Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

11 СӔР

Сыгъдӕг Хуыцауы адӕм. Сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдау ивынц

Сыгъдӕг Хуыцауы адӕм. Сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдау ивынц

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Паддзах йӕ адӕмы ахуыр кӕны, цӕмӕй Хуыцауы ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдауӕн аргъ кӕной

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоны ӕддаг кӕрты кулдуарӕй куыд бахызтӕ, уый

1. Йезекил цавӕр диссаджы цӕстылуайӕн федта?

 ДӔХИ-МА пехуымпар Йезекилы бынаты сӕвӕр. Уый цард 2 500 азы размӕ. Дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма, цӕхӕртӕ чи калы, ахӕм стыр кувӕндоны раз февзӕрдтӕ. Уым лӕууы хъомысджын зӕд, цӕмӕй дын уыцы диссаджы бынат равдиса. Ис дзы ӕртӕ ӕддаг кулдуары, ӕмӕ ды лӕууыс кулдуӕрттӕй иуы раз. Асинтыл авд къӕпхӕны хӕрдмӕ схызтӕ, ӕмӕ дӕ хъуын арц слӕууыд. Кулдуар у тынг бӕрзонд – 30 метры бӕрц! Кулдуары мидӕг уыныс хъахъхъӕнджыты уӕттӕ. Цӕджындзтыл та ис пальмӕбӕласы рӕсугъд нывӕфтыдтӕ (Йез. 40:1–4, 10, 14, 16, 22; 41:20).

2. а) Йезекил цӕстылуайӕны цы кувӕндон федта, уый цӕмӕ амоны? (Ноджыдӕр кӕс фиппаинаг.) ӕ) Кулдуӕрттӕ куыд конд уыдысты, уымӕй цы ис базонӕн?

2 Йезекил цӕстылуайӕны федта Йегъовӕйы ӕнӕуынгӕ кувӕндон. Ӕмӕ, уыцы кувӕндоны цы федта, уыдӕттӕ тынг бӕстон ныффыста – йӕ чиныджы кувӕндоны тыххӕй дзырд цӕуы 40-ӕм сӕрӕй 48-ӕм сӕрмӕ. Ӕнӕуынгӕ кувӕндон амоны, ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нӕ бон цӕй фӕрцы у, уымӕ. Ӕмӕ уыцы кувӕндоны алцыдӕр баст у, ацы фӕстаг бонты Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнӕм, уыимӕ a. Цы нысан кӕнынц бӕрзонд кулдуӕрттӕ? Уыцы кулдуӕрттӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Йегъовӕйы организацийы уаг ӕмӕ ӕгъдау бӕрзонд ӕвӕрд кӕй у ӕмӕ, йӕ ӕнӕуынгӕ кувӕндонмӕ бацӕуын кӕй фӕнды, уыдон Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй хъуамӕ цӕрой. Уымӕ амонынц пальмӕбӕласы нывӕфтыдтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ рӕстгӕнджытӕ Библийы иуӕй-иу рӕтты барст цӕуынц пальмӕбӕласимӕ (Пс. 92:12). Цы нысан кӕнынц хъахъхъӕнджыты уӕттӕ та? Хуыцауы ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдау чи ницӕмӕ дары, уыдонӕн бар нӕй, цӕмӕй, цардмӕ чи кӕны, уыцы рӕсугъд кулдуарыл мидӕмӕ бахизой (Йез. 44:9).

3. Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты ӕдзухдӕр сыгъдӕг кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

3 Йезекилы цӕстылуайӕн куыд ӕххӕст кӕны? Ацы чиныджы 2-аг сӕры дзырд цыди, Йегъовӕ Чырыстийы уылты йӕ адӕмы кӕй сыгъдӕг кодта сӕйраджыдӕр 1914 азӕй 1919 азы фыццаг мӕйты онг. Фӕлӕ цымӕ уӕд кӕронмӕ ссыгъдӕг сты? Афтӕ зӕгъӕн нӕй. Фӕстаг 100 азы дӕргъы Чырысти йӕ хъус лӕмбынӕг дары, цӕмӕй, Йегъовӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдон хӕлд ма цӕуой. Уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты дарддӕр дӕр хъӕуы сыгъдӕг кӕнын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ ракодта хӕлд ӕмӕ чъизи дунейӕ, ӕмӕ Хӕйрӕг ӕдзухдӕр архайы, цӕмӕй сӕ фӕстӕмӕ ацы дунейы ӕнӕгъдау митыл бафтауа ӕмӕ сӕхи цъыфы сӕвдулой. (Бакӕс 2 Петры 2:20–22.) Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты ӕдзухдӕр цы ӕртӕ хъуыддаджы сыгъдӕг кӕны, уыдонмӕ. Фыццаг уал ӕркӕсдзыстӕм, куыд сын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сыгъдӕг цард кӕной. Стӕй аныхас кӕндзыстӕм, ӕмбырды сыгъдӕгдзинад куыд хъахъхъӕны, ууыл. Фӕстагмӕ та нӕ хъус ӕрдардзыстӕм бинонты цардмӕ.

Сыгъдӕг цард

4, 5. Хӕйрӕг рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Хуыцауы адӕмы куыд рӕдийын кӕны ӕмӕ йын уыцы хъуыддаджы цы бантыст?

4 Йегъовӕйы адӕм алкӕддӕр зӕрдиагӕй архайдтой, цӕмӕй сӕ цард йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аразой. Ӕмӕ, рӕстӕг куыд цыди, афтӕ хуыздӕрӕй-хуыздӕр ӕмбӕрстой, цы сӕ хъӕуы фӕивын, уый. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

5 Хӕтындзинад. Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ усы сусӕг ахастдзинӕдтӕ хъуамӕ уой сыгъдӕг ӕмӕ рӕсугъд. Фӕлӕ Хӕйрӕг уыцы зынаргъ лӕвар хынджылӕггаг скодта – адӕмы зонд зыгъуыммӕ кӕны ӕмӕ сӕ чъизи митыл ӕфтауы. Ӕмӕ афтӕмӕй рӕдийын кӕны Хуыцауы адӕмы дӕр, цӕмӕй сӕ йӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕкӕна. Йегъовӕйы адӕмы кӕддӕр Валаамы рӕстӕджы дӕр афтӕ фӕрӕдийын кодта, ӕмӕ дзы бирӕты бабын кодта. Ацы фӕстаг бонты та Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ноджы арӕхдӕр баппары уыцы къӕппӕджы (Ным. 25:1–3, 9; Рарг. 2:14).

6. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цавӕр сомыйы ныхӕстӕ ныммыхуыр кодтой ӕмӕ фӕстагмӕ цы фӕивта? (Ноджыдӕр кӕс фиппаинаг.)

6 Цӕмӕй Хуыцауы адӕм Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар лӕууыдаиккой, уый тыххӕй 1908 азы 15 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» мыхуыргонд ӕрцыд сомыйы ныхӕстӕ. Фыст дзы уыди: «Дзырд дӕттын, сылгоймӕгтимӕ (кӕнӕ нӕлгоймӕгтимӕ) мӕхи адӕмы ’хсӕн куыд фӕдарын, мӕхи семӕ хибарӕй дӕр афтӕ кӕй дардзынӕн» b. Уыцы сомы закъон нӕ уыд. Фӕлӕ йыл уӕддӕр бирӕтӕ сразы сты ӕмӕ ма йӕ бынмӕ сӕ нӕмттӕ дӕр бафыстой, цӕмӕй сӕ «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ныммыхуыр кодтаиккой. Кӕд уыцы сомы йӕ рӕстӕджы бирӕтӕн баххуыс кодта, уӕддӕр фӕстагмӕ хабар афтӕ рауад, ӕмӕ, цы нысан кодта, ууыл нал хъуыды кодтой, фӕлӕ йӕ ӕнӕуи дзырдтой. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кодтой, кӕй йӕ нал дзурдзысты. Фӕлӕ, уыцы сомы цы уагӕвӕрдтимӕ уыд баст, уыдоныл Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ алкӕддӕр фидар хӕцыдысты.

7. а) 1935 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цавӕр рӕдыд зондахасты тыххӕй цыди дзырд? ӕ) Статьяйы цы уыди фыст, алы чырыстоныл дӕр цы хӕс ис, уый тыххӕй?

7 Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ Хӕйрӕг ноджы тынгдӕр архайдта Хуыцауы адӕмы ныхмӕ. 1935 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ӕргом дзырд цыди, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы рӕдыд зондахаст апарахат, уый тыххӕй. Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ, дам, кӕд адӕймаг хъусын кӕны, уӕд, йӕ царды алцыдӕр Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы нӕ уа, уӕддӕр ницы кӕны. Фӕлӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» комкоммӕ фыст уыд: «Алы чырыстон дӕр хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, йӕ хӕс ӕрмӕст хъусын кӕнын кӕй нӕу. Йегъовӕйы ӕвдисӕнтӕ адӕммӕ цӕуынц йӕ номӕй, ӕмӕ хӕсджын сты, цӕмӕй, кӕй ном хӕссынц ӕмӕ кӕй паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынц, уый ма худинаг кӕной». Статьяйы лӕвӕрд цыд бӕлвырд уынаффӕтӕ бинонты царды тыххӕй ӕмӕ хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй, ӕмӕ уыдон Хуыцауы адӕмӕн ӕххуыс кодтой «хӕтындзинадӕй дард лидзынӕн» (1 Кор. 6:18).

8. Грекъаг дзырд порне́йа бӕлвырдӕй цы нысан кӕны, уый тыххӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» арӕх дзырд цӕмӕн цыди?

8 Фӕстӕдӕр азты та «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» арӕх дзырд цыди, Грекъаг Фыстыты «хӕтындзинад»-ӕй цы грекъаг дзырд у тӕлмац – порне́йа,– уый бӕлвырдӕй цы нысан кӕны, уый тыххӕй. Ацы дзырд, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, ӕрмӕст уымӕ нӕ амоны. Дзырд порне́йа хауы алыхуызон хӕлд митӕм, сӕйраджыдӕр та, хӕзгулдӕтты хӕтаг сылгоймӕгтимӕ цы ӕлгъаг митӕ фӕкӕнынц, уыдонмӕ. Ахӕм статьяты фӕрцы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ хызт сты, ацы дунейы бирӕтӕ цы хӕлд митыл бафтыдысты, уыдонӕй. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:17–19.)

9, 10. а) 1935 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ноджыдӕр цӕуыл цыди дзырд? ӕ) Библийы нозты тыххӕй цы ис фыст?

9 Фыднозт кӕнын. 1935 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ма дзырд цыди, уаг ӕмӕ ӕгъдауимӕ баст чи у, ӕндӕр ахӕм фарстайыл дӕр. Фыст дзы уыд: «Ноджыдӕр ма бафиппайдтам, хъусын кӕнгӕйӕ ӕмӕ организацийы ӕндӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ иуӕй-иутӕ гыццыл нозтджын кӕй вӕййынц. Цымӕ Фыстадмӕ гӕсгӕ цавӕр уавӕрты ӕмбӕлы сӕн нуазын? Цымӕ раст уыдзӕн афтӕ бануазын, ӕмӕ дӕ лӕггадыл фӕзына?»

10 Уыцы статьяйы дзырд цыди, нозты тыххӕй Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, ууыл. Библимӕ гӕсгӕ, адӕймаг сӕн кӕнӕ ӕндӕр нозт бӕрцӕй куы бануаза, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ дзы комкоммӕ фыст ис, фыднозт чи кӕны, уыдоны Хуыцауы фыдӕх кӕй баййафдзӕн (Пс. 104:14, 15; 1 Кор. 6:9, 10). Цы зӕгъӕн ис, адӕймаг Хуыцауы хъуыддӕгты архайгӕйӕ нозтджын куы уа, уый тыххӕй та? Ахӕм уавӕры рагӕй фӕстӕмӕ дӕр цӕвиттонӕн ӕрхӕссынц Аароны фыртты хабар. Уыдоны Хуыцауы фыдӕх баййӕфта, йӕ нывондхӕссӕныл ын, чи не ’мбӕлд, ахӕм зынг кӕй сӕвӕрдтой, уый тыххӕй. Ӕмӕ дарддӕр Библи ӕмбарын кӕны, Аароны фырттӕ ахӕм рӕдыд цӕмӕн ӕруагътой, уый. Хуыцау сауджынтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй, ӕмбырды цатыры сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ, нозт сӕ дзыхмӕ хӕсгӕ дӕр ма кодтаиккой (Лев. 10:1, 2, 8–11). Уыцы закъоны бындуры цы уагӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ абон Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ дӕр сӕхи хъахъхъӕнынц, цӕмӕй, Хуыцауы организацийы сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ, нозтджын ма уой.

11. Алкоголизм цы у, уый Хуыцауы адӕм хуыздӕр кӕй бамбӕрстой, уый цы пайда ӕрхаста?

11 Фӕстаг азты Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ ноджы хуыздӕр бамбӕрстой, алкоголизм цы у, уый. Алкоголизм у, адӕймаг ӕдзух куы фӕнуазы, нозтыл куы сахуыр вӕййы ӕмӕ ӕнӕ уымӕй йӕ бон куы нал вӕййы. Йегъовӕ нын ӕууӕнкджын цагъары уылты афоныл цы разамынд дӕтты, уый фӕрцы бирӕтӕн сӕ бон у уыцы низимӕ ӕнтыстджынӕй тох кӕнын. Ӕмӕ та ныр ногӕй сӕ цардыл сӕ бар цӕуы. Бирӕтӕн та уыцы разамынд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нозтмӕ раст цӕстӕй кӕсой ӕмӕ уыцы къӕппӕджы ӕппындӕр ма бахауой. Иу адӕймаг дӕр хъуамӕ йӕхи уыйонг ма ӕруадза, цӕмӕй нозты тыххӕй йӕ ном фегад уа кӕнӕ йӕ бинонты цард фехӕла. Фыццаджыдӕр та хъуамӕ хъуыды кӕна, уый тыххӕй сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны кадӕй ӕнӕхай кӕй фӕуыдзӕн, ууыл.

«Искӕмӕн уӕ йӕ бон у йӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, ӕмӕ нӕ Хицауӕй тамакойы тӕф кӕлы кӕнӕ, адӕймаджы чъизи цы кӕны, ахӕм исты йӕ дзыхмӕ схаста?» (Чарлз Тейз Расселл)

12. Цалынмӕ фӕстаг бонтӕ нӕ райдыдтой, уӕдмӕ дӕр Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ тамакомӕ цы цӕстӕй кастысты?

12 Тамако дымын. Цалынмӕ фӕстаг бонтӕ нӕ райдыдтой, уӕдмӕ дӕр Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ дзырдтой, тамако дымын хорз кӕй нӕу. Бирӕ азты размӕ иу ацӕргӕ ӕфсымӕр, Чарлз Кейпен, радзырдта, 19 ӕнусы кӕрон Чарлз Тейз Расселлимӕ фыццаг хатт куыд фембӕлд, уый тыххӕй. Уӕд Капеныл цыди 13 азы, ӕмӕ йе ’ртӕ ӕфсымӕримӕ лӕууыд Библион хӕдзары асинтыл Аллегейнийы (штат Пенсильвани). Расселл сӕ рӕзты фӕцӕйцыд ӕмӕ сӕ афарста: «Лӕппутӕ, мыййаг, тамако дымут? Кӕцӕйдӕр мыл йӕ тӕф кӕлы». Уыдон ын дзуапп радтой, нӕ, нӕ дымӕм, зӕгъгӕ. Уыцы лӕппуты ма цы бамбарын хъуыди, Расселл тамакомӕ цы цӕстӕй каст, уый. 1895 азы 1 августы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» 2 Коринфӕгтӕм 7:1 стихы тыххӕй ӕфсымӕр Расселл фыста: «Нӕ йӕ ӕмбарын, чырыстон тамако йӕ дзыхмӕ куы хӕсса, уымӕй Хуыцауы куыд хъуамӕ кадджын кӕна, стӕй уый йӕхицӕн дӕр пайда куыд хъуамӕ уа. [...] Искӕмӕн уӕ йӕ бон у йӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, ӕмӕ нӕ Хицауӕй тамакойы тӕф кӕлы кӕнӕ, адӕймаджы чъизи цы кӕны, ахӕм исты йӕ дзыхмӕ схаста?»

13. 1973 азы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ цӕмӕй ссыгъдӕг сты?

13 1935 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» тамако схуыдтой «ӕлгъаг хӕмпӕлгӕрдӕг». Дзырд дзы цыди, чи йӕ ӕууилы кӕнӕ йӕ чи дымы, уыдонӕй иуӕн дӕр йӕ бон кӕй нӕу дарддӕр Вефилы кӕнӕ Хуыцауы организацийы номӕй пионерӕй йе та цӕуӕг цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын. Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты ацы хъуыддаджы ноджы тынгдӕр ссыгъдӕг кодта 1973 азы. Уыцы аз 1 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмбарын кодта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй уыцы марг чи дымы, уыдонӕй иуӕн дӕр ӕмбырды хорз ном кӕй нӕ уыдзӕн. Ӕмӕ тамако ныууадзын кӕй нӕ бафӕндыд, уыдоны хъуамӕ ӕмбырдӕй ацух кодтаиккой c. Афтӕмӕй Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты ноджыдӕр иу ахсджиаг хъуыддаджы ссыгъдӕг кодта.

14. а) Хуыцау туджы тыххӕй цы бафӕдзӕхста? ӕ) Афтӕ куыд рауад, ӕмӕ ӕгас дунейы дӕр туг уадзын райдыдтой?

14 Тугӕй хи хизын. Нойы заманты Хуыцау загъта, туг хӕрӕн кӕй нӕй. Фӕстӕдӕр уыцы хъуыды ногӕй загъта, Израилы адӕмӕн цы Закъон радта, уым. Ӕмӕ ахӕм разамынд радта чырыстон ӕмбырдӕн дӕр, «уӕхи хизут... тугӕй», зӕгъгӕ (Хъуыд. 15:20, 29; Райд. 9:4; Лев. 7:26). Фӕлӕ уӕддӕр Хӕйрӕг фадат ссардта, цӕмӕй бирӕты Хуыцауы бӕлвырд закъоны сӕрты ахизын кодтаид. Дохтыртӕ рынчынтӕн туг уадзын фыццаг хатт бафӕлвӕрдтой 19 ӕнусы. Туг цалдӕр къордыл кӕй дих кӕны, уый куы сбӕлвырд кодтой, уӕд та арӕхдӕр райдыдтой уыцы мадзалӕй пайда кӕнын. 1937 азы туг райдыдтой ӕмбырд кӕнын ӕмӕ йӕ, туджы банктӕ кӕй хонынц, уым ӕвӕрын. Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг та туг уадзыны хъуыддаг бынтондӕр апарахат. Уӕдӕй фӕстӕмӕ туг уадзын райдыдтой ӕгас дунейы дӕр.

15, 16. а) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ туг уадзынмӕ цы цӕстӕй кӕсынц? ӕ) Уыцы хъуыддаджы Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ уый цавӕр тыллӕг ӕрхаста?

15 1944 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» дзырд цыди, туг уадзын туг хӕрынӕй уӕлдай кӕй нӕу. Иннӕ аз та дзы ноджы бӕлвырддӕр бамбарын кодтой, Хуыцауы Ныхасы туджы тыххӕй цы фыст ис, уый. 1951 азмӕ журналы мыхуыргонд ӕрцыди, дохтыртӕм-иу арӕхдӕр цы фарстатӕ фӕзынд, уыдонӕн дзуапп. Ӕгас дунейы дӕр Чырыстийы иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ уыцы хъуыддаджы фидар лӕууыдысты, кӕд-иу сыл арӕх уый тыххӕй худтысты, знаджы цӕстӕй сӕм кастысты ӕмӕ сӕ фӕдыл дӕр зылдысты, уӕддӕр. Фӕлӕ Чырысти йӕ организаци дарддӕр дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кодтаид. Мыхуыры рацыд, туджы фарста бӕстон ӕвзӕрст кӕм цыд, ахӕм брошюрӕтӕ ӕмӕ статьятӕ.

16 1979 азы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ райдыдтой рынчындӕттӕм цӕуын, цӕмӕй дохтыртӕн ӕмбарын кодтаиккой, туджы тыххӕй цы хъуыды кӕнӕм, стӕй уый тыххӕй Хуыцауы Ныхасы цы ис фыст ӕмӕ туджы бӕсты цавӕр мадзӕлттӕй ис хос кӕнӕн, уыдӕттӕ. 1980 азы Иугонд Штатты 39 горӕты хистӕр нӕлгоймӕгтӕн скодтой сӕрмагонд курсытӕ, туджы тыххӕй дохтыртимӕ ныхас кӕнӕн куыд ис, уый фӕдыл. Фӕстӕдӕр Разамонӕг совет уынаффӕ рахаста, цӕмӕй дунейы алы рӕтты дӕр скодтаиккой рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитеттӕ. Цымӕ уыцы фыдӕбӕттӕ исты тыллӕг ӕрхастой? Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыдыйӕн чи аргъ кӕны ӕмӕ сын ӕнӕ тугӕй хос кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, ахӕм медицинон кусджытӕ ис дӕсгай минтӕ. Се ’хсӕн ис дохтыртӕ, хирургтӕ ӕмӕ анестезиологтӕ. Рынчынтӕн ӕнӕ тугӕй чи хос кӕны, уыцы рынчындӕтты нымӕц кӕны фылдӕрӕй-фылдӕр. Ӕмӕ дзы иуӕй-иуты та ӕнӕ тугӕй хос кӕнын нымайынц ӕппӕты хуыздӕр мадзалыл. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты Хӕйрӕджы хинмитӕй куыд хъахъхъӕны, уый диссаг куыннӕ у! (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:25–27.)

Рынчынтӕн ӕнӕ тугӕй чи хос кӕны, уыцы рынчындӕтты нымӕц кӕны фылдӕрӕй-фылдӕр, ӕмӕ дзы иуӕй-иуты ӕнӕ тугӕй хос кӕнын нымайынц ӕппӕты хуыздӕр мадзалыл

17. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты кӕй сыгъдӕг кӕны, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм?

17 Хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Чырысти нӕ кӕй сыгъдӕг кӕны ӕмӕ нӕ Йегъовӕйы ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл фидар хӕцын кӕй ахуыр кӕны, уымӕн аргъ кӕнын?» Кӕд о, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Хӕйрӕг ӕдзухдӕр ууыл кӕй архайы, цӕмӕй Хуыцауы закъӕттӕ ӕппындӕр мацӕмӕуал дарӕм ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ адард уӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ Йегъовӕйы организаци ӕдзухдӕр фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи хизӕм ацы дунейы адӕмы ӕнӕгъдау ӕмӕ хӕлд хъуыддӕгтӕй. Цӕй уӕдӕ ахӕм уынаффӕтӕм нӕ хъус лӕмбынӕг дарӕм ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ архайӕм (Ӕмб. 19:20).

Чырысти хъахъхъӕны ӕмбырды сыгъдӕгдзинад

18. Хуыцауы уагӕвӕрдты ныхмӕ зонгӕ-зонын чи цӕуы, уыдонӕн цы кӕнгӕ у, уый Йезекилы цӕстылуайӕнӕй куыд ис бамбарӕн?

18 Ныр та аныхас кӕнӕм дыккаг хъуыддагыл – Чырысти ӕмбырды сыгъдӕгдзинад куыд хъахъхъӕны, ууыл. Хъыгагӕн, Йегъовӕйы ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрын чи райдайы ӕмӕ йӕ цард Йегъовӕйӕн чи снывонд кӕны, уыдонӕй алчи йӕ ныхасӕн хицау нӕ разыны. Иуӕй-иутӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕн нал фӕаргъ кӕнынц ӕмӕ зонгӕ-зонын сӕ ныхмӕ цӕуын дӕр райдайынц. Ӕмӕ уӕд ахӕм адӕймӕгтӕн цы кӕнгӕ у? Ӕрхъуыды-ма кӕн, Йезекил цӕстылуайӕны кӕй федта, уыцы кувӕндоны бӕрзонд кулдуӕрттӕ. Алы бахизӕны дӕр дзы уыди хъахъхъӕнджыты уӕттӕ. Куыд зыны, афтӕмӕй хъахъхъӕнджытӕ хъуамӕ мидӕмӕ ма уагътаиккой, «зӕрдӕйӕ... сунӕтгонд чи нӕ уыд», уыдоны ӕмӕ афтӕмӕй кувӕндон хъахъхъӕдтаиккой (Йез. 44:9). Ацы хабарӕй бӕрӕг у, сыгъдӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын стыр кад кӕй у ӕмӕ уый аккаг кӕй сты, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтыл фидар чи хӕцы, ӕрмӕстдӕр уыдон. Ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ Хуыцауӕн иумӕ кӕй кувӕм, уыцы стыр кады аккаг дӕр алчи нӕу.

19, 20. а) Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн гыццылгай куыд бамбарын кодта, стыр тӕригъӕд чи саразы, уыдоны хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрст куыд хъуамӕ цӕуой, уый? ӕ) Йӕ хъуыддӕгтыл чи не ’рфӕсмон кӕны, уыдоны ӕмбырдӕй цавӕр ӕртӕ аххосагмӕ гӕсгӕ ацух кӕнынц?

19 1892 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди: «Чырысти йӕ цард ӕппӕт адӕмы тыххӕй дӕр кӕй радта... уыцы ахуырадимӕ ӕргом чи нӕ разы кӕны кӕнӕ уый йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг кӕмӕн у, уыцы чырыстӕтты ӕмбырдӕй ацух кӕнын у нӕ хӕс». (Бакӕс 2 Иоанны 10.) 1904 азы рацыд чиныг «Ног сфӕлдыстад». Дзырд дзы цыди, зӕгъгӕ, йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын кӕй нӕ фӕнды, уыдон чырыстон ӕмбырдӕн тынг тӕссаг сты. Уӕды рӕстӕджы-иу исчи стыр тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд-иу уыцы хъуыддаг ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕй ӕвзӕрстой. Фӕлӕ ахӕм хабӕрттӕ арӕх нӕ уыдысты. 1944 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» дзырд цыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕрмӕстдӕр бӕрнон ӕфсымӕртӕ кӕй хъуамӕ ӕвзарой. 1952 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» мыхуыргонд ӕрцыд, барадон фарстатӕ Библимӕ гӕсгӕ ӕвзӕрст куыд хъуамӕ цӕуой, уый тыххӕй статья. Дзырд дзы цыди, йе ’взӕр хъуыддӕгтыл чи не ’рфӕсмон кӕны ӕмӕ сӕ чи нӕ ныууадзы, уыдоны сӕйраджыдӕр уый тыххӕй кӕй ацух кӕнынц, цӕмӕй ӕмбырд сыгъдӕгӕй баззайа.

20 Уый фӕстӕ азты Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ноджы хуыздӕр бамбарын кодта, ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрст куыд хъуамӕ цӕуой, уый. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн амонынц, цӕмӕй барадон фарстатӕ ӕвзаргӕйӕ Йегъовӕйы фӕзмой, ома ӕгӕр карз дӕр ма уой ӕмӕ ӕгӕр фӕлмӕн дӕр. Абон ӕй мах бӕлвырдӕй зонӕм, йӕ хъуыддӕгтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, ахӕм адӕймаджы ӕмбырдӕй цӕмӕн ацух кӕнынц. Уымӕн ис ӕппынкъаддӕр ӕртӕ аххосаджы: 1) цӕмӕй Йегъовӕйы номыл цъыф мачи кала, 2) цӕмӕй ӕмбырд ма фӕхъӕстӕ уа, стыр тӕригъӕд чи ракодта, уыцы адӕймаджы зондахастӕй ӕмӕ 3) цӕмӕй, тӕригъӕд чи сарӕзта, уый ӕрфӕсмон кӕна, кӕд ма уымӕн гӕнӕн ис, уӕд.

21. Йӕ тӕригъӕдтыл чи не ’рфӕсмон кӕны, уыдоны ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый Хуыцауы адӕмӕн стыр арфӕдзинад цӕмӕн у?

21 Йӕ тӕригъӕдтыл чи не ’рфӕсмон кӕны, уыдоны ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый абон Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн у стыр арфӕдзинад. Цӕмӕн? Раджы заманты-иу Израилы арӕх афтӕ уыди, ӕмӕ-иу адӕмӕй бирӕтӕ ӕвзӕргӕнджыты зондыл ацыдысты. Хатт-иу ахӕмтӕ, Йегъовӕйы чи уарзта ӕмӕ рӕстӕй чи цард, уыдонӕй фӕфылдӕр сты. Ӕмӕ-иу уый тыххӕй израилӕгтӕ арӕх Йегъовӕйы ном фӕхудинаг кодтой ӕмӕ-иу йӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай фесты (Йер. 7:23–28). Фӕлӕ абон Йегъовӕйы адӕм ӕмткӕй райсгӕйӕ ӕвдисынц фидар уырнындзинад. Йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын кӕй нӕ фӕнды, уыдоны ӕмбырдӕй ацух кӕнынц. Ӕмӕ сын уый фадат нӕ вӕййы, цӕмӕй суой хӕцӕнгӕрзтӕ Хӕйрӕджы къухы – йӕ бон нӕ вӕййы ахӕм адӕймӕгты уылты ӕмбырдӕн уымӕй фылдӕр зиан ӕрхӕссын ӕмӕ ӕмбырды ном фӕчъизи кӕнын. Уый фӕрцы йӕ фидарӕй зонӕм, Йегъовӕйы адӕм ӕмткӕй райсгӕйӕ йӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай кӕй никуы фӕуыдзысты. Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн» (Ис. 54:17). Куыд ӕй федтам, афтӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтыл ис уӕззау хӕс – фӕхъӕуы сӕ, ӕмбырды стыр тӕригъӕд чи саразы, уыдоны хъуыддӕгтӕ ӕвзарын. Зӕгъ-ма, цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдонимӕ алы хатт дӕр разы вӕййыс?

Кадджын кӕнӕм, алы бинонтӕн дӕр номӕвӕрӕг чи у, уыцы Хуыцауы

22, 23. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй 20 ӕнусы райдианы чи цард, уыдонӕй бузныг цӕй тыххӕй стӕм, фӕлӕ раст цӕстӕй цӕмӕ нӕ кастысты?

22 Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты цы хъуыддӕгты сыгъдӕг кӕны, уыдонӕй ӕртыккаг у бинонты цард. Цымӕ, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ бинонты цардмӕ абон цы цӕстӕй кӕсынц, алкӕддӕр ӕм ахӕм цӕстӕй кастысты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. 20 ӕнусы райдианы чи цард, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд фӕдис кӕнӕм, куыд удуӕлдайӕ лӕггад кодтой, ууыл. Царды сын ӕппӕты сӕйрагдӕр Хуыцауы хъуыддаг кӕй уыди, уый тыххӕй сӕ тынг бузныг стӕм. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ кӕцыдӕр хъуыддӕгтӕм раст цӕстӕй нӕ кастысты.

23 Арӕх-иу афтӕ уыд, ӕмӕ-иу ӕфсымӕртӕ сразы сты дард рӕттӕм хъусын кӕнынмӕ кӕнӕ ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнынмӕ ацӕуыныл. Ӕмӕ-иу сӕ бинонты мӕйгӕйтты нӕ федтой. Стӕй-иу хатт ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй, Библи цы зӕгъы, уымӕй фылдӕр домдтой – публикациты-иу сӕ разӕнгард кодтой, цӕмӕй бинонтӕ ма скодтаиккой. Бинонтӕ ӕнгом ӕмӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдаиккой, уый фӕдыл та дзы уынаффӕтӕ арӕх нӕ уыд. Фӕлӕ ныр афтӕ нал у.

Ӕфсымӕртӕ фыццаджыдӕр ӕххӕст кӕнынц, сӕ бинонты раз сыл цы хӕстӕ ис, уыдон, ӕмӕ уый фӕстӕ та аразынц ӕмбырдимӕ баст хъуыддӕгтӕ

24. Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн куыд баххуыс кодта бинонты цардмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн?

24 Абон ӕфсымӕртӕ фыццаджыдӕр ӕххӕст кӕнынц, сӕ бинонты раз сыл цы хӕстӕ ис, уыдон, ӕмӕ уый фӕстӕ та аразынц ӕмбырдимӕ баст хъуыддӕгтӕ. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 5:8.) Уымӕй уӕлдай, Чырысти йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн Хуыцауы Ныхасӕй дӕтты, бинонты цардмӕ сын раст цӕстӕй кӕсынӕн чи ӕххуыс кӕны, ахӕм уынаффӕтӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы уынаффӕтӕ кӕлынц ӕнӕрлӕугӕ цӕугӕдонау (Еф. 3:14, 15). 1978 азы рацыд чиныг «Дӕ бинонтимӕ амондджынӕй цӕр». 18 азы фӕстӕ та рацыд чиныг «Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у». Стӕй бинонты царды тыххӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» дӕр вӕййы бирӕ статьятӕ. Уыцы статьяты дзырд фӕцӕуы, лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын куыд у, ууыл.

25–27. Азӕй-азмӕ нӕ публикациты фылдӕр ӕргом куыд здӕхтой, алы кары сывӕллӕтты цы хъӕуы, уымӕ?

25 Цы зӕгъӕн ис кӕстӕрты тыххӕй та? Азӕй-азмӕ нӕ организаци йе ’ргом фылдӕр здӕхта, алы кары сывӕллӕтты цы хъӕуы, уымӕ. Йегъовӕйы организаци нӕ кӕстӕртӕн рагӕй фӕстӕмӕ дӕр кодта лӕвӕрттӕ. Фӕлӕ раздӕр уыдысты иугай ӕртӕхты хуызӕн, ныр та, йӕ былтӕй чи кӕлы, ахӕм цӕугӕдонӕй уӕлдай не сты. Зӕгъӕм, 1919 азӕй 1921 азмӕ «Сызгъӕрин ӕнус»-ы уыди рубрикӕ «Ӕрыгӕттӕ ахуыр кӕнынц Библи». 1920 азы рацыд брошюрӕ «Сызгъӕрин ӕнусы абетӕ», 1941 азы та – чиныг «Сывӕллӕттӕ». 1970-ӕм азты рухс федтой чингуытӕ «Хъусӕм номдзыд Ахуыргӕнӕгмӕ» ӕмӕ «Де ’рыгон бонтӕй хуыздӕр спайда кӕн». 1982 азы «Райхъал ут!»-ы фӕзынд рубрикӕ «Ӕрыгӕтты фарстатӕ». Ӕмӕ 1989 азы, уыцы рубрикӕйы цы статьятӕ уыди, уыдоны бындурыл рацыд чиныг.

Германийы конгрессы сывӕллӕттӕ цин кӕнынц брошюрӕйыл «Ӕз ахуыр кӕнын Библи»

26 Абон фӕсивӕдӕн уагъд чиныг – «Дӕ фарстатӕн дзуаппытӕ» – ис дыууӕ томӕй. Уымӕй уӕлдай ма нӕ сайты дарддӕр дӕр цӕуы рубрикӕ «Ӕрыгӕтты фарстатӕ». Ис ма нӕм чиныг «Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ». Стӕй нӕ сайты ис бирӕ ӕрмӕг сывӕллӕттӕн: Библийы архайджыты тыххӕй, Библийӕ алыхуызон хӕслӕвӕрдтӕ, видеороликтӕ, мультфильмтӕ, Библийы хабӕрттӕ нывтимӕ, стӕй хӕслӕвӕрдтӕ, ӕртӕ азы ӕмӕ уымӕй къаддӕр кӕуыл цӕуы, уыдонӕн. Бӕрӕг у, Чырысти гыццыл сывӕллӕтты 1 ӕнусы куыд уарзта, абон дӕр сӕ афтӕ кӕй уарзы (Мар. 10:13–16). Фӕнды йӕ, цӕмӕй нӕ кӕстӕртӕ уарзтӕй рӕвдыд уой ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уымӕй цух ма уой.

27 Йесойы ма ноджыдӕр фӕнды, цӕмӕй сывӕллӕттӕ хызт уой, тӕссаг сын цы у, уыдӕттӕй. Ацы дунейы адӕм бонӕй-бонмӕ хӕлддӕр кӕнынц, ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, сывӕллӕттӕн тыхми чи кӕны, ахӕм адӕймӕгтӕ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ публикациты мыхуыргонд цӕуы бӕлвырд уынаффӕтӕ, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты уыцы фыдбылызӕй куыд бахъахъхъӕной, уый фӕдыл d.

28. а) Цӕмӕй Йегъовӕйӕн йӕ ӕнӕуынгӕ кувӕндоны лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын? ӕ) Дарддӕр дӕр дӕ хъарутӕ цӕмӕ сараздзынӕ?

28 Куыд федтам, афтӕмӕй Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты дарддӕр дӕр сыгъдӕг кӕны ӕмӕ сӕ ахуыр кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдауӕн аргъ кӕной, сӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразой ӕмӕ амондджын уой. Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр диссаг у. Иу хатт-ма Йезекилы цӕстылуайӕн дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн. Дӕ цӕстытыл ауайын кӕн кувӕндоны бӕрзонд кулдуӕрттӕ. Раст у, уыцы кувӕндон кӕмдӕр бӕлвырд ран нӕй – уый ӕнӕуынгӕ кувӕндон у. Фӕлӕ ӕцӕгдӕр кӕй ис, уый ӕмбарыс? Ӕмбырдтӕм кӕй цӕуӕм, Библи кӕй кӕсӕм кӕнӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй хъусын кӕнӕм, ӕрмӕст уый фӕрцы нӕ бацыдыстӕм уыцы кувӕндонмӕ. Уыдон сты, цӕстӕй фенӕн кӕй ис, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Афтӕ аразын йӕ бон у, цӕстмӕ митӕ чи кӕны, ахӕм адӕймагӕн дӕр – фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕйы кувӕндонмӕ бацыд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ дӕр ӕнӕмӕнг хъӕуы аразын. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай хъуамӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ дӕр цӕрӕм ӕмӕ йын сыгъдӕгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм. Уӕд нӕ бон уыдзӕн фидарӕй зӕгъын, ӕмӕ уыцы ӕнӕуынгӕ кувӕндонмӕ бацыдыстӕм ӕмӕ лӕггад кӕнӕм ӕппӕты сыгъдӕгдӕр бынаты! Цӕй уӕдӕ аргъ кӕнӕм, ахӕм стыр кад нӕм кӕй ӕрхауд, уымӕн! Алкӕддӕр Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтыл фидар хӕцӕм ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисӕм, сыгъдӕг Хуыцауы сыгъдӕг лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм!

a 1932 азы рацыд чиныг «Чи у Дун-дунейы ӕцӕг хицау?»-ӕн йӕ 2-аг том. Фыццаг хатт уым бамбарын кодтой, Хуыцауы адӕм сӕ райгуырӕн зӕхмӕ кӕй хъуамӕ ӕрыздӕхтаиккой, уый фӕдыл Библийы пехуымпарӕдтӕ абон кӕй ӕххӕст кӕнынц. Ӕрмӕст ӕххӕст кӕнынц туг ӕмӕ стӕгӕй израилӕгтыл нӕ, фӕлӕ сыгъдӕг тыхӕй гуырд Израилыл. Уыцы пехуымпарӕдтӕ амыдтой, раст дин йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн, уымӕ. 1999 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмбарын кодта, Йезекил цӕстылуайӕны цы кувӕндон федта, уый ахӕм пехуымпарад кӕй у. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕххӕст кӕны фӕстаг бонты.

b Уыцы сомымӕ гӕсгӕ, лӕг ӕмӕ ус кӕнӕ кӕрӕдзийӕн ӕввахс хӕстӕджытӕ чи нӕ уыдысты, ахӕм нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг къомнӕты дыууӕйӕ куы баззадаиккой, уӕд хъуамӕ дуар уыдаид уӕрӕх гом. Цалдӕр азы дӕргъы уыцы сомыйы ныхӕстӕ Вефилы алы бон дӕр дзырдтой, райсомӕй-иу стих иумӕ куы ’взӕрстой, уӕд.

c Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу, адӕймаг тамако куы дыма, куы йӕ ӕууила ӕмӕ йӕ куы тауа.

d Зӕгъӕм, кӕс чиныг «Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ», 32 сӕр; ноджыдӕр кӕс 2007 азы октябры «Райхъал ут!», 3, 4–8, 9–11 фӕрстӕ (уырыс.).