Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

13 СӔР

Хуыцауы адӕм тӕрхондӕтты сӕ бартыл тох кӕнынц

Хуыцауы адӕм тӕрхондӕтты сӕ бартыл тох кӕнынц

АЦЫ СӔРЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ

Йесо куыд загъта, афтӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн тӕрхон кӕнынц, хорз хабар кӕй хъусын кӕнынц, уый тыххӕй

1, 2. а) Дины разамонджытӕ хъусын кӕныны хъуыддаг бакъуылымпы кӕныныл куыд архайдтой, фӕлӕ апостолтӕ куыд бакодтой? ӕ) Апостолтӕ хицӕуттӕм цӕуылнӕ байхъуыстой?

 НӔ ЭРӔЙЫ 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй бирӕ нӕ рацыд. Иерусалимы цы чырыстон ӕмбырд фӕзынд, ууыл цалдӕр къуырийы йеддӕмӕ нӕма цыди. Ӕмӕ Хӕйрӕг архайын райдыдта – ӕмбырд цалынмӕ не сфидар, уӕдмӕ йӕ хъуамӕ фесӕфтаид. Гъемӕ хъуыддӕгтӕ уайтагъд афтӕ фӕзылдта, ӕмӕ дины разамонджытӕ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн хъусын кӕныны бар нал лӕвӕрдтой. Фӕлӕ уӕддӕр апостолтӕ дарддӕр хъӕбатырӕй хъусын кодтой, ӕмӕ тынг бирӕ адӕм – нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ – Хицауыл баууӕндыдысты (Хъуыд. 4:18, 33; 5:14).

Апостолтӕ цин кодтой, «Йесойы номы тыххӕй ӕфхӕрд баййафыны аккаг кӕй разындысты, ууыл»

2 Знӕгтӕ ууыл не ’рлӕууыдысты. Апостолты се ’ппӕты дӕр ахӕстоны ныппӕрстой. Фӕлӕ ӕхсӕвы Йегъовӕйы зӕд ахӕстоны дуӕрттӕ байгом кодта, ӕмӕ та райсомӕй раджы апостолтӕ ногӕй хъусын кодтой! Уӕд та сӕ ногӕй ӕрцахстой ӕмӕ сӕ хицӕутты раз ӕрлӕууын кодтой. Ӕмӕ сӕ уыдон фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ уын карзӕй бафӕдзӕхстам, цӕмӕй мауал хъусын кӕнат, сымах та уӕддӕр хъусын кӕнут. Фӕлӕ апостолтӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ». Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, хицӕуттӕ мӕстӕй рафыхтысты, ӕмӕ апостолты «марынвӕнд скодтой». Фӕлӕ уӕд дзырды бар ракуырдта дзырддзӕугӕ закъонамонӕг Гамалиил. Уый хицӕутты бафӕдзӕхста: «Дзӕбӕх ахъуыды кӕнут... ма хъыгдарут ацы адӕмы, сӕхи бар сӕ уадзут». Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн: хицӕуттӕ йын йӕ ныхасмӕ байхъуыстой ӕмӕ апостолты ауагътой. Цымӕ Чырыстийы иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ дарддӕр цы куыстой? Уыдон нӕ фӕтарстысты, фӕлӕ «ӕппынӕдзух амыдтой ӕмӕ хъусын кодтой Чырыстийы тыххӕй, Йесойы тыххӕй хорз хабар» (Хъуыд. 5:17–21, 27–42; Ӕмб. 21:1, 30).

3, 4. а) Хуыцауы адӕмы ныхмӕ тох кӕнгӕйӕ Хӕйрӕг рагӕй фӕстӕмӕ дӕр цавӕр мадзалӕй пайда кӕны? ӕ) Ацы сӕры ӕмӕ иннӕ дыууӕ сӕры цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

3 Н. э. 33 азы хицӕуттӕ фыццаг хатт рацыдысты чырыстон ӕмбырды ныхмӕ, фӕлӕ уый фӕстаг ахӕм хабар нӕ уыд (Хъуыд. 4:5–8; 16:20; 17:6, 7). Хӕйрӕг абон дӕр архайы, раст дины ныхмӕ чи цӕуы, ахӕм адӕмы уылты. Уыдон хицӕутты нӕ ныхмӕ скӕнынц, цӕмӕй нын хъусын кӕныны бар мауал дӕттой. Хуыцауы адӕмы алыхуызон хъуыддӕгты фӕаххосджын кӕнынц. Иу дзы у уый, ӕмӕ, дам, адӕмы сабыр цард халынц. Иннӕ та у, змӕнтджытӕ нӕ кӕй хонынц, уый. Ноджыдӕр ма нӕ фӕзӕгъынц, уӕйгӕнджытӕй уӕлдай, дам, не стут, ӕхца, дам, кусут. Уавӕртӕ-иу куы амыдтой, уӕд-иу ӕфсымӕртӕ тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдтой, цӕмӕй сбӕлвырд кодтаиккой, иу ахӕм хъуыддаджы дӕр аххосджын кӕй не сты. Уыцы хъуыддӕгтӕ-иу цӕуыл ахицӕн сты? Бирӕ азты размӕ тӕрхондӕтты цы уынаффӕтӕ хаст ӕрцыд, уыдон абон дӕуӕн цы пайда хӕссынц? Ӕркӕсӕм уыцы хъуыддӕгтӕй цалдӕрмӕ ӕмӕ фенӕм, куыд нын баххуыс кодтой «хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ ӕрфидар кӕнынӕн» (Фил. 1:7).

4 Ацы сӕры ӕркӕсдзыстӕм, хъусын кӕныны бар нын кӕй ис, ууыл тӕрхондӕтты куыд тох кодтам, уымӕ. Иннӕ дыууӕ сӕры та аныхас кӕндзыстӕм, куыд нӕ бахъуыди тох кӕнын, цӕмӕй дарддӕр дӕр ацы дунейӕ ма уӕм ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрӕм.

Адӕмы сабыр цард халӕм ӕви Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнӕм?

5. 1930-ӕм азты кӕрон хъусынгӕнджыты цӕмӕн ахстой ӕмӕ бӕрнон ӕфсымӕртӕ цы сфӕнд кодтой?

5 1930-ӕм азты кӕрон Америкӕйы Иугонд Штатты алы рӕтты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн исын кодтой лицензи, цӕмӕй сын хъусын кӕныны бар уыдаид. Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ ууыл не сразы сты. Ӕмбӕрстой йӕ, лицензи сын куы райстаиккой, уӕд дӕр уый фӕстӕ хицауадӕн йӕ бон кӕй уыди зӕгъын, зӕгъгӕ, уӕ лицензи йӕ тыхы нал ис. Стӕй йӕ фидарӕй зыдтой, иу хицауадӕн дӕр уый бар кӕй нӕй, ӕмӕ чырыстӕттӕн амона, Йесо сын цы хъуыддаг бабар кодта, уый куыд хъуамӕ аразой (Мар. 13:10). Уыйадыл сӕдӕгай хъусынгӕнджыты ӕрцахстой. Ӕмӕ уӕд, нӕ организацийӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕртӕ сфӕнд кодтой тӕрхондонмӕ хъаст бахӕссын. Ныфс сӕ уыди, ӕмӕ уый фӕрцы сбӕлвырд кӕндзысты, хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕ динимӕ баст хъуыддӕгтӕ кӕнын кӕй хъыгдары, уый закъонмӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕу. 1938 азы ӕрцыд иу хабар, ӕмӕ йӕ бахъуыди тӕрхондоны ӕвзарын. Уыцы хъуыддаджы фӕдыл цы уынаффӕ рахастой, уый стыр ӕххуыс фӕци фидӕны бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ ӕвзаргӕйӕ.

6, 7. Кантуэллты бинонтыл цавӕр хабар ӕрцыд?

6 60-аздзыд ӕфсымӕр Ньютон Кантуэлл ӕмӕ йӕ бинойнаг Эстер, стӕй се ’ртӕ фырты дӕр – Хенри, Расселл ӕмӕ Джесси – лӕггад кодтой сӕрмагонд пионертӕй. Гъемӕ 1938 азы 26 апрелы дыццӕджы райсомӕй ӕнӕхъӕн бонмӕ хъусын кӕнынмӕ араст сты горӕт Нью-Хейвенмӕ (штат Коннектикут). Фӕлӕ сӕхи афтӕ срӕвдз кодтой, цыма иу бонмӕ нӕ, фӕлӕ фылдӕр рӕстӕгмӕ цӕуынц. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ уӕдмӕ дӕр цалдӕр хатты ӕрцахстой, ӕмӕ йӕ ӕмбӕрстой, ныр дӕр та уымӕй хызт кӕй не сты. Фӕлӕ уыцы иузӕрдион хъусынгӕнджытӕ нӕ фӕтарстысты ӕмӕ сӕ зӕрдӕты зынг не ’рмынӕг. Нью-Хейвенмӕ ӕрцыдысты дыууӕ машинӕйыл. Ньютон скъӕрдта сӕхи машинӕ, ӕмӕ уым уыди литературӕ ӕмӕ патефонтӕ. 22-аздзыд Хенри та скъӕрдта, рупоримӕ чи уыд, уыцы машинӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, куыд ӕнхъӕл уыдысты, афтӕ рауад – цалдӕр сахаты фӕстӕ сӕ пъӕлицӕ баурӕдта.

7 Фыццаг уал ӕрцахстой 18-аздзыд Расселлы, уый фӕстӕ та – Ньютон ӕмӕ Эстеры. Уыцы рӕстӕг 16-аздзыд Джесси та дардӕй каст, йӕ ныййарджыты ӕмӕ йын йе ’фсымӕры пъӕлицӕйӕгтӕ куыд акодтой, уымӕ. Хенри та горӕтӕн йӕ иннӕ хайы хъусын кодта. Ӕмӕ уыйадыл ӕрыгон Джесси иунӕгӕй аззад. Фӕлӕ уый йӕ патефон райста ӕмӕ дарддӕр хъусын кодта. Джесси дыууӕ нӕлгоймагӕн, католиктӕн, загъта, цӕмӕй байхъуыстаиккой ӕфсымӕр Рутерфорды раныхасмӕ, «Знӕгтӕ», зӕгъгӕ. Уыдон сразы сты, фӕлӕ раныхасмӕ хъусгӕйӕ афтӕ смӕсты сты, ӕмӕ Джессийы фӕнӕмынмӕ дӕр хъавыдысты. Джесси сабырӕй йӕхи иуварс айста, фӕлӕ йӕ гыццыл фӕстӕдӕр пъӕлицӕйы кусджытӕ баурӕдтой, ӕмӕ уый дӕр ахӕстоны бакодтой. Хо Эстеры ницӕмӕй фӕаххосджын кодтой, фыд ӕмӕ ӕртӕ фырты та фӕаххосджын кодтой. Фӕлӕ закъонмӕ гӕсгӕ ӕхца бафыстой, ӕмӕ уал уыцы бон се ’ппӕты дӕр ахӕстонӕй рауагътой (ома «под залог»).

8. Тӕрхондон Джесси Кантуэллы цӕмӕн фӕаххосджын кодта, зӕгъгӕ, дам, адӕмы сабыр цард халы?

8 Цалдӕр мӕйы фӕстӕ, 1938 азы сентябры, Кантуэллты бинонтӕ ӕрлӕууыдысты Нью-Хейвены фыццаг инстанцийы тӕрхондоны раз. Ньютон, Расселл ӕмӕ Джессийы аххосджыныл банымадтой, зӕгъгӕ, дам, адӕмӕй ӕнӕ лицензийӕ мысайнӕгтӕ курынц ӕмӕ сын сӕ сабыр цард халынц. Уый фӕстӕ хъаст балӕвӕрдтой Коннектикуты Сӕйраг тӕрхондонмӕ, ӕмӕ уым аскъуыддзаг кодтой, Ньютон ӕмӕ Расселл аххосджын кӕй не сты. Фӕлӕ уӕддӕр Джессийы фӕаххосджын кодтой, адӕмы сабыр цард, дам, халы. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, Рутерфорды раныхасмӕ чи хъуыста, уыцы дыууӕ нӕлгоймаджы тӕрхондоны ӕвдисӕн ныллӕууыдысты, уыцы раныхас, дам, нын нӕ динӕй хынджылӕггаг скодта, ӕмӕ, дам, тынг смӕсты стӕм. Тӕрхондон раст уынаффӕ кӕй нӕ рахаста, уымӕ гӕсгӕ бӕрнон ӕфсымӕртӕ хъаст балӕвӕрдтой Иугонд Штатты Сӕйраг тӕрхондонмӕ, ома бӕстӕйы ӕппӕты уӕлдӕр тӕрхондонмӕ.

9, 10. а) Иугонд Штатты Сӕйраг тӕрхондон Кантуэллты бинонты хъуыддаджы фӕдыл цавӕр уынаффӕ рахаста? ӕ) Уыцы уынаффӕ нын абоны онг дӕр цы пайда хӕссы?

9 Тӕрхон райдыдта 1940 азы 29 мартъийы. Сӕйраг тӕрхонгӕнӕг Чарлз Хьюз ӕмӕ ма ноджыдӕр аст тӕрхонгӕнӕджы хъуыстой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты адвокат, не ’фсымӕр Хейден Ковингтон, цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста, уыдонмӕ a. Штат Коннектикуты прокурор архайдта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмы сабыр цард кӕй халынц, уый сбӕлвырд кӕныныл. Ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы ’рхаста, уӕд ӕй тӕрхонгӕнджытӕй сӕ иу бафарста: «Йесо Чырысти цӕй тыххӕй хъусын кодта, уый дӕр йӕ рӕстӕджы адӕмы зӕрдӕмӕ нӕ цыди, афтӕ нӕу?» Прокурор ын дзуапп радта: «О, афтӕ у. Ӕмӕ кӕд нӕ рӕдийын, уӕд Библийы фыст ис, Йесо уыцы хабар кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй йыл цы ’рцыд, уый дӕр». Ахъуыды-ма кӕн, прокурорӕн йӕхи дӕр нӕ фӕндыд, афтӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты абарста Йесоимӕ, хицауад та – Йесойӕн чи стӕрхон кодта, уыдонимӕ. 1940 азы 20 майы тӕрхонгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр ӕмхъӕлӕсӕй уынаффӕ рахастой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ аххосджын кӕй не сты.

Хейден Ковингтон (разӕй, астӕуӕй), Глен Хау (галиуырдыгӕй) ӕмӕ иннӕтӕ тӕрхондонӕй рацӕуынц, хъуыддаг куы рамбылдтам, уый фӕстӕ

10 Сӕйраг тӕрхондоны уынаффӕ цӕуыл дзурӕг уыди? Уыцы уынаффӕ бахъахъхъӕдта, алы адӕймагӕн дӕр цы бартӕ ис, уыдон, ома йын йӕ динимӕ баст хъуыддӕгтӕ сӕрибарӕй кӕныны бар кӕй ис, уый. Стӕй уый фӕрцы нӕдӕр бынӕттон хицӕуттӕн, нӕдӕр штаты ӕмӕ нӕдӕр бӕстӕйы уӕлдӕр хицӕуттӕн уый бар нал уыд, цӕмӕй, адӕймагӕн закъонмӕ гӕсгӕ цы бартӕ ис, уыдон ын байсой. Уымӕй уӕлдай, Сӕйраг тӕрхондон бӕлвырдгӕнӕнтӕ не ссардта, Джесси «адӕмы сабыр цард кӕнӕ ӕхсӕнады ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдау кӕй хӕлдта», уымӕн. Уӕдӕ уыцы уынаффӕ алкӕмӕн дӕр ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн сӕ сабыр цард нӕ халынц. Хуыцауы адӕмӕн уый стыр уӕлахиз куыннӕ уыд! Абоны онг дӕр нын цы пайда хӕссы, уый тыххӕй иу адвокат, не ’фсымӕр, афтӕ загъта: «Уый бар нын ис, цӕмӕй нӕ динимӕ баст хъуыддӕгтӕ сӕрибарӕй кӕнӕм ӕмӕ нӕ ӕнаххосӕй кӕй къуылымпы кӕндзысты, уымӕй нӕ тӕрсӕм. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у, кӕм цӕрӕм, уым иннӕтӕн дӕр ныфсы хабар дзурын».

Змӕнтджытӕ ӕви рӕстдзинад хъусынгӕнджытӕ?

Буклет «Квебекы цӕрджытӕ Хуыцауӕй, Чырыстийӕ ӕмӕ сӕрибардзинадӕй се сӕфт кӕй уынынц, уымӕй худинаг кӕнынц ӕнӕхъӕн Канадӕ»

11. Канадӕйы не ’фсымӕртӕ 16 боны дӕргъы цавӕр буклет парахат кодтой ӕмӕ цӕмӕн?

11 1940-ӕм азты Канадӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ тынг цыдысты. Ӕмӕ цӕмӕй адӕм базыдтаиккой, хицауад сӕ кӕй нӕ уадзы Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын, уый тыххӕй 1946 азы не ’фсымӕртӕ ныммыхуыр кодтой буклет «Квебекы цӕрджытӕ Хуыцауӕй, Чырыстийӕ ӕмӕ сӕрибардзинадӕй се сӕфт кӕй уынынц, уымӕй худинаг кӕнынц ӕнӕхъӕн Канадӕ». Уыцы цыппарфарсон буклет парахат кодтой 16 боны дӕргъы. Бӕстон дзы дзырд цыди, провинци Квебекы дины разамонджыты ардауӕн митӕ цы змӕстытӕм ӕркодтой, стӕй не ’фсымӕртӕн пъӕлицӕйы кусджытӕ цы ӕгъатыр митӕ кодтой, адӕм-иу сыл сӕхи куыд ныццавтой ӕмӕ сын алыхуызон фыдмитӕ куыд кодтой, уыдӕтты тыххӕй. Буклеты фыст уыд: «Йегъовӕйы ӕвдисӕнты ӕнаххосӕй ахсынц. Монреалы Йегъовӕйы ӕвдисӕнтыл бахастой 800 хъасты бӕрц».

12. а) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ буклет кӕй парахат кодтой, уымӕ знӕгтӕ цы цӕстӕй ракастысты? ӕ) Не ’фсымӕрты цавӕр фыдракӕнды аххосджын кодтой? (Ноджыдӕр кӕс фиппаинаг.)

12 Квебекы премьер-министр Морис Дюплесси Ромы католикон аргъуаны кардинал Вильнёвимӕ иумӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн «ӕгъатыр хӕст» расидт. Тӕрхондӕтты нӕ ныхмӕ цы хъуыддӕгтӕ уыди, уыдон цыбыр рӕстӕгмӕ 800-йӕ схызтысты 1 600-мӕ. Пионерӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм хо афтӕ загъта: «Пъӕлицӕ нӕ цал хатты ӕрцахста, уый банымайӕн дӕр нал уыди». Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй-иу искӕй буклет парахат кӕнгӕ куы федтой, уӕд-иу ӕй фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ, дам, «адӕмы чи змӕнты», ахӕм ӕрмӕг парахат кӕны b.

13. Фыццаг хатт кӕй фӕаххосджын кодтой ахӕм хъуыддаджы, зӕгъгӕ, дам, адӕмы хицауады ныхмӕ ардауынц, ӕмӕ тӕрхондон цавӕр уынаффӕ рахаста?

13 Уыцы хъуыддаджы 1947 азы фыццаг хатт фӕаххосджын кодтой ӕфсымӕр Эме Бушейы ӕмӕ йӕ дыууӕ чызджы, Жизель ӕмӕ Люсилы. Сӕ иуыл цыди 18 азы, иннӕйыл та – 11 азы. Буше цард горӕт Квебекы хуссар къуыбыртыл ӕмӕ кодта зӕххы куыст. Ӕмӕ, уырдӕм хӕстӕг чи цард, уыцы адӕмӕн буклеттӕ парахат кодтой. Фӕлӕ цӕй змӕнтджытӕ ӕмӕ цӕй закъонхалджытӕ уыдысты? Ӕфсымӕр Буше уыди сӕрныллӕг ӕмӕ фӕлмӕн адӕймаг. Йӕ гыццыл фермӕйы йӕхицӕн фыдӕбон кодта ӕмӕ-иу искуы иу хатт горӕтмӕ йӕ бӕхуӕрдоныл рацыд. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы ӕнӕхин сабыр бинонты фӕаххосджын кодтой, буклеты кӕй кой цыд, уыцы ӕвирхъау фыдракӕнды. Фыццаг инстанцийы тӕрхондоны тӕрхонгӕнӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй йе сӕфт уыдта, ӕмӕ, Буше ӕмӕ йӕ чызджытӕ аххосджын кӕй не сты, уымӕн цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхастой, уыдоныл не сразы. Уый бӕсты уыцы тӕрхонгӕнӕг сразы прокуратурӕйы хъуыдыимӕ, зӕгъгӕ, дам, уыцы буклет адӕмы ’хсӕн фыдӕх тауы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Буше ӕмӕ йӕ чызджытӕ хъуамӕ аххосджыныл нымад ӕрцӕуой. Иудзырдӕй, тӕрхонгӕнӕджы хъуыды уыд ахӕм: рӕстдзинад дзурай, уый у фыдракӕнд! Эме ӕмӕ Жизелӕн ахӕм тӕрхон рахастой, зӕгъгӕ, дам, адӕмы хицауады ныхмӕ ардауынц. Суанг ма гыццыл Люсиль дӕр дыууӕ боны арвыста ахӕстоны. Ӕфсымӕртӕ хъаст балӕвӕрдтой Канадӕйы Сӕйраг тӕрхондонмӕ, ома бӕстӕйы ӕппӕты уӕлдӕр тӕрхондонмӕ, ӕмӕ уым сразы сты сӕ хъуыддаг равзарыныл.

14. Квебекы не ’фсымӕртӕ, сӕ фӕдыл куы зылдысты, уыцы азты цы арӕзтой?

14 Уыцы рӕстӕг Квебекы нӕ хъӕбатыр ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ дарддӕр хъусын кодтой Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, кӕд сӕ ӕгъатырӕй ӕфхӕрдтой ӕмӕ сын алы фыдмитӕ кодтой, уӕддӕр. Ӕмӕ ахӕм уавӕрты дӕр сӕ фыдӕбон стыр тыллӕг ӕрхаста. 1946 азы уыцы буклет парахат кӕнын куы райдыдтой, уӕд Квебекы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыдысты 300 – ӕмӕ цыппар азмӕ систы 1 000! c

15, 16. а) Канадӕйы Сӕйраг тӕрхондон Бушейы бинонты хъуыддаджы фӕдыл цавӕр уынаффӕ рахаста? ӕ) Уыцы уӕлахиз не ’фсымӕртӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр цы пайда ӕрхаста?

15 1950 азы июны Канадӕйы Сӕйраг тӕрхондоны – фараст тӕрхонгӕнӕджы – райдыдтой Эме Бушейы хъуыддаг ӕвзарын. Ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ, 1950 азы 18 декабры, тӕрхондон уынаффӕ рахаста, зӕгъгӕ, аххосджын нӕу. Цӕмӕн? Ӕфсымӕр Глен Хау, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты адвокат, бамбарын кодта, тӕрхондон кӕй сразы нӕ хъуыдыимӕ, зӕгъгӕ, цӕмӕй адӕймаг «змӕнтӕгыл» нымад ӕрцӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ уа бӕлвырдгӕнӕнтӕ, иннӕты фыдмитӕм кӕй разӕнгард кодта кӕнӕ адӕмы хицауады ныхмӕ кӕй ардыдта, уымӕн. Фӕлӕ буклеты «ахӕмӕй ницы уыди фыст, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, уыцы буклет кӕй рауагътой, уымӕй закъон нӕ фехӕлдтой, уымӕн ӕмӕ алы адӕймагӕн дӕр ис уый бар, цӕмӕй йӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй дзура». Глен Хау ма ноджыдӕр загъта: «Йегъовӕ нын уыцы уӕлахиз куыд балӕвар кодта, уый мӕхи цӕстӕй федтон» d.

16 Сӕйраг тӕрхондон цы уынаффӕ рахаста, уый ӕцӕгдӕр уыди Хуыцауы Паддзахады стыр уӕлахизтӕй сӕ иу. Уыцы рӕстӕг ма Квебекы тӕрхондӕтты ноджыдӕр хъуамӕ ӕркастаиккой 122 хъуыддагмӕ, фӕлӕ уыцы уынаффӕйы фӕрцы иууылдӕр ӕхгӕд ӕрцыдысты. Стӕй Сӕйраг тӕрхондоны уынаффӕ ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ ныр Канадӕйы ӕмӕ Нациты Бритайнаг Цӕдисы цӕрджытӕн сӕ бон уыди, хицауад куыд архайы, уыцы хъуыддаджы сӕ цы тыхсын кӕны, уый тыххӕй сӕрибарӕй дзурын. Уымӕй уӕлдай, уыцы уӕлахиз ахъаззаг ныхкъуырд радта Квебекы аргъуанӕн ӕмӕ хицауадӕн – уӕдӕй фӕстӕмӕ сын фадат нал уыди, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕфхӕрдтаиккой e.

Уӕйгӕнджытӕ ӕви Хуыцауы Паддзахады зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ?

17. Иуӕй-иу бӕстӕты хицауӕдтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй цы фӕдомынц?

17 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау абон дӕр Йегъовӕйы адӕм «Хуыцауы ныхас уӕйгӕнджытӕ не сты». (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 2:17.) Фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иу бӕстӕты хицауӕдтӕ хъусын кӕныны хъуыддаг банымайынц коммерцийыл ӕмӕ махӕй дӕр фӕдомынц, цӕмӕй, коммерцийы фӕдыл цы закъӕттӕ рауагътой, уыдонмӕ гӕсгӕ архайӕм. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнгӕйӕ ӕхца кусынц ӕви Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц, уыцы фарста тӕрхондӕтты бирӕ хӕттыты цыди ӕвзӕрст. Ӕмӕ дзы дыууӕ хъуыддагмӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм.

18, 19. Данийы хицауад хъусын кӕныны хъуыддаг бакъуылымпы кӕныныл куыд архайдта?

18 Дани. 1932 азы 1 октябры йӕ тыхы бацыд ног закъон. Уыцы закъонмӕ гӕсгӕ, адӕймагмӕ уӕйгӕнӕджы лицензи куы нӕ уыдаид, уӕд ын мыхуыргонд ӕрмӕг уӕй кӕныны бар нӕ уыд. Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ ахӕм лицензи нӕ райстой. Иннӕ бон, ома 2 октябры, фондз хъусынгӕнӕджы ӕнӕхъӕн бон хъусын кодтой гыццыл горӕт Роскиллейы (бӕстӕйы сӕйраг горӕт Копенгагенӕй ныгуылӕнырдӕм иу-30 километры дарддӕр). Изӕрӕй хъусынгӕнджытӕй сӕ иу, Аугуст Леманн, йе ’мбӕлттӕм фӕстӕмӕ не ’рбаздӕхт. Фӕаххосджын ӕй кодтой, зӕгъгӕ, дам, ӕнӕ лицензийӕ цыдӕртӕ уӕй кӕныс, ӕмӕ йӕ ӕрцахстой.

19 1932 азы 19 декабры Аугуст Леманн тӕрхоны раз ӕрлӕууыд. Аугуст загъта, адӕмӕн Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ кӕй лӕвӕрдта, фӕлӕ уӕй кӕй ницы кодта. Фыццаг инстанцийы тӕрхондон йемӕ сразы. Тӕрхонгӕнджытӕ загътой: «Кӕмӕн тӕрхон кӕнӕм, уыцы адӕймаг... йӕхи дарынхъом у, стӕй, адӕмӕн литературӕ кӕй лӕвӕрдта, уымӕй йӕхицӕн ӕхца нӕ бакуыста, ӕмӕ йӕм ахӕм фӕнд уӕвгӕ дӕр нӕ уыд. Фӕлӕ ма хъусын кӕнгӕйӕ йӕхи ӕхцатӕ дӕр бахардз кодта». Гъемӕ тӕрхондон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕрыл рахӕцыд ӕмӕ уынаффӕ рахаста, зӕгъгӕ, Леманн цы арӕзта, уымӕн «базар кӕнынимӕ иумӕйагӕй ницы ис». Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы адӕмы знӕгтӕн сӕ зӕрды уыд хъусын кӕныны хъуыддаг ӕнӕхъӕн бӕстӕйы дӕр бакъуылымпы кӕнын (Пс. 94:20). Прокурор хъаст балӕвӕрдта бӕстӕйы Сӕйраг тӕрхондонмӕ. Уыцы уавӕры ӕфсымӕртӕ куыд бакодтой?

20. Данийы Сӕйраг тӕрхондон цавӕр уынаффӕ рахаста ӕмӕ уый фӕстӕ не ’фсымӕртӕ куыд бакодтой?

20 Хъуыддаг Сӕйраг тӕрхондоны ӕвзӕрст куы цыди, уый размӕ къуыри Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕнӕхъӕн бӕстӕйы дӕр сӕ хъарутӕ иууылдӕр сарӕзтой хъусын кӕнынмӕ. 1933 азы 3 октябры дыццӕджы Сӕйраг тӕрхондон йӕ уынаффӕ фехъусын кодта. Уый дӕр сразы дӕлдӕр тӕрхондоны уынаффӕимӕ, зӕгъгӕ, Аугуст Леманн закъон нӕ фехӕлдта. Ацы уынаффӕ ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн дарддӕр дӕр сӕ бон уыди сӕрибарӕй хъусын кӕнын. Уыцы уӕлахизы тыххӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйӕ афтӕ бузныг уыдысты, ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй бавнӕлдтой. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Данийы хицауад не ’фсымӕрты никуыуал бахъыгдардта Хуыцауӕн лӕггад кӕнын.

Нӕ хъӕбатыр ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ Данийы, 1930-ӕм азтӕ

21, 22. Ӕфсымӕр Мердокы хъуыддаджы фӕдыл Иугонд Штатты Сӕйраг тӕрхондон цавӕр уынаффӕ рахаста?

21 Иугонд Штаттӕ. 1940 азы 25 февралы хуыцаубоны пионер Роберт Мердок ӕмӕ ма ноджыдӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ авдӕй хъусын кодтой Питтсбургмӕ хӕстӕг горӕт Дженнетты (штат Пенсильвани). Ӕмӕ сӕ ӕрцахстой, лицензи кӕй нӕ балхӕдтой, афтӕмӕй адӕмӕн литературӕ кӕй лӕвӕрдтой, уый тыххӕй. Ӕфсымӕртӕ хъаст балӕвӕрдтой Иугонд Штатты Сӕйраг тӕрхондонмӕ, ӕмӕ сын сӕ хъуыддаг равзарыныл сразы сты.

22 1943 азы 3 майы Сӕйраг тӕрхондон фехъусын кодта, цы уынаффӕ рахаста, уый. Уым Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕрыл рахӕцыдысты ӕмӕ загътой, зӕгъгӕ сӕ лицензи кӕй домынц, уый раст нӕу, уымӕн ӕмӕ сӕ афтӕмӕй «аххосджын кӕнынц, Федералон Конституци сын цы бар дӕтты, уымӕй кӕй пайда кӕнынц, уый тыххӕй». Сӕйраг тӕрхондон аивта, горӕты тӕрхондон цы уынаффӕ рахаста, уый, уымӕн ӕмӕ, дам, «алы адӕймагӕн дӕр ис уый бар, цӕмӕй мыхуыр кӕна ӕмӕ парахат кӕна, цы йӕ фӕнды, уый ӕмӕ йӕ динимӕ баст хъуыддӕгтӕ сӕрибарӕй кӕна. Ӕмӕ уыцы уынаффӕ та адӕймаджы уыцы бартӕй пайда кӕнын нӕ уадзы». Сӕйраг тӕрхондоны тӕрхонгӕнджытӕн сӕ фылдӕр цы хъуыдымӕ ӕрцыдысты, уый тӕрхонгӕнӕг Уильям Дуглас афтӕ бамбарын кодта, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ «ӕрмӕст хъусын кӕнынц кӕнӕ ӕрмӕст дины чингуытӕ парахат кӕнынц. Уыдон кӕнынц дыууӕ хъуыддаджы дӕр». Ӕмӕ ма ноджыдӕр загъта: «Хуыцауӕн ахӕм хуызы чи лӕггад кӕны, уыдонӕн дӕр ис, аргъуанты чи кувы ӕмӕ дзы кафедрӕйӕ чи дзуры, уыдонӕн цы бартӕ ис, ахӕм бартӕ».

23. 1943 азы тӕрхондоны цы хъуыддӕгтӕ рамбылдтам, уыдон абон дӕр ахсджиаг цӕмӕн сты?

23 Ацы уынаффӕ дӕр Хуыцауы адӕмӕн уыди стыр уӕлахиз. Афтӕмӕй сбӕлвырд, ӕхцайы куыстгӕнджытӕ кӕй не стӕм, фӕлӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ. Уыцы бон, ома 1943 азы 3 майы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Сӕйраг тӕрхондоны рамбылдтой 13 хъуыддагӕй 12, уыимӕ Мердокы хъуыддаг дӕр. Уыцы уынаффӕтӕ стыр ӕххуыс фесты фӕстӕдӕр тӕрхондӕтты ӕндӕр хъуыддӕгтӕ ӕвзаргӕйӕ, уымӕн ӕмӕ суанг абоны онг дӕр знӕгтӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ архайдтой, цӕмӕй нын хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕтты дӕр хъусын кӕныны бар мауал уа.

«Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ»

24. Хицауад нын хъусын кӕныны бар куы нал фӕдӕтты, уӕд куыд бакӕнӕм?

24 Хицауӕдтӕ нын закъонмӕ гӕсгӕ сӕрибарӕй хъусын кӕныны бар кӕй раттынц, уый тыххӕй сӕ мах бузныг стӕм. Фӕлӕ нын хицауад хъусын кӕныны бар куы нал фӕдӕтты, уӕд дӕр дарддӕр фӕхъусын кӕнӕм, ӕрмӕст ӕндӕрхуызон. Мах дӕр хъуыды кӕнӕм, апостолтӕ куыд хъуыды кодтой, афтӕ: «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыд. 5:29; Матф. 28:19, 20). Ӕмӕ, гӕнӕн кӕм вӕййы, уым тӕрхондӕттӕм хъаст бадӕттӕм, цӕмӕй нын ногӕй хъусын кӕныны бар раттой. Ӕркӕсӕм дыууӕ цӕвиттонмӕ.

25, 26. а) Никарагуайы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддаг Сӕйраг тӕрхондоны ӕвзарын цӕмӕн бахъуыд? ӕ) Уый цӕмӕ ӕркодта?

25 Никарагуа. Не ’фсымӕр Донован Менстерман уыди миссионер ӕмӕ лӕггад кодта Никарагуайы филиалы цӕстдарӕгӕй. 1952 азы 19 ноябры Донован бацыд бӕстӕйы сӕйраг горӕт Манагуайы Миграцион департаментмӕ. Фӕхабар ӕм кодтой, зӕгъгӕ, дам, дӕ департаменты хицау капитан Арнольдо Гарсиа агуры. Капитан не ’фсымӕрӕн загъта, зӕгъгӕ, Никарагуайы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн «уый бар нал ис, цӕмӕй сӕ динимӕ баст хъуыддӕгтӕ кӕной ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй хъусын кӕной». Не ’фсымӕр ӕй куы бафарста, цӕуылнӕ, зӕгъгӕ, уӕд ын капитан Гарсиа бамбарын кодта, хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар кӕй нӕ радта, стӕй сӕ кӕй аххосджын кӕнынц, коммунисттӕ, дам, сты. Чи сӕ аххосджын кодта? Католикон аргъуаны сауджынтӕ.

Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Никарагуайы, нӕ хъуыддаг нын куы сӕхгӕдтой, уыцы рӕстӕджы

26 Ӕфсымӕр Менстерман уайтагъд ныффыста Динты министрадмӕ, стӕй бӕстӕйы президент Анастасио Сомосе Гарсиамӕ дӕр. Фӕлӕ ницы фӕивта. Ӕмӕ уӕд ӕфсымӕртӕ райдыдтой ӕндӕрхуызон архайын. Паддзахады зал сӕхгӕдтой ӕмӕ райдыдтой гыццыл къордтӕй ӕмбырд кӕнын. Ӕмӕ кӕд уынгты дӕр нал хъусын кодтой, уӕддӕр хъусын кӕныны хъуыддаг не ’рлӕууыд. Уымӕй уӕлдай, Никарагуайы Сӕйраг тӕрхондонмӕ курдиат балӕвӕрдтой, цӕмӕй сын сӕрибарӕй хъусын кӕныны бар раттаиккой. Хъусын кӕныны бар нын кӕй нал уыд, уый тыххӕй фыстой газетты, стӕй дзы уыцы курдиат дӕр ныммыхуыр кодтой. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Сӕйраг тӕрхондон сразы, цӕмӕй ӕфсымӕрты хъуыддагмӕ ӕркастаиккой. Хабар дарддӕр куыд рауад? Сӕйраг тӕрхондоны тӕрхонгӕнджытӕ иууылдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕрыл рахӕцыдысты ӕмӕ, цы уынаффӕ рахастой, уый 1953 азы 19 июны фехъусын кодтой. Уыдон загътой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар кӕй нӕ лӕвӕрдтой, уымӕй хӕлд кӕй ӕрцыдысты, Конституцимӕ гӕсгӕ сын цы бартӕ ис, уыдон, ома алы адӕймагӕн дӕр ис бар, цӕмӕй йӕ хъуыды ӕргом дзура, йе ’фсарм ын куыд амоны, афтӕ цӕра ӕмӕ йӕ уырнындзинад ӕргом ӕвдиса. Стӕй ма ӕрдомдтой, цӕмӕй Никарагуайы хицауад ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бафидауой.

27. а) Сӕйраг тӕрхондон цы уынаффӕ рахаста, ууыл Никарагуайы цӕрджытӕ цӕмӕн дис кодтой? ӕ) Уыцы уӕлахизы тыххӕй не ’фсымӕртӕ цы хъуыды кодтой?

27 Сӕйраг тӕрхондон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕрыл кӕй рахӕцыд, ууыл Никарагуайы цӕрджытӕ тынг дис кодтой. Уӕды онг дины разамонджыты ныхасӕн ахӕм стыр уӕз уыди, ӕмӕ Сӕйраг тӕрхондоны нӕ уӕндыдысты сӕ ныхмӕ исты зӕгъын. Уымӕй уӕлдай, хицауады кусджытӕн дӕр ахӕм стыр бартӕ уыди, ӕмӕ-иу тӕрхондон арӕхдӕр сӕ уынаффӕтимӕ сразы. Не ’фсымӕртӕ йӕ фидарӕй зыдтой: уыцы уӕлахиз сӕ къухы бафтыд, сӕ Паддзах сӕ кӕй хъахъхъӕдта ӕмӕ дарддӕр дӕр кӕй хъусын кодтой, уый фӕрцы (Хъуыд. 1:8).

28, 29. 1980-ӕм азты ӕмбисы Заиры уавӕр куыд фӕивта?

28 Заир. 1980-ӕм азты ӕмбисы Заиры (ныртӕккӕ Демократон Республикӕ Конго) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыдысты 35 мины бӕрц. Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг размӕ кӕй цыд, уымӕ гӕсгӕ филиалы бахъуыди ног агъуыстытӕ аразын. 1985 азы декабры сӕйраг горӕт Киншасӕйы ауагътой ӕхсӕнадӕмон конгресс. Горӕты стадионы ӕрӕмбырд 32 мин адӕймаджы алы бӕстӕтӕй. Фӕлӕ уый фӕстӕ уавӕр ивын райдыдта. Цы ’рцыд?

29 Уыцы рӕстӕг Заиры миссионерӕй лӕггад кодта Марсель Фильто, Дюплессийы рӕстӕджы ӕфхӕрд чи баййӕфта, иу ахӕм ӕфсымӕр Квебекӕй (Канадӕ). Уый радзырдта, цы хабар ӕрцыд, уый тыххӕй: «1986 азы 12 мартъийы бӕрнон ӕфсымӕртӕ райстой писмо. Дзырд дзы цыди, зӕгъгӕ, дам, амӕй фӕстӕмӕ Заиры Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организацийӕн закъонмӕ гӕсгӕ архайыны бар нал ис». Уыцы закъоныл йӕ къух ӕрфыста бӕстӕйы президент Мобуту.

30. Филиалы комитеты цавӕр зын фарста хъуыди аскъуыддзаг кӕнын ӕмӕ цавӕр уынаффӕ рахастой?

30 Иннӕ бон паддзахадон радиойӕ фехъусын кодтой: «Амӕй фӕстӕмӕ [Заиры] Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн». Ӕмӕ уайтагъд сӕ фӕдыл зилын райдыдтой. Паддзахады залтӕ пырх кодтой. Ӕфсымӕртӕн сӕ фӕллӕйттӕ фӕхастой, ахӕстоны-иу сӕ бакодтой ӕмӕ-иу сӕ нӕмгӕ дӕр фӕкодтой. Ахӕстӕтты бадтысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ сывӕллӕттӕ дӕр. 1988 азы 12 октябры хицауад нӕ организацийы исбон байста, ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ филиал бацахстой. Бӕрнон ӕфсымӕртӕ президент Мобутумӕ фыстӕг ныффыстой, фӕлӕ сын дзуапп нӕ радта. Уыцы рӕстӕг Филиалы комитеты аскъуыддзаг кӕнын хъуыди иу зын фарста: Сӕйраг тӕрхондонмӕ хъаст бадӕттой ӕви уал банхъӕлмӕ кӕсой? Тимоти Холмс уӕд лӕггад кодта миссионерӕй ӕмӕ уыди Заиры Филиалы комитеты координатор. Уый загъта: «Йегъовӕмӕ куывтам ӕмӕ дзы зонд ӕмӕ разамынд куырдтам». Уый фӕрцы, Комитеты чи уыд, уыцы ӕфсымӕртӕ бамбӕрстой, хуыздӕр уал кӕй уыдзӕн банхъӕлмӕ кӕсын. Ӕмӕ сӕ тыхтӕ сарӕзтой, цӕмӕй ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты фидар кодтаиккой ӕмӕ сын ӕххуыс кодтаиккой ног уавӕрты хъусын кӕнынӕн.

«Уыцы тӕрхоны рӕстӕг нӕхи цӕстӕй федтам, Йегъовӕ уавӕртӕ куыд фӕивы, уый»

31, 32. а) Заиры Сӕйраг тӕрхондон цавӕр ахсджиаг уынаффӕ рахаста? ӕ) Уыцы уынаффӕ не ’фсымӕртыл куыд бандӕвта?

31 Уымӕй рацыд цалдӕр азы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты афтӕ тынг нал хъыгдардтой. Стӕй Заиры арӕхдӕр дзурын райдыдтой, адӕймаджы бартӕн аргъ кӕнын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй. Ӕмӕ уӕд Филиалы комитет аскъуыддзаг кодта, ныр рӕстӕг кӕй ӕрцыд, цӕмӕй Заиры Сӕйраг тӕрхондонмӕ хъаст бахӕссой. Ӕмӕ Сӕйраг тӕрхондон сразы нӕ хъуыддаг равзарыныл. 1993 азы 8 январы – президент нын нӕ хъуыддаг куы сӕхгӕдта, уымӕй авд азы фӕстӕ – Сӕйраг тӕрхондон рахаста ахӕм уынаффӕ: хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕй сӕхгӕдта, уый закъонмӕ гӕсгӕ раст нӕ уыди, ӕмӕ сын абонӕй фӕстӕмӕ ис бар, цӕмӕй сӕрибарӕй хъусын кӕной. Уый уыди диссаг! Кӕд тӕрхонгӕнджытӕн сӕ цардӕн тӕссаг уыди, уӕддӕр бӕстӕйы президенты ныхасы сӕрты ахызтысты ӕмӕ йын йӕ уынаффӕ аивтой! Ӕфсымӕр Холмс ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Уыцы тӕрхоны рӕстӕг нӕхи цӕстӕй федтам, Йегъовӕ уавӕртӕ куыд фӕивы, уый» (Дан. 2:21). Уыцы уӕлахиз ӕфсымӕрты уырнындзинад тынг бафидар кодта. Бамбӕрстой йӕ, Паддзах Йесо Чырысти йӕ адӕмӕн кӕй равдыста, кӕд ӕмӕ сӕ куыд хъуыди архайын, уый.

Демократон Республикӕ Конгойы Хуыцауы адӕм цин кӕнынц, сӕ бон Йегъовӕйӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын кӕй у, ууыл

32 Уыцы уынаффӕйы фӕстӕ филиалӕн йӕ бон уыди Заирмӕ миссионерты фӕхонын, ног филиал саразын ӕмӕ сӕ бӕстӕмӕ литературӕ ласын дӕр f. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн ӕгас дунейы дӕр стыр циндзинад хӕссы, сӕхи цӕстӕй кӕй уынынц, Хуыцау йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны, уый! (Ис. 52:10).

«Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг»

33. Ацы сӕры цы хабӕрттӕм ӕркастыстӕм, уыдон цӕуыл дзурӕг сты?

33 Ацы сӕры мах ӕркастыстӕм, тӕрхондӕтты нӕ бартыл куыд тох кодтам, уымӕ. Уыцы уӕлахизтӕ хорз ӕвдисынц, Йесо кӕй ӕххӕст кӕны, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый: «Ӕз [уын] ахӕм ӕвзаг ӕмӕ ахӕм зонд ратдзынӕн, ӕмӕ, уе знӕгтӕ иууылдӕр куы баиу уой, уӕддӕр сӕ бон нӕ бауыдзӕн уӕ ныхмӕ фӕлӕууын кӕнӕ уӕ ныхмӕ исты зӕгъын». (Бакӕс Лукайы 21:12–15.) Куыд зыны, афтӕмӕй иуӕй-иу хатт Йегъовӕ ссары нырыккон Гамалиилты, цӕмӕй йӕ адӕмы бахъахъхъӕна. Кӕнӕ та хъӕбатыр тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ юристты баразӕнгард кӕны, цӕмӕй рӕстдзинады сӕрыл тох кӕной. Йегъовӕ ныкъкъуымых кӕны не знӕгты хӕцӕнгӕрзтӕ. (Бакӕс Исайы 54:17.) Знӕгтӕн сӕ бон нӕу Хуыцауы хъуыддаг бауромын!

34. Тӕрхондӕтты цы хъуыддӕгтӕ рамбылдтам, уыдон стыр уӕлахизтӕ цӕмӕн сты ӕмӕ бӕлвырдӕй цы ӕвдисынц? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Стыр уӕлахизтӕ уӕлдӕр тӕрхондӕтты».)

34 Тӕрхондӕтты цы хъуыддӕгтӕ рамбылдтам, уыдон ӕцӕгдӕр стыр уӕлахизтӕ сты. Цӕмӕн? Ахъуыды-ма кӕнӕм: мах ацы дунейы кадджын кӕнӕ дзырддзӕугӕ не стӕм. Ӕвзӕрстыты рӕстӕг хъӕлӕс нӕ фӕкӕнӕм ӕмӕ политикты нӕхи зондыл акӕныныл нӕ фӕархайӕм. Стӕй не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕй уӕлдӕр тӕрхондӕтты раз кӕй ӕрлӕууын кӕнынц, уыдоны фӕнымайынц «хуымӕтӕг адӕмыл» ӕмӕ, «ахуырдзинад [кӕмӕ] нӕй», ахӕмтыл (Хъуыд. 4:13). Уӕдӕ тӕрхонгӕнджытӕ нӕ сӕрыл цӕмӕн рахӕцынц ӕмӕ не знӕгты ныхмӕ цӕмӕн ӕрлӕууынц, уый адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ зын у бамбарын кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр тӕрхондӕтты иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ рахӕцыдысты нӕ сӕрыл! Уӕдӕ уыцы уӕлахизтӕ бӕлвырдӕй ӕвдисынц, мах «Чырыстиимӕ иудзинады» кӕй стӕм ӕмӕ «Хуыцауы раз» кӕй цӕрӕм, ома нӕм Хуыцау йӕ цӕст кӕй дары (2 Кор. 2:17). Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр апостол Павелау ныфсджынӕй дзурӕм: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн»! (Дзут. 13:6).

a Хъуыддаг «Кантуэлл штат Коннектикуты ныхмӕ» уыди, Хейден Ковингтон цы 43 хъуыддаджы архайдта, уыдонӕй фыццаг. Ковингтон не ’фсымӕрты бартыл тох кодта ӕдӕппӕтӕй 43 хъуыддаджы. Ӕфсымӕр Ковингтон амард 1978 азы. Йӕ бинойнаг Дороти Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта суанг йӕ мӕлӕты онг. Амард 2015 азы, цыди йыл 92 азы.

b Уыцы хъуыддаджы сӕ фӕаххосджын кодтой, 1606 азы цы закъон ӕрцыд фидаргонд, уымӕ гӕсгӕ. Уыцы закъон тӕрхонгӕнджытӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй адӕймаджы аххосджыныл банымадтаиккой, афтӕ сӕм куы фӕкастаид, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕй адӕмы ’хсӕн фыдӕх тауы, уӕд. Ӕмӕ сын адӕймаджы аххосджыныл банымайыны бар уыд, цы дзырдта, уый раст куы уыдаид, уӕд дӕр.

c 1950 азы Квебекы лӕггад кодта 164 ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕджы. Уыдонӕй 63 фесты Галаады скъола ӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй сразы сты Квебекы лӕггад кӕныныл, кӕд, карз ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты, уый зыдтой, уӕддӕр.

d Ӕфсымӕр Глен Хау уыди хъӕбатыр ӕмӕ дӕсны адвокат. 1943 азӕй 2003 азмӕ Канадӕйы ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бартыл тохгӕнгӕйӕ, архайдта сӕдӕгай хъуыддӕгты.

e Ацы хъуыддаджы тыххӕй бӕстондӕр дзырд цӕуы 2000 азы 22 апрелы «Райхъал ут!»-ы статьяйы «Ацы тох сымах тох нӕу, фӕлӕ Хуыцауы тох», 18–24 фӕрстӕ (уырыс.).

f Ӕппынфӕстаг ӕфсӕддонтӕ филиал ссӕрибар кодтой, фӕлӕ не ’фсымӕртӕ уый фӕстӕ ӕндӕр ран сарӕзтой ног филиал.