕсномыг ныхас ӕвдисы, чырыстон ӕмбырды чи ис, уыдонӕй дзы алкӕмӕн дӕр кӕй ис бынат ӕмӕ сын уым тӕссаг кӕй ницӕмӕй у (кӕс 11, 12 абзацтӕ)

13. Ӕнхъизӕны тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй цы ис базонӕн?

13 Фӕсномыг ныхас ӕнхъизӕны тыххӕй. Сылгоймаг ссадыл ӕнхъизӕн куы бафтауы ӕмӕ дзы хыссӕ куы скӕны, уӕд уыцы ӕнхъизӕн хыссӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр сӕнхъизын кӕны. (Бакӕс Матфейы 13:33.) Ацы фӕсномыг ныхасӕй та цы ис базонӕн? Ӕркӕсӕм дыууӕ хабармӕ. 1) Ӕнхъизӕн хыссӕ аивы. Ӕнхъизӕнӕй «хыссӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр... сӕнхъызт». 2) Ӕнхъизӕн хыссӕйы алы ран дӕр ахъары. Ӕнхъизӕн сӕнхъизын кодта «ӕртӕ стыр барӕн къусы дзаг ссад» иууылдӕр. Ацы дыууӕ хабары куыд баст сты адӕмы ӕмбырд кӕныны хъуыддагимӕ?

14. Ӕнхъизӕны тыххӕй фӕсномыг ныхас абон хуымгӕрдӕнимӕ куыд у баст?

14 1) Адӕмы ивы. Ӕнхъизӕн ӕвдисы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар, ссад та – адӕмы. Ӕнхъизӕн ӕмӕ ссад иумӕ куы сызмӕнтынц, уӕд ссад фӕивы ӕмӕ дзы хыссӕ рауайы. Афтӕ адӕймаг дӕр хорз хабарыл куы баууӕнды, уӕд ын уыцы хабар йӕ зӕрдӕйы скӕны стыр ивындзинӕдтӕ (Ром. 12:2). 2) Алы ран дӕр ахъары. Ӕнхъизӕн хыссӕ куыд сӕнхъизын кодта, уый ӕвдисы, хорз хабар куыд апарахат, уый. Ӕнхъизӕн ахъардта хыссӕйы алы ран дӕр ӕмӕ йӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр сӕнхъизын кодта. Афтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар дӕр фӕхӕццӕ «суанг зӕххы кӕрӕттӕм» (Хъуыд. 1:8). Ацы фӕсномыг ныхасӕй ма ноджыдӕр бӕрӕг у, хорз хабар кӕй фӕхӕццӕ уыдзӕн, хъусын кӕныны бар нын кӕм нӕ дӕттынц, уыцы бӕстӕтӕм дӕр, кӕд дзы нӕ архайд ӕргом нӕ зыны, уӕддӕр.

15. Исайы 60:5, 22 стихты ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕтӕ « Йегъовӕйӕн алцыдӕр у йӕ бон!» ӕмӕ « „Армыдзаг адӕмӕй“ равзӕрд „тыхджын адӕм“»)

15 Йесо ацы фӕсномыг ныхӕстӕ куы радзырдта, уымӕй иу-800 азы размӕ Йегъовӕ Исайӕн ирд абарстыты фӕрцы ныффыссын кодта, абон адӕмы ӕмбырд кӕныны хъуыддаг ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр кӕй аххӕсдзӕн ӕмӕ хуымгӕрдӕн стыр циндзинад кӕй хӕсдзӕн, уый тыххӕй c. Йегъовӕ дзуры, адӕм йӕ организацимӕ «дардӕй» кӕй цӕуынц. Йӕ ныхас кӕмӕ у, уыцы «усы» номӕй абон архайынц, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон. Гъемӕ Йегъовӕ уыцы «усӕн» загъта: «Куы сӕ фенай, уӕд дӕ цӕсгом ныррухс уыдзӕн, дӕ зӕрдӕйы гуыпп-гуыпп ссӕудзӕн, дӕ зӕрдӕ фырцинӕй дӕ риуы нал цӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ дӕм ӕрцӕудзысты денджызы хӕзнатӕ, ӕрбацӕудзысты дӕм адӕмты хъӕздыгдзинӕдтӕ» (Ис. 60:1, 4, 5, 9). Ӕвӕдза, куыд раст сты ацы ныхӕстӕ! Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, уыдон сӕхи цӕстӕй федтой, сӕ бӕстӕты хъусынгӕнджыты нымӕц армыдзагӕй минтӕм куыд схызт, уый. Ӕмӕ сӕ цӕсгӕмттӕ ӕцӕгдӕр фырцинӕй куыннӕ хъуамӕ ныррухс уой!

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр цин кӕнынц

16, 17. «Тауӕг дӕр ӕмӕ хуымгӕрдӕг дӕр иумӕ» цӕмӕн цин кӕнынц? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Дыууӕ буклеты дыууӕ зӕрдӕйы бацагайдтой».)

16 Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс, Йесо йӕ апостолтӕн цы загъта, уый: «Хуымгӕрдӕг... тыллӕг ӕмбырд кӕны ӕнусон цардӕн, цӕмӕй тауӕг дӕр ӕмӕ хуымгӕрдӕг дӕр иумӕ цин кӕной» (Иоан. 4:36). Ӕнӕхъӕн зӕххыл хуымтӕ кӕрдгӕйӕ не ’ппӕт дӕр иумӕ куыд цин кӕнӕм? Циндзинад нын бирӕ хъуыддӕгтӕ хӕссынц. Ӕркӕсӕм дзы ӕртӕмӕ.

17 Фыццаг: мах цин кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уынӕм, Йегъовӕ ацы хъуыддаджы куыд архайы, уый. Адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд мах байтауӕм мыггӕгтӕ (Матф. 13:18, 19). Искӕмӕн чырыстон фӕндагыл слӕууынӕн куы баххуыс кӕнӕм, уӕд та ӕркӕрдӕм тыллӕг. Йегъовӕ афтӕ бакӕны, ӕмӕ Паддзахады мыггаг «ӕвзар суадзы» ӕмӕ «сырӕзы» (Мар. 4:27, 28). Ӕмӕ уый уынгӕйӕ, нӕ дисӕн кӕрон нал вӕййы ӕмӕ не ’ппӕтӕн дӕр нӕ зӕрдӕтӕ циндзинадӕй байдзаг вӕййынц. Адӕмы зӕрдӕты цы мыггӕгтӕ ныппарӕм, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сырӕзынц фӕстӕдӕр ӕмӕ тыллӕг ӕндӕр чидӕр ӕркӕрды. Чи зоны, ахӕм хабар дӕуыл дӕр ӕрцыд. Зӕгъӕм, нӕ хо Джоан, у Великобританийӕ, донаргъуыд райста 60 азы размӕ. Джоан радзырдта: «Чидӕртӕ-иу мӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу мын загътой, бирӕ азты размӕ сын сӕ зӕрдӕты рӕстдзинады мыггаг ӕз кӕй байтыдтон. Ӕз ӕй нӕ зыдтон, афтӕмӕй ӕндӕр хъусынгӕнджытӕ фӕстӕдӕр семӕ Библи ахуыр кодтой ӕмӕ сын баххуыс кодтой Йегъовӕйы фӕндагыл слӕууынӕн. Тынг ӕхсызгон мын у, цы мыггӕгтӕ байтыдтон, уыдон кӕй сырӕзтысты ӕмӕ тыллӕг кӕй ӕрхастой». (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 3:6, 7.)

18. 1 Коринфӕгтӕм 3:8 стихмӕ гӕсгӕ нын циндзинад ноджыдӕр цы хӕссы?

18 Дыккаг: мах азӕй-азмӕ цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм апостол Павелы ныхӕстӕ: «Алчидӕр райсдзӕн йӕхи хӕрзиуӕг, куыд бафыдӕбон кӕна, уымӕ гӕсгӕ» (1 Кор. 3:8). Хуыцау алкӕмӕн дӕр хӕрзиуӕг дӕтты, куыд бафыдӕбон кодта, уымӕ гӕсгӕ – йӕ фыдӕбон цы тыллӕг ӕрхаста, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ. Ацы хъуыды стыр ныфсы хос у, хорз хабармӕ уазал цӕстӕй кӕм кӕсынц, ахӕм рӕтты чи хъусын кӕны, уыдонӕн. Рӕстдзинады мыггӕгтӕ зӕрдиагӕй чи тауы, уыдонӕй алчидӕр Йегъовӕйы цӕсты хӕссы «бирӕ дыргъ», ӕмӕ хъуамӕ ууыл цин кӕной (Иоан. 15:8; Матф. 13:23).

19. а) Матфейы 24:14 стихы цы пехуымпарад фыст ис, уый нӕ циндзинадимӕ куыд у баст? ӕ) Иу ахуыргӕнинаг бацӕттӕ кӕнын дӕр нын куы нӕ бантыса, уӕддӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл цы дарӕм?

19 Ӕртыккаг: мах цин кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ, цы хъуыддаджы лӕуд стӕм, уымӕй ӕххӕст кӕны пехуымпарад. Иухатт Йесойы йӕ апостолтӕ бафарстой: «Кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?» Йесо сын загъта, зӕгъгӕ, хорз хабар ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр хъуыстгонд цӕудзӕн, ӕмӕ уымӕй дӕр бӕрӕг уыдзӕн, ацы дунейы фӕстаг бонтӕ кӕй ралӕууыдысты. Цымӕ Йесо ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны кой кодта? Нӕ, уый кой нӕ кодта. Йесо загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой» (Матф. 24:3, 14). Уӕдӕ фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый бӕрӕг у, хорз хабар хъуыстгонд кӕй цӕуы, ома мыггӕгтӕ тыд кӕй цӕуынц, уымӕй. Ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: иу ахуыргӕнинаг бацӕттӕ кӕнын дӕр нын куы нӕ бантыса, уӕддӕр ӕнтыстджын стӕм, уымӕн ӕмӕ адӕм хорз хабар «фехъусынц» d. Адӕм хорз хабармӕ цыфӕнды цӕстӕй ма ракӕсой, уӕддӕр мах ӕххӕст кӕнӕм Йесойы пехуымпарад. Стӕй нӕм ахӕм стыр кад ӕрхауд, цӕмӕй «Хуыцауы ӕмкусджытӕ» уӕм (1 Кор. 3:9). Ӕмӕ нын уый дӕр стыр циндзинад куыннӕ хӕссы!

«Хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ»

20, 21. а) Малахийы 1:11 стихы фыст ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц? ӕ) Дарддӕр дӕр ӕппӕт хъарутӕй цы араздзынӕ ӕмӕ цӕмӕн?

20 Фыццаг ӕнусы Йесо йӕ апостолтӕн бамбарын кодта, хуымгӕрдӕны хъуыддаджы фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй. 1919 азӕй фӕстӕмӕ та уыцы хъуыддаг ӕмбарын кӕны, нӕ рӕстӕджы йын зӕххыл цы фӕдылдзӕуджытӕ ис, уыдонӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы адӕм ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕнынц. Хуымгӕрдӕны хъуыддаг никӕй бон у бауромын. Пехуымпар Малахи куыд загъта, афтӕ абон хорз хабар хъуыстгонд цӕуы «хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ» (Мал. 1:11). Ӕцӕгдӕр, хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ тауджытӕ ӕмӕ хуымгӕрдджытӕ иумӕ фыдӕбон кӕнынц ӕмӕ иумӕ цин кӕнынц, зӕххыл кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр. Стӕй хурыскастӕй хурныгуылдмӕ, ома райсомӕй изӕрмӕ, кӕнӕ ӕнӕхъӕн бон, ӕппӕт хъарутӕй хъусын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбарӕм, фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй.

21 Сӕдӕ азы размӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ гыццыл йеддӕмӕ нӕ уыдысты, абон та сты «тыхджын адӕм». Ӕмӕ ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд фырцинӕй «нӕ зӕрдӕйы гуыпп-гуыпп ссӕуы, нӕ зӕрдӕ фырцинӕй нӕ риуы нал фӕцӕуы» (Ис. 60:5, 22).Цӕй уӕдӕ уыцы циндзинад ӕмӕ, «хуымы Хицау» Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый нӕ алкӕй дӕр дарддӕр дӕр разӕнгард кӕнӕд, цӕмӕй ӕппӕты стырдӕр хуымгӕрдӕны хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнӕм! (Лук. 10:2).

a Йесо афтӕ куы загъта, хуымтӕ фӕурс сты, зӕгъгӕ, уӕд, гӕнӕн ис, чи йӕм ӕрбацӕйцыд, уыцы самариӕгты урс уӕлӕдарӕсы кой кодта.

b Уыцы азты цы хабӕрттӕ цыд, уыдоны тыххӕй фылдӕр базондзынӕ чиныгӕй «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ – Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджытӕ», 425–443, 444–461, 462–501, 502–520 фӕрстӕ (уырыс.). Уым дзырд цӕуы, 1919–1992 азты нын хуымгӕрдӕны цы бантыст, ууыл.

c Ацы пехуымпарад бӕстон ӕвзӕрст цӕуы 2002 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 19–29 фӕрстӕ.

d Ацы ахсджиаг хабар Библииртасджытӕ раздӕр дӕр ӕмбӕрстой. 1895 азы 15 ноябры «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди: «Кӕд мӕнӕу хӕрзгыццыл йеддӕмӕ дӕр нӕ ӕрӕмбырд кӕнӕм, уӕддӕр рӕстдзинады тыххӕй бирӕ адӕм фехъусдзысты. [...] Алкӕмӕн дӕр йӕ бон у хорз хабар хъусын кӕнын».