Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12 СӔР

«Фарны Хуыцауӕн» лӕггад кӕнӕм бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ

«Фарны Хуыцауӕн» лӕггад кӕнӕм бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Йегъовӕ йӕ адӕмӕн гыццылгай скодта бӕлвырд фӕтк

1, 2. 1895 азы «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» цы фӕивта ӕмӕ уыцы ивындзинадмӕ ӕфсымӕртӕ цы цӕстӕй ракастысты?

 ЗЫНГЗӔРДӔ лӕггадгӕнӕг Джон Бонет 1895 азы январы «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыг» йӕ къухмӕ куы райста, уӕд йӕ цинӕн кӕрон нал уыди. Журналы ӕддаг цъар фӕивта – ныр ыл уыди маякы ныв. Уый ӕхсӕвы талынджы дардмӕ абухгӕ денджызмӕ рухс кодта. Ӕмӕ йе ’ддаг цъар кӕй фӕивта, уый тыххӕй журналы уыди хъусинаг, «Нӕ ног уӕлӕдарӕс», зӕгъгӕ.

2 Ӕфсымӕр Бонетӕн уыцы ног ныв йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ Расселмӕ писмо ныффыста: «Журналы ӕддаг цъарыл МӔСЫГ афтӕ хорз фидауы, ӕмӕ йӕм кӕсынӕй не ’фсӕдын. Тынг у!» Журналы цъары тыххӕй ӕндӕр иузӕрдион ӕфсымӕр Джон Браун та афтӕ ныффыста: «Ацы нывӕн ӕмбал нӕй. Мӕсыгӕн йӕ бындур афтӕ фидар у, ӕмӕ йыл кӕд уылӕнтӕ ӕмӕ тыхдымгӕ сӕхи хойынц, уӕддӕр ӕм нымады дӕр не сты». Журналы ног цъар уыцы аз уыди фыццаг ивындзинад, фӕлӕ фӕстаг нӕ уыд. Ноябры ма ӕфсымӕртӕ базыдтой ӕндӕр стыр ивындзинады тыххӕй дӕр. Ӕмӕ та уый дӕр баст уыди абухгӕ денджызимӕ.

3, 4. а) 1895 азы 15 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» дзырд цӕуыл цыди? ӕ) Уыцы номыры цавӕр ахсджиаг ивындзинады тыххӕй фехъусын кодтой?

3 1895 азы 15 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» иу стыр статьяйы дзырд цыди, зӕгъгӕ, иу бӕллӕх абухгӕ денджызы уылӕнтау йӕхи хойы Библииртасджыты организацийыл ӕмӕ сын сӕ фарн халы. Ӕфсымӕртӕ быцӕу кодтой, се ’мбырды хистӕр чи хъуамӕ уа, ууыл. Ӕмӕ сын хъуыди баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ зондахаст аивтаиккой, ӕмӕ ӕмбырд ма ныддихтӕ уыдаид. Уыцы статьяйы Хуыцауы организаци абарстой науимӕ. Дарддӕр дзы комкоммӕ фыст уыди, организацийӕн разамынд чи дӕтты, уыдон уыцы «нау» зын уавӕртӕм кӕй нӕ бацӕттӕ кодтой. Цы хъуыди бакӕнын?

4 Статьяйы дзырд цыд, зӕгъгӕ, хорз капитан ӕппӕт дӕр сараздзӕн, цӕмӕй науыл уа, адӕмы цард бахъахъхъӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уыдӕттӕ ӕмӕ денджыздзаутӕ цӕттӕ уой, дымгӕ куы сыста, уӕд ныххизӕнтӕ иууылдӕр ӕнгом сӕхгӕнынмӕ. Афтӕ, организацийӕн разамынд чи дӕтты, уыдон дӕр хъуамӕ ӕппӕт дӕр саразой, цӕмӕй ӕмбырдтӕ иууылдӕр зын уавӕртӕм цӕттӕ уой. Ӕмӕ уый тыххӕй уыцы статьяйы фехъусын кодтой тынг ахсджиаг ивындзинады тыххӕй, зӕгъгӕ, абонӕй фӕстӕмӕ «алы ӕмбырды дӕр ӕвзӕрст цӕудзысты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ», цӕмӕй дзугӕн «цӕстдарджытӕ» уой (Хъуыд. 20:28, фип.).

5. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕй фӕзынд, уый уыди йӕ тӕккӕ афоныл? ӕ) Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

5 Ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕй фӕзынд, уый уыд йӕ тӕккӕ афоныл. Уый фӕрцы ӕмбырдтӕ фидардӕр кодтой, ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ бон баци Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг ӕппӕт зындзинӕдты сӕрты ахизын. Уый фӕстӕ организацийы ӕрцыд бирӕ ӕндӕр хорз ивындзинӕдтӕ дӕр. Ӕмӕ уый фӕрцы Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ ноджы хуыздӕр цӕттӕ уыдысты Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ. Цымӕ уыцы ивындзинӕдты тыххӕй Библийы исты фыст уыди? Нӕ организацийы цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдонӕй дӕхи цӕстӕй кӕцытӕ федтай? Ӕмӕ дын цы пайда ӕрхастой?

«Фарн [дын] сӕвӕрдзынӕн цӕстдарӕгӕй»

6, 7. а) Исайы 60:17 стих цы нысан кӕны? ӕ) Ацы стихы «цӕстдарӕджы» ӕмӕ «хӕслӕвӕрдтӕ дӕттӕджы» кой кӕй ис, уый цӕуыл дзурӕг у?

6 Нӕ чиныджы 9-ӕм сӕры куыд дзырдтам, афтӕмӕй кӕддӕр Исай загъта, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй сбирӕ кӕндзӕн (Ис. 60:22). Фӕлӕ Йегъовӕ зӕрдӕ ӕрмӕст уымӕй нӕ бавӕрдта. Исайы уылты ма ноджыдӕр загъта: «Ӕрхуыйы бӕсты дын хӕсдзынӕн сызгъӕрин, ӕфсӕйнаджы бӕсты – ӕвзист, хъӕдӕрмӕджы бӕсты – ӕрхуы, дурты бӕсты – ӕфсӕйнаг. Ӕмӕ дын фарн сӕвӕрдзынӕн цӕстдарӕгӕй, рӕстдзинад – хӕслӕвӕрдтӕ дӕттӕгӕй» (Ис. 60:17). Ацы пехуымпарад цы нысан кӕны? Ӕмӕ абон махмӕ куыд хауы?

Ӕвзӕр ӕрмӕг хорзӕй ивд нӕ цӕуы, фӕлӕ хорз ӕрмӕг – ноджы хуыздӕрӕй

7 Исай загъта, иу ӕрмӕг ӕндӕрӕй ивд кӕй цӕудзӕн. Фӕлӕ, ацы стихӕй куыд уынӕм, афтӕмӕй ӕвзӕр ӕрмӕг хорзӕй ивд нӕ цӕуы, фӕлӕ хорз ӕрмӕг – ноджы хуыздӕрӕй. Сызгъӕрин, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрхуыйӕ хуыздӕр у, ӕмӕ афтӕ иннӕ ӕрмӕджытӕ дӕр ивд цӕуынц хуыздӕртӕй. Уӕдӕ Йегъовӕ ахӕм абарсты хуызы бирӕ раздӕр загъта, йӕ адӕмы уавӕр гыццылгай хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕй кӕндзӕн. Ацы пехуымпарад бӕлвырдӕй цавӕр ивындзинӕдтӕм амоны? Йегъовӕ «цӕстдарӕджы» ӕмӕ «хӕслӕвӕрдтӕ дӕттӕджы» кой кӕй кодта, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ, йӕ адӕмӕн разамынд лӕвӕрд куыд цӕудзӕн, уыцы хъуыддаг хуыздӕрырдӕм ивдзӕн.

8. а) Исайы чиныджы цы ивындзинӕдты кой цӕуы, уыдон чи скӕны? ӕ) Уыцы ивындзинӕдтӕ нын цы пайда хӕссынц? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Уайдзӕфмӕ сӕрныллӕгӕй байхъуыста».)

8 Фӕлӕ уыцы ивындзинӕдтӕ чи скӕны? Йегъовӕ афтӕ загъта, зӕгъгӕ, «хӕсдзынӕн сызгъӕрин» ӕмӕ «фарн сӕвӕрдзынӕн цӕстдарӕгӕй». Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, ӕмбырдты цы ивындзинӕдтӕ ӕрцӕуы, уыдон адӕмы фӕрцы кӕй не ’рцӕуынц, фӕлӕ сӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг кӕй скӕны. Ӕмӕ йӕ Фырты Паддзахӕй куы сӕвӕрдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы ивындзинӕдтӕ уый уылты кӕны. Уыцы ивындзинӕдтӕ нын цы пайда хӕссынц? Стихы дзырд цӕуы, уый фӕрцы Хуыцауы адӕм хайджын кӕй уыдзысты «фарн» ӕмӕ «рӕстдзинадӕй». Хуыцауы разамындмӕ кӕй хъусӕм ӕмӕ, цы хъӕуы, уый кӕй фӕивӕм, уый фӕрцы не ’хсӕн ис фарн. Ӕмӕ, рӕстдзинад кӕй уарзӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй лӕггад кӕнӕм Йегъовӕйӕн – апостол Павел «фарны Хуыцау» кӕй схуыдта, уымӕн (Фил. 4:9).

9. Ӕмбырды уаг ӕмӕ ӕгъдауӕн, стӕй йӕ иудзинадӕн йӕ бындур цы хъуамӕ уа ӕмӕ цӕмӕн?

9 Йегъовӕйы тыххӕй ма Павел ноджыдӕр ныффыста: «Хуыцау ахӕм нӕу, ӕмӕ йӕм уаг ӕмӕ ӕгъдау ма уа, уый у фарны Хуыцау» (1 Кор. 14:33). Дӕ хъус-ма ӕрдар ацы ныхӕстӕм. Цымӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауыл дзургӕйӕ Павел фарны кой цӕмӕн скодта? Кӕмдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдау куы уа, уӕд уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дзы фарн дӕр уыдзӕн. Зӕгъӕм, ӕфсад тохы быдыры размӕ фӕцӕуы бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ, фӕлӕ сӕ уый фарнмӕ не ’ркӕны – хӕстмӕ сӕ ӕркӕны. Уӕдӕ мах, чырыстӕттӕ, хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм: цыфӕнды хъуыддаджы дӕр алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл куы уа, фӕлӕ дзы фарн куы нӕ уа, уӕд, абон уа ӕви райсом, уӕддӕр ныссуйтӕ уыдзӕн. Фӕлӕ Хуыцауы фарн кӕм уа, уым та ӕнӕмӕнг уыдзӕн уаг ӕмӕ ӕгъдау дӕр. Уымӕ гӕсгӕ мах тынг бузныг стӕм, нӕ организацийӕн «фарндӕттӕг Хуыцау» разамынд кӕй дӕтты ӕмӕ йӕ кӕй сыгъдӕг кӕны, уый тыххӕй (Ром. 15:33). Хуыцау цы фарн дӕтты, уый фӕрцы ӕгас дунейы дӕр не ’мбырдты ис уаг ӕмӕ ӕгъдау, ӕмӕ уый хӕссы стыр пайда. Стӕй дзы ис ӕцӕг иудзинад дӕр. Ӕмӕ мах уыцы арфӕдзинӕдтӕн тынг аргъ кӕнӕм (Пс. 29:11).

10. а) Райдианты нӕ организацийы цавӕр ивындзинӕдтӕ ӕрцыд? (Кӕс рамкӕ « Разамынд лӕвӕрд куыд цыд, уый хуыздӕрырдӕм ивта».) ӕ) Дарддӕр цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

10 Нӕ организацийы райдианты цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдоныл цыбыртӕй дзырд цӕуы рамкӕйы « Разамынд лӕвӕрд куыд цыд, уый хуыздӕрырдӕм ивта». Фӕлӕ нын фӕстаг азты та Йегъовӕ нӕ Паддзахы уылты «ӕрхуыйы бӕсты сызгъӕрин» куыд радта? Нӕ организацийы цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдон ӕгас дунейы дӕр ӕмбырдты фарн ӕмӕ иудзинадӕн куыд фӕахъаз сты? Дӕуӕн та уыцы ивындзинӕдтӕ куыд баххуыс кодтой «фарны Хуыцауӕн» лӕггад кӕнынӕн?

Чырысти ӕмбырдӕн разамынд куыд дӕтты

11. а) Ӕфсымӕртӕ Хуыцауы Ныхасмӕ лӕмбынӕгдӕр куы ’ркастысты, уӕд цы бамбӕрстой? ӕ) Разамонӕг советы чи уыд, уыцы ӕфсымӕртӕ цӕттӕ цӕмӕ уыдысты?

11 1964 азӕй 1971 азмӕ разамонӕг советы разамындӕй ӕфсымӕртӕ бакодтой стыр куыст – Библи алыхуызон фарстаты фӕдыл цы дзуры, уымӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркастысты. Уыцы фарстатӕй иу уыд, чырыстон ӕмбырд 1 ӕнусы куыд архайдта, уый a. Уый фӕрцы базыдтой, 1 ӕнусы ӕмбырдтӕн разамынд иу хистӕр нӕлгоймаг, кӕнӕ цӕстдарӕг, кӕй нӕ лӕвӕрдта, фӕлӕ цалдӕр хистӕр нӕлгоймаджы. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 1:1; 1 Тимофеймӕ 4:14.) Ӕмӕ уӕд разамонӕг совет бамбӕрста, сӕ Паддзах сӕ кӕй разӕнгард кӕны, цӕмӕй, Хуыцауы адӕмӕн разамынд лӕвӕрд куыд цӕуы, уый хуыздӕрырдӕм фӕивой. Ӕмӕ, разамонӕг советы чи уыд, уыцы ӕфсымӕртӕ цӕттӕ уыдысты организацийы куыст фӕхуыздӕр кӕнынмӕ. Уайтагъд хъӕугӕ ивындзинӕдтӕ скодтой, цӕмӕй алцыдӕр уыдаид, Хуыцауы Ныхас куыд зӕгъы, уымӕ гӕсгӕ. Ӕркӕсӕм, 1970-ӕм азты райдианты цы ивындзинӕдтӕ скодтой, уыдонӕй цалдӕрмӕ.

12. а) Разамонӕг советы цавӕр ивындзинад скодтой? ӕ) Разамонӕг совет ныртӕккӕ куыд архайы? (Кӕс рамкӕ « Разамонӕг совет йӕ хъус дары Хуыцауы Паддзахады хъуыддагмӕ».)

12 Фыццаг уал ивындзинад скодтой разамонӕг советӕн йӕхи мидӕг. Уӕды онг разамонӕг советы уыди 7 сӕрст ӕфсымӕры. Ӕмӕ уыцы ӕфсымӕртӕ уыдысты Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады (Пенсильвани) директорты совет дӕр. Фӕлӕ 1971 азы, разамонӕг советы цы ӕфсымӕртӕ уыд, уыдон систы 11. Стӕй директорты советы хӕстӕ дӕр ӕххӕст кӕнын райдыдтой ӕндӕр ӕфсымӕртӕ. Ныр, разамонӕг советы цы ӕфсымӕртӕ лӕггад кодтой, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыди ӕмхуызон бартӕ, ӕмӕ дзы сӕрдариуӕг чи кӕндзӕн, уый алы аз дӕр ивта алфавитмӕ гӕсгӕ.

13. а) 40 азы дӕргъы ӕмбырдты разамынд лӕвӕрд куыд цыд? ӕ) 1972 азы Разамонӕг совет цы сарӕзта?

13 Иннӕ ивындзинад та хауди алы ӕмбырдмӕ дӕр. Цы хуызы? 1932 азӕй 1972 азмӕ ӕмбырдӕн разамынд лӕвӕрдта иу ӕфсымӕр. 1936 азы онг ахӕм бӕрнон ӕфсымӕры хуыдтой разамынддӕттӕг ӕфсымӕр. Уый фӕстӕ йӕ хонын райдыдтой ӕмбырды лӕггадгӕнӕг, фӕстагмӕ та – ӕмбырды цӕстдарӕг. Уыцы нысангонд ӕфсымӕртӕ зӕрдиагӕй тыхстысты Хуыцауы дзугыл. Цӕстдарӕг-иу ӕмбырды хъуыддӕгтӕ скъуыддзаг кодта йӕхӕдӕг ӕмӕ-иу иннӕ лӕггадгӕнджытимӕ нӕ уынаффӕ кодта. Фӕлӕ 1972 азы Разамонӕг совет скодта ахсджиаг ивындзинад. Цавӕр?

14. а) 1972 азы 1 октябры йӕ тыхы цавӕр ивындзинад бацыд? ӕ) Филиппӕгтӕм 2:3 стихы цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатор йӕхимӕ цы цӕстӕй кӕсы?

14 Ныр ӕмбырды разамынд иу ӕфсымӕр, ома ӕмбырды цӕстдарӕг, нал лӕвӕрдта. Библимӕ гӕсгӕ цӕстдарджытӕм цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, ахӕм миниуджытӕ кӕмӕ уыд, уыцы ӕфсымӕртӕ дӕр хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй нысангонд цыдаиккой. Уыцы ӕфсымӕртӕ хъуамӕ уыдаиккой хистӕр нӕлгоймӕгты совет ӕмӕ ӕмбырдӕн иумӕ разамынд лӕвӕрдтаиккой. Ацы ивындзинад йӕ тыхы бацыд 1972 азы 1 октябры. Абон хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатор афтӕ нӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ иннӕтӕй уӕлдӕр у, фӕлӕ йӕхи нымайы «иннӕтӕй дӕлдӕрыл» (Лук. 9:48). Ӕгас дунейы дӕр нӕ организацийы ахӕм сӕрныллӕг ӕфсымӕртӕ кӕй ис, уый Хуыцауы адӕмӕн у стыр арфӕдзинад (Фил. 2:3).

Нӕ дардмӕуынӕг Паддзах йӕ фӕдылдзӕуджытӕн йӕ афоныл радта, цас хъӕуы, уыйбӕрц фыййӕуттӕ

15. а) Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты совет кӕй ис, уый цавӕр пайда ӕрхаста? ӕ) Нӕ Паддзах дардмӕуынӕг кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

15 Ӕмбырдӕн дзуапп иу ӕфсымӕр нӕ, фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгты совет кӕй дӕтты, уый бирӕ хуыздӕр у ӕмӕ стыр пайда ӕрхаста. Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ. Фыццаг: уый фӕрцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕмбарынц, ӕмбырды Хистӕр Чырысти кӕй у, ӕмбырды сыл цавӕрфӕнды стыр хӕстӕ ма уа, уӕддӕр (Еф. 5:23). Дыккаг: афтӕмӕй ӕххӕст кӕны, Ӕмбисӕндты 15:22 стихы цы фыст ис, уый, зӕгъгӕ, «бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ кӕм уа, уым... алцыдӕр рауайдзӕн». Хистӕр нӕлгоймӕгты бахъӕуы, ӕмбырды уырнындзинадимӕ баст чи у, ахӕм фарстатӕ скъуыддзаг кӕнын. Ӕмӕ уыцы фарстатыл иумӕ кӕй фӕныхас кӕнынц ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийы хъуыдытӕм лӕмбынӕг кӕй байхъусынц, уый фӕрцы сын бантысы, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ раст чи у, ахӕм уынаффӕтӕ рахӕссын (Ӕмб. 27:17). Йегъовӕ арфӕ кӕны ахӕм уынаффӕтӕн, ӕмӕ алцыдӕр хорз рауайы. Ӕртыккаг: ӕгас дунейы дӕр ӕмбырдты нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны, ӕмӕ нӕ организацийы бирӕ ӕфсымӕртӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый фӕрцы ӕмбырдтӕн ис фаг цӕстдарджытӕ ӕмӕ фыййӕуттӕ (Ис. 60:3–5). Ахъуыды-ма кӕн: 1971 азы ӕнӕхъӕн дунейы дӕр уыди 27 мин ӕмбырдӕй фылдӕр, ӕмӕ 2013 азы та уыдысты 113 минӕй фылдӕр! Куыд уынӕм, афтӕмӕй нӕ дардмӕуынӕг Паддзах йӕ фӕдылдзӕуджытӕн йӕ афоныл радта, цас хъӕуы, уыйбӕрц фыййӕуттӕ (Мих. 5:5).

«Дзугӕн фӕзминаг ут»

16. а) Хистӕр нӕлгоймӕгтыл цавӕр хӕс ис? ӕ) Библииртасджытӕ цы цӕстӕй кастысты Йесойы фӕдзӕхстмӕ, «кӕс мын мӕ гыццыл фыстӕм», зӕгъгӕ?

16 Библииртасджытӕ 20 ӕнусы райдианты дӕр ӕмбӕрстой, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс кӕй у хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕной. (Бакӕс Галатӕгтӕм 6:10.) 1908 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ӕвзӕрст цыди Йесойы фӕдзӕхст, «кӕс мын мӕ гыццыл фыстӕм», зӕгъгӕ (Иоан. 21:15–17). Статьяйы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фыст уыд: «Нӕ Хицау нын йӕ дзуджы тыххӕй цы бафӕдзӕхста, уый нӕ хъуамӕ рох макуы уа. Нӕ Хицауы фӕдылдзӕуджытӕм кӕй кӕсӕм... уый хъуамӕ нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм». 1925 азы та «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ногӕй дзырд цыди, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фыййауы куыст кӕй хъуамӕ кӕной, ууыл. Фыст дзы уыд: «Хуыцау йе ’мбырдӕн йӕхӕдӕг у хицау... ӕмӕ [хистӕр нӕлгоймӕгтӕ] се ’фсымӕртӕн куыд лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй сӕ дзуапп ӕрдомдзӕн».

17. Йегъовӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хорз фыййӕуттӕ суой?

17 Йегъовӕйы организаци хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй «ӕфсӕйнаджы бӕсты... ӕвзисты» хуызӕн суой? Кӕй сӕ ахуыр кӕны, уый фӕрцы хорз фыййӕуттӕ свӕййынц. Цӕстдарджытӕн фыццаг хатт скъола уагъд ӕрцыд 1959 азы (уыцы скъола хуыйны Бӕрнон ӕфсымӕрты скъола). Иу бон дзы дзырд цыди ахӕм темӕйыл, «Фыстӕй иуы дӕр ӕнӕ хъусдардӕй ма ныууадзут», зӕгъгӕ. Уыцы бӕрнон ӕфсымӕрты разӕнгард кодтой, цӕмӕй-иу «спълан кодтаиккой, хъусынгӕнджыты сӕ хӕдзӕртты кӕд бабӕрӕг кӕндзысты, уый». Стӕй дзы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн равдыстыты хуызы фенын кодтой, ӕмбырдӕй искӕй куы бӕрӕг кӕной, уӕд ӕй сӕ бон куыд у бафидар кӕнын. Фӕстӕдӕр уыцы скъолайы программӕ ноджы фӕхуыздӕр кодтой, ӕмӕ йӕ 1966 азы райдыдтой ног программӕмӕ гӕсгӕ уадзын. Ӕвзӕрст дзы цыди ахӕм темӕ – «Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты бӕрӕг кӕнын тынг ахсджиаг у». Уыцы темӕйӕн йӕ сӕйраг хъуыды цы уыд? Ӕмбырдӕн разамынд чи дӕтты, уыдон «хъуамӕ Хуыцауы дзугыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ тыхсой, фӕлӕ хъуамӕ сӕ бинонты дӕр ӕмӕ уацамынд дӕр рохуаты ма уадзой». Фӕстаг азты хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕзынд ӕндӕр скъолатӕ дӕр. Йегъовӕйы организаци хистӕр нӕлгоймӕгты ӕдзухдӕр кӕй ахуыр кӕны, уый цавӕр пайда ӕрхаста? Абон ӕгас дунейы дӕр ӕмбырдты ис мингай фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ.

Бӕрнон ӕфсымӕрты скъола Филиппинты, 1966 аз

18. а) Йегъовӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цавӕр ахсджиаг хъуыддаг бабар кодта? ӕ) Бирӕ чи фыдӕбон кӕны, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕйӕн ӕмӕ Йесойӕн зынаргъ цӕмӕн сты?

18 Хистӕр нӕлгоймӕгты Йегъовӕ сӕвӕрдта нӕ Паддзах Йесо Чырыстийы уылты ӕмӕ сын бабар кодта тынг ахсджиаг хъуыддаг. Цавӕр? Хъуамӕ Йегъовӕйы фыстӕн разамынд дӕттой историйы ӕппӕты уӕззаудӕр рӕстӕджы (Еф. 4:11, 12; 2 Тим. 3:1). Бирӕ чи фыдӕбон кӕны, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕйӕн ӕмӕ Йесойӕн тынг зынаргъ сты. Уыдон архайынц, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ: «Хуыцауы дзуг, уӕ бар уын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, хизут... ӕнӕзивӕгӕй... зӕрдиагӕй... дзугӕн фӕзминаг ут» (1 Пет. 5:2, 3). Фыййӕуттӕ Хуыцауы дзугӕн бирӕ хъуыддӕгты сты фӕзминаг ӕмӕ тынг бирӕ аразынц, цӕмӕй ӕмбырды уа фарн ӕмӕ иудзинад. Уыцы хъуыддӕгтӕй дыууӕйыл лӕмбынӕгдӕр аныхас кӕнӕм.

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы дзуг куыд хизынц

19. Демӕ уацамынды чи фӕцӕуы, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цы зӕрдӕ дарыс?

19 Фыццаг: хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ уацамынды фӕцӕуынц. Лука йӕ Евангелийы Йесойы тыххӕй ныффыста: «Йесо араст ӕмӕ горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл зылди ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта. Йемӕ уыдысты йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы» (Лук. 8:1). Йесо йӕ апостолтимӕ куыд хъусын кодта, афтӕ абон дӕр фӕзминаг хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ уацамынды фӕцӕуынц. Ӕмбарынц ӕй, афтӕмӕй тынг кӕй ахъаз кӕнынц, цӕмӕй ӕмбырдӕн хорз зӕрдӕйы уаг уа. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ахӕм хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цы зӕрдӕ дарынц? Нӕ хо Жанниныл цӕуы 80 азӕй фылдӕр. Уый афтӕ загъта: «Хистӕр нӕлгоймагимӕ уацамынды куы вӕййын, уӕд мын фӕзыны фадат, цӕмӕй йемӕ аныхас кӕнон ӕмӕ йӕ хуыздӕр базонон». Стивен та, 35 азы бӕрц кӕуыл цӕуы, иу ахӕм ӕфсымӕр, афтӕ зӕгъы: «Хистӕр нӕлгоймаг мемӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы фӕхъусын кӕны, уӕд ӕй фембарын, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй мын баххуыс кӕна. Ахӕм ӕххуысгӕнӕг мын кӕй ис, уый мын стыр циндзинад хӕссы».

Фыййау йӕ сӕфт фысы куыд агуырдта, афтӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр фӕагурынц, ӕмбырдӕй чи адзӕгъӕл, уыдоны

20, 21. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у, Йесо фӕсномыг ныхасы цы фыййауы кой кодта, уый бафӕзмын? Ӕрхӕсс цӕвиттон. (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Йӕ фыдӕбон тыллӕг ӕрхаста».)

20 Дыккаг: Йегъовӕйы организаци хистӕр нӕлгоймӕгты ахуыр кӕны, цӕмӕй, ӕмбырдӕй чи адзӕгъӕл, уыдоныл тыхсой (Дзут. 12:12). Чи ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн цӕмӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕной ӕмӕ сын куыд хъуамӕ ӕххуыс кӕной? Ӕркӕсӕм, Йесо фыййау ӕмӕ сӕфт фысы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕ. (Бакӕс Лукайы 15:4–7.) Уыцы фӕсномыг ныхасы фыййау уый куы бафиппайдта, ӕмӕ фыстӕй иу нӕй, уӕд ӕй афтӕ зӕрдиагӕй агуырдта, цыма йын уый йеддӕмӕ ӕндӕр фыстӕ нал уыд. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уыцы фыййауы куыд фӕзмынц? Фыййауӕн йӕ сӕфт фыс куыд зынаргъ уыди, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр афтӕ зынаргъ сты, Хуыцауы адӕмӕй чи адзӕгъӕл, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ. Уыдон сӕ нымайынц, чи фесӕфт, ахӕм фыстыл – сӕфт адӕймӕгтыл сӕ нӕ нымайынц. Стӕй уыцы фыййау «йӕ сӕфт фысы агурӕг» куыд ацыд ӕмӕ «йӕ цалынмӕ не ссардта, уӕдмӕ» йӕ куыд агуырдта, афтӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр сӕхӕдӕг бацагурынц, чи ӕрлӕмӕгъ, уыдоны ӕмӕ сын баххуыс кӕнынц.

21 Уыцы фыййау йӕ фысы куы ссардта, уӕд куыд бакодта? Арӕхсгӕ йӕ систа, стӕй йӕ «йе уӕхсчытыл сӕвӕрдта» ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ дзугмӕ ӕрбахаста. Афтӕ хистӕр нӕлгоймаг дӕр, чи ӕрлӕмӕгъ, уыимӕ фӕлмӕнӕй, зӕрдиагӕй куы фӕныхас кӕны, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ йе уӕхсчытыл арӕхсгӕ сӕвӕры ӕмӕ йын баххуыс кӕны ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхынӕн. Раст афтӕ рауад йӕ хабар иу африкаг ӕфсымӕрӕн, Викторӕн. Уый радзырдта: «Аст азы дӕргъы ӕмбырдтӕм нӕ цыдтӕн, ӕмӕ уал азы дӕргъы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ архайдтой, цӕмӕй мын баххуыс кодтаиккой». Йӕ зӕрдӕ йын ӕппӕты тынгдӕр цы бацагайдта? Виктор дзуры: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй сӕ иуимӕ, Джонимӕ, кӕддӕр ахуыр кодтон Пионерты скъолайы. Иу бон мӕ Джон абӕрӕг кодта ӕмӕ мын равдыста, уыцы скъолайы рӕстӕг цы къамтӕ систа, уыдон. Къамтӕм кӕсгӕйӕ уыцы диссаджы рӕстӕг мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд. Ӕрхъуыды кодтон, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ куыд цин кодтон, уый. Ӕмӕ та мӕ ногӕй бафӕндыд уыцы циндзинад банкъарын». Уыцы хабарӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Виктор ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхт. Абон та ногӕй лӕггад кӕны пионерӕй. Нӕ фӕлмӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын ӕцӕгдӕр нӕ циныл цин ӕфтауынц! (2 Кор. 1:24) b.

Хуыцауы адӕмы ’хсӕн иудзинад ноджы тынгдӕр сфидар

22. Рӕстдзинад ӕмӕ фарны фӕрцы ӕмбырдты иудзинад фидардӕр куыд кӕны? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Нӕ дисӕн кӕрон нал уыд!».)

22 Исайы 60:17 стихы куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй Йегъовӕ бирӕ раздӕр загъта, йӕ адӕмы ’хсӕн рӕстдзинад ӕмӕ фарн тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕй кӕндзысты. Уыцы миниуджыты фӕрцы ӕмбырдты иудзинад фидардӕр кӕны. Куыд? Рӕстдзинады кой куы кӕнӕм, уӕд ӕй мах зонӕм, «иунӕг Йегъовӕ» кӕй у Хуыцау (Дык. з. 6:4). Уымӕ гӕсгӕ афтӕ нӕу, ӕмӕ иу бӕстӕйы ӕмбырдтӕ иу уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайынц, ӕндӕр бӕстӕйы ӕмбырдтӕ та – ӕндӕр уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Хуыцау иу у, ӕмӕ, цы рӕстаг закъӕттӕ сфидар кодта, уыдон дӕр «сыгъдӕджыты ӕппӕт ӕмбырдтӕн дӕр» иухуызон сты (1 Кор. 14:33). Уӕдӕ ӕмбырд Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайа, ӕрмӕстдӕр дзы уӕд уыдзӕн алцыдӕр хорз. Цы зӕгъӕн ис фарны тыххӕй та? Ӕмбырды цы фарн ис, уый нын бирӕ циндзинад хӕссы. Фӕлӕ ма нӕ Паддзахы фӕнды, цӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр «иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрӕм», ома уӕм фарнхӕсджытӕ (Матф. 5:9). Уымӕ гӕсгӕ мах «тырнӕм, фарн цы хӕссы... уымӕ». Не ’хсӕн исты куы рауайы, уӕд фыццаг къахдзӕф нӕхӕдӕг саразӕм, цӕмӕй хъуыддаг банывыл кӕнӕм (Ром. 14:19). Ӕмӕ афтӕмӕй ахъаз кӕнӕм не ’мбырды фарнӕн дӕр ӕмӕ иудзинадӕн дӕр (Ис. 60:18).

23. Абон Йегъовӕйы адӕм ӕгас дунейы дӕр куыд лӕггад кӕнынц?

23 Куыд базыдтам, афтӕмӕй 1895 азы ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыццаг хатт фехъусын кодтой, ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй. Ӕмӕ бӕрнон ӕфсымӕртӕ хъуыддагӕй равдыстой, уыцы ивындзинадыл разы кӕй уыдысты. Куыд? Уыдон Йегъовӕмӕ куывтой, цӕмӕй, организацийы цы ног фӕтк ӕрцыд фидаргонд, уый фӕрцы йӕ адӕм «уырнындзинады иу зондмӕ тагъддӕр ӕрцӕуой». Ӕмӕ ныр фӕстӕмӕ куы акӕсӕм, уӕд Йегъовӕйӕ тынг бузныг вӕййӕм! Нӕ Паддзахы уылты ӕмбырдты цы ивындзинӕдтӕ скодта, уый фӕрцы не ’хсӕн ис ӕцӕг иудзинад (Пс. 99:4). Ӕмӕ абон Йегъовӕйы адӕм ӕгас дунейы дӕр сты «иу зондыл хӕст», «ӕмхуызон... архайынц» ӕмӕ «фарны Хуыцауӕн» иумӕ «уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнынц» (2 Кор. 12:18; бакӕс Софонийы 3:9).

a Уыцы азты Библи арф иртасгӕйӕ цытӕ базыдтой, уый мыхуыргонд ӕрцыд энциклопедийы «Ӕххуыс Библи ӕмбарынӕн».

b Кӕс статья «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты „не ’мкусджытӕ, цӕмӕй нын нӕ циныл цин ӕфтауой“» брошюрӕйы «Хъӕбатыр у – Йегъовӕ демӕ ис!», 27–31 фӕрстӕ.